Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ удыхъӕд ногмӕ ив

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ удыхъӕд ногмӕ ив

«Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут» (КОЛ. 3:10).

49 ЗАРӔГ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн цин хӕссӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ? *

1. Нӕ удыхъӕдыл сӕйрагдӕр цы бандавы?

 ДОНАРГЪУЫД ӕрӕджы райстам ӕви бирӕ азты размӕ,– не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ удыхъӕд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа. Уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ сӕрмӕ ма уадзӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыдытӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ бандавынц нӕ удыхъӕдыл. Нӕ тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕдзух ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд хорзӕй дзургӕ дӕр ӕмӕ аразгӕ дӕр ницы кӕндзыстӕм (Еф. 4:17–19). Фӕлӕ нӕ зонд хорз хъуыдытӕй куы дзаг кӕнӕм, уӕд дзургӕ дӕр ӕмӕ аразгӕ дӕр кӕндзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕ (Гал. 5:16).

2. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Айразмӕйы статьяйы куыд федтам, афтӕмӕй нырма уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ-иу нӕ сӕры иу ӕвзӕр хъуыды дӕр макуы фӕзына. Фӕлӕ ахӕм хъуыдытӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзысты ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Донаргъуыд райсыны размӕ адӕймаг хъуамӕ ныууадза, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. Уый ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй йӕ зӕронд удыхъӕд ныууадза. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уый тыххӕй ма хъуамӕ ӕххӕст кӕна ацы фӕдзӕхст дӕр: «Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут» (Кол. 3:10). Ацы ныхӕстӕ ма ис ратӕлмац кӕнӕн афтӕ дӕр: «Уӕ уӕлӕ скӕнут ног удыхъӕд». Ацы статьяйӕ базондзыстӕм дзуапп ахӕм фарстатӕн: цы у ног удыхъӕд? Нӕ бон куыд у нӕ удыхъӕд «ногмӕ раивын»? Ӕмӕ цы хъӕуы, цӕмӕй ног удыхъӕд мауал раласӕм?

ЦЫ У НОГ УДЫХЪӔД?

3. Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихтӕм гӕсгӕ, цы у ног удыхъӕд ӕмӕ цӕмӕй вӕййы бӕрӕг, адӕймаг йӕ уӕлӕ ног удыхъӕд кӕй скодта, уый?

3 Ног удыхъӕд кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг фӕархайы, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уа. Уый Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕтты, цӕмӕй йӕ мидӕг архайа, ӕмӕ йӕм фӕзыны, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон. Уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыдытӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22, 23.) Зӕгъӕм, ахӕм адӕймаг уарзы Йегъовӕйы, стӕй йын йӕ адӕмы дӕр уарзы (Матф. 22:36–39). Фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд дӕр йӕ зӕрдӕйы вӕййы циндзинад (Иак. 1:2–4). Уый иннӕтимӕ хӕларӕй цӕры ӕмӕ у фарнуарзаг (Матф. 5:9). Иннӕтимӕ вӕййы фӕразон, стӕй хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Кол. 3:13). Уарзы хорздзинад аразын (Лук. 6:35). Йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ уӕларвон Фыдыл тынг кӕй ӕууӕнды (Иак. 2:18). Исчи йӕ куы фефхӕры, уӕддӕр равдисы, фӕлмӕн удыхъӕд ын кӕй ис. Ӕмӕ йын фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕддӕр фӕзоны хиуыл хӕцын (1 Кор. 9:25, 27; Тит. 3:2).

4. Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты цы миниуджыты кой ис, уыдон нӕм иууылдӕр цӕмӕн хъуамӕ уой?

4 Цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ удыхъӕды сфидар кӕнӕм, Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты ӕмӕ ма Библийы иннӕ рӕтты дӕр цы миниуджыты кой ис, уыдон иууылдӕр *. Уыцы миниуджытӕй иу дӕр уӕлдай нӕу, хъуамӕ сӕ иууылдӕр «скӕнӕм нӕ уӕлӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕнгом баст сты. Зӕгъӕм, адӕймаджы куы уарзай, уӕд уыдзынӕ йемӕ фӕразон ӕмӕ йӕм уыдзынӕ хӕларзӕрдӕ. Кӕнӕ дӕ цӕмӕй ӕцӕгдӕр хорз адӕймаг схонӕн уа, уый тыххӕй дын хъуамӕ уа фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хъуамӕ хиуыл хӕцын зонай.

НӔ БОН КУЫД У НӔ УДЫХЪӔД «НОГМӔ РАИВЫН»?

Мах дӕр, Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд архайгӕ дӕр кӕндзыстӕм, уый куыд архайдта, афтӕ. Ӕмӕ нӕ удыхъӕд дӕр суыдзӕн Йесойы удыхъӕды хуызӕн (кӕс 5, 8, 10, 12, 14 абзацтӕ)

5. «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ царды тыххӕй фылдӕр цӕмӕн хъӕуы базонын? (1 Коринфӕгтӕм 2:16).

5 Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:16. Цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ». Ома хъуамӕ базонӕм, Йесойӕн цавӕр зондахаст ис ӕмӕ йӕ стӕй фӕзмӕм. Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон Йесомӕ иууылдӕр сты. Адӕймаг йӕхи кӕсӕны куыд фены, афтӕ Йесомӕ кӕсгӕйӕ та ис Йегъовӕйы фенӕн (Дзут. 1:3). Мах дӕр, Йесо куыд хъуыды кӕны, афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд архайгӕ дӕр кӕндзыстӕм, уый куыд архайдта, афтӕ, ӕмӕ нӕ удыхъӕд дӕр суыдзӕн Йесойы удыхъӕды хуызӕн (Фил. 2:5).

6. Цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

6 Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъдзынӕ: «Йесо ӕххӕст адӕймаг уыд, ӕмӕ ӕз уый хуызӕн никуы суыдзынӕн». Кӕд афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕн ӕртӕ хъуыддагыл: 1) Адӕм афтӕ конд сты, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн уой. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ уыдоны хуызӕн уай, кӕд дын уый алы хатт нӕ уайдзӕн, уӕддӕр. Ӕрмӕст уый хъуамӕ дӕхи бафӕнда (Райд. 1:26). 2) Хуыцауы сыгъдӕг тых у Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых. Ӕмӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы саразӕм, нӕхи бон цы нӕу саразын, уый. 3) Йегъовӕ ӕмбары, ныртӕккӕ нӕ бон кӕй нӕу, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕххӕстӕй ӕвдисын. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд рахицӕн кодта мин азы, цӕмӕй, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон ӕххӕст суой (Рарг. 20:1–3). Ныр та Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй зӕрдиагӕй архайӕм нӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕна.

7. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

7 Нӕ бон бӕлвырдӕй цӕмӕй у Йесойы бафӕзмын? Ацы статьяйы цыбыртӕй аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй цыппарыл. Ӕмӕ фендзыстӕм, Йесо уыцы миниуджытӕ куыд ӕвдыста, уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Фӕнды ма нӕ базонын, ӕнтысы нын ӕви нӕ нӕ удыхъӕд ногмӕ ивын. Ӕмӕ нын уый бамбарынӕн цы фарстатӕ баххуыс кӕндзысты, уыдонмӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм.

8. Йесо уарзондзинад куыд равдыста?

8 Йесо Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд йӕ Фыды тыххӕй дӕр ӕмӕ мах тыххӕй дӕр йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ (Иоан. 14:31; 15:13). Адӕмы куыд тынг уарзы, уый бӕрӕг уыд, зӕххыл алы бон дӕр куыд цард, уымӕй. Исчи-иу йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд дӕр уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Йӕ уарзондзинад ма равдыста, адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕй. Уый уыд уӕлдай ахсджиаг (Лук. 4:43, 44). Йесо Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзы, уый ма равдыста, барвӕндонӕй кӕй сразы, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдджын адӕм амардтаиккой, ӕмӕ амард хъизӕмайраг мардӕй. Уый фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

9. Нӕ бон куыд у Йесойау уарзондзинад ӕвдисын?

9 Нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йын нӕхи снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Ӕмӕ уыцы уарзондзинад мах дӕр Йесойау хъуамӕ ӕвдисӕм, адӕммӕ цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй. Апостол Иоанн ныффыста: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:20). Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Адӕмы тынг уарзын? Тӕригъӕдгӕнаг дӕн? Исчи мын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын? Адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнын? Кӕд, цы аразын, уымӕн бирӕтӕ нӕ аргъ кӕнынц кӕнӕ мӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц, уӕддӕр мӕ фӕнды дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын? Мӕ бон у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнын?» (Еф. 5:15, 16).

10. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йесо фарнуарзаг адӕймаг кӕй уыд, уый?

10 Йесо уыди фарнуарзаг адӕймаг. Уый-иу ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй никӕмӕн фыста. Фӕлӕ фарнуарзаг кӕй уыд, уый ӕрмӕст уымӕй нӕ уыд бӕрӕг. Зӕгъӕм, дзырдта, адӕймаг-иу йе ’фсымӕримӕ кӕй хъуамӕ бафидауа, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд уа (Матф. 5:9, 23, 24). Кӕнӕ-иу апостолтӕ куы быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл, уӕд-иу сын баххуыс кодта, цӕмӕй-иу бафидыдтаиккой (Лук. 9:46–48; 22:24–27).

11. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ фарнуарзаг адӕймӕгтӕ схонӕн уа?

11 Цӕмӕй нӕ фарнуарзаг адӕймӕгтӕ схонӕн уа, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ макӕимӕ хыл кӕнӕм. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу фыццаг къахдзӕф хъуамӕ мах саразӕм. Стӕй иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу бафидауой (Фил. 4:2, 3; Иак. 3:17, 18). Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Ӕнцон мын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр фӕархайын, цӕмӕй-иу хоимӕ кӕнӕ ’фсымӕримӕ бафидауӕм? Исчи мӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ӕм мӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссын? Фыццаг къахдзӕф саразын, цӕмӕй бафидауӕм, ӕви иннӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсын, зӕгъгӕ, аххосджын уый у, ӕмӕ хъуамӕ хатыр уый ракура? Куы йӕ базонын, чидӕр кӕмӕдӕр кӕй фӕхӕрам, уӕд сын феххуыс кӕнын, цӕмӕй бафидауой, кӕд уавӕр амоны, уӕд?»

12. Йесо куыд ӕвдыста, хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый?

12 Йесо уыд хӕларзӕрдӕ адӕймаг (Матф. 11:28–30). Уый бӕрӕг уыди, цыфӕнды уавӕры дӕр фӕлмӕн кӕй уыд ӕмӕ-иу йӕхи ныхасыл кӕй нӕ ныллӕууыд, уымӕй. Зӕгъӕм, финикийаг сылгоймаг ын куы ныллӕгъстӕ кодта, мӕ сывӕллоны мын сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ, уӕд фыццаг не сразы. Фӕлӕ стӕй куы федта, цы фидар уырнындзинад ын ис, уӕд ын йӕ сывӕллоны сдзӕбӕх кодта (Матф. 15:22–28). Фӕлӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр нӕ уыд. Кӕй уарзта, уыдонӕн-иу хатт фидарӕй загъта, цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ-иу уымӕй дӕр равдыста хӕларзӕрдӕдзинад. Зӕгъӕм, иухатт Петрӕн иннӕ ахуыргӕнинӕгты раз бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ Петр раст нӕ хъуыды кодта. Йесо уымӕ куы байхъуыстаид, уӕд Йегъовӕйы фӕндон дӕр нӕ сӕххӕст кодтаид (Мар. 8:32, 33). Йесо Петрӕн уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, цӕмӕй йӕ иннӕты цӕсты бафтыдтаид. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй Петр дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бамбӕрстаиккой, сӕхи зондӕй ныфсджын кӕй хъуамӕ ма уой. Петр, ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы, фӕлӕ йын Йесойы зондамынд фӕпайда.

13. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ хӕларзӕрдӕ адӕймӕгтӕ схонӕн уа?

13 Кӕй уарзӕм, уыдонӕн хатт фӕхъӕуы цыдӕр ӕргом зӕгъын, ӕмӕ уый у ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад. Фӕлӕ-иу хъуамӕ Йесойы бафӕзмӕм – нӕ уынаффӕтӕн сӕ бындур хъуамӕ уой Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕ. Искӕмӕн уынаффӕ куы дӕттай, уӕд-иу йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй. Ма дызӕрдыг кӕн, уый дӕр кӕй фӕнды, раст цы у, уый аразын. Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ дӕу дӕр чи уарзы, уыцы адӕймаг саргъ кӕндзӕн, кӕй йыл тыхсыс, уымӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Куы фӕуынын, кӕй уарзын, уыцы адӕймаг кӕй рӕдийы, уӕд мӕ ныфс бахӕссын, цӕмӕй йын уый тыххӕй зӕгъон? Искӕмӕн уынаффӕ раттын куы бахъӕуы, уӕд йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнын ӕви тызмӕгӕй? Цӕмӕн мӕ фӕфӕнды адӕймагӕн уынаффӕ раттын? Мӕсты йӕм кӕй дӕн, уый тыххӕй, ӕви йыл кӕй мӕт кӕнын, уый тыххӕй?»

14. Йесойы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, хорздзинад цы у, уый бамбарынӕн?

14 Йесо ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕны, хорз цы у, уый, фӕлӕ ма хорздзинад аразгӕ дӕр кӕны. Йесо йӕ Фыды тынг уарзы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕаразы, раст цы у, уый, ӕмӕ йӕ фӕаразы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Хорз адӕймаг алкӕддӕр фадӕттӕ фӕагуры иннӕтӕн баххуыс кӕнынӕн ӕмӕ сын хорздзинад фӕаразы. Кӕмӕндӕр баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уый кӕй фембарӕм, уый хорз у. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ-иу ын уыцы хорздзинад саразӕм, ӕмӕ йӕ саразӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Исчи зӕгъдзӕн: «Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ, раст цы у, уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ма аразай?» О, афтӕ дӕр вӕййы. Йесо дзырдта, чидӕртӕ мӕгуыртӕн кӕй ӕххуыс кодтой иннӕты цӕстмӕ. Ӕмӕ кӕд мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнын хорз хъуыддаг уыд, уӕддӕр, уыдон цы арӕзтой, уый Йегъовӕйы цӕсты ницы уыд (Матф. 6:1–4).

15. Хорз адӕймӕгтӕ нӕ схонӕн кӕд уыдзӕн?

15 Хорз адӕймӕгтӕ нӕ схонӕн уыдзӕн, иннӕтӕн хорздзинад сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы аразӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Кӕмӕндӕр баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уый фембарын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын? Цӕмӕн мӕ фӕфӕнды иннӕтӕн хорздзинад аразын?»

НӔ БОН КУЫД У НӔ НОГ УДЫХЪӔДМӔ ЗИЛЫН?

16. Алы бон дӕр цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ног удыхъӕд алкӕддӕр нӕ уӕлӕ уа. Уыцы рӕсугъд «ног уӕлӕдарӕсмӕ» зилын хъӕуы. Уый нӕ бон куыд у аразын? Зӕгъӕм, хъуамӕ алы бон дӕр фадӕттӕ агурӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕвдисынӕн. Йегъовӕ ӕдзухдӕр цыдӕр аразы, ӕдзухдӕр архайгӕ кӕны. Ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр у архайгӕ тых (Райд. 1:2). Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй алкӕцы дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй. Иаков дӕр ныффыста: «Уырнындзинад... ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у» (Иак. 2:26). Ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн ис иннӕ миниуджытӕй дӕр. Уӕдӕ нӕм уыцы миниуджытӕ куы уой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ мидӕг кӕй архайы.

17. Сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ равдисын нын куы нӕ рауайа, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

17 Донаргъуыд раджы чи райста, уыцы чырыстӕттӕн дӕр алы хатт нӕ рауайы, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ равдисын. Фӕлӕ-иу хъуамӕ сӕ къухтӕ ма ’руадзой. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, тынг кӕй уарзыс, уыцы дзаума дын аскъуыди. Уӕд ӕй уайтагъд ӕппаргӕ акӕндзынӕ? Кӕд ын бахуыйӕн ис, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, бахуыйдзынӕ. Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ куы скӕнай, уӕд ӕй хъахъхъӕндзынӕ. Афтӕ у миниуджыты хабар дӕр. Кӕцыдӕр уавӕры дын куы нӕ рауайа хӕларзӕрдӕдзинад, фӕразондзинад ӕмӕ уарзондзинад равдисын, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Адӕймагӕй зӕрдӕбынӕй хатыр куы ракурай, уӕд уӕ хӕлардзинад «бампъуздзынӕ». Ӕмӕ-иу дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй дӕ удыхъӕды уыцы миниуджытӕ фидар кӕнай.

18. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Куыд хорз у, Йесойы цӕвиттон нын кӕй ис! Уый куыд хъуыды кӕны, мах дӕр афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, уый куыд цард, афтӕ цӕрын. Ӕмӕ нын уый фӕрцы та хуыздӕр уайдзӕн нӕ удыхъӕд ногмӕ ивын. Ацы статьяйы ӕрмӕстдӕр цыппар миниуӕгмӕ ӕркастыстӕм. Нӕ дӕ фӕндид, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ ма ноджыдӕр цы миниуджытӕ хауы, уыдонмӕ дӕр ӕркӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, уайы дын ӕви нӕ уыцы миниуджытӕ ӕвдисын? Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». (Кӕс темӕ «Чырыстон цард», дӕлсӕргонд «Сыгъдӕг тыхы дыргъ».) Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уӕлӕ ног удыхъӕд скӕнай ӕмӕ йӕ макуы раласай!

127 ЗАРӔГ Цавӕр адӕймаг хъуамӕ уон?

^ 5 абз. Уӕлдай нӕу, куыд схъомыл стӕм, раздӕр цавӕр адӕймӕгтӕ уыдыстӕм,– алкӕй бон дӕр у йӕ удыхъӕд «ногмӕ раивын». Уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ зондахаст ивӕм ӕмӕ Йесойы фӕзмӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесойӕн цавӕр зондахаст уыд ӕмӕ куыд архайдта, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ бон Йесойы фӕзмын куыд у, ууыл.

^ 4 абз. Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты цы хорз миниуджыты кой ис, уыдонӕй уӕлдай ма нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕны ӕндӕр миниуджытӕ дӕр нӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн. Уый тыххӕй кӕс «Кӕсджыты фарстаты» 2020 азы июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».