Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хотӕ, Евникӕйы бафӕзмут

Хотӕ, Евникӕйы бафӕзмут

«Дӕ мад [дын] цы закъон амоны, уый ма рох кӕн... [йӕ] ныхӕстӕ сты рӕсугъд кадыхуд дӕ сӕрӕн ӕмӕ рӕсугъд рӕхыс дӕ хъуырӕн» (ӔМБ. 1:8, 9).

137 ЗАРӔГ Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

Тимофейы мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ кӕсынц, Тимофей донаргъуыд куыд исы, уымӕ. Сӕ хъӕбулӕй сты буц, ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс сты (кӕс 1 абзац)

1, 2. а) Евникӕ чи уыди ӕмӕ йӕ лӕппуйы хъомыл кӕнгӕйӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд? б) Радзур, ӕддаг цъарыл цы ныв ис, ууыл цы ис ӕвдыст.

 ТИМОФЕЙЫ донаргъуыды тыххӕй Библийы нӕй фыст. Фӕлӕ донаргъуыд куы иста, уыцы бон, ӕвӕццӕгӕн, Евникӕйӕ амондджындӕр нӕ уыд (Ӕмб. 23:25). Уыцы хабӕрттӕ-ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Евникӕ йӕ мидбылты худгӕ кӕсы, Тимофей донмӕ куыд ныххызт, уымӕ. Евникӕйӕн йӕ фарсмӕ лӕууы йӕ мад Лоидӕ. Тимофейӕн донаргъуыд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕр ӕй доны бын куы фӕкодта ӕмӕ йӕ куы систа, уӕд Евникӕ йӕхи нал баурӕдта, ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ ӕргӕр-гӕр кодтой. Йӕ хъӕбулӕй тынг буц у! Тимофейӕн дӕр фырцинӕй йӕ цӕсгом ныррухс! Евникӕ Тимофейӕн баххуыс кодта Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы бауарзынӕн, кӕд ын уый ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр. Цымӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд?

2 Тимофейӕн йӕ бинонтӕ иу диныл хӕст нӕ уыдысты. Йӕ фыд уыди грекъаг, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад та уыдысты дзуттӕгтӕ (Хъуыд. 16:1). Евникӕ ӕмӕ Лоидӕ чырыстӕттӕ куы систы, уӕд Тимофей, ӕвӕццӕгӕн, рӕзгӕ кары уыд. Гыццыл сывӕллон нал уыд, ӕмӕ уымӕн дӕр йӕхи бон уыд уынаффӕ рахӕссын. Ӕмӕ цымӕ куыд бакӕндзӕн? Йе ’нӕуырнӕг фыд цы ӕгъдӕуттыл хӕст у, уыдон равзардзӕн? Кӕнӕ дарддӕр дӕр, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ кӕуыл ахуыр кодтой, уыцы дзуттаг ӕгъдӕуттыл уыдзӕн хӕст? Ӕви уый дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суыдзӕн?

3. Ӕмбисӕндтӕ 1:8, 9 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ сывӕллӕтты рӕстдзинады фӕндагыл чи ӕвӕры, уыцы хоты фыдӕбонмӕ?

3 Абон дӕр нӕ хотӕ уарзынц сӕ бинонты ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:8, 9.) Йегъовӕ бирӕ хотӕн баххуыс кодта сӕ сывӕллӕтты рӕстдзинады фӕндагыл сӕвӕрынӕн.

4. Нӕ хотӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

4 Нӕ хотӕ фӕмӕт кӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕ Тимофейау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты ӕви нӕ. Ӕмӕ сӕ бамбарӕн дӕр ис. Ныййарджытӕ зонынц, Хӕйрӕджы дунейы сӕ сывӕллӕттӕ бирӕ фӕлварӕнтыл кӕй сӕмбӕлынц (1 Пет. 5:8). Бирӕ хотӕн ма сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын зын уымӕн дӕр вӕййы, ӕмӕ сӕ иунӕгӕй фӕхъомыл кӕнынц кӕнӕ та сӕ сӕрыхицӕуттӕ Йегъовӕйӕн нӕ фӕлӕггад кӕнынц. Хо Кристинӕ b загъта: «Мӕ сӕрыхицау уыд хорз фыд, хорз бинонты хистӕр. Фӕлӕ мӕ ныхмӕ тынг цыди, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суыдаиккой. Ӕз бирӕ цӕссыг фӕкалдтон. Хъуыды-иу кодтон, цымӕ мӕ сывӕллӕттӕ искуы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, зӕгъгӕ».

5. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

5 Хотӕ, сымах дӕр Евникӕйау уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой. Ацы статьяйӕ базондзыстут, уӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты, цы дзурут ӕмӕ цы аразут, уый фӕрцы ахуыр кӕнын. Стӕй ма базондзыстут, Йегъовӕ уын куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый дӕр.

ДӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔН, ЦЫ ДЗУРЫС, УЫЙ ФӔРЦЫ

6. 2 Тимофеймӕ 3:14, 15 стихтӕм гӕсгӕ, Тимофей чырыстон цӕй фӕрцы сси?

6 Тимофей гыццыл куы уыди, уӕд ын йӕ мад «сыгъдӕг Фыстытӕ» амыдта. Уыцы рӕстӕг Евникӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй ницыма зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд Тимофейӕн алцы бацамонын. Фӕлӕ Тимофей Фыстадӕй цы базыдта, уый дӕр фаг уыд, цӕмӕй чырыстон суыдаид. Суыдзӕн ӕви нӕ, уый та йӕхицӕй кӕнгӕ уыд. Ӕмӕ Тимофей рахаста раст уынаффӕ. Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у: Тимофей Йесо Чырыстийыл баууӕндыд, йӕ мад дӕр ын кӕй ӕххуыс кодта, уый фӕрцы. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:14, 15.) Евникӕ тынг цин кодта, йӕ хъӕбулӕн кӕй баххуыс кодта Йегъовӕйы базонынӕн, кӕд уый ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр. Ном «Евникӕ» цы дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «уӕлахиз кӕнын». Ӕмӕ Евникӕ ӕцӕгдӕр уӕлахиз кодта, Тимофейы ахуыр кӕнгӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдоныл.

7. Евникӕйӕн йӕ бон куыд уыди Тимофейӕн донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕххуыс кӕнын?

7 Тимофей донаргъуыд кӕй райста, уый тынг ахсджиаг къахдзӕф уыд. Фӕлӕ Евникӕ уӕддӕр цӕуылдӕрты мӕт кодта. Йӕ лӕппу дарддӕр куыд цӕрдзӕн? Ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ нӕ балымӕн уыдзӕн? Нӕ йӕ бафӕнддзӕн Афинты скъолайы ахуыр кӕнын ӕмӕ уым философты мӕнг ахуырӕдтыл нӕ баууӕнддзӕн? Йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ тыхтӕ ууыл нӕ хардз кӕндзӕн, цӕмӕй схъӕздыг уа? Евникӕйӕн йӕ бон нӕ уыди Тимофейы бӕсты уынаффӕтӕ хӕссын, фӕлӕ йын йӕ бон уыд баххуыс кӕнын. Куыд? Йӕ бон уыд дарддӕр дӕр Тимофейӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтаид ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо хорзӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг уыдаид. Нӕ рӕстӕджы дӕр, йӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уыдон сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ ныййарджытӕ дыууӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд дӕр сын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы сӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрын. Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Евникӕйы бафӕзмын?

8. Хотӕн сӕ бон куыд у сӕ чырыстон лӕгтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты уырнындзинад фидар кӕной?

8 Уӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнут. Кӕд дӕ сӕрыхицау чырыстон у, уӕд Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын ӕххуыс кӕнай уӕ сывӕллӕтты уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Зӕгъӕм, ӕххуыс ын кӕн, цӕмӕй алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадза. Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уӕд, бинонты ахуырӕн кӕй аргъ кӕныс. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй бинонты ахуыр уе ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр цӕуа. Ахъуыды-иу кӕн, хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнын, ӕмӕ-иу дӕ лӕгӕн дӕ хъуыды зӕгъ. Сывӕллоны кармӕ гӕсгӕ уӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ йемӕ хуыздӕр уыдзӕн хицӕнӕй Библи ахуыр кӕнын, уӕд йемӕ ахуыр кӕнӕн ис, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» чи хуыйны, уыцы чиныджы фӕрцы. Ӕмӕ дӕ бон у уыцы хъуыддаджы дӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕнын.

9. Хойӕн йӕ лӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы нӕ уа, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕна?

9 Йӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй чи хъомыл кӕны кӕнӕ йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, уыцы хоты сӕхи фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд тыхсгӕ мацӕуыл кӕн. Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты дӕтты тынг бирӕ ӕрмӕг. Ӕмӕ уыцы ӕрмӕджы фӕрцы дӕ бон у дӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕнын. Дӕ бон ма у базонын, фӕлтӕрдджын ныййарджытӕ уыцы ӕрмӕджы фӕрцы сӕ бинонты ахуыр куыд ауадзынц, уый (Ӕмб. 11:14) c. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу бамбарай, хуыздӕр куыд у дӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ-иу базонай, сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ зонды цы ис, уый (Ӕмб. 20:5). Дӕ сывӕллоны ӕнӕуи куы афӕрсай, скъолайы дын ӕппӕты зындӕр цы у, зӕгъгӕ, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, бирӕ цыдӕртӕ базонай.

10. Дӕ бон ма куыд у дӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын?

10 Фадӕттӕ агур, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурай. Дӕ сывӕллӕттӕн-иу дзур, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй (Дык. з. 6:6, 7; Ис. 63:7). Уый уӕлдай ахсджиаг уыдзӕн, дӕ сывӕллӕттимӕ Библи хӕдзары ахуыр кӕнын дын алы хатт куы нӕ уайа, уӕд. Кристинӕ загъта: «Бирӕ фадӕттӕ мын нӕ уыди, цӕмӕй-иу хӕдзары мӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаин. Ӕмӕ-иу ӕндӕр уавӕртӕй пайда кодтон. Ацыдыстӕм-иу тезгъо кӕнынмӕ кӕнӕ-иу лодкӕйы аленк кодтам ӕмӕ-иу ныхӕстӕ кодтам. Дзырдтон-иу сын Йегъовӕйы хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй. Куы фестырдӕр сты, уӕд та сын дзырдтон, цӕмӕй Библи сӕхӕдӕг ахуыр кодтаиккой». Дӕ бон ма цы у аразын? Дӕ сывӕллӕттӕн дзур, Йегъовӕйы организаци, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хорзӕй цы аразынц, уыдӕтты тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтыл-иу фаутӕ ма ӕвӕр, науӕд сыл уӕ сывӕллӕттӕ не ’ууӕнддзысты ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ ӕххуыс нӕ бацагурдзысты.

11. Иаковы 3:18 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъуамӕ архайай, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа?

11 Архай, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа. Дӕ сӕрыхицауӕн ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн арӕх дзур, кӕй сӕ уарзыс, уый. Дӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уӕд, дӕ сӕрыхицауы кӕй нымайыс. Стӕй сывӕллӕтты дӕр ахуыр кӕн, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр нымайой. Афтӕ куы кӕнай, уӕд уӕ хӕдзары уыдзӕн фарн. Ӕмӕ дӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы дзурай, уый сӕ зӕрдӕтӕм тынгдӕр хъардзӕн. (Бакӕс Иаковы 3:18.) Йожеф лӕггад кӕны Румынийы сӕрмагонд пионерӕй. Гыццыл куы уыд, уӕд сӕ сӕ фыд тынг хъыгдардта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын – йӕ усы дӕр ӕмӕ сывӕллӕтты дӕр. Йожеф загъта: «Мӕ мад тынг архайдта, цӕмӕй нӕ хӕдзары хылтӕ, хъӕр-хъӕлӕба ма уыдаид. Мӕ фыд цас тызмӕгдӕр ныхас кодта, уыйас мӕ мад та фӕлмӕндӕр ныхас кодта. Ӕнцон-иу нын куы нӕ уыд нӕ фыды нымайын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын, уӕд-иу ӕй мамӕ бамбӕрста. Ӕмӕ-иу уӕд немӕ аныхас кодта, Ефесӕгтӕм 6:1–3 стихты цы фыст ис, ууыл. Уый фӕстӕ та-иу немӕ дзырдта, папӕмӕ цы хорз миниуджытӕ уыд, уыдоныл. Ӕмӕ-иу нын бамбарын кодта, цӕмӕн ын хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый. Афтӕмӕй нӕ бирӕ мӕстытӕй бахызта».

ДӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ АХУЫР КӔН, ЦЫ АРАЗЫС, УЫЙ ФӔРЦЫ

12. 2 Тимофеймӕ 1:5 стихмӕ гӕсгӕ, Евникӕйы уырнындзинад Тимофейыл куыд фӕзынд?

12 Бакӕс 2 Тимофеймӕ 1:5. Евникӕ Тимофейӕн уыд фӕзминаг. Ӕвӕццӕгӕн ын ӕмбарын кодта, ӕцӕг уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй вӕййы бӕрӕг (Иак. 2:26). Тимофей уыдта, йӕ мад Йегъовӕйы тынг кӕй уарзта, стӕй йын кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы амондджын кӕй уыд. Ӕмӕ апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй Тимофейӕн дӕр уыди йӕ мады уырнындзинады хуызӕн фидар уырнындзинад. Уый йӕхи ӕгъдауӕй нӕ рауад. Йӕ мадмӕ кӕсгӕйӕ уый дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Абон дӕр бирӕ хотӕ «ӕнӕ ныхӕстӕй» сӕ бинонтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суыдаиккой (1 Пет. 3:1, 2). Дӕуӕн дӕр дӕ бон куыд у дӕ бинонтӕн афтӕ баххуыс кӕнын?

13. Мадӕн, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уый ӕппӕты сӕйраг цӕмӕн хъуамӕ уа?

13 Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, уый дын уӕд ӕппӕты сӕйраг (Дык. з. 6:5, 6). Мад йӕ сывӕллӕтты тыххӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕны. Хъӕуы сӕм кӕсын, арӕх ӕй бахъӕуы кусын, цӕмӕй сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ дӕр арвиты. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр уый дӕхицӕй зоныс. Фӕлӕ афтӕ ӕнӕвдӕлон хъуамӕ макуы уай, ӕмӕ дын Йегъовӕйӕн рӕстӕг мауал уа. Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ скувай, Библи иртасай ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр фӕзминаг уыдзынӕ.

14, 15. Лианӕ, Марийӕ ӕмӕ Жоау цы радзырдтой, уымӕй дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

14 Йӕ мады фӕрцы Йегъовӕйы чи бауарзта ӕмӕ йыл йӕ ныфс дарын чи сахуыр, уыцы ӕрыгӕттӕ та цы дзурынц? Кристинӕйы чызг Лианӕ зӕгъы: «Мамӕ немӕ нӕ фыды сусӕгӕй ахуыр кодта. Фӕлӕ ӕмбырд ницы хуызы фӕцух кодтаид. Ӕмӕ кӕд Библийӕ бирӕ нӕ зыдтам, уӕддӕр, мамӕ куыд архайдта, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад сфидар. Уӕд ӕмбырдтӕм нӕма цыдыстӕм, фӕлӕ йӕ зыдтам, уый рӕстдзинад кӕй у».

15 Марийӕйы фыд-иу хатт йӕ бинонты тынг бафхӕрдта, ӕмбырдмӕ-иу кӕй ацыдысты, уый тыххӕй. Марийӕ загъта: «Мӕ мад тынг хъӕбатыр хо у! Гыццылӕй-иу алкӕд, раст цы у, уый нӕ арӕзтон, уымӕн ӕмӕ тарстӕн, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдтон, мӕ мад куыд хъӕбатыр у ӕмӕ йын царды Йегъовӕ фыццаг бынаты кӕй ис. Ӕмӕ мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй адӕмӕй мауал тарстаин». Жоауйы фыд сӕ хӕдзары Хуыцауы кой кӕнын ӕппындӕр нӕ уагъта. Жоау загъта: «Мӕ фыды тыххӕй мӕ мад алцӕуыл дӕр разы уыд, иу хъуыддагӕй фӕстӕмӕ. Царды ӕппӕтӕй фылдӕр уарзта Йегъовӕйы, ӕмӕ, уымӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый никуы бакодтаид. Ӕмӕ мын ӕппӕты тынгдӕр уый бацагайдта мӕ зӕрдӕ».

16. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы хотӕ иннӕтӕн ныфсы хос куыд сты?

16 Нӕ зынаргъ хотӕ, сымах фӕзминаг ӕрмӕст уӕ сывӕллӕттӕн не стут, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Евникӕйы уырнындзинад Павелы куыд бафидар кодта, ууыл. Павел ныффыста, Тимофеймӕ цы ӕнӕхин уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад фыццаг кӕй уыд йӕ мад Евникӕмӕ (2 Тим. 1:5). Павел йӕ фыццаг уацамындон балцы рӕстӕг Листрӕйы куы уыд, ӕвӕццӕгӕн, уӕд базонгӕ Лоидӕ ӕмӕ Евникӕимӕ. Ӕмӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, Павел баххуыс кодта, цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой (Хъуыд. 14:4–18). Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн: 15 азы фӕстӕ йӕ фыстӕджы Тимофеймӕ ракодта Евникӕйы иузӕрдиондзинады кой! Куыд зыны, афтӕмӕй йӕ цӕвиттон Павелы тынг бафидар кодта. Ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг чырыстӕттӕй бирӕтӕн фӕци ныфсы хос. Кӕд дӕ сывӕллӕтты иунӕгӕй хъомыл кӕныс кӕнӕ дӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕд ӕй зон: дӕ иузӕрдиондзинад иннӕтӕн у стыр ныфсы хос!

Цӕмӕй дӕ сывӕллонӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Ӕмӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд! (кӕс 17 абзац)

17. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у ӕмӕ дӕ сывӕллоны нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон цы у аразын?

17 Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у ӕмӕ дӕ сывӕллоны нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: цӕмӕй сывӕллоны цӕуылдӕр сахуыр кӕнай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Абзацмӕ цы ныв ис, уымӕ-ма ӕркӕсӕм. Адӕймаг исты куы ныссадзы, уӕд иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕны, цымӕ сзайдзӕн ӕмӕ йыл дыргътӕ уыдзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд уый нӕ фӕзоны, уӕддӕр ыл дон фӕкӕны, цӕмӕй хуыздӕр рӕза (Мар. 4:26–29). Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс, дӕ сывӕллӕтты цӕуыл ахуыр кӕныс, уый сӕ зӕрдӕмӕ хъары ӕви нӕ. Раст уынаффӕтӕ рахӕсдзысты ӕви нӕ, ууыл дӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дарддӕр дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы архайай, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕнай, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой (Ӕмб. 22:6).

ДӔ НЫФС ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР

18. Йегъовӕ дын дӕ сывӕллонӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суа?

18 Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ тынг бирӕ ӕрыгӕттӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суыдаиккой (Пс. 22:9, 10). Ӕмӕ дӕ сывӕллонӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, кӕд йӕхи фӕнда, уӕд (1 Кор. 3:6, 7). Кӕд дӕ сывӕллон Йегъовӕйӕ адард, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уарзы ӕмӕ йӕм дарддӕр йӕ хъус дардзӕн (Пс. 11:4). Гыццыл истӕмӕй дӕр куы равдиса, кӕй йӕ фӕнды «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын», уӕд ын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлар суа (Хъуыд. 13:48; 2 Аз. 16:9). Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕ сывӕллонӕн йӕ афоныл хъӕугӕ ныхӕстӕ зӕгъай (Ӕмб. 15:23). Кӕнӕ, гӕнӕн ис, уе ’мбырды искӕцы хӕларзӕрдӕ хо кӕнӕ ӕфсымӕры баразӕнгард кӕна, цӕмӕй-иу дӕ сывӕллоныл баузӕла ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна. Ӕмӕ куы сыстыр уа, уӕд дӕр-иу ын Йегъовӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, гыццылӕй йын цы амыдтай, уыдӕттӕ (Иоан. 14:26). Цы дзурыс ӕмӕ цы аразыс, уый фӕрцы дарддӕр дӕр дӕ сывӕллоны куы ахуыр кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн.

19. Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнай?

19 Йегъовӕ дӕ уарздзӕн ӕви нӕ, уый, дӕ сывӕллон цы уынаффӕтӕ хӕсдзӕн, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Йегъовӕ дӕ уарзы, уымӕн ӕмӕ йӕ ды уарзыс. Кӕд дӕ сывӕллоны иунӕгӕй хъомыл кӕныс, уӕд дын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, дӕ хъӕбулӕн кӕй уыдзӕн йӕ Фыд, дӕуӕн та – де ’ххуысгӕнӕг (Пс. 68:5). Дӕ сывӕллон раст уынаффӕ рахӕсдзӕн ӕви нӕ, ууыл дӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дарддӕр дӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар ӕмӕ, дӕуӕй кӕнгӕ цы у, уый кӕн, ӕмӕ дӕ уӕд Йегъовӕ райгонд уыдзӕн.

134 ЗАРӔГ Сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар

a Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Тимофейы мад Евникӕйы цӕвиттонмӕ. Ӕмӕ базондзыстӕм, хотӕн сӕ бон куыд у Евникӕйы фӕзмын ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Зӕгъӕм, кӕс 50 урок чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» ӕмӕ статья «Библи бинонтимӕ кӕнӕ иунӕгӕй куыд ахуыр кӕнӕн ис» 2011 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 6, 7 фӕрстӕ.