Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йесойы хуызӕн иннӕтӕн лӕггад кӕн

Йесойы хуызӕн иннӕтӕн лӕггад кӕн

«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (ХЪУЫД. 20:35).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы адӕм цӕттӕйӕ кӕй лӕууынц?

 БИБЛИЙЫ раджы ӕрцыд фыст, Хуыцауы адӕм цӕттӕйӕ кӕй лӕудзысты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной, ӕмӕ сын йӕ Фырт разамынд кӕй дӕтдзӕн (Пс. 110:3). Уыцы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Алы аз дӕр фӕхъусын кӕнынц милуангай сахӕттӕ. Уыцы хъуыддаг сын тыххӕй ничи аразын кӕны, сӕхи фӕнды. Ӕмӕ сын уый тыххӕй фидгӕ дӕр ничи кӕны. Уымӕй уӕлдай ма кӕрӕдзийӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, исчи сӕ фӕкӕсинаг куы вӕййы, уӕд. Стӕй кӕрӕдзи ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц: бабӕрӕг сӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ бафидар кӕнынц. Стӕй сӕ фӕхъӕуы ӕмбырдтӕм раныхӕстӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕнын. Цымӕ Хуыцауы адӕм афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайынц? Уымӕн ӕмӕ уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты (Матф. 22:37–39).

2. Ромӕгтӕм 15:1–3 стихтӕм гӕсгӕ нын Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

2 Йесо, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл никуы хъуыды кодта. Фылдӕр-иу иннӕтыл хъуыды кодта. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 15:1–3.) Йӕ къахвӕдтыл чи цӕуы, уыдонмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).

3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо иннӕтӕн удуӕлдайӕ куыд лӕггад кодта ӕмӕ йӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй нӕ тынгдӕр фӕнда иннӕтӕн лӕггад кӕнын.

ЙЕСОЙЫ БАФӔЗМ

Кӕд Йесо фӕллад уыд, уӕддӕр куыд бакодта, адӕм ӕм куы ’рбацыдысты, уӕд? (кӕс 4 абзац)

4. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йесо фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кодта?

4 Йесо-иу цыфӕнды фӕлладӕй дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кодта. Иухатт ссыди хохмӕ кувынмӕ (уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди Капернауммӕ хӕстӕг), ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кувгӕйӕ арвыста. Фӕллад куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ стӕй федта, дуне адӕм ӕм кӕй ӕрбацыд. Се ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ӕмӕ рынчынтӕ уыд, уыдоныл йӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ та радзырдта ӕппӕты зындгонддӕр раныхӕстӕй сӕ иу (Лук. 6:12–20).

Нӕ бон куыд у равдисын, Йесойау фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кӕнӕм? (кӕс 5 абзац)

5. Бинонты хистӕр фӕллад куы уа, уӕд йӕ бон куыд у равдисын, Йесойау фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кӕны?

5 Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы ӕфсымӕртӕ Йесойы куыд фӕзмынц? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы ӕфсымӕр куыстӕй фӕлладӕй ӕрбацыд. Уыцы изӕр сын хъуамӕ уа бинонты ахуыр. Ӕмӕ ӕфсымӕр хъуыдытӕ кӕны, уӕдта йӕ аргъӕвиккам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын тыхтӕ ратта сӕ бинонты ахуыр ауадзынӕн. Йегъовӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ, куыд спълан кодтой, афтӕ ахуыр ауагътой. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ дӕр федтой, сӕ ныййарджытӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕппӕты сӕйраг кӕй сты.

6. Йесо иннӕтӕн йӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кодта, уый цавӕр хабарӕй у бӕрӕг?

6 Йесо-иу йӕхицӕн цы рӕстӕг рахицӕн кодта, уый дӕр иннӕтӕн не ’вгъау кодта. Йесо куы фехъуыста, Аргъауӕг Иоанны кӕй амардтой, уӕд ын куыд зын уыдаид. Иоанн йе ’мбал уыди. Библийы фыст ис: «Уый фехъусгӕйӕ, Йесо бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ йӕхи хибар ранмӕ айста – фӕндыди йӕ иунӕгӕй баззайын» (Матф. 14:10–13). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, адӕймаджы ахӕм уавӕры фӕфӕнды, цӕмӕй-иу иунӕгӕй аззайа. Фӕлӕ Йесойӕн уый нӕ рауад. Адӕм базыдтой, кӕдӕм цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ разӕй уым балӕууыдысты. Мыййаг сын Йесо афтӕ загъта, гыццыл мӕ бауадзут, зӕгъгӕ? Нӕ. Уый фылдӕр уыдоныл хъуыды кодта, ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта. Ӕмбӕрста йӕ, Хуыцауы ныхӕстӕ фехъусын сӕ куыд тынг хъӕуы. Ӕмӕ сын райдыдта «бирӕ цыдӕртӕ амонын». Афтӕ нӕ хъуыды кодта, дыууӕ ныхасы сын зӕгъдзынӕн, ӕмӕ фаг у, зӕгъгӕ (Мар. 6:31–34; Лук. 9:10, 11).

