Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Медицинӕйӕ хуыздӕр цыдӕр ссардтон

Медицинӕйӕ хуыздӕр цыдӕр ссардтон

«ЦЫ МЫН дзурут, уымӕ ӕз мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куы бӕллын!» Ацы ныхӕстӕ загътон, йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ мӕм чи ’рбацыд, уыцы лӕг ӕмӕ усӕн. Уый уыди 1971 азы. Гъеуӕд бакодтон мӕхи клиникӕ. Чи уыдысты уыцы лӕг ӕмӕ ус? Ӕмӕ мӕ бӕллиц цавӕр уыд? Цӕй ӕмӕ уын радзурон, мемӕ куы аныхас кодтой, уӕд уый фӕстӕ мӕ цард куыд фӕивта ӕмӕ мӕ цӕмӕн уырны, мӕ бӕллиц тагъд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый.

Райгуырдтӕн 1941 азы Парижы (Францийы). Нӕ бинонтӕ хъӕздыг нӕ уыдысты. Ӕз ахуыр кӕнын тынг уарзтон. Фӕлӕ мыл 10 азы куы цыди, уӕд туберкулезӕй фӕрынчын дӕн, ӕмӕ иуцасдӕр скъоламӕ нӕ цыдтӕн. Уый мын тынг зын уыди. Дохтыртӕ загътой, фылдӕр мӕ хуыссын кӕй хъӕуы, цӕмӕй мӕ рӕуджытӕ ноджы тынгдӕр ма бахъыгдард уой. Хӕдзары цалдӕр мӕйы фӕдӕн. Уыцы рӕстӕг кастӕн иу дзырдуат, стӕй-иу хъуыстон Парижы университеты радиопередачӕтӕм. Мӕ дохтыр мын куы загъта, кӕй сдзӕбӕх дӕн ӕмӕ мӕ бон скъоламӕ цӕуын кӕй у, уӕд фырцинӕй зӕххыл нал хӕцыдтӕн. Ӕз ахъуыды кодтон, дохтыртӕ диссӕгтӕ аразынц, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд адӕмы дзӕбӕх кӕнын. Мӕ фыд-иу мӕ куы бафарста, куы сыстыр уай, уӕд чи уыдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын алы хатт дӕр загътон: «Ӕз дохтыр уыдзынӕн». Медицинӕ уӕд бауарзтон.

НАУКӔЙЫ ФӔРЦЫ ХУЫЦАУМӔ БАВВАХС ДӔН

Нӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ. Фӕлӕ ӕз Хуыцауы тыххӕй бирӕ ницы зыдтон, ӕмӕ мӕм уыди бирӕ фарстатӕ. Университеты медицинон факультеты ахуыр кӕнын куы райдыдтон, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бамбӕрстон, ӕппӕт дӕр чидӕр кӕй сфӕлдыста.

Хъуыды йӕ кӕнын, фыццаг хатт тюльпаны кълеткӕтӕм микроскопӕй куыд кастӕн, уый. Тӕвд ӕмӕ уазалӕй сӕхи куыд хъахъхъӕнынц, уый мӕм тынг диссаг фӕкаст. Стӕй ма-иу кастӕн цитоплазмӕмӕ дӕр. Уый у, кълеткӕйы мидӕг чи ис, ахӕм буаргъӕд. Цӕхджын доны-иу фӕкъаддӕр, сыгъдӕг доны та-иу фестырдӕр. Кълеткӕты ма ноджыдӕр бирӕ хабӕрттӕ цӕуы. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ алыхуызон уавӕртыл уайтагъд ацахуыр вӕййынц. Алы кълеткӕ дӕр куыд вазыгджын конд у, уый уынгӕйӕ бамбӕрстон, зӕххыл цард йӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд.

Дыккаг курсы куы ахуыр кодтон, уӕд мӕ ноджы тынгдӕр бауырныдта, Хуыцау кӕй ис, уый. Анатомийы урокты цыдыстӕм, адӕймаджы цонг рӕмбыныкъӕдзӕй дӕлӕмӕ куыд конд у, уый фӕрцы нӕ бон кӕй у не ’нгуылдзтӕ къӕдз кӕнын ӕмӕ ӕмраст кӕнын. Хӕцъӕфтӕ, нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнтӕ кӕрӕдзиимӕ куыд ӕмгуыст кӕнынц, уый йӕхӕдӕг стыр диссаг у! Зӕгъӕм, базыдтон, рӕмбыныкъӕдзӕй дӕлӕмӕ цы хӕцъӕфтӕ ис, уыдонӕй сӕ иу ӕнгуылдзы дыккаг стӕгимӕ кӕй иу кӕны нуары фӕрцы. Уыцы нуар дыууӕ дихы фӕвӕййы, ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй йӕ бынмӕ ӕндӕр нуар ацӕуа. Уый та иу кӕны ӕнгуылдзы кӕронмӕ. Нуӕрттӕ ӕнгуылдзты стджытӕм ӕнгом ӕвӕрд сты. Ӕнгуылдзтӕ афтӕ конд куы нӕ уыдаиккой, уӕд нуӕрттӕ уыдаиккой, кӕй айвӕзтой, ахӕм ӕрдынбосы хуызӕн, ӕмӕ не ’нгуылдзтӕ дзӕбӕх нӕ куыстаиккой. Адӕймаджы буар ӕрхъуыды кӕнынӕн стыр зонд куыннӕ хъуыди!

Цард чи сфӕлдыста, уый стыр зонд мӕ ноджы тынгдӕр дисы бафтыдта, сывӕллон куыд райгуыры, уый куы цыдыстӕм, уӕд. Цалынмӕ сывӕллон мады гуыбыны вӕййы, уӕдмӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕулӕфы. Туаггуыр йӕ мадӕй фӕисы. Ӕмӕ уый тыххӕй альвеолӕтӕ (рӕуджыты мидӕг гыццыл тымбыл дзӕкъулгӕндтӕ) уӕлдӕфӕй дзаг нӕма вӕййынц. Фӕлӕ ма сывӕллоны райгуырдмӕ цалдӕр къуырийы куы фӕхъӕуы, уӕд байдзаг вӕййынц, сурфактант чи хуыйны, уыцы буаргъӕдӕй. Стӕй, сывӕллон куы райгуыры ӕмӕ фыццаг хатт куы сулӕфы, уӕд диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Йӕ зӕрдӕйы цы зыхъхъыр вӕййы, уый сӕхгӕны ӕмӕ туг йӕ рӕуджытӕм ныццӕвы. Альвеолӕтӕ тагъд-тагъд уӕлдӕфӕй дзаг кӕнын райдайынц ӕмӕ сӕ сурфактант нӕ фӕуадзы, цӕмӕй кӕрӕдзийыл баныхӕсой. Ӕмӕ сывӕллон уайтагъд райдайы йӕхӕдӕг улӕфын.

Мӕн бафӕндыд, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, уый тыххӕй фылдӕр базонын, ӕмӕ райдыдтон Библи лӕмбынӕг кӕсын. Дисы мӕ бафтыдтой, Хуыцау йӕ адӕмӕн 3 000 азы размӕ сыгъдӕгдзинады ӕмӕ ӕнӕниздзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон. Израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕхи хъуыдыйы куы ацыдаиккой, уӕд-иу сӕ чъизитӕ баныгӕдтаиккой, сӕхи-иу арӕх ӕхсадтаиккой ӕмӕ-иу исчи хӕцгӕ низӕй куы фӕрынчын, уӕд-иу хъуамӕ уыдаид хибарӕй (Лев. 13:50; 15:11; Дык. з. 23:13). Низтӕ куыд апарахат вӕййынц, уый ахуыргӕндтӕ фӕстаг ӕнусты базыдтой. Библийы та уый кӕд ӕмӕ кӕд ӕрцыд фыст! Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Левиты чиныджы цы закъӕттӕ ис, уыдон дӕр ӕнӕхъӕн адӕмы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕдтой (Лев. 12:1–6; 15:16–24). Сфӕлдисӕг сын уыцы закъӕттӕ сӕхи пайдайӕн радта ӕмӕ, уыцы закъӕттӕ чи ӕххӕст кодта, уыдонӕн арфӕ кодта. Ӕз бамбӕрстон, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у. Фӕлӕ уӕд Хуыцауы ном нӕма зыдтон.

БАЗОНГӔ ДӔН ЛИДИИМӔ ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ССАРДТОН

Лидиимӕ нӕ чындзӕхсӕвы бон. 1965 аз, 3 апрель

Университеты куы ахуыр кодтон, уӕд базонгӕ дӕн Лидиимӕ, ӕмӕ йӕ бауарзтон. Нӕ цард баиу кодтам 1965 азы. Уӕд ахуыр нӕма фӕдӕн. 1971 азмӕ нын уыди 3 сывӕллоны. Ӕдӕппӕтӕй та нын ис 6 сывӕллоны: 3 чызджы ӕмӕ 3 лӕппуйы. Лиди алкӕддӕр уыди ме ’ххуысгӕнӕг мӕ куыстимӕ баст хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ нӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгты дӕр.

3 азы куыстон рынчындоны. Уый фӕстӕ бакодтон мӕхи клиникӕ. Ӕмӕ, райдианы кӕй кой ракодтон, уыцы хабар дӕр уыцы рӕстӕг ӕрцыд. Ӕрбацыдысты мӕм иу лӕг ӕмӕ ус. Лӕгӕн хостӕ рафыссынмӕ куы хъавыдтӕн, уӕд мын ус афтӕ куы бакӕнид: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрмӕст дзы туг ма уӕд!» Уый мӕм диссаг фӕкаст, ӕмӕ йӕ бафарстон: «Ома цӕуылнӕ?» Уый мын загъта: «Мах Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стӕм». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй, стӕй, тугӕй кӕй нӕ хос кӕнынц, уый тыххӕй никуы фехъуыстон. Стӕй мын равдыста, Библийы туджы тыххӕй цы фыст ис, уый (Хъуыд. 15:28, 29). Ноджыдӕр ма мын равдыстой, Хуыцауы Паддзахад зындзинӕдтӕн, низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Рарг. 21:3, 4). Мӕ цинӕн ма кӕрон кӕм уыд! Ӕз сын загътон: «Цы мын дзурут, уымӕ ӕз мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куы бӕллын! Дохтыр дӕр уымӕн сдӕн, цӕмӕй рынчынтӕн ӕххуыс кӕнон». Мӕн фӕндыд фылдӕр базонын, ӕмӕ сахат ӕмӕ ’рдӕг фӕныхӕстӕ кодтам. Куы ацыдысты, уӕд мӕхицӕн загътон, ӕз католик нал дӕн, зӕгъгӕ. Ӕз базыдтон, дисы мӕ кӕй хъуыддӕгтӕ ӕфтыдтой, уыцы Сфӕлдисӕгӕн кӕй ис ном – Йегъовӕ.

Уый фӕстӕ ма уыцы лӕг ӕмӕ ус клиникӕмӕ ӕрбацыдысты ӕртӕ хатты, ӕмӕ-иу алы хатт дӕр сахатӕй фылдӕр фӕныхас кодтам. Уый фӕстӕ сӕ нӕхимӕ фӕхуыдтон, цӕмӕй нын фылдӕр рӕстӕг уыдаид Библийыл аныхас кӕнынӕн. Лиди дӕр сразы немӕ Библи ахуыр кӕныныл. Фӕлӕ разы нӕ уыд, католикон аргъуаны ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уыимӕ. Ӕмӕ уӕд нӕхимӕ сауджыны дӕр фӕхуыдтон. Нӕ ныхас ахаста суанг ӕмбисӕхсӕвмӕ. Дзырдтам аргъуаны ахуырӕдтыл ӕмӕ пайда кодтам ӕрмӕстдӕр Библийӕ. Уӕд Лиди бамбӕрста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц, уый кӕй у рӕстдзинад. Мах Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтам, ӕмӕ 1974 азы донаргъуыд райстам.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФЫЦЦАГ БЫНАТЫ СӔВӔРДТАМ

Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый куы базыдтон, уӕд бамбӕрстон, царды мын сӕйраг цы хъуамӕ уа. Лидиимӕ нын царды сӕйрагдӕр сси Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мах фӕндыд нӕ сывӕллӕтты Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъомыл кӕнын. Уыдоны дӕр ахуыр кодтам Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзын, ӕмӕ уый фӕрцы уыдыстӕм ӕнгом бинонтӕ (Матф. 22:37–39).

Нӕ сывӕллӕттӕ ӕмбӕрстой, нӕ иу цы зӕгъа, иннӕ дӕр уый кӕй зӕгъдзӕн. Ӕмӕ Лидиимӕ арӕх фӕхудӕм, кӕцыдӕр хабӕрттӕ куы ӕрымысӕм, уӕд. Уыдон зыдтой, Йесойы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «„о“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“», нӕ хӕдзары закъон кӕй сты (Матф. 5:37). Нӕ хистӕр чызгыл 17 азы куы цыди, уӕд ӕй иухатт Лиди йе ’мбӕлттимӕ нӕ ауагъта. Йе ’мбӕлттӕй йын иу афтӕ: «Кӕд дӕ дӕ мад нӕ уадзы, уӕд дӕ фыдӕн зӕгъ. Уый дӕ ауадздзӕн». Нӕ чызг ын загъта: «Ницы дзы рауайдзӕн. Иу цы фӕзӕгъы, иннӕ дӕр алкӕддӕр уый фӕзӕгъы». Нӕ сывӕллӕттӕ уыдтой, нӕ дыууӕ дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтам. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, абон не стыр бинонтӕй бирӕтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй.

Кӕд мын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сӕйраг сси, уӕддӕр медицинӕ дӕр уарзтон. Ӕмӕ, дохтыр уӕвгӕйӕ цы зыдтон, уымӕй мӕ фӕндыд Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Гъемӕ Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтон. Уӕд Вефил уыди Парижы. Уый фӕстӕ Лувьейы сарӕзтой ног Вефил. Вефилы лӕггад кӕнын 50 азы бӕрц. Цӕргӕ дзы нӕ кӕнын, фӕлӕ ӕрцӕуын ӕмӕ фӕстӕмӕ ацӕуын. Вефилӕгты ’хсӕн мын бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ фӕзынд. Ныр дзы кӕуылдӕрты 90 азӕй фылдӕр цӕуы. Иухатт та мыл ӕнӕнхъӕлӕджы иу ӕхсызгон хабар ӕрцыд. Базонгӕ дӕн иу ног вефилагимӕ. Ӕмӕ, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йын 20 азы размӕ баххуыс кодтон ацы дунемӕ рантысынӕн!

УЫДТОН, ЙЕГЪОВӔ ЙӔ АДӔМӔН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ, УЫЙ

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ организацийы уылты разамынд куыд дӕтты ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕны, уый уынгӕйӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтон. 1980 азмӕ ’ввахс Америкӕйы Иугонд Штатты ӕфсымӕртӕ архайын райдыдтой, Разамонӕг совет цы программӕ бацӕттӕ кодта, уымӕ гӕсгӕ. Уый фӕрцы медицинон кусджытӕн сӕ бон уыд фылдӕр базонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг цӕуылнӕ уадзынц, уый тыххӕй.

Уый фӕстӕ 1988 азы Разамонӕг совет Вефилы бакодта ног хайад – рынчындӕттӕн информацидӕттӕг хайад. Уый фыццаг дзуапп лӕвӕрдта, Америкӕйы Иугонд Штатты рынчындӕттимӕ чи ӕмгуыст кодта, уыцы комитеттӕн. Уыдон Ӕвдисӕнтӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу ссардтаиккой, ӕнӕ тугӕй чи дзӕбӕх кодта, ахӕм дохтырты. Уый фӕстӕ ахӕм комитеттӕ фӕзынд иннӕ бӕстӕты дӕр, ӕмӕ Францийы дӕр фӕзындысты. Йегъовӕйы организаци, рынчын чи вӕййы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый мӕм тынг диссаг кӕсы.

МӔ БӔЛЛИЦ ӔХХӔСТ КӔНЫН РАЙДЫДТА

Ныр дӕр нын стыр циндзинад хӕссы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый

Медицинӕ уыд мӕ фыццаг уарзт. Фӕлӕ мын царды сӕйрагдӕр цы у, ууыл куы ахъуыды кодтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, ӕппӕты сӕйраг кӕй у адӕмӕн ӕндӕр хуызы ӕххуыс кӕнын. Хъӕуы сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй царддӕттӕг Хуыцау Йегъовӕимӕ бафидауой. Пенсийы куы рацыдтӕн, уӕд Лидиимӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтам, ӕмӕ-иу алы мӕй дӕр бирӕ рӕстӕг адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтам. Абон дӕр нӕ бон цас у, уыйбӕрц архайӕм, адӕмы чи ирвӕзын кӕны, уыцы хъуыддаджы.

Лидиимӕ 2021 азы

Ӕз ныр дӕр дзӕбӕх кӕнын адӕмы. Фӕлӕ сын ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ вӕййы мӕ бон баххуыс кӕнын. Цыфӕнды дӕсны дохтырӕн дӕр йӕ бон нӕу адӕймаджы алы низӕй дӕр сдзӕбӕх кӕнын кӕнӕ йӕ мӕлӕтӕй бахизын. Ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, рыст, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт куы нал уа, уыцы рӕстӕгмӕ. Уыцы ног дуне тынг тагъд ралӕудзӕн. Уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм, ӕмӕ мын уыдзӕн бирӕ рӕстӕг, цӕмӕй, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй ноджы фылдӕр базонон. Адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уый тыххӕй дӕр фылдӕр базондзынӕн. Ӕз ӕй зонын, мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мын цы бӕллиц уыд, уый кӕронмӕ нӕма сӕххӕст. Ӕцӕг цард фидӕны уыдзӕн!