Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд цы ис саразӕн?

Истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд цы ис саразӕн?

МӔТ ӕмӕ сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы (Ӕмб. 12:25). Искуы уыд афтӕ, ӕмӕ фырмӕтӕй дӕхицӕн бынат нал ардтай ӕмӕ хъуыды кодтай, мӕ бон нал у, зӕгъгӕ? Алчидӕр нӕ цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕны ӕмӕ фӕтыхсы. Кӕйдӕр хъӕуы рынчынмӕ кӕсын, кӕмӕндӕр чидӕр фӕзиан, чидӕртӕ та ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ ӕнӕ ницӕмӕй баззадысты. Ахӕм хабӕртты тыххӕй адӕймагмӕ тыхы мур нал баззайы кӕнӕ йӕ ныфс асӕтты. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу цӕуылдӕрты ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ-иу ма стыхсӕм? a

Ӕркӕсӕм паддзах Давиды хабармӕ. Уый бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, суанг ма-иу ын мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг уыди (1 Сам. 17:34, 35; 18:10, 11). Давидӕн-иу цы баххуыс кодта, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма стыхстаид, ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

ДАВИДӔН ЦЫ ӔХХУЫС КОДТА?

Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу Давид уыцы иу рӕстӕг алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, паддзах Саулӕй куы ӕмбӕхст, уӕд иухатт цы ’рцыд, уый. Давид ӕмӕ йӕ адӕм хӕстмӕ куы ацыдысты, уӕд сын знӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм бабырстой, сӕ исбон сын фӕхастой, сӕ хӕдзӕрттӕ сын басыгътой ӕмӕ сын сӕ бинонты уацары акодтой. Давидитӕ куы ’рбаздӕхтысты ӕмӕ уыдӕттӕ куы федтой, уӕд арвы цӕфау фесты. Библийы фыст ис: «Давид ӕмӕ йӕ адӕм ныббогъ кодтой, ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕм хъару ӕппындӕр нал баззад, уӕдмӕ». Давидӕн цыма йӕ мӕстытӕ фаг нӕ уыдысты, уыйау ма йӕ йӕ хӕстонтӕ дӕр «дуртӕй марынмӕ хъавыдысты» (1 Сам. 30:1–6). Уӕдӕ уыцы иу рӕстӕг йӕ бинонтыл дӕр мӕт кодта, тӕссаг ын уыд, йӕ хӕстонтӕ йӕ кӕй амардзысты, уымӕй дӕр ӕмӕ ма Саул дӕр йӕ фӕдыл зылди. Ахъуыды-ма кӕн, Давид цы уавӕры уыд!

Уӕд Давид куыд бакодта? Уый «йӕ Хуыцау Йегъовӕйы ныфсӕй йӕхи фӕфидар кодта». Ома цы сарӕзта? Алкӕддӕр-иу куыд кодта, афтӕ ныр дӕр Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, Йегъовӕ-иу ын раздӕр дӕр куыд баххуыс кодта, ууыл (1 Сам. 17:37; Пс. 18:2, 6). Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйы разамынд ӕй кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕ бафарста, куыд бакӕна, уымӕй. Ӕмӕ уый фӕстӕ архайдта Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Давид ӕмӕ йӕ адӕм сӕ бинонты фӕстӕмӕ ракодтой ӕмӕ сӕ фӕллой дӕр байстой (1 Сам. 30:7–9, 18, 19). Дӕ хъус ӕрдардтай, Давид цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы сарӕзта, уымӕ? Уый Йегъовӕмӕ скуывта, раздӕр дӕр-иу ын куыд баххуыс кодта, ууыл ахъуыды кодта ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайдта. Махӕн та нӕ бон куыд у Давиды бафӕзмын? Ӕркӕсӕм ацы ӕртӕ хъуыддагмӕ.

ИСТӔУЫЛ КУЫ МӔТ КӔНАЙ, УӔД-ИУ ДАВИДЫ БАФӔЗМ

1. Кув. Истӕуыл мӕт кӕнын куы райдайыс, уӕд-иу Йегъовӕмӕ скув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна ӕмӕ дын ӕмбаргӕдзинад ратта. Нӕ бон ын у, нӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр цӕуы, уый радзурын. Ӕмӕ нын уӕд, цыма не уӕхсчытӕй уӕззау уаргъ ахауд, афтӕ фенцон уыдзӕн. Уавӕр куы нӕ амона, уӕд та нӕ бон у цыбыртӕй нӕхинымӕр скувын. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд равдисӕм, мах дӕр ыл Давидау кӕй ӕууӕндӕм. Уый загъта: «Йегъовӕ у мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ фидар мӕсыг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх. Ӕз мӕхи йе уазӕг бакӕндзынӕн» (Пс. 18:2). Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Калийӕ, загъта: «Йегъовӕмӕ куы скувын, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Стӕй мын куывд ӕххуыс кӕны Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндынӕн ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнынӕн». Ӕцӕгдӕр, куывд у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Куы йӕм скувӕм, уӕд афтӕ тынг нал фӕмӕт кӕнӕм.

2. Хъуыды кӕн. Чи зоны, ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдтӕ, ӕмӕ дын Йегъовӕ куы нӕ баххуыс кодтаид, уӕд сӕ сӕрты никуы ахызтаис. Хорз уыдзӕн, уыцы хабӕрттӕ-иу куы ’рхъуыды кӕнис, стӕй-иу раджы заманты дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл дӕр-иу куы ахъуыды кӕнис. Ӕмӕ-иу уӕд дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ-иу дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, дарддӕр дӕр дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 18:17–19). Иу хистӕр нӕлгоймаг, Джошуа, загъта: «Йегъовӕ мын дзуапп цы куывдтытӕн радта, уыдон мӕм фыст сты. Уый фӕрцы нӕ рох кӕнын, Йегъовӕмӕ-иу бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй куыд куывтон ӕмӕ-иу мын дзуапп куыд радта, уый». Йегъовӕ-иу нын куыд баххуыс кодта, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд та-иу нӕ хъарутӕ бацӕудзӕн ӕмӕ къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм.

3. Архай. Зын уавӕры куыд бакӕнай, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ дӕ бон у Хуыцауы Ныхасы разамынд бацагурын. Уымӕй хуыздӕр разамынд никуы ис ссарӕн (Пс. 19:7, 11). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, нӕ публикациты кӕцыдӕр стихы фӕдыл ӕрмӕг куы бацагурынц, уӕд хуыздӕр бамбарынц, уыцы стихмӕ гӕсгӕ сӕ бон архайын куыд у, уый. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Джеред, зӕгъгӕ, загъта: «Кӕцыдӕр стихы фӕдыл нӕ публикациты ӕрмӕг кӕй бацагурын, уый фӕрцы уыцы стихы тыххӕй бирӕ ног цыдӕртӕ базонын. Стӕй ма бамбарын, Йегъовӕ мын цы зӕгъинаг у, уый. Цы бакӕсын, уый мӕ зӕрдӕйы арф ахъары ӕмӕ мын Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайын ӕнцондӕр вӕййы». Уӕдӕ Библийы Йегъовӕйы разамынд куы агурӕм ӕмӕ нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ ма тыхсӕм.

ЙЕГЪОВӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН!

Давид ӕмбӕрста, цӕмӕй цӕуылдӕрты ӕгӕр ма мӕт кӕна, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕйы ӕххуыс кӕй хъӕуы. Йегъовӕ йӕ никуы ныууагъта, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг уыди. Давид загъта: «Мӕ Хуыцауы фӕрцы мӕ бон у къулыл сбырын дӕр. Ӕцӕг Хуыцау мын мӕ астӕу ӕрбалвасы хъаруйӕ» (Пс. 18:29, 32). Чи зоны нӕм нӕ зындзинӕдтӕ бӕрзонд къулы хуызӕн фӕкӕсынц. Фӕлӕ Йегъовӕ немӕ куы уа, уӕд ахӕм зындзинӕдты сӕрты дӕр ахиздзыстӕм. Йегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй куы кувӕм, куыд-иу нын баххуыс кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг ратдзӕн тыхтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, цӕмӕй-иу цӕуылдӕрты ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ ма тыхсӕм!

a Иуӕй-иу хатт адӕймагмӕ вӕййы ахӕм низ, ӕмӕ цӕуылдӕр ӕгӕр фӕтыхсы кӕнӕ цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы. Ӕмӕ йӕ, гӕнӕн ис, бахъӕуа дохтырты ӕххуыс дӕр.