7, 8. Ӕмбырдӕй искӕй ӕххуыс куы бахъӕуы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы куыд бафӕзмынц?

7 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы куыд фӕзмынц? Нӕ удуӕлдай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мах тыххӕй цы аразынц, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразынц, бирӕты тыххӕй мах зонгӕ дӕр нӕ бакӕнӕм. Зӕгъӕм, рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнынмӕ. Уый тыххӕй сӕ арӕх бахъӕуы ӕмбисӕхсӕв дӕр сыстын. Уыдон сӕхиуыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц, фӕлӕ, зын уавӕры чи бахауд, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрыл. Ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр афтӕ удуӕлдай сты.

8 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ма феххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр агъуыстытӕ аразынӕн дӕр, стӕй, ӕрдзон бӕллӕх кӕм ӕрцӕуы, уым. Ӕмӕ не ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд уыдон дӕр цас аразынц! Ӕдзух нӕ ахуыр кӕнынц, фидар нӕ кӕнынц, нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауынц. Нӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕй ӕмӕ сӕ бинонтӕй куыд бузныг стӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Йегъовӕ сын ноджы фылдӕр раарфӕ кӕнӕд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр хъуамӕ рох ма уа, иннӕ хъуыддӕгтӕн дӕр-иу кӕй хъуамӕ ссарой рӕстӕг. Сӕ бинонтӕн-иу сын рӕстӕг куы нӕ баззайа, уӕд уый хорз нӕ уыдзӕн.

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ УДУӔЛДАЙ УӔМ?

9. Филиппӕгтӕм 2:4, 5 стихтӕм гӕсгӕ, алы чырыстон дӕр цавӕр зондыл хӕст хъуамӕ уа?

9 Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:4, 5. Ӕмбырды се ’ппӕт хистӕр нӕлгоймӕгтӕ не сты. Фӕлӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, цӕмӕй Йесойау удуӕлдай уа ӕмӕ фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕна. Библийы фыст ис, уый «сси цагъары хуызӕн», зӕгъгӕ (Фил. 2:7). Ацы ныхӕстыл-ма гыццыл ахъуыды кӕнӕм. Йӕ хицау кӕмӕн аргъ кӕны, уыцы цагъары, кӕнӕ лӕггадгӕнӕджы, тынг фӕфӕнды йӕ хицауы зӕрдӕ барухс кӕнын, ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, ноджыдӕр ма йын цӕмӕй балӕггад кӕнон, зӕгъгӕ. Ды та дӕ Йегъовӕйы цагъар ӕмӕ де ’фсымӕртӕн лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ дӕ куыннӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дӕр ноджы фылдӕр балӕггад кӕнай. Цы ис саразӕн, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта?

10. Нӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын?

10 Ахъуыды кӕн, удуӕлдай дӕ ӕви нӕ, ууыл. Ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын? Зӕгъӕм, кӕд мын бахӕс кодтой, цӕмӕй ацӕргӕ ӕфсымӕры зӕрӕдты хӕдзары бабӕрӕг кӕнон кӕнӕ ацӕргӕ хойы ӕмбырдтӕм ласон, уӕд уымӕ нӕ фӕзивӕг кӕнын? Куы фӕхъӕуы конгрессы размӕ кӕнӕ конгрессы фӕстӕ бафснайын йе та Паддзахады залмӕ базилын, уӕд мӕ фӕфӕнды фӕкӕсын?» Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын загътам, цыдӕриддӕр нӕм ис, уыдӕттӕ йын кӕй дӕтдзыстӕм. Ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, иннӕтӕн ӕнӕзивӕгӕй куы феххуыс кӕнӕм ӕмӕ сын нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хцатӕ куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд. Кӕд бамбӕрстай, ӕмӕ дӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд дӕ бон цы у саразын?

11. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй удуӕлдай адӕймаг уай, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын цӕмӕн хъӕуы?

11 Йегъовӕмӕ скув. Чи зоны йӕ ӕмбарыс, кӕй дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй дӕхиуыл къаддӕр хъуыды кӕнай, фӕлӕ дӕ дӕхи батыхсын кӕнын нӕ фӕнды. Уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скув. Ӕргом ын зӕгъ, кӕй ӕмбарыс, цыдӕр дӕ фӕивын кӕй хъӕуы, фӕлӕ дӕ кӕй нӕ фӕнды. Ӕмӕ дзы ӕххуыс ракур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13).

12. Ӕрыгон донаргъуыд ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Кӕд ӕрыгон донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ бафӕнда ӕмбырдӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Кӕцыдӕр бӕстӕты ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ ис, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ та дзы бирӕ нӕй. Ӕмӕ уыцы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй дӕр бирӕтӕ сты кардзыд кӕнӕ ацӕргӕ. Йегъовӕйы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ нӕ тынг хъӕуы ӕрыгон ӕфсымӕрты ӕххуыс. Ӕнӕзивӕг куы уай ӕмӕ-иу, кӕм хъӕуы, уым куы баххуыс кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын. Зоныс, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ, ӕмбырды дын уыдзӕн хорз ном, стӕй банкъардзынӕ, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын куыд хорз у, уый.

Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ алыгъдысты Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ, горӕт Пеллӕмӕ. Горӕтмӕ раздӕр чи ’рбацыд, уыцы чырыстӕттӕ хӕринӕгтӕ уарынц, ӕрӕджы чи ’рцыд, уыцы чырыстӕттӕн (кӕс 13 абзац)

13, 14. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн нӕ бон цӕмӕй вӕййы баххуыс кӕнын? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

13 Ӕрхъуыдыджын у ӕмӕ-иу базон, кӕй цавӕр ӕххуыс хъӕуы, уый. Апостол Павел Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты» (Дзут. 13:16). Уыцы уынаффӕ сын йӕ афоныл радта. Йӕ фыстӕг ын куы райстой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ бахъуыд алцыдӕр ныууадзын – сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ куыст, се ’нӕуырнӕг хиуӕтты – ӕмӕ хӕхтӕм лидзын (Матф. 24:16). Уӕд сӕ ӕнӕмӕнг хъуыди кӕрӕдзийы ӕххуыс. Ӕмӕ кӕд уымӕй размӕ Павелы уынаффӕмӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕм цы уыд, уыдӕттӕй иннӕтӕн хай кодтой, уӕд сын уый фӕстӕ ӕнцондӕр уыдаид, къуындӕгдӕр уавӕрты цӕрын сӕ куы бахъуыд, уӕд.

14 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын алы хатт нӕ фӕзӕгъынц, ӕххуыс сӕ кӕй хъӕуы, уый. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ бинойнаг кӕмӕн фӕзиан, ахӕм ӕфсымӕрыл. Чи зоны йӕм хъӕуы цӕмӕйдӕр фӕкӕсын, зӕгъӕм, хӕринаг ын скӕнын, искуыдӕм ӕй аласын кӕнӕ хӕдзары куыстытӕ бакӕнын. Фӕлӕ никӕмӕн ницы дзуры, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды искӕй батыхсын кӕнын. Ӕнӕуи та нӕ тынг фӕбузныг уаид, куы йӕм бацӕуиккам ӕмӕ йӕм истӕмӕй куы фӕкӕсиккам, уӕд. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цӕй, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ йӕ афтӕ нӕ ныууадздзысты кӕнӕ йӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд мын йӕхӕдӕг зӕгъдзӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Ӕз йӕ бынаты куы уыдаин, уӕд мӕ цавӕр хъуыддӕгты хъуыдаид ӕххуыс?»

15. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй-иу иннӕтӕн баххуыс кӕнай, уӕд цавӕр адӕймаг хъуамӕ уай?

15 Иннӕтӕ дӕ зонӕнт, кӕдфӕнды дӕр ӕххуыс ракурӕн кӕмӕй ис, ахӕм адӕймагӕй. Де ’мбырды куыннӕ ис, иннӕтӕн алкӕддӕр ӕнӕзивӕгӕй чи баххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Афтӕ дӕм никуы фӕкӕсдзӕн, цыма сӕ цӕмӕйдӕр батыхсын кодтай. Мах ӕй зонӕм, куы бахъӕуа, уӕд нын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзысты. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр ахӕмтӕ уӕм. Аллан у хистӕр нӕлгоймаг, цӕуы йыл 45 азы. Уый фӕнды, цӕмӕй уа, алкӕддӕр ӕххуыс ракурӕн кӕмӕй ис, ахӕм адӕймаг. Аллан ахъуыды кодта Йесойы цӕвиттоныл, ӕмӕ уый фӕстӕ афтӕ загъта: «Йесо алкӕддӕр тынг ӕнӕвдӕлон уыд. Фӕлӕ йӕм адӕм стырӕй-чысылӕй цыдысты, цӕмӕй-иу дзы ӕххуыс ракуырдтаиккой. Уыдон нӕ тарстысты, нӕ мӕ ’вдӕлы, зӕгъгӕ сын кӕй зӕгъдзӕн. Адӕм ӕй уарзтой. Уыдтой йӕ, йӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ уыдоныл. Ӕмӕ мӕ тынг фӕнды, цӕмӕй ӕз дӕр Йесойы хуызӕн уон ӕмӕ цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зоной, кӕй сӕ уарзын ӕмӕ, кӕдфӕнды ма бахъӕуа, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сын кӕй баххуыс кӕндзынӕн».

16. Псалом 119:59, 60 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты Йесойы къахвӕдтыл цӕуынӕн?

16 Алы хатт-иу нын нӕ рауайдзӕн Йесойы бафӕзмын. Фӕлӕ-иу нӕ ныфс хъуамӕ ма асӕтта (Иак. 3:2). Кафджытӕм чи бацыд, уый иу бонмӕ йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн дӕсны кафӕг не суыдзӕн. Фӕлӕ йын цы нӕ уайы, ууыл дарддӕр куы куса, стӕй, йӕ ахуыргӕнӕг куыд кафы, уымӕ куы кӕса, ӕмӕ уый дӕр афтӕ кафыныл куы архайа, уӕд дӕсныдӕр кӕндзӕн. Цалынмӕ ӕнӕххӕст стӕм, уӕдмӕ нын нӕ рауайдзӕн Йесойы алцӕмӕй дӕр фӕзмын. Фӕлӕ, Библи иртасгӕйӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, цӕмӕй-иу нӕ хъӕндзинӕдтӕй фервӕзӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм. (Бакӕс Псалом 119:59, 60.)

УДУӔЛДАЙ КУЫ УӔМ, УӔД ХОРЗДЗИНӔДТӔЙ СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТӔМ

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы хуызӕн удуӕлдай кӕй сты, уымӕй ӕрыгӕттӕн сты фӕзминаг (кӕс 17 абзац) *

17, 18. Йесойы хуызӕн удуӕлдай куы уӕм, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

17 Удуӕлдай куы уӕм, уӕд-иу махмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕнддзӕн фылдӕр аразын. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Тим, загъта: «Не ’мбырды цы ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй чидӕртӕ систы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ. Иуӕй-иутӕ дзы бынтон ӕрыгон сты. Уыдоны бафӕндыд удуӕлдай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафӕзмын. Сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр тынг ӕххуыс кӕнынц».

18 Ацы дунейы бирӕты ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт ис. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ахӕмтӕ не сты. Махӕн нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, Йесо куыд удуӕлдай уыд, уый ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм. Кӕд-иу нын уый алы хатт нӕ рауайдзӕн, уӕддӕр нӕ бон у «йӕ къахвӕдтыл цӕуын» (1 Пет. 2:21). Ӕмӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, цӕмӕй Йесойы хуызӕн удуӕлдай уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ дӕр райгонд уыдзӕн. Ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад!

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

^ Йесо алкӕддӕр фылдӕр иннӕтыл хъуыды кодта, йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон ӕй бафӕзмын цӕмӕй у, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, уый хуызӕн удуӕлдай куы уӕм, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм.

^ НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕр Дэнӕн йӕ фыд ис рынчындоны. Ӕмӕ йӕм дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы рынчынфӕрсӕг ӕрбацыдысты. Ахӕм ӕрхъуыдыдзинад ӕмӕ уарзондзинад кӕй равдыстой, уый Дэнӕн йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Ӕмӕ йӕхи дӕр бафӕндыд ӕмбырды иннӕтӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын. Дэны та бафӕзмыдта ӕндӕр ӕрыгон ӕфсымӕр, Бэн. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд Паддзахады зал ӕфснайынмӕ фӕкӕсын.