Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ 10

«Зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун» дӕ бон ӕй!

«Зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун» дӕ бон ӕй!

«Зӕронд уодигъӕдӕ ӕ миути хӕццӕ ниууадзетӕ» (КОЛ. 3:9).

29 ЗАР Нӕ ном макӕд фегадӕ кӕнӕн

РАЗДЗУРД *

1. Библи ахур кӕнун ку нӕма райдӕдтай, уӕд дӕ цард цӕхуӕн адтӕй?

 ЙЕГОВИ ӔВДЕСӔНТИ хӕццӕ Библи ахур кӕнун ку нӕма райдӕдтай, уӕд дӕ цард цӕхуӕн адтӕй? Берети еци рӕстӕгутӕбӕл сагъӕс кӕнун дӕр нӕ фӕффӕндуй. Аци дуйней зундахаст нӕ царди алли фӕззелӕнбӕл дӕр фӕббӕрӕг ӕй, зӕгъӕн, цӕхуӕн хъӕппӕлтӕ дардтан, куд сагъӕс кодтан кенӕ хуарз ӕма лӕгъузбӕл ци нимадтан, уобӕл. Кӕд дӕу хабар дӕр уотӕ адтӕй, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма дин «нифс... нецӕмӕй адтӕй ӕма аци дуйней цардтӕ ӕнӕ Хуцауӕй» (Еф. 2:12). Фал Библи ахур кӕнун ку райдӕдтай, уӕд дӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта.

2. Библи ахур кӕнгӕй ци базудтай?

2 Библи ахур кӕнун ку райдӕдтай, уӕд ӕй базудтай, уӕларвон Фидӕ дин ке ес ӕма дӕ берӕ ке уарзуй. Рӕстӕг цудӕй, ӕма дӕ бафӕндадтӕй ӕ хӕццӕ балимӕн ун ӕма ӕ устур бийнонтӕмӕ ӕрбайеу ун. Фал ӕй балӕдӕрдтӕ, уой туххӕй дӕ берӕ цидӕртӕ раййевун ке гъӕуй, зӕгъӕн, дӕ зундахаст, де ’ндаг бакаст ӕма дӕ цард. Дӕхебӕл дӕ дзӕбӕх байархайун гъудӕй, уомӕн ӕма гъӕуама исахур адтайсӕ Йегови сугъдӕг уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун (Еф. 5:3–5).

3. Колоссӕгтӕмӕ 3:9, 10 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ Йеговӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнуй ӕма аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Йеговӕ ӕй не Сфӕлдесӕг ӕма нӕ уӕларвон Фидӕ, ӕма ин уомӕ гӕсгӕ барӕ ес, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой ӕгъдау ӕрфедар кӕнун. Йеговӕ ни агоруй, цӕмӕй донаргъуди размӕ нӕ «зӕронд уодигъӕдӕ ӕ миути хӕццӕ ниууадзӕн» *. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:9, 10.) Донаргъуд райсун ке фӕндуй, уонӕн аци статья банхус кӕндзӕй дзуапп иссерун ӕртӕ фарстайебӕл: 1) «Зӕронд уодигъӕдӕ» ци ӕй? 2) Йеговӕ нин ӕй цӕмӕн уадзун кӕнуй? 3) Уомӕн куд ес гӕнӕн? Донаргъуд ка ӕй, уонӕн ба аци статья банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕуӕгӕй сӕ зӕронд уодигъӕди миутӕмӕ ма раздӕхонцӕ.

«ЗӔРОНД УОДИГЪӔДӔ» ЦИ ӔЙ?

4. «Зӕронд уодигъӕдӕ» кӕмӕ ес, еци адӕймаг цӕхуӕн фӕууй?

4 «Зӕронд уодигъӕдӕ» кӕмӕ фӕууй, еци адӕймагӕн ӕ гъудитӕ дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕ дӕр ӕ тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндтӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ арӕзт фӕуунцӕ. Уӕхӕн адӕймаг фӕууй мӕстгунгӕнагӕ, сӕрбӕрзонд, хеуарзон ӕма хуарзӕн нӕ фӕййаргъ кӕнуй. Ӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕуй порнографи, удта фӕккӕсуй ӕнӕхатир ӕма ихӕлд кинотӕмӕ. Уӕхӕн адӕймагмӕ хуарзӕй цидӕртӕ дӕр фӕууй, удта ’й, ка ’й зонуй, ӕ гъуддӕгти туххӕй ӕ цӕсгон дӕр фӕххуӕруй. Фал ӕхе цӕй сӕрмӕ гӕсгӕ раййева, е ин нӕ фӕууй ӕма архайгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:2–5).

Ӕ «зӕронд уодигъӕдӕ» ка ниууадзуй, еци адӕймаг ӕ тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндти фӕдбӕл нӕбал фӕццӕуй ӕма бустӕги ӕндӕр адӕймаг исуй (кӕсӕ 5 абзац) *

5. Ӕ «зӕронд уодигъӕдӕ» ка ниууагъта, еци адӕймаг цӕхуӕн фӕууй? (Гъуддӕгтӕ 3:19).

5 Мах еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан. Уомӕ гӕсгӕ нин нӕ еугур тӕрегъӕдгун сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕй кӕронмӕ исуӕгъдӕ ун нӕ рауайдзӕй. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дзурдӕй кенӕ гъуддагӕй рӕдуйдзиан ӕма ма ибӕл фӕсмон дӕр кӕндзиан (Йер. 17:9; Иак. 3:2). Фал ӕ зӕронд уодигъӕдӕ ка ниууадзуй, еци адӕймаг ба ӕ тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндти фӕдбӕл нӕбал фӕццӕуй ӕма бустӕги ӕндӕр адӕймаг исуй (Ис. 55:7; бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 3:19).

6. Йеговӕ нӕ цӕмӕн разӕнгард кӕнуй нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ӕ гъуддӕгти хӕццӕ ниууадзунмӕ?

6 Йеговӕ нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ лӕгъуз гъудитӕ ӕма гъуддӕгтӕ ниууадзӕн, уомӕн ӕма нӕ уарзуй ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй амондгун уӕн (Ис. 48:17, 18). Е ӕй зонуй, уотӕ ку нӕ бакӕнӕн, уӕд зӕран айдагъ нӕхецӕн ке не ’рхӕсдзиан, фал ма иннетӕн дӕр. Нӕхуӕдтӕ дӕр ӕма иннетӕ дӕр куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уомӕ кӕсун ба Йеговӕн зин фӕууй.

7. Ромӕгтӕмӕ 12:1, 2 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ равзарун ци гъӕуй?

7 Нӕ цард раййевунбӕл ке архайдтан, уой туххӕй нӕбӕл, ка ’й зонуй, фиццӕгти нӕ хеуӕнттӕ ӕма не ’мбӕлттӕ ходгӕ дӕр кодтонцӕ (1 Пет. 4:3, 4). Ӕвӕдзи ма нин уотӕ дӕр дзурдтонцӕ: «Дӕ цардмӕ дӕхецӕй ӕндӕр неке неци гъуддаг ес». Фал уотӕ ка фӕдздзоруй, уонӕй цума уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма сӕхе цард ба ӕцӕгӕйдӕр сӕхе къохти ӕй? Уонӕн сӕ цардбӕл Сайтани дуйней зундахаст рабӕрӕг уй ӕма син куд цӕргӕ ’й, уой амонуй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:1, 2.) Мадта ни алкедӕр гъӕуй равзарун: кенӕ нӕ зӕронд уодигъӕдӕмӕ гӕсгӕ цӕрдзиан, гъома Сайтани дуйне куд амонуй, уотӕ, кенӕ ба Йегови къохти фӕлмӕн ӕргъи хузӕн уодзиан ӕма ин барӕ ратдзиан, цӕмӕй ни, ӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн адӕймӕгтӕ рауайун кӕна (Ис. 64:8).

«ЗӔРОНД УОДИГЪӔДӔ» НИУУАДЗУНМӔ НИН ЦИ БАНХУС КӔНДЗӔЙ?

8. Нӕ «зӕронд уодигъӕдӕ» ниууадзунмӕ нин Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй?

8 Йеговӕ ’й лӕдӕруй, нӕ уодигъӕдӕ уайтагъд раййевун нӕ бон ке не ’суодзӕй (Пс. 103:13, 14). Уомӕ гӕсгӕ нӕ нӕхе евгед нӕ ниууагъта, равардта нин ӕ Дзурд Библи, ӕ сугъдӕг хъаурӕ ӕма ӕ организаци. Уой фӕрци зундгиндӕр кӕнӕн, удта нӕмӕ нӕхе ӕййевунмӕ дӕр хъауритӕ фӕууй. Уой, ӕвӕдзи, дӕхецӕй дӕр зонис. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, адӕймаги цӕхуӕн къахдзӕфтӕ искӕнун гъӕуй, цӕмӕй ӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадза ӕма ӕхе донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕна.

9. Хуцауи Дзурд дин куд банхус кӕндзӕй?

9 Библий фӕрци, дӕ зӕрди ци ес, уой исбӕрӕг кӕнӕ. Хуцауи Дзурд ӕнгъезуй рабарун айдӕни хӕццӕ: ку имӕ бакӕсай, уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, дӕ зундахаст, дӕ дзурдигъӕдӕ ӕма дӕ гъуддӕгтӕ цӕхуӕн ӕнцӕ, уой, ӕма ’й балӕдӕрдзӕнӕ, исраст кӕнун дӕ ци гъӕуй, уой дӕр (Иак. 1:22–25). Ка ’й зонуй дин цӕхуӕндӕр унаффӕ ратдзӕй, дӕ хӕццӕ Библи ка ахур кӕнуй, е кенӕ ба ӕндӕр фӕлтӕрдгун киристон. Зӕгъӕн, Библий фӕрци дин банхус кӕндзӕй фӕууинун, хуарзӕй дӕмӕ ци ес, уой ӕма дӕ байархайун цӕбӕл гъӕуй, уой дӕр. Кенӕ ба цӕхуӕндӕр лӕгъуз гъуддаг ниууадзунбӕл ку архайай, уӕд дин банхус кӕндзӕй, нӕ публикацити уой туххӕй ци финст ес, уой иссерунмӕ. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ ӕхуӕдӕг банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй. Уомӕй хуӕздӕр ӕй неке зонуй, ци гъӕуагӕ ан, уой, уомӕн ӕма нин нӕ зӕрдитӕ уинуй (Ӕмб. 14:10; 15:11). Мадта, цийфӕнди зинӕй дӕр байархайӕ, цӕмӕй исахур уай алли бон дӕр Йеговӕмӕ ковун ӕма ин ӕ Дзурд Библи кӕсун.

10. Еу ӕнсувӕр Элий хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Йегови уагӕвӕрдтӕ тӕккӕ хуӕздӕр ке ’нцӕ, уобӕл ма гурусхӕ кӕнӕ. Йеговӕ ни ӕхецӕн некӕд неци фӕййагоруй. Ци нин фӕззӕгъуй, е алкӕддӕр нӕхе пайдайӕн фӕууй. Ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ин ка фӕццӕруй, етӕ сӕхецӕн аргъ кӕнун фӕззонунцӕ, сӕ царди фӕззиннуй нисан ӕма фӕуунцӕ ӕцӕг амондгун (Пс. 19:7–11). Иннердиги ба ин ӕ уагӕвӕрдтӕ ка нецӕмӕ даруй, етӕ фӕстӕдӕр сӕ гъуддӕгтӕй фӕсмойнаг фӕуунцӕ. Е бӕрӕг ӕй еу нӕлгоймаг Элий хабарӕй. Ӕ ниййергутӕ Йегови берӕ уарзтонцӕ ӕма уой дӕр уобӕл ахур кодтонцӕ. Фал ирӕзгӕ кари ку адтӕй, уӕд ин лӕгъуз ӕмбӕлттӕ фӕззиндтӕй. Гъема Эли наркотиктӕбӕл фӕццӕфстӕй, ӕнӕгъдау цард кӕнун райдӕдта ӕма ма давгӕ дӕр кодта. Эли ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй, уотемӕй хъӕбӕр мӕстгунгӕнагӕ ӕма ӕнӕхатир иссӕй. Е зӕгъуй: «Ме ’сӕфт ци гъуддӕгтӕй гъӕуама уидтайнӕ, раст еци гъуддӕгтӕ кӕнун райдӕдтон». Фал ӕй уӕддӕр сувӕллонӕй цӕбӕл ахур кодтонцӕ, е дзӕгъӕли нӕ фӕцӕй. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Эли нӕуӕгӕй Библи ахур кӕнун райдӕдта. Е архайдта, цӕмӕй ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууагътайдӕ ӕма 2000 анзи донаргъуд райста. Цума ӕ цард Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ке раййивта, е ин ести пайда ӕрхаста? Эли зӕгъуй: «Нур мӕ зӕрди ес фарнӕ ӕма Хуцауи рази мӕ цӕсгон кӕдзос ӕй» *. Аци хабарӕй бӕрӕг ӕй, ӕхе Йеговӕй ка рахатуй, етӕ сӕхецӕн фуддӕр ке фӕккӕнунцӕ. Фал ма уонӕмӕ дӕр Йеговӕ е ’нхуси къох ӕрбадарунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй.

11. Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй?

11 Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй, ду дӕр уомӕй де ’сӕфт уинӕ (Пс. 97:10). Библий финст ӕй, Йеговӕ е ’сӕфт цӕмӕй уинуй: «Хъал цӕститӕ, мӕнгӕ ӕвзаг, фудгин ка нӕ уа, уой тог ка никкалуй, уӕхӕн къохтӕ» (Ӕмб. 6:16, 17). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕн ӕнадӕ ’нцӕ «мӕнгард адӕн» (Пс. 5:6). Е бӕрӕг ӕй, Ноййи рӕстӕгути ци хабар ӕрцудӕй, уомӕй: Йеговӕ лӕгъуз адӕни фесафта, «уомӕн ӕма зӕнхӕ уони туххӕй байдзаг ӕй фудмиутӕй» (Райд. 6:13). Уомӕй уӕлдай ма пахампар Малахи ниффинста, Йеговӕ е ’сӕфт ке уинуй, ӕ цардӕмбалӕй нецӕй туххӕй ка рахецӕн уй, уонӕй. Уӕхӕн адӕни лӕггадӕй Йеговӕ арази нӕ фӕууй ӕма си сӕ фудмиуи туххӕй ӕнӕмӕнгӕй дзуапп байагордзӕй (Мал. 2:13–16; Дзиуит. 13:4).

Ӕмбуд рӕзӕ дин куд илгъаг фӕууй, гъе уотӕ илгъаг дин гъӕуама уонцӕ, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ дӕр (кӕсӕ 11 ӕма 12 абзацтӕ)

12. Дзурдтӕ «лӕгъуздзийнадӕй уе ’сӕфт уинетӕ» цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ?

12 Йеговӕ нӕ разӕнгард кӕнуй: «Лӕгъуздзийнадӕй уе ’сӕфт уинетӕ» (Ром. 12:9). Дзурдтӕ «уе ’сӕфт уинетӕ» цӕбӕл дзорӕг ӕнцӕ? Адӕймаг естӕмӕй е ’сӕфт ку фӕууинуй, уӕд ин уобӕл уотид расагъӕс кӕнун дӕр илгъаг фӕууй. Зӕгъӕн, кадӕр дин дӕ рази ӕмбуд рӕзӕ ӕрӕвардта. Ӕвналгӕ дӕр сӕмӕ, ӕвӕдзи, нӕ бакӕндзӕнӕ кенӕ ба ма сӕмӕ дӕ зӕрдӕ дӕр исхӕсдзӕй. Мадта, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ дӕр нин гъӕуама гъе уотӕ илгъаг уонцӕ.

13. Ӕнаккаг сагъӕстӕй нӕхе цӕмӕн гъӕуама хезӕн?

13 Цӕбӕл сагъӕс кӕнис, уомӕ лӕмбунӕг уо. Сагъӕс цӕбӕл фӕккӕнӕн, е нӕ гъуддӕгтӕбӕл рабӕрӕг уй. Йесо Киристе дӕр уомӕ гӕсгӕ загъта, цӕмӕй нӕ сӕрмӕ ма уадзӕн, рӕдудмӕ нӕ ка ’ркӕндзӕй, уӕхӕн сагъӕстӕ (Матф. 5:21, 22, 28, 29). Алкедӕр ни фӕндуй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун, уотӕ нӕ ’й? Мадта ӕнаккаг сагъӕстӕ гъӕуама нӕ сӕрмӕ уадзгӕ дӕр ма кӕнӕн.

14. Нӕ дзурдигъӕдӕй ци фӕууй бӕрӕг ӕма нӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй расагъӕс кӕнун?

14 Ци дзорис, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнӕ. Киристе загъта: «Цъухӕй ци рацӕуй, е ба зӕрдӕй иссӕуй» (Матф. 15:18). Ӕма ӕцӕгӕйдӕр нӕ цъухи дзурдӕй бӕрӕг фӕууй, нӕ медӕг цӕхуӕн ан, е. Уомӕ гӕсгӕ хуарз уайдӕ расагъӕс кӕнун уӕхӕн фарстатӕбӕл: «Алкӕддӕр раст ци ӕй, уой фӕдздзорун ӕви мӕмӕ расайун дӕр неци уотӕ устур гъуддаг фӕккӕсуй? Мӕ цардӕмбал ка нӕй, уой хӕццӕ гъазӕн дзубандитӕ кӕнун нӕ райдайун, цума мӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, уотӕ? Ӕнӕгъдау гиризтӕ кӕнун мӕ сӕрмӕ хӕссун? Еске мӕ естӕмӕй ку фӕффудӕнгъӕл кӕнуй, уӕд уайтагъд нӕ рафицун?» Аци фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнун ӕцӕгӕйдӕр хуарз ӕй. Нӕ дзурдигъӕдӕ ӕнгъезуй рабарун цӕппӕрти хӕццӕ. Цӕппӕртӕ ку рафтауӕн, уӕд нин нӕ уӕледарӕс раласун ӕнцондӕр уодзӕй. Гъе уотӕ нӕхе ӕнаккаг дзубандитӕй ку исуӕгъдӕ кӕнӕн, уӕд нин нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй.

15. Зӕронд уодигъӕдӕ «гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл» ниййауиндзун ци нисан кӕнуй?

15 Фӕндфедарӕй архайӕ. Царди ӕййивддзийнӕдтӕ кӕнун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой балӕдӕрун кӕнунмӕ Павел хуарз рабарстӕй испайда кодта. Е загъта, нӕ зӕронд уодигъӕдӕ «гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл» ке ниййауигътан (Ром. 6:6). Ӕндӕр дзурдтӕй мах дӕр фӕндуй Киристей фӕнзун. Е цӕттӕ адтӕй гъезӕмайраг мӕлӕт бавзарунмӕ, цӕмӕй Йегови фӕндон исӕнхӕст кодтайдӕ. Мадта мах дӕр гъӕуама цӕттӕ уӕн, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ ниммарунмӕ. Хуцауи рази нӕ цӕсгон ӕрмӕстдӕр уотемӕй уодзӕй кӕдзос ӕма нин ӕносон амондгун цардӕй нифс уодзӕй (Иоан. 17:3; 1 Пет. 3:21). Гъӕуама нӕ гъудий дарӕн: Йеговӕ ӕ уагӕвӕрдтӕ мах зӕрдӕ балхӕнуни туххӕй нӕ раййевдзӕй. Е мах гъӕуй нӕхе ӕййевун (Ис. 1:16–18; 55:9).

16. Тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндти хӕццӕ тох кӕнун идарддӕр дӕр цӕмӕн гъӕуй?

16 Тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндти хӕццӕ идарддӕр дӕр тох кӕнӕ. Донаргъуди фӕсте дӕр ма дӕ гъӕудзӕй тох кӕнун. Уой ӕхецӕй зонуй Маурисио. Ӕригонӕй гомосексуалист адтӕй, фал фӕстӕдӕр Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ базонгӕ ’й ӕма Библи ахур кӕнун райдӕдта. Гъема ӕ царди устур ӕййивддзийнӕдтӕ искодта ӕма 2002 анзи донаргъуд райста. Кӕд Маурисио Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнуй, уӕддӕр ма ’й нур дӕр ӕ тӕрегъӕдгун фӕндти хӕццӕ тох кӕнун фӕгъгъӕуй. Фал уӕддӕр ӕ къохтӕ нӕ уадзуй. Маурисио зӕгъуй: «Мӕ тӕрегъӕдгун бауӕри фӕндти фӕдбӕл ке нӕ цӕун ӕма уотемӕй Йегови зӕрдӕ ке рохс кӕнун, е мин хъауритӕ дӕттуй» *.

17. Набихи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

17 Йеговӕй ӕнхус корӕ ӕма дӕ нифс уобӕл дарӕ, дӕхебӕл нӕ, фал (Гал. 5:22; Фил. 4:6). Цӕмӕй нӕ зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзӕн ӕма имӕ макӕдбал раздӕхӕн, уой туххӕй берӕ бахъиамӕт кӕнун гъӕуй. Ӕма е бӕрӕг ӕй еу силгоймаг Набихи хабарӕй. Ӕхсӕз анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд сӕ фидӕ бийнонтӕй рандӕ ’й. Набихӕ зӕгъуй: «Еци хабар мин мӕ зӕрдӕ хъӕбӕр фӕрресун кодта ӕма мин си арф гъӕдгинтӕ ниууагъта». Уомӕ гӕсгӕ Набихӕ ку исирӕзтӕй, уӕд си хъӕбӕр фудзунд адӕймаг рауадӕй. Наркотиктӕ уӕйӕ кӕнун райдӕдта ӕма ’й цалдӕр анземӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Еци ахӕстдонӕмӕ ба къуӕремӕ еу хатт Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕрбацӕуиуонцӕ, ӕма Набихӕ дӕр Библи ахур кӕнунбӕл исарази ӕй. Уой фӕсте ӕ цард ӕййевун райдӕдта. Набихӕ идарддӕр радзурдта: «Цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ ниууадзун мин ӕнцон адтӕй, зӕгъӕн, наркотиктӕ. Фал тамаку ниууадзуни хабар ба ӕндӕрхузи адтӕй». Набихи анзӕй фулдӕр багъудӕй, цӕмӕй еци гъуддаг дӕр ниууагътайдӕ. Цума ин ци банхус кодта? Е зӕгъуй: «Еци гъуддаг мин бантӕстӕй, фиццагидӕр Йеговӕмӕ ке кувтон, уой фӕрци». Фӕстагмӕ ба Набихӕ уотӕ загъта: «Кӕд мӕн бон иссӕй раййевун, уӕд алке бон дӕр исуодзӕй!» *

ДӔ БОН ӔЙ ДОНАРГЪУД РАЙСУНИ АККАГ УН!

18. 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9–11 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй берӕтӕн ци бантӕстӕй?

18 Гъӕйдӕ расагъӕс кӕнӕн, фиццаг ӕноси ка цардӕй, еци киристӕнттӕбӕл. Донаргъуд райсуни размӕ цӕхуӕн цард кодтонцӕ? Кадӕр си хӕтгӕ кодта, кадӕр гомосексуалист адтӕй, кадӕр ба – давӕг. Фал Йегови сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци сӕ бон иссӕй сӕ цард раййевун, ӕма сӕ фӕстӕдӕр Йеговӕ аккаг адӕймӕгтӕбӕл банимадта, цӕмӕй Киристей хӕццӕ уӕлӕрвти паддзӕхтӕ уонцӕ. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9–11.) Гъе уотӕ нӕ рӕстӕги дӕр Библи хъӕбӕр берӕ адӕнӕн банхус кодта сӕ цард цӕхгӕрмӕ раййевунмӕ *. Берӕ ӕнзти дӕргъи ци фудгъуддӕгтӕбӕл хуӕст адтӕнцӕ, уони сӕ бон иссӕй ниууадзун. Мадта уони хабӕрттӕй бӕрӕг ӕй, дӕу бон дӕр ке ӕй дӕ цард раййевун, цӕмӕй донаргъуд райсуни аккаг уай.

19. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

19 Фал цӕмӕй донаргъуд райсай, уой туххӕй зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун фагӕ нӕй. Гъӕуй ма ’й нӕуӕгмӕ раййевун. Уомӕн куд ес гӕнӕн ӕма нин еци гъуддаги иннети бон куд ӕй банхус кӕнун, уой туххӕй ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

41 ЗАР О Хуцау, фегъосӕ мӕ

^ Донаргъуд райсуни размӕ адӕймаги фӕгъгъӕуй ӕ цард раййевун. Аци статьяйӕй базондзиан: 1) зӕронд уодигъӕдӕ ци ӕй, уой туххӕй Библий ци финст ес, 2) цӕмӕн ӕй гъӕуама ниууадзӕн ӕма 3) уомӕн куд ес гӕнӕн. Иннӕ статьяй ба дзурд цӕудзӕй, не ’гасемӕндӕр, донаргъуд ка нӕма райста ӕма донаргъуд ка райста, уонӕн дӕр, сӕ бон куд ӕй сӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ ӕййевун.

^ ЦИ НИСАН КӔНУЙ: дзурдбаст «зӕронд уодигъӕдӕ ниууадзун» уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма адӕймаг гъӕуама ниууадза, Йегови зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ӕма менеугутӕ. Уобӕл архайун гъӕуама донаргъуди размӕ райдайа (Еф. 4:22).

^ ХУЗӔ. Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ ниууадзун ӕнгъезуй рабарун, адӕймаг ӕ зӕронд хъӕппӕл куд рагӕлдзуй, уой хӕццӕ.