Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон бауыдзӕн «зӕронд удыхъӕд» ныууадзын!

Дӕ бон бауыдзӕн «зӕронд удыхъӕд» ныууадзын!

«Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут» (КОЛ. 3:9).

29 ЗАРӔГ Нӕ ном макуы фӕчъизи кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ дӕ цард цыхуызӕн уыд?

 ЦАЛЫНМӔ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ дӕ цард цыхуызӕн уыд? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, куы йӕ ’рхъуыды кӕнын, уӕд баризын, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, мах дӕр уыдыстӕм ацы дунейы зондыл хӕст, уыдыстӕм ацы дунейы адӕмы хуызӕн. Стӕй нӕ ныфс ницӕмӕй уыд «ӕмӕ ацы дунейы цардыстӕм ӕнӕ Хуыцауӕй» (Еф. 2:12). Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕ цард цӕхгӕр фӕивта!

2. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы базыдтай?

2 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтай, кӕй дын ис уӕларвон Фыд ӕмӕ дӕ бирӕ кӕй уарзы. Стӕй ма базыдтай, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уай, уый тыххӕй дӕ кӕй хъӕуы дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивын, стӕй бирӕ цӕмӕдӕрты ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын. Ды бамбӕрстай, кӕй хъуамӕ райдайай Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Еф. 5:3–5).

3. Колоссӕгтӕм 3:9, 10 стихты нын Йегъовӕ цы фӕдзӕхсы ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд. Ӕмӕ йын уый бар ис, цӕмӕй йӕ бинонтӕн цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕвӕра ӕмӕ сын дзура, куыд хъуамӕ цӕрой, уый. Йегъовӕ зӕгъы, адӕймаг донаргъуыд райсыны размӕ кӕй хъуамӕ ныууадза «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ» *. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:9, 10.) Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдонӕн ацы статья баххуыс кӕндзӕн ӕртӕ фарстайӕн дзуапп базонынӕн: 1) Цы у «зӕронд удыхъӕд»? 2) Йегъовӕ нын цӕмӕн дзуры, цӕмӕй «зӕронд удыхъӕд» ныууадзӕм, кӕнӕ йӕ «раласӕм», дзаумӕттӕ куыд раласай, афтӕ? 3) Уый нӕ бон куыд у саразын? Донаргъуыд чи райста, уыдонӕн та ацы статья баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕм зӕронд удыхъӕды миниуджытӕ ногӕй ма фӕзыной.

ЦЫ У «ЗӔРОНД УДЫХЪӔД»?

4. Зӕронд удыхъӕд кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаг цавӕр вӕййы?

4 Зӕронд удыхъӕд кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг фӕцӕуы йӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл, ӕмӕ уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыдытӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Гӕнӕн ис, уа хиуарзон, мӕстыгӕр, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын ма зона. Гӕнӕн ис, кӕса хӕлд нывтӕм кӕнӕ, ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ тыхми кӕм ӕвдисынц, ахӕм кинотӕм. Ахӕм адӕймагмӕ хорз миниуджытӕ дӕр куыннӕ вӕййы. Ӕмӕ йӕ, чи зоны, йӕ ныхӕсты кӕнӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йӕ цӕсгом дӕр фӕхӕры. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ фӕфӕнды йӕ зондахаст аивын ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзын (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:2–5).

«Зӕронд удыхъӕд» куы ныууадзӕм, уӕд тӕригъӕдджын буары монцты ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты уацары нал уыдзыстӕм (кӕс 5 абзац) *

5. Зӕронд удыхъӕдмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй нӕ бон у бынтондӕр фервӕзын? Бамбарын ӕй кӕн (Хъуыддӕгтӕ 3:19).

5 Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕрӕй ӕппындӕр макуы мацы фӕзына. Уӕддӕр-иу, уый фӕстӕ цӕуыл фӕфӕсмон кӕндзыстӕм, ахӕмӕй исты зӕгъдзыстӕм кӕнӕ сараздзыстӕм (Йер. 17:9; Иак. 3:2). Фӕлӕ зӕронд удыхъӕд куы ныууадзӕм, уӕд нӕ тӕригъӕдджын буары монцты ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты уацары нал уыдзыстӕм. Ӕмӕ суыдзыстӕм бынтон ӕндӕрхуызон адӕймӕгтӕ (Ис. 55:7; бакӕс Хъуыддӕгтӕ 3:19).

6. Йегъовӕ нын цӕмӕн дзуры, цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм?

6 Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын дзуры, цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм (Ис. 48:17, 18). Уый зоны, йӕ монцты фӕдыл чи цӕуы, уый йӕхицӕн дӕр ӕвзӕрдӕр кӕй кӕны ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан кӕй хӕссы. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый тынг зын вӕййы.

7. Ромӕгтӕм 12:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ алкӕй дӕр цы хъӕуы равзарын?

7 Чи зоны ныл не ’мбӕлттӕй кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи фӕхуды, нӕ цард ӕмӕ нӕ удыхъӕд ивыныл кӕй архайӕм, уый тыххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын дзурой: «Сӕрибар адӕймаг дӕ, ӕмӕ, дӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ аразай. Дӕхиуыл сӕр нӕй? Кӕмӕдӕр цӕмӕ хъусыс?» Фӕлӕ, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕмы сӕрибар схонӕн нӕй. Уыдон цӕуынц Хӕйрӕджы дунейы зондыл, ӕмӕ сӕ ацы дуне йӕхи хуызӕн скӕны. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:1, 2.) Алкӕй дӕр хъӕуы равзарын: дарддӕр дӕр тӕригъӕдджын буары коммӕ кӕсдзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы нывтӕм гӕсгӕ «хуыд» чи у, уыцы зӕронд удыхъӕд «дардзӕн», ӕви Йегъовӕйы бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ива ӕмӕ дзы хуыздӕр адӕймаг скӕна (Ис. 64:8).

ДӔ БОН КУЫД У ЗӔРОНД УДЫХЪӔД «НЫУУАДЗЫН»?

8. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зондахаст ивынӕн ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн?

8 Йегъовӕ ӕмбары, зондахаст аивын ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон кӕй нӕу, стӕй уымӕн рӕстӕг дӕр кӕй хъӕуы (Пс. 103:13, 14). Фӕлӕ нын йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕд ивынӕн. Дӕтты нын зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй нын уый бантыса. Ӕвӕццӕгӕн дын нырмӕ дӕр Йегъовӕйы фӕрцы бантыст цыдӕртӕ аивын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр архайай зӕронд удыхъӕд ныууадзыныл, ӕмӕ донаргъуыд райсай? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

9. Хуыцауы Ныхас дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

9 Библийы фӕрцы дӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕс. Хуыцауы Ныхас абарӕн ис кӕсӕнимӕ. Библийы фӕрцы дӕ бон у ахъуыды кӕнын дӕ хъуыддӕгтыл, стӕй, цы фӕдзурыс ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст дӕ, ууыл (Иак. 1:22–25). Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый ӕмӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ. Библийы фӕрцы дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, цавӕр хорз миниуджытӕ дӕм ис ӕмӕ дӕ цавӕр ӕвзӕр миниуджытӕй хъӕуы фервӕзын. Равдисдзысты ма дын, куыд ис нӕ публикациты хорз уынаффӕтӕ ссарӕн. Йегъовӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ у, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Уымӕй хуыздӕр ӕй ничи зоны, куыд дын ис баххуыс кӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уый зоны, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Ӕмб. 14:10; 15:11). Уӕдӕ йӕм алы бон дӕр кув ӕмӕ алы бон дӕр Библи иртас.

10. Елейы хабарӕй цы базыдтай?

10 Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у. Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уый нӕ пайдайӕн у. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнын райдайынц, цӕмӕн цӕрынц, уый бамбарынц ӕмӕ свӕййынц ӕцӕг амондджын (Пс. 19:7–11). Йегъовӕмӕ чи нӕ хъусы, уыдон та ӕркӕрдынц, тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ цы тыллӕг ӕрхӕссынц, уый. Ӕфсымӕр Еле уый йӕхицӕй зоны. Йӕ ныййарджытӕ йӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕвӕрдтой Йегъовӕйы фӕндагыл. Фӕлӕ рӕзгӕ кары куы уыди, уӕд ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ сбӕндӕн ӕмӕ райдыдта наркотиктӕ кӕнын, ӕнӕгъдау цард кӕнын ӕмӕ давын. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй сси мӕстыгӕр, кӕйдӕрты-иу нӕмгӕ дӕр фӕкодта. Еле зӕгъы: «Гыццылӕй мын афтӕ кӕмӕй дзырдтой, чырыстонӕн ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын не ’мбӕлы, зӕгъгӕ, уыдон иууылдӕр кодтон». Фӕлӕ йӕ йӕ ныййарджытӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уыдӕттӕ дзы рох нӕ уыдысты, ӕмӕ та ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Еле тынг архайдта йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзыныл, ӕмӕ 2000 азы донаргъуыд райста. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдта, уый йын куыд баххуыс кодта? Еле зӕгъы: «Ныр мӕ зӕрдӕйы ис фарн ӕмӕ мӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг» *. Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдон сӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕй кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕ уыдонӕн дӕр зӕрдиагӕй баххуыс кӕны аивынӕн.

11. Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны?

11 Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, ды дӕр уыдӕттӕй де сӕфт фен (Пс. 97:10). Библийы фыст ис, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны «хъал цӕстытӕй, мӕнг ӕвзагӕй» ӕмӕ «ӕнаххос туг чи калы, ахӕм къухтӕй» (Ӕмб. 6:16, 17). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн ӕнад у, «фӕлитой чи у, уый» (Пс. 5:6). Йегъовӕ ахӕм митӕ ӕмӕ миниуджытӕй йе сӕфт афтӕ тынг уыны, ӕмӕ Нойы рӕстӕджы фыдгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фесӕфта, уымӕн ӕмӕ зӕхх фыдмитӕй байдзаг кодтой (Райд. 6:13). Йегъовӕ ма пехуымпар Малахийы уылты загъта, йӕ иузӕрдион цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацӕуы ӕмӕ дзы чи ахицӕн вӕййы, уыдонӕй дӕр йе сӕфт кӕй уыны. Сӕ лӕггад Йегъовӕйы цӕсты ницы у. Ӕмӕ, афтӕ кӕй бакодтой, уый тыххӕй сӕ дзуапп ӕрдомдзӕн (Мал. 2:13–16; Дзут. 13:4).

Чи схъуына, ахӕм хӕринаг бахӕрыныл куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ не схӕццӕ уыдзӕн? Раст афтӕ ӕнад нын хъуамӕ уой, Йегъовӕ ӕвзӕрыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдон (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

12. Ныхӕстӕ, «ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

12 Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут» (Ром. 12:9). «Сӕфт уынын»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, цыдӕр дын ӕнад куы уа, ӕлгъаг дӕм куы кӕса. Чи схъуына ӕмӕ чи нал бӕззы, ахӕм хӕринаг дын дӕ разы куы ӕрӕвӕриккой, уӕд дзы бахӕрис? Афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдӕ схӕццӕ уаид. Ӕмӕ, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддаг саразӕм, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр нӕ зӕрдӕ афтӕ хъуамӕ схӕццӕ уа.

13. Нӕ сӕрмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уадзӕм?

13 Дӕ сӕрмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ ма уадз. Нӕ хъуыдытӕ арӕх ӕркӕнынц хъуыддӕгтӕм. Ӕмӕ Йесо дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй, уӕззау тӕригъӕдмӕ чи ’ркӕны, ахӕм хъуыдытӕ нӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм (Матф. 5:21, 22, 28, 29). Мах фӕнды нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Уӕдӕ-иу нӕ сӕры куыддӕр ӕвзӕр хъуыды фӕзына, афтӕ-иу ӕй уайтагъд фӕсурӕм!

14. Нӕ ныхӕстӕй цы вӕййы бӕрӕг ӕмӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

14 Цы дзурыс, ууыл хъуыды кӕн. Йесо загъта: «Дзыхӕй цы рацӕуы, уый... зӕрдӕйӕ ссӕуы» (Матф. 15:18). Цы фӕдзурӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мыййаг, нӕ асайын, цӕмӕй мӕ цӕйдӕр тыххӕй ма бафхӕрой? Кӕд мын бинонтӕ ис, уӕд, мыййаг, мӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагмӕ ныхасӕппарӕнтӕ нӕ фӕкӕнын? Мӕхи хӕцгӕ низӕй куыд хъахъхъӕнин, ӕнӕфсарм ныхӕстӕй мӕхи афтӕ хизын? Исчи мӕ куы смӕсты кӕны, уӕд йемӕ сабырӕй фӕныхас кӕнын?» Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм цӕппузыртӕ, кӕнӕ ӕгънӕджытӕ. Цӕмӕй хӕдон раласай, уый тыххӕй уал ын хъӕуы йӕ цӕппузыртӕ рафтауын. Уӕд ӕнцондӕр уыдзӕн хӕдон раласын. Раст афтӕ, ӕфхӕрӕн, ӕнӕфсарм ныхӕстӕ куы нал кӕнӕм ӕмӕ куы нал сайӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зӕронд удыхъӕд «раласын».

15. «Нӕ зӕронд удыхъӕд... хъизӕмӕртты хъӕдыл» куыд хъуамӕ «байтындзӕм»?

15 Цы хъӕуы, уый ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ фӕив. Апостол Павел ирдӕй равдыста, нӕ цардыуаг аивынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм. Уый ныффыста, «нӕ зӕронд удыхъӕд... хъизӕмӕртты хъӕдыл» кӕй хъуамӕ «байтындзӕм» (Ром. 6:6). Ома хъуамӕ бафӕзмӕм Чырыстийы. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй цӕттӕ уыд хъизӕмӕртты хъӕдыл амӕлынмӕ. Афтӕ мах дӕр, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм, йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ «амарынмӕ». Ӕрмӕстдӕр нын уӕд уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 17:3; 1 Пет. 3:21). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ аивдзӕн. Мах хъуамӕ аивӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм (Ис. 1:16–18; 55:9).

16. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ цӕмӕн хъӕудзӕн тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын?

16 Дарддӕр дӕр тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕн. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ хъӕудзӕн дӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын. Уый бӕрӕг у Маурисиойы хабарӕй дӕр. Ӕрыгонӕй сси гомосексуалист. Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ базонгӕ ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ӕппынфӕстаг йӕ цард аивта ӕмӕ 2002 азы донаргъуыд райста. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Маурисио Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны. Фӕлӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ ныр дӕр ма хатт фӕхъӕуы йӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ йӕ ныфс нӕ сӕтты. Уый загъта: «Стыр тыхтӕ мӕ уадзы, кӕй йӕ зонын, уыцы фӕндты фӕдыл куы нӕ ацӕуон, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзынӕн, уый» *.

17. Набихайы хабар дӕ ныфс куыд бауагъта?

17 Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕхи хъаруйы фӕрцы дын кӕй нӕ бантысдзӕн аивын, фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22; Фил. 4:6). Цӕмӕй зӕронд удыхъӕд ныууадзӕм ӕмӕ йӕ нӕ уӕлӕ макуыуал скӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. Ӕркӕсӕм иу сылгоймаджы хабармӕ. Набихайыл 6 азы куы цыд, уӕд сӕ йӕ фыд ныууагъта. Уыцы хабар сывӕллонӕн йӕ зӕрдӕ скъахта. Набиха сси фыдзонд, мӕстыгӕр, иннӕтимӕ-иу хыл кодта. Уый фӕстӕ райдыдта наркотиктӕ уӕй кӕнын. Уый тыххӕй йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ цалдӕр азмӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Кӕм бадт, уыцы ахӕстонмӕ-иу ӕрбацыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Набихайы дӕр бафӕндыд семӕ Библи ахуыр кӕнын. Уый йӕ цард ивын райдыдта. Афтӕ зӕгъы: «Цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтон, уыдонӕй мын кӕцыдӕртӕ ныууадзын зын нӕ уыд. Фӕлӕ цӕмӕй тамако ныууагътаин, уый тыххӕй мӕ афӕдзӕй фылдӕр бахъуыд мӕхиимӕ тох кӕнын». Уый йын цӕй фӕрцы бантыст? Набиха загъта: «Ӕппӕты тынгдӕр мын баххуыс кодта, ӕдзух Йегъовӕйӕ хъарутӕ кӕй куырдтон, уый». Ӕмӕ ныр фӕзӕгъы: «Кӕд мӕнӕн мӕ бон баци мӕ цард фӕивын ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссарын, уӕд уый кӕмӕнфӕнды дӕр бауыдзӕн йӕ бон!» *

ДӔ БОН У, ӔМӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНЫ АККАГ СУАЙ!

18. 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 стихтӕм гӕсгӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ бон цы баци?

18 1 ӕнусы Йегъовӕ кӕй равзӕрста, цӕмӕй Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уой, уыдонӕй чидӕртӕ раздӕр кодтой тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Чидӕртӕ сӕ сӕ цардӕмбӕлттыл гадзрахатӕй цыдысты, чидӕртӕ сӕ уыдысты гомосексуалисттӕ, чидӕртӕ та давгӕ кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ бон сси аивын. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11.) Нӕ рӕстӕджы дӕр Библи милуангай адӕмӕн баххуыс кодта сӕ цард аивынӕн *. Уыдон ныууагътой се ’взӕр хъуыддӕгтӕ, кӕд сын уый тынг зын уыд, уӕддӕр. Сӕ хабӕрттӕй бӕрӕг у, дӕуӕн дӕр дӕ бон кӕй бауыдзӕн дӕ удыхъӕд аивын ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ донаргъуыд райсыны аккаг.

19. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй, донаргъуыд райсын чи фӕнд кӕны, уыдоны хъӕуы сӕ зӕронд удыхъӕд ныууадзын. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ раивой. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын ӕмӕ нын иннӕтӕ дӕр куыд баххуыс кӕндзысты, ууыл.

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

^ 5 абз. Донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ цӕттӕ уа йӕ удыхъӕд ивынмӕ. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, «зӕронд удыхъӕд» цы у, «зӕронд удыхъӕд» цӕмӕн хъуамӕ ныууадзӕм ӕмӕ уый куыд ис саразӕн. Иннӕ статьяйӕ та базондзыстӕм, донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ бон куыд у нӕ удыхъӕд ногмӕ ивын.

^ 3 абз. АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. «Зӕронд удыхъӕд... ныууадзынмӕ» хауы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм миниуджытӕй, фӕндтӕй ӕмӕ хъуыдытӕй фервӕзын. Ӕмӕ адӕймаг уый аразын хъуамӕ райдайа донаргъуыд райсыны размӕ (Еф. 4:22).

^ 10 абз. Елейы тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын статьяйӕ «Библи ивы адӕймаджы цард. „Мӕн хъуыд Йегъовӕмӕ раздӕхын“». Кӕс 2012 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

^ 16 абз. Маурисиойы тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын статьяйӕ «Библи ивы адӕймаджы цард. „Уыдон уыдысты тынг зӕрдӕхӕлар“». Кӕс 2012 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

^ 17 абз. Набихайы тыххӕй дӕ бон у фылдӕр базонын статьяйӕ «Библи ивы адӕймаджы цард. „Уыдтӕн тынг фыдзонд ӕмӕ мӕ пырх иннӕтыл калдтон“». Кӕс 2012 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

^ 64 абз. НЫВ. Адӕймаг ӕвзӕр цӕуылдӕрты куы нал фӕхъуыды кӕны ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы ныууадзы, уӕд уый вӕййы, зӕронд уӕлӕдарӕс куыд раласа, афтӕ.