Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

18 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови гъуддӕгти уӕхецӕн нисӕнттӕ ӕвӕретӕ ӕма сӕмӕ тундзетӕ

Йегови гъуддӕгти уӕхецӕн нисӕнттӕ ӕвӕретӕ ӕма сӕмӕ тундзетӕ

«Уонӕбӕл гъуди кӕнӕ, дӕ хъауритӕ еугурӕйдӕр еци гъуддӕгтӕмӕ исаразӕ, цӕмӕй дин де ’нтӕстдзийнадӕ алкедӕр уина» (1 ТИМ. 4:15).

84 ЗАР Лӕггадӕ кӕнӕн, ӕнхус кӕми гъӕуй, уоми

РАЗДЗУРД a

1. Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ бон цӕхуӕн нисӕнттӕ ’й ӕвӕрун?

 МАХ ан Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ӕма Йегови берӕ уарзӕн. Уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй ин лӕггадӕ кӕнгӕй, хуӕздӕрӕй нӕмӕ ци ес, уой дӕттӕн. Фал нин цӕмӕй еци гъуддаг никки хуӕздӕр ӕнтӕса, уой туххӕй гъӕуама нӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрӕн. Зӕгъӕн, нӕ уодигъӕдӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййевӕн, нӕуӕг естӕбӕл ахур кӕнӕн ӕма фадуӕттӕ агорӕн, цӕмӕй иннетӕн ӕнхус кӕнӕн.

2. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ рази нисӕнттӕ цӕмӕн гъӕуама ӕвӕрӕн ӕма сӕмӕ цӕмӕн гъӕуама тундзӕн?

2 Мах фӕндуй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй дӕснидӕр ӕма арӕхстгундӕр кӕнун, уомӕн ӕма нӕ фӕндуй нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ рохс кӕнун. Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ не ’гас хъауритӕ ӕма искурдиӕдтӕ ку исаразӕн, уӕд ни сӕрустур уодзӕй. Уомӕй уӕлдай ма уӕд хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фулдӕр пайда хӕсдзиан (1 Фес. 4:9, 10). Донаргъуд раги райстан ӕви ӕрӕги, уӕддӕр ни алкедӕр гъӕуй ӕхебӕл косун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, уомӕ ци хауй, уомӕ.

3. Павел Тимофеййи цӕмӕ разӕнгард кодта? (1 Тимофеймӕ 4:12–16).

3 Апостол Павел Тимофеймӕ ӕ фиццаг финстӕг ку ниффинста, уӕд Тимофей фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаг адтӕй, кӕд ибӕл берӕ нӕма цудӕй, уӕддӕр. Фал ӕй уӕддӕр Павел баразӕнгард кодта, цӕмӕй идарддӕр дӕр Хуцауи гъуддаги архайдтайдӕ ӕма дӕснидӕр кодтайдӕ. (Бакӕсӕ 1 Тимофеймӕ 4:12–16.) Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Павел Тимофеййи ӕргом цӕхуӕн дууӕ гъуддагемӕ раздахта ӕма ’й цӕмӕ разӕнгард кодта, уомӕ. Фиццаг: цӕмӕй идарддӕр дӕр ӕ уодигъӕдӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ ӕййева ӕма «уарзондзийнадӕй, ӕууӕндундзийнадӕй ӕма кӕдзосдзийнадӕй фӕнзуйнаг уа». Дуккаг: цӕмӕй куд ахургӕнӕг, уотӕ никки дӕснидӕр кӕна ӕма «иннетӕн гъӕрӕй кӕса, фӕдзӕхса сӕ ӕма сӕ ахур кӕна». Тимофеййи хабарӕй фӕууиндзиан, нӕ рази нӕ нисӕнттӕ ӕвӕрун цӕмӕн гъӕуй, цӕмӕй нин Хуцауи гъуддӕгти фулдӕр ӕнтӕса. Удта ма базондзиан, цӕхуӕн гъуддӕгти ӕй нӕ бон фулдӕр архайун.

ДӔ УОДИГЪӔДИ ХУАРЗ МЕНЕУГУТӔ ФЕДАР КӔНӔ

4. Тимофей Йеговӕн хуарз лӕггадгӕнӕг цӕй фӕрци адтӕй? (Филиппӕгтӕмӕ 2:19–22).

4 Тимофей Йеговӕн хуарз лӕггадгӕнӕг цӕй фӕрци адтӕй? Ӕ хуарз менеугути фӕрци. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:19–22.) Павел загъта, Тимофей ке ӕй сӕрниллӕг, ӕнӕзийнадӕ ӕма ӕууӕнки аккаг. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр берӕ уарзта ӕма сӕбӕл тухстӕй. Уомӕ гӕсгӕ ’й Павел дӕр берӕ уарзта ӕма ин берӕ аллихузи гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнидӕ (1 Кор. 4:17). Мадта мах дӕр нӕ уодигъӕди, Йегови зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн менеугутӕ ку федар кӕнӕн, уӕд нӕ никки фулдӕр уарздзӕй ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн пайдадӕр уодзиан (Пс. 25:9; 138:6).

Цӕхуӕн менеуӕг дин нӕ фагӕ кӕнуй, уой исбӕрӕг кӕнӕ (кӕсӕ 5 ӕма 6 абзацтӕ)

5. а) Цӕхуӕн менеуӕгбӕл дӕ гъӕуй байархайун, уой дӕ бон куд ӕй балӕдӕрун? б) Ӕркӕсӕ хузӕмӕ. Хуӕрӕн ци ӕнхус кӕнуй иннети зин лӕдӕрунмӕ?

5 Дӕхецӕн бӕлвурд нисан исӕвӕрӕ. Йеговӕмӕ раковӕ ӕма расагъӕс кӕнӕ, байархайун дӕ цӕбӕл гъӕуй, уобӕл. Уой фӕсте ба еу ести менеуӕг дӕхемӕ фӕббӕрӕг кӕнӕ. Ка ’й зонуй дин алкӕд нӕ фӕууайуй иннети зин лӕдӕрун. Кенӕ ба дӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун неци уотӕ фӕффӕндуй. Кенӕ ба ’й балӕдӕрдтӕ хилӕгӕнагӕ ке дӕ ӕма дин зӕрдӕй хатир кӕнун зин ке фӕууй. Байархайун дӕ цӕбӕл гъӕуй, уой туххӕй ма дӕ бон ӕй дӕ хуарз ӕмбали дӕр рафӕрсун (Ӕмб. 27:6).

6. Ести менеуӕгбӕл дӕ байархайун ку фӕндӕуа, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй?

6 Архайӕ, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа. Дӕ бон ци ӕй кӕнун? Ци менеуӕгбӕл дӕ фӕндуй байархайун, уой туххӕй фулдӕр базонӕ. Зӕгъӕн, фӕндуй дӕ, цӕмӕй иннетӕн фулдӕр хатир кӕнай. Фиццагидӕр бал дӕ бон ӕй, ӕнцонтӕй ка хатир кодта ӕма хатир кӕнун ка нӕ зудта, уони хабӕрттӕ Библий бакӕсун ӕма сӕбӕл расагъӕс кӕнун. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн Киристей цӕветтонмӕ. Уой хузӕн хатиргӕнагӕ неке адтӕй (Лук. 7:47, 48). Е иннети рӕдудтитӕмӕ нӕ никкомкоммӕ уидӕ, фал сӕмӕ хуарзӕй ци ес, уой уидта. Фарисейтӕ ба иннети нецӕмӕ дардтонцӕ (Лук. 18:9). Уӕхӕн фӕйнӕхузи хабӕрттӕ кӕсгӕй дӕхе бафӕрсисӕ: «Ӕз ба фиццагидӕр ме ’ргом цӕмӕ раздахун, иннетӕн сӕ хуарз менеугутӕмӕ ӕви сӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ?» Кӕд дин кӕмӕндӕр ниххатир кӕнун зин ӕй, уӕд ин ӕ хуарз менеугутӕ ранимайӕ ӕма сӕ ниффинсӕ, уой фӕсте ба расагъӕс кӕнӕ: «Йесо ба аци адӕймаги туххӕй ци гъуди кӕнуй? Мӕ бунати ин ниххатир кодтайдӕ?» Аци фарстати фӕрци, дӕ зӕрдихудти ка бацудӕй, уомӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсдзӕнӕ. Е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма еци фӕдбӕл ӕнцонтӕй хатир кӕнун райдайдзӕнӕ. Фал уотӕ ку архайай, уӕд еу афони еци гъуддаг дӕ къохи бафтуйдзӕй.

НӔУӔГ ЦӔБӔЛДӔРТИ АХУР КӔНӔ

Нӕуӕг цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕ, цӕмӕй дӕ бон уа Паддзахади залмӕ зелун (кӕсӕ 7 абзац) d

7. Йеговӕ дӕсни косгути фӕрци дессаги гъуддӕгтӕ куд кӕнуй? (Ӕмбесӕндтӕ 22:29).

7 Еу хуарз нисан ма ӕй, нӕуӕг цӕбӕлдӕрти исахур ун. Конгрессти залтӕ, Паддзахади залтӕ ӕма филиалтӕ амайунмӕ ка ӕнхус кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл расагъӕс кӕнӕ. Сӕ фулдӕр фиццӕгти арӕзтадон куститӕмӕ неци уотӕ арӕхстӕнцӕ. Фал дӕсни косгути хӕццӕ фӕрсӕй-фарсмӕ ке ӕмгуст кодтонцӕ, уой фӕрци берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ӕнцӕ. Хузӕбӕл ӕй куд уинӕн, уотемӕй нӕ организаций бӕстихӕйттӕмӕ зелунмӕ хуӕртӕ дӕр ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр фенхус кӕнунцӕ. Еци уодуӕлдай лӕггадгӕнгути фӕрци «ӕности Паддзах Йеговӕ» ӕма «паддзӕхти Паддзах» Йесо Киристе зӕнхӕбӕл дессаги гъуддӕгтӕ кӕнунцӕ (1 Тим. 1:17; 6:15; бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 22:29). Гъӕйдӕ мадта ӕгас хъауритӕй архайӕн ӕма цӕбӕл исахур ан, уомӕй уотӕ пайда кӕнӕн, цӕмӕй си Йегови кадгин кӕнӕн, нӕхе нӕ, фал (Иоан. 8:54).

8. Дӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун, цӕхуӕн нисан дӕ исӕвӕрун гъӕуй, уой?

8 Бӕлвурд нисан исӕвӕрӕ. Дӕхе бафӕрсӕ: «Цӕбӕл мӕ фӕндуй исахур ун?» Уой туххӕй дӕ бон ӕй уе ’мбурди хестӕр нӕлгоймӕгти кенӕ районон цӕстӕдарӕги рафӕрсун. Зӕгъӕн, кадӕр дин си загъта иннети ахур кӕнунмӕ кенӕ радзубандитӕ дзорунмӕ бустӕги хуарз ке нӕ арӕхсис. Уӕд сӕ дӕ бон ӕй бафӕрсун, бӕлвурдӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй, уобӕл. Уой фӕсте ба дин ци унаффӕ равардтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайӕ. Кутемӕй?

9. Ци кӕнун дӕ гъӕуй, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа?

9 Архайӕ, цӕмӕй дӕ нисан дӕ къохи бафтуйа. Зӕгъӕн, фӕндуй дӕ, цӕмӕй арӕхстгундӕр игъосунгӕнӕг уай. Дӕ бон ӕй лӕмбунӕг ӕркӕсун брошюрӕмӕ «Хуӕздӕр кӕсӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсӕ». Къуӕрей астӕу нин ци фембӕлд фӕууй, уоми дин ести ихӕслӕвӕрд ку раттонцӕ, уӕд дӕ бон ӕй фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕй рагацау ескӕмӕн зӕгъун, цӕмӕй дӕмӕ байгъоса ӕма дин зӕгъа, фӕххуӕздӕр кӕнун дӕ ци гъӕуй, уой. Архайӕ, цӕмӕй дин айдагъ дзурдарӕхст адӕймаги ном ма уа, фал ӕ гъуддаг кӕронмӕ ка исӕнхӕст кӕнуй ӕма ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн адӕймаги ном (Ӕмб. 21:5; 2 Кор. 8:22).

10. Хуарз цӕмӕ нӕ арӕхсӕн, уой фӕххуӕздӕр кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

10 Алци дин фиццаг хаттӕй хуарз нӕ уайдзӕй, уомӕн ӕма цӕмӕдӕр хуӕздӕр арӕхсис, цӕмӕдӕр ба – нӕ. Фал дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Зӕгъӕн, еу ӕнсувӕр Гэрийӕн кӕсун хуарз нӕ уадӕй. Ӕмбурди ин кӕсуйнаг ихӕслӕвӕрд ку раттиуонцӕ, уӕд хъӕбӕр истухсидӕ. Фал ӕ къох ӕхебӕл нӕ ракъуӕрдта ӕма хуӕздӕр кӕсунбӕл архайдта. Фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ дӕр ин ӕнхус кодтонцӕ, удта нӕ публикацити ци унаффитӕ ес, уонӕй дӕр пайда кодта. Нур айдагъ кӕсгӕ нӕ, фал ма ӕмбурдти, удта ма конгрессти дӕр радзубандити хӕццӕ рацӕуй.

11. Тимофеййи хузӕн махӕн дӕр ци банхус кӕндзӕй, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй никки фулдӕр кӕнун?

11 Цума Тимофей ӕ рӕстӕги зундгонд ӕма арӕхстгун ахургӕнӕг иссӕй? Библий уой туххӕй неци финст е. Фал ӕй федарӕй зонӕн, Тимофей Павели унаффити фӕрци ӕмбурди ӕ ихӕстӕ хуӕздӕр ӕнхӕст кӕнун ке райдӕдта (2 Тим. 3:10). Мах дӕр уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй никки фулдӕр кӕнун.

ИННЕТӔН ӔНХУС КӔНУНМӔ ФАДУӔТТӔ АГОРӔ

12. Хуӕртӕ ӕма нин ӕнсувӕртӕ куд ӕнхус кӕнунцӕ?

12 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ни алкедӕр фӕгъгъӕуй иннети ӕнхус. Зӕгъӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске сӕйгӕдонӕмӕ ку бахауй, уӕд син хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, сӕйгӕдӕнтти хӕццӕ ӕмгустгӕнӕг комитетӕй кенӕ сӕйгити ка бабӕрӕг кӕнуй, еци къуари ка ӕй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕ еске ку бабӕрӕг кӕнуй, уӕд. Царди зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕдта хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ рӕстӕг нӕ февгъау кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕмӕ байгъосонцӕ ӕма нӕ бафедар кӕнонцӕ. Библий ахур уадзгӕй ба нӕ ӕнхус ку фӕгъгъӕуй, уӕдта фӕлтӕрдгун пионертӕ нӕ фарсмӕ ӕрбалӕуунцӕ. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ банхус кӕнунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕуунцӕ. Ӕма мах дӕр иннетӕн банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ку уӕн, уӕд мах бон дӕр уодзӕй цийнӕ кӕнун. Киристе загъта: «Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуд. 20:35). Кӕд дӕу дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн фулдӕр ӕнхус кӕнун фӕндуй, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци нисан дӕ къохи бафтуйа?

13. Нисӕнттӕ ӕвӕргӕй дӕ гъудий ци гъӕуама дарай?

13 Дӕ рази ци нисан исӕвӕрай, е гъӕуама уа бӕлвурд. Зӕгъӕн, дӕхецӕн загътай: «Ӕмбурдӕн фулдӕр ӕнхус кӕндзӕн». Фал еци нисан дӕ къохи зинтӕй бафтуйдзӕй, бӕлвурдӕй дӕ ци кӕнун гъӕуй, уой ку нӕ зонай, уӕд. Мадта бӕлвурдӕй цӕхуӕн къахдзӕфтӕ кӕндзӕнӕ, уой ниффинсӕ, ӕма дин уӕд фулдӕр бантӕсдзӕй.

14. Нӕ нисӕнттӕ раййевунмӕ цӕттӕ цӕмӕн гъӕуама уӕн?

14 Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама цӕттӕ уӕн нӕ нисӕнттӕ раййевунмӕ дӕр, уомӕн ӕма хатгай нӕ уавӕртӕ феййевунцӕ. Ӕркӕсӕн апостол Павели хабармӕ. Ӕ лӕггади фӕрци Фессалоники ӕмбурд фӕззиндтӕй ӕма, ӕвӕдзи, Павели фӕндадтӕй еци горӕти расабур ун, цӕмӕй ӕрӕги киристон ка иссӕй, уонӕн банхус кӕна. Фал ӕ фӕдбӕл ке зилдӕнцӕ, уой туххӕй ӕй Фессалоникӕй ледзун багъудӕй (Гъуд. 17:1–5, 10). Ку байзадайдӕ, уӕд бунӕттон ӕнсувӕрти дӕр тӕссаг уавӕри багӕлстайдӕ. Кӕд ӕй ӕ пълӕнттӕ феййевун багъудӕй, уӕддӕр ӕ нифс нӕ басастӕй. Павел Фессалоникӕмӕ Тимофеййи рарвиста, цӕмӕй уоми ӕмбурдмӕ фӕккастайдӕ (1 Фес. 3:1–3). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Тимофеййӕй хъӕбӕр боз адтӕнцӕ, багъӕуаги цӕттӕ ке разиндтӕй, уой туххӕй!

15. Нӕ уавӕртӕ нӕ нисӕнттӕбӕл куд рабӕрӕг унцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

15 Павели хабарӕй берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕн. Ка ’й зонуй, ду дӕр дӕхецӕн нисан исӕвардтай, фал дӕ уавӕртӕ ке феййивтонцӕ, уой туххӕй дӕ нисан дӕ къохи нӕбал бафтуйдзӕй (Еккл. 9:11). Уӕхӕн хабар дӕбӕл ку ’рцӕуа, уӕд дӕхецӕн ӕндӕр нисан исӕвӕрӕ, дӕ къохи ка бафтуйа, уӕхӕн нисан. Уотӕ бакодтонцӕ Тэд ӕма Хайди. Се ’нӕнездзийнади туххӕй сӕ Вефили сӕ лӕггадӕ ниууадзун багъудӕй, фал Йегови ке уарзтонцӕ, уой туххӕй фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ ӕндӕр фадуӕттӕ агорун райдӕдтонцӕ. Фиццаг бал ӕнхӕстрӕстӕг пионертӕ иссӕнцӕ. Минкъий фӕстӕдӕр ба сӕ сӕрмагонд пионертӕй иснисан кодтонцӕ. Тэди ба ма исахур кодтонцӕ, цӕмӕй багъӕуаги районон цӕстӕдарӕги бӕсти ӕмбурдтӕ бӕрӕг кодтайдӕ. Фал организаций ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй ӕма ’й Тэд ӕма Хайди балӕдӕрдтӕнцӕ, сӕ карӕмӕ гӕсгӕ сӕ бон еци хузи дӕр ке не ’суодзӕй лӕггадӕ кӕнун. Е син гъулӕг куд н’ адтӕй, фал ӕй зудтонцӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ ӕндӕр фадуӕттӕ дӕр ке ес. Тэд зӕгъуй: «Мах ӕй балӕдӕрдтан, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ берӕ фадуӕттӕ ке ес. Ести еу хузи лӕггадӕбӕл гъӕуама ма ниццӕфсӕн».

16. Галатӕгтӕмӕ 6:4 финст дзурдтӕ нӕ цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?

16 Царди алцӕбӕл нӕ барӕ нӕ фӕццӕуй. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма организаций цӕхуӕн ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнис, уомӕй кӕнгӕ ’й, Йеговӕ дӕ цӕйбӕрцӕ уарзуй, е. Удта дӕхе иннети хӕццӕ дӕр ма барӕ. Хайди зӕгъуй: «Дӕ цард иннети царди хӕццӕ ку барай, уӕд дӕ цийнӕ фесафдзӕнӕ». (Бакӕсӕ Галатӕгтӕмӕ 6:4.) Мадта архайӕ, цӕмӕй дӕхе уавӕрти фулдӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорай b.

17. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй дин федӕни фулдӕр ихӕстӕ бабарӕ кӕнонцӕ?

17 Цӕмӕй дин федӕни лӕггадӕ кӕнунмӕ фулдӕр фадуӕттӕ уа, уой туххӕй хумӕтӕг цард кӕнӕ ӕма ӕфстӕуттӕ ма есӕ. Цӕмӕй цӕхуӕндӕр устур нисан дӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй бал минкъийдӕр нисӕнттӕ ӕвӕрӕ. Зӕгъӕн, кӕд дӕ ӕнхӕстрӕстӕг пионер фӕндуй исун, уӕд бал ӕнхусгӕнӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдайӕ. Кенӕ ба цӕмӕй кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕр исуай, уой туххӕй фулдӕр игъосун кӕнӕ, удта каргун ӕма сӕйгӕ ка кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнӕ. Еци гъуддӕгтӕ кӕнгӕй дӕмӕ ци фӕлтӕрддзийнадӕ фӕззиндзӕй, уой фӕрци дин федӕни фулдӕр фадуӕттӕ уодзӕй аллихузти лӕггадӕ кӕнунмӕ. Удта дин цийфӕнди ма баихӕс кӕнонцӕ, уӕддӕр ӕй зӕрдиагӕй бакӕнисӕ (Ром. 12:11).

Дӕ рази ӕвӕрӕ бӕлвурд ӕма, дӕ къохи ка бафтуйдзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ (кӕсӕ 18 абзац) e

18. Ӕркӕсӕ хузӕмӕ. Беверли нин фӕнзуйнаг цӕмӕй ӕй?

18 Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нисӕнттӕ ӕвӕрун цийфӕнди кари дӕр ӕнгъезуй. Е бӕрӕг ӕй, 75 анзи кӕбӕл цӕуй, еци хуӕрӕ Беверлий хабарӕй. Ӕ нези туххӕй ӕ бон берӕ нӕй, фал ӕй уӕддӕр фӕндадтӕй Имисӕн изӕрмӕ зеуи зӕрдиагӕй байархайун. Цӕмӕй ин еци гъуддаг бантӕстайдӕ, уой туххӕй ӕ рази бӕлвурд нисӕнттӕ исӕвардта. Ӕма ӕ нисӕнттӕ ӕ къохи ку бафтудӕнцӕ, уӕд хъӕбӕр цийнӕ кодта. Уотӕ зингзӕрдӕй ке архайдта, е ӕмбурди иннетӕбӕл дӕр рабӕрӕг ӕй. Йеговӕ нӕ каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хъиамӕтӕн хъӕбӕр устур аргъ кӕнуй, кӕд сӕ бон берӕ нӕй, уӕддӕр (Пс. 71:17, 18).

19. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ бон цӕхуӕн нисӕнттӕ ’й ӕвӕрун?

19 Дӕ къохи ка бафтуйдзӕй, уӕхӕн нисӕнттӕ ӕвӕрӕ. Йегови зӕрдӕмӕ ка цӕуй, еци менеугутӕ дӕ уодигъӕди федар кӕнӕ. Нӕуӕг цӕбӕлдӕрти ахур кӕнӕ, цӕмӕй Йеговӕн ӕма ӕ организацийӕн фулдӕр пайда хӕссай. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнунмӕ фадуӕттӕ агорӕ c. Йеговӕ Тимофеййӕн арфