Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр ӕмӕ сӕм тырн!

Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕр ӕмӕ сӕм тырн!

«Уыдӕттыл хъуыды кӕн, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына» (1 ТИМ. 4:15).

84 ЗАРӔГ Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Нӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у нӕ разы ӕвӕрын?

 МАХ стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын, зӕгъӕм, нӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын, ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнын.

2. Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм?

2 Цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ нӕ фӕнды нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ курдиӕттӕ йӕ хъуыддагӕн куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон уыдзӕн нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын (1 Фес. 4:9, 10). Уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ,– махӕй алкӕй бон дӕр у архайын, цӕмӕй йын фылдӕр ӕнтыса. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, уый куыд ис аразӕн, ууыл.

3. 1 Тимофеймӕ 4:12–16 стихтӕм гӕсгӕ, апостол Павел Тимофеймӕ цы ныффыста?

3 Апостол Павел Тимофеймӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уӕд Тимофей уыди фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг, кӕд нырма ӕрыгон уыди, уӕддӕр. Фӕлӕ йӕм Павел ныффыста, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрдтаид. Уый фӕрцы йын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыстаид ӕмӕ хуыздӕр чырыстон суыдаид. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:12–16.) Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тимофейы ӕнтыстдзинад хъуамӕ бӕрӕг уыдаид дыууӕ хъуыддаджы: 1) хъуамӕ йӕ удыхъӕды фидар кодтаид чырыстон миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, уырнындзинад ӕмӕ сыгъдӕгдзинад; 2) хъуамӕ архайдтаид, цӕмӕй хуыздӕр арӕхстаид иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсынмӕ, иннӕты фӕдзӕхсынмӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынмӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм Тимофейы цӕвиттонмӕ ӕмӕ фенӕм, нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр чырыстӕттӕ суӕм. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм.

ДӔ УДЫХЪӔДЫ ЧЫРЫСТОН МИНИУДЖЫТӔ ФИДАР КӔН

4. Филиппӕгтӕм 2:19–22 стихтӕм гӕсгӕ, Тимофей Йегъовӕйӕн хорз лӕггадгӕнӕг цӕй фӕрцы уыд?

4 Тимофей Йегъовӕйӕн хорз лӕггадгӕнӕг цӕй фӕрцы уыд? Йӕ хорз миниуджыты фӕрцы. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:19–22.) Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Тимофей кӕй уыд сӕрныллӕг, иузӕрдион, ӕууӕнкджын, стӕй йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзта ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсти. Ӕмӕ йӕ Павел дӕр уый тыххӕй уарзта, ӕмӕ-иу ын зын хъуыддӕгтӕ дӕр бахӕс кодта. Зыдта йӕ, кӕй сӕ сараздзӕн (1 Кор. 4:17). Мах дӕр нӕ удыхъӕды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ куы фидар кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ уарздзӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр стыр ӕххуыс уыдзыстӕм (Пс. 25:9; 138:6).

Ахъуыды кӕн, цавӕр миниуӕг дӕ фӕндид дӕ удыхъӕды сфидар кӕнын (кӕс 5, 6 абзацтӕ)

5. а) Дӕ бон куыд у базонын, цавӕр миниуӕгыл дӕ хъӕуы бакусын, уый? б) Ӕркӕс нывмӕ. Ӕрыгон хо цы аразы, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта ӕмӕ сахуыр уа иннӕты зын тынгдӕр ӕмбарын?

5 Дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕр. Скув ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы дӕ удыхъӕды фӕхуыздӕр кӕнын. Равзар иу миниуӕг ӕмӕ уал ууыл бакус. Чи зоны дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй иннӕты зын тынгдӕр ӕмбарай кӕнӕ дӕ тынгдӕр фӕнда хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Йе та дӕ, гӕнӕн ис, хъӕуы бацархайын, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр фидауай ӕмӕ хатыргӕнаг уай. Дӕ бон ма у де ’мбӕлттӕй искӕй бафӕрсын, цы дӕ хъӕуы фӕивын, уымӕй (Ӕмб. 27:6).

6. Дӕ бон куыд у дӕ удыхъӕды цавӕрдӕр миниуӕг сфидар кӕнын?

6 Архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Зӕгъӕм, дӕ бон у афтӕ бакӕнын: цы миниуӕг дӕ фӕнды фӕхуыздӕр кӕнын, уыцы миниуӕджы тыххӕй фылдӕр базон. Чи зоны дӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн фылдӕр хатыр кӕнын сахуыр уай. Дӕ бон цӕмӕй у райдайын? Библийы бакӕс, зӕрдӕйӕ чи хатыр кодта ӕмӕ чи нӕ хатыр кодта, уыцы адӕймӕгты тыххӕй ӕмӕ-иу сыл стӕй ахъуыды кӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойыл. Уый иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кодта (Лук. 7:47, 48). Стӕй-иу адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ, фӕлӕ хъуыды кодта, хорзӕй сӕм цы ис ӕмӕ сӕ бон цас у саразын, ууыл. Зӕгъӕм, фарисейтӕ та иннӕты ницӕуыл нымадтой (Лук. 18:9). Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Иннӕтӕн фылдӕр сӕ хорз миниуджытӕ фӕуынын ӕви сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ныккомкоммӕ вӕййын?» Кӕд дын зын у искӕмӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кӕнын, уӕд-иу ныффысс, цы хорз миниуджытӕ йӕм ис, уыдон, ӕмӕ цас фылдӕр, уыйас хуыздӕр. Уый фӕстӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Йесо Чырысти та ацы адӕймагмӕ цы цӕстӕй кӕсы? Цымӕ йын уый ныххатыр кӕнид?» Афтӕ куы кӕнай, уӕд уый фӕрцы дӕ зондахаст ивдзӕн. Фыццаг дӕ, чи зоны, хъӕуа уӕлдай тынгдӕр бацархайын, цӕмӕй, чи дӕ фӕхъыг кодта, уымӕн ныххатыр кӕнай. Фӕлӕ гыццылгай сахуыр уыдзынӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнын.

НОГ ИСТӔУЫЛ САХУЫР У

Ног истӕуыл сахуыр у, цӕмӕй Паддзахады залмӕ зилынӕн ӕххуыс кӕнай (кӕс 7 абзац) d

7. Ӕмбисӕндтӕ 22:29 стихмӕ гӕсгӕ, абон Йегъовӕ дӕсны кусджыты фӕрцы цавӕр хъуыддӕгтӕ аразы?

7 Дӕ бон ма у дӕ разы ӕндӕр нысан дӕр сӕвӕрын. Зӕгъӕм, ног истӕуыл сахуыр у. Вефилтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ аразынӕн цас кусджытӕ бахъӕуы, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр ахӕм куыст нӕ кодтой, фӕлӕ сӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сахуыр кодтой. Абзацмӕ цы ныв ис, уымӕ-ма ӕркӕсӕм. Конгрессты залтӕм ӕмӕ Паддзахады залтӕм зилын куыд хъӕуы, ууыл ӕрмӕст ӕфсымӕртӕ нӕ сахуыр вӕййынц, фӕлӕ хотӕ дӕр. Йегъовӕ, «ӕнусты Паддзах», ӕмӕ Йесо Чырысти, «паддзӕхты Паддзах», дӕсны кусджыты фӕрцы аразынц стыр хъуыддӕгтӕ (1 Тим. 1:17; 6:15; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:29). Мах фӕнды, цӕмӕй зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ нӕ курдиӕтты фӕрцы кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы, нӕхи нӕ, фӕлӕ (Иоан. 8:54).

8. Дӕ бон куыд у базонын, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын кӕнӕ сахуыр кӕнын?

8 Дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕр. Дӕ бон у аныхас кӕнын де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ кӕнӕ та, чи зоны, районон цӕстдарӕгимӕ дӕр, цӕмӕй базонай, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын кӕнӕ сахуыр кӕнын. Ӕмӕ дын, зӕгъӕм, загътой, кӕй дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй раныхӕстӕ дзурынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Уӕд-иу сӕ бафӕрс, бӕлвырдӕй дӕ цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта?

9. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсай?

9 Архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Зӕгъӕм дӕ фӕнды иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсын. Уӕд дӕ бон у лӕмбынӕг бакӕсын брошюрӕ «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн». Уымӕй уӕлдай, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды дын хӕслӕвӕрд куы уа, уӕд-иу фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дӕм рагацау байхъуса ӕмӕ дын зӕгъа, фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уый. Дӕ хӕслӕвӕрдтӕ хорз куы цӕттӕ кӕнай, уӕд ӕрмӕст арӕхстджын не суыдзынӕ, фӕлӕ ма иннӕтӕ дӕр уындзысты, зӕрдиагӕй кӕй архайыс ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй дӕ (Ӕмб. 21:5; 2 Кор. 8:22).

10. Иу ӕфсымӕр цы арӕзта, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафтыдаид?

10 Кӕд дӕ нысан у, цӕмӕй, зынтӕй дын цы уайы, ууыл сахуыр уай, уӕд та? Дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Ӕфсымӕр Гарри кӕсын хорз нӕ зыдта. Ӕмӕ-иу ӕй ӕмбырды кӕсын куы хъуыд, уӕд-иу тынг стыхст. Фӕлӕ уӕддӕр архайдта, цӕмӕй кӕсын хорз базыдтаид. Куыд загъта, афтӕмӕй йын тынг баххуыс кодтой фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ нӕ публикацитӕ. Ныр кӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ма йын раныхӕстӕ дӕр вӕййы ӕмбырдты ӕмӕ районон ӕмӕ регионалон конгрессты.

11. Тимофейы куы бафӕзмӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразӕм?

11 Цымӕ Тимофей тынг дзырдарӕхст ӕфсымӕр ӕмӕ ӕмбисондӕн хӕссинаг ахуыргӕнӕг сси? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы сси ноджы арӕхстджындӕр ӕмӕ йӕ хӕстӕ хуыздӕр ӕххӕст кодта (2 Тим. 3:10). Мах дӕр арӕхстджындӕр куы кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын.

ИННӔТӔН ФЫЛДӔР ЛӔГГАД КӔН

12. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дын цӕмӕй баххуыс кодтой?

12 Алкӕй дӕр бахъӕуы иннӕты ӕххуыс. Зӕгъӕм, хо кӕнӕ ’фсымӕр рынчындоны куы фӕхуыссы ӕмӕ йӕ, рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты кӕнӕ, рынчынты чи бӕрӕг кӕны, уыцы къорды чи ис, уыцы ’фсымӕртӕ куы абӕрӕг кӕнынц, уӕд ын ӕхсызгон куыннӕ вӕййы. Зын уавӕры куы вӕййӕм ӕмӕ хистӕр нӕлгоймаг рӕстӕг куы ссары, цӕмӕй нӕм байхъуса ӕмӕ нӕ ныфс бауадза, уӕд дзы тынг фӕбузныг вӕййӕм. Йе та искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын пионертӕй исчи куы баххуыс кӕны, цӕмӕй Библийы ахуыр ноджы хуыздӕр уадзӕм, уӕд уымӕй дӕр бузныг вӕййӕм. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ бон цӕмӕйдӕр баххуыс кӕнын кӕй у, уый. Ӕмӕ мах дӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Кӕд дӕу дӕр фӕнды иннӕтӕн фылдӕр лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон цы у саразын?

13. Дӕ разы нысан куы ӕвӕрай, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?

13 Ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ разы бӕлвырд нысан сӕвӕрай. Зӕгъӕм, хъуыды кӕныс: «Фӕнды мӕ ме ’мбырды фылдӕр аразын». Фӕлӕ уый бӕлвырд нысан нӕу, ӕмӕ дӕ къухы куыд ӕмӕ кӕд бафтдзӕн, уый бамбарын дӕр дын зын уыдзӕн. Дӕ разы нысан куы ӕвӕрай, уӕд ӕй хъуамӕ бӕлвырдӕй зонай, цӕмӕ тырныс, уый. Дӕ бон ӕй у искуы афыссын дӕр. Стӕй, цы араздзынӕ, цӕмӕй дӕ къухы бафта, уый дӕр-иу афысс.

14. Нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕудзӕн, уымӕ?

14 Фӕлӕ нӕ уавӕртыл алкӕд нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Ӕмӕ, нӕ разы нысӕнттӕ куы ӕвӕрӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй бахъӕудзӕн, уымӕ. Ахъуыды кӕнӕм апостол Павелыл. Йе ’ххуысы фӕрцы Фессалоникӕйы фӕзынд ног ӕмбырд. Павелы куыннӕ фӕндыдаид, цӕмӕй уым иуцасдӕр аззадаид ӕмӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодтаид. Фӕлӕ чидӕртӕ йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй йӕ бахъуыд уыцы горӕтӕй ацӕуын (Хъуыд. 17:1–5, 10). Уым куы баззадаид, уӕд йе ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры баппӕрстаид. Фӕлӕ кӕд йӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр ӕй фӕндыд фессалоникӕгтӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сӕм Тимофейы арвыста, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад бафидар кодтаид (1 Фес. 3:1–3). Тимофей, ӕххуыс кӕм хъуыд, уым лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй дзы ног ахуыргӕнинӕгтӕ тынг бузныг уыдаиккой.

15. Нӕ уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд уый нӕ нысӕнттыл куыд фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Ды дӕр-иу Павелы бафӕзм. Чи зоны, дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрдтай. Фӕлӕ дӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дӕ къухы бафта (Еккл. 9:11). Уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ разы сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ӕндӕр ахӕм нысан. Тед ӕмӕ Хайди дӕр афтӕ бакодтой. Ацы къай лӕггад кодта Вефилы, фӕлӕ сӕ бахъуыд уырдыгӕй ацӕуын, уымӕн ӕмӕ сӕ иуӕн йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта. Фӕлӕ Йегъовӕйы кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ уӕддӕр фӕндыд фылдӕр аразын. Фыццаг уал райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ та сӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Теды ма ахуыр кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид районон цӕстдарӕджы хӕдивӕгӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ стӕй районон цӕстдарджыты хабар фӕивта. Ахӕм уынаффӕ хаст ӕрцыд, зӕгъгӕ сыл 70 азы куы сӕххӕст уа, уӕд районон цӕстдарджытӕй нал лӕггад кӕндзысты. Тед ӕмӕ Хайди бамбӕрстой, сӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн ахӕм хуызы лӕггад кӕнын. Уый сын зын уыд, фӕлӕ ахъуыды кодтой, сӕ бон кӕй у сӕ разы ӕндӕр нысӕнттӕ сӕвӕрын. Тед загъта: «Бамбӕрстам ӕй, Йегъовӕйӕн ӕрмӕст иу хуызы кӕй нӕй лӕггад кӕнӕн, фӕлӕ алыхуызӕтты».

16. Галатӕгтӕм 6:4 стихы цы фыст ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

16 Нӕ царды цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ цӕуылдӕрты нӕ бар нӕ фӕцӕуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ аргъ кӕндзӕн, кадджын хӕстӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Стӕй хъуамӕ нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм. Хайди загъта: «Дӕ цард иннӕты цардимӕ куы барай, уӕд дын дӕ лӕггад циндзинад нал хӕсдзӕн». (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:4.) Хъуамӕ-иу агурӕм ӕндӕр фадӕттӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн b.

17. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дын дӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакӕной?

17 Хуымӕтӕг цард куы кӕнай ӕмӕ хъӕуа-нӕ хъӕуа хӕстӕ куы нӕ исай, уӕд дӕ бон уыдзӕн Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын. Цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ разы ӕвӕр къаддӕр нысӕнттӕ дӕр. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уӕд уал ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдай. Кӕд дӕ фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон у бацархайын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнай ӕмӕ, де ’мбырды цы ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, стӕй рынчын чи у, уыдоны бӕрӕг кӕнай. Афтӕмӕй дӕм фӕзындзӕн фӕлтӕрддзинад ӕмӕ цӕттӕ уыдзынӕ, цӕмӕй дын дӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакӕной. Дӕ бар дын цыфӕнды хъуыддаг ма бакӕной – араз ӕй зӕрдиагӕй (Ром. 12:11).

Дӕ разы сӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм бӕлвырд нысан (кӕс 18 абзац) e

18. Ӕркӕс нывмӕ. Беверли дын фӕзминаг цӕмӕй у?

18 Цасфӕнды ныл ма цӕуа, уӕддӕр нӕ бон у нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын. Хо Беверлийыл цӕуы 75 азы. Цавӕрдӕр низ ӕм кӕй ис, уый тыххӕй бирӕ цӕуын йӕ бон нӕу. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыд, Ӕрымысӕн изӕры размӕ цы зиу вӕййы, уым фылдӕр балӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ сӕвӕрдта. Беверлийӕн йӕ нысӕнттӕ йӕ къухы куы бафтыдысты, уӕд йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Уымӕ кӕсгӕйӕ иннӕты дӕр бафӕндыд фылдӕр лӕггад кӕнын. Йегъовӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны, кӕд, цас сӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын сӕ бон нӕу, уӕддӕр (Пс. 71:17, 18).

19. Дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у дӕ разы ӕвӕрын?

19 Дӕ разы ӕвӕр, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕ удыхъӕды фидар кӕн. Ног цӕуылдӕрты-иу сахуыр у, цӕмӕй дӕ бон уа Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ организацийы дӕр фылдӕр аразын. Фадӕттӕ агур, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнай c. Йегъовӕ Тимофейӕн куыд арфӕ кодта, афтӕ дӕуӕн дӕр арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн дӕр «де ’нтыстдзинад алчидӕр уындзӕн»! (1 Тим. 4:15).

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

a Тимофей уыд фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр апостол Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы йӕ разы дарддӕр дӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдтаид. Тимофей Павелы уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ бон уыди Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын. Дӕу дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Тимофейау фӕнды Йегъовӕйӕн ӕмӕ де ’мчырыстӕттӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Уымӕн дын цавӕр нысӕнттӕ баххуыс кӕндзысты? Ӕмӕ дӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ къухы бафтой?

b Кӕс чиныг «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 10 сӕр, дӕлсӕргонд «Фылдӕр ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын»», 6–9 абзацтӕ.

c Кӕс чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 60 урок «Цы дын бантыст, ууыл ма ӕрлӕуу».

d НЫВ. Ӕфсымӕр дыууӕ хойӕн амоны, залмӕ зилын куыд хъӕуы, уый. Уый фӕстӕ, цы сын бацамыдта, уый хорз аразынц.

e НЫВ. Хойӕн йӕ бон нӕу дард искӕдӕмты цӕуын. Фӕлӕ уый ӕнтыстджынӕй хъусын кӕны телефонӕй ӕмӕ адӕмы хоны Ӕрымысӕн изӕрмӕ.