Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Тухст сагъӕсти нихмӕ дӕ бон ци ӕй кӕнун?

Тухст сагъӕсти нихмӕ дӕ бон ци ӕй кӕнун?

АРӔХ тухститӕ уӕззау уаргъи хузӕн исунцӕ (Ӕмб. 12:25). Адӕймаг фур берӕ мӕтӕ ӕма фур берӕ сагъӕстӕй гъе уотӕ бауй, ӕма фӕззӕгъуй: «Минкъий ма мӕ гъӕуй, удта ести кӕндзӕн». Беретӕ уой сӕхецӕй зонунцӕ. Кедӕр гъӕуй сӕйгӕмӕ кӕсун, кӕмӕндӕр ӕ хеуон рамардӕй, кадӕр ба ӕрдзон бӕллӕхи бахаудтӕй. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, адӕймаг кӕмӕй бафӕллайуй, кӕмӕй истухсуй ӕма ма имӕ депресси дӕр ке туххӕй райдайуй, уӕхӕн гъуддӕгтӕ берӕ фӕуунцӕ. Мадта нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уӕхӕн цӕйдӕрти туххӕй нӕ къохтӕ ма ӕруадзӕн? a

Устур ӕнхус нин уодзӕй паддзах Давиди хабар. Е дӕр ӕ царди берӕ зиндзийнӕдтӕ ӕма мӕститӕ бавзурста. Еуӕй-еухатт ба ма ӕ цардӕн дӕр тӕссаг фӕууидӕ (1 Сам. 17:34, 35; 18:10, 11). Цума уомӕн ба ци ӕнхус кодта ӕма ӕ царди хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

ДАВИДӔН ЦИ ӔНХУС КОДТА?

Хатгай Давидбӕл зиндзийнӕдтӕ еци еу рӕстӕг никкӕлиуонцӕ. Зӕгъӕн, паддзах Саул ӕ фӕдбӕл зилдӕй ӕма ’й марунмӕ гъавта. Уомӕй уӕлдай ма Давид е ’фсӕддонти хӕццӕ хӕдзарӕмӕ ку ӕрӕздахтӕй, уӕд ӕй фӕууидтонцӕ, амаликӕгтӕ син сӕ есбон ке фӕххастонцӕ, сӕ хӕдзӕрттӕ син ке басугътонцӕ, сӕ бийнонти ба син уацари ке фӕккодтонцӕ. Давид ӕма ӕ адӕнӕн е гъе уотӕ зин адтӕй ӕма «богъ-богъӕй кудтӕнцӕ, цалинмӕ сӕмӕ хъауритӕ ӕппундӕр нӕбал байзадӕй, уӕдмӕ». Фал уобӕл ӕ зиндзийнӕдтӕ нӕ фӕцӕнцӕ. Ӕ еузӕрдон ӕфсӕддонтӕ ӕ нихмӕ исистадӕнцӕ ӕма ’й дортӕй марунмӕ гъавтонцӕ (1 Сам. 30:1–6). Мадта еци еу рӕстӕг Давидбӕл ци не ’рцудӕй, уӕхӕн нӕбал байзадӕй: ӕ бийнонтӕ тӕссаг уавӕри, е ’мбӕлттӕ ӕ нихмӕ исистадӕнцӕ, паддзах Саул ба ӕ фӕдбӕл зелуй. Зӕгъӕн дӕр ин нӕййес, еци рӕстӕг Давид куд маст кодтайдӕ!

Цума Давид куд архайдта? «Ӕ Хуцау Йегови нифсӕй ӕхе фӕффедар кодта». Кутемӕй? Куд алли хатт, уотӕ нур дӕр Йеговӕмӕ искувта ӕма си ӕнхус ракурдта. Уомӕй уӕлдай ма Давид алкӕддӕр ӕ зӕрдӕбӕл фӕддаридӕ, Йеговӕ ин раздӕр куд ӕнхус кодта, уой (1 Сам. 17:37; Пс. 18:2, 6). Удта ма Давид лӕдӕрдтӕй, Хуцауӕй разамунд агорун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Уомӕ гӕсгӕ Йегови бафарста, куд ин кӕнгӕ ӕй, уобӕл. Йеговӕ ин разамунд равардта ӕма Давид дӕр еци фӕдбӕл ӕ разамундмӕ гӕсгӕ архайун райдӕдта. Гъема Йеговӕ Давидӕн ӕма ӕ адӕнӕн банхус кодта сӕ есбон ӕма сӕ бийнонти фӕстӕмӕ раздахун (1 Сам. 30:7–9, 18, 19). Дӕ гъос ӕрдардтай, Давид цӕхуӕн ӕртӕ къахдзӕфи искодта, уомӕ? Йеговӕмӕ ракувта, раздӕр ин куд ӕнхус кодта, уой ӕ зӕрдӕбӕл дардта ӕма ин ӕ разамундмӕ гӕсгӕ архайдта. Мах бон ба куд ӕй Давиди фӕнзун? Гъӕйдӕ аци ӕртӕ фӕззелӕнемӕ лӕмбунӕгдӕр ӕркӕсӕн.

ПАДДЗАХ ДАВИДИ ФӔНЗЕТӔ

1. Йеговӕмӕ ковӕ. Естӕбӕл тухсун ку райдайис, уӕд Йеговӕмӕ раковисӕ ӕма си зунд, удта ӕнхус ракорисӕ. Цидӕриддӕр дӕ тухсун кӕнуй, уой ин листӕг хабӕртти уӕнгӕ радзорӕ, ӕма дин уӕд дзӕвгарӕ ӕнцондӕр фӕууодзӕй. Бӕстон раковунмӕ дин рӕстӕг ку нӕ уа, уӕддӕр имӕ цубуртӕй ба раковӕ. Давид уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Йеговӕ ӕй мӕ къӕдзӕх, мӕ федар мӕсуг ӕма мӕ Ервӕзунгӕнӕг. Мӕ Хуцау ӕй мӕ къӕдзӕх. Ӕз мӕхе е ’уазӕг бакӕндзӕн» (Пс. 18:2). Йеговӕмӕ ке фӕкковӕн, уомӕй бавдесӕн, нӕ зӕрдӕ ибӕл ӕгасӕйдӕр ке дарӕн. Цума кувдӕн цӕхуӕн хъаурӕ ес? Еу пионер хуӕрӕ Кали зӕгъуй: «Йеговӕмӕ ку раковун, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабур уй. Кувди фӕрци мӕ бон ӕй, Йеговӕ куд сагъӕс кӕнуй, уотӕ сагъӕс кӕнун ӕма ибӕл мӕ зӕрдӕ дарун». Мадта нин кувд устур лӕвар ӕй Йеговӕй. Е нин ӕнхус кӕнуй нӕ тухст сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун.

2. Йеговӕ дин раздӕр куд ӕнхус кодта, уой дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ. Дӕ цардмӕ фӕстӕмӕ ракӕсгӕй дӕ бон ӕй ӕргъуди кӕнун, Йеговӕ дин цӕхуӕн уавӕрти банхус кодта, уой? Йеговӕ махӕн, удта рагидзаманти ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд ӕнхус кодта, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ уодзӕй сабур ӕма ибӕл никки хъӕбӕрдӕр ӕууӕнддзиан (Пс. 18:17–19). Еу хестӕр нӕлгоймаг Джошуа зӕгъуй: «Йеговӕ мин мӕ кувдӕн ку исдзуапп кӕнуй, уӕд ӕй мӕхемӕ рафинсун. Е мин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ӕй ма иронх кӕнон, Йеговӕ мин мӕ комкоммӕ кувдӕн комкоммӕ дзуапп куд равардта, уой». Йеговӕ нин раздӕр куд ӕнхус кодта, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕмӕ нӕуӕг хъауритӕ фӕззиннуй, цӕмӕй тухст сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнӕн.

3. Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайӕ. Тухст уавӕри ку уай ӕма дӕ унаффӕ рахӕссун ку гъӕуа, уӕд бал хуарз уайдӕ Хуцауи Дзурдмӕ ӕркӕсун (Пс. 19:7, 11). Ци унаффитӕ си ес, уонӕбӕл нӕ бон ӕй нӕ зӕрдӕ дарун. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ куд зӕгъунцӕ, уотемӕй, цӕмӕй Библийӕй кӕцидӕр стихӕй куд испайда кӕнӕн ес, уой балӕдӕрай, уой туххӕй бал ӕй гъӕуй рартасун. Еу хестӕр нӕлгоймаг Джаред зӕгъуй: «Библийӕй кӕцидӕр стих ку рартасун, уӕд ин ӕ гъуди ирддӕрӕй фӕууинун ӕма ’й балӕдӕрун, Йеговӕ мин ци зӕгъуйнаг адтӕй, уой. Ци базонун, е мӕ зӕрдӕбӕл бамбӕлуй ӕма мин ӕнцондӕр фӕууй Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайун». Библий разамунд ку агорӕн ӕма еци разамундмӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд тухст уавӕри дӕр нӕ бон уодзӕй нӕ цийнӕ ӕма нӕ фарнӕ багъӕуай кӕнун.

ЙЕГОВӔ ДИН ӔНХУС КӔНДЗӔЙ

Давид ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, цӕмӕй тухст сагъӕсти хӕццӕ тох кӕнун ӕ бон уа, уой туххӕй ӕй Хуцауи ӕнхус ке гъӕуй. Йеговӕ ин ке ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй си хъӕбӕр боз адтӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕ Хуцауи фӕрци мӕ бон ӕй фӕрстӕбӕл исбурун дӕр... Ӕцӕг Хуцау мин мӕ астӕу ӕрбалвасуй хъаурӕй» (Пс. 18:29, 32). Еуӕй-еухатт зиндзийнӕдтӕ нӕ рази бӕрзонд фӕрсти хузӕн фӕуунцӕ. Фал Йеговӕ нӕ хӕццӕ ку уа, уӕд цийфӕнди фӕрсти сӕрти дӕр рахездзиан. Гъӕйдӕ мадта Йеговӕмӕ ковӕн ӕма си ӕнхус корӕн, раздӕр нин куд ӕнхус кодта, уой нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн ӕма ин ӕ разамундмӕ гӕсгӕ архайӕн. Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ дӕтдзӕй хъауритӕ ӕма зунд, цӕмӕй цийфӕнди тухститӕн дӕр исфӕразӕн!

a Нервити незӕй ка фӕссӕйуй, уони арӕхдӕр фӕгъгъӕуй дохтирти ӕнхус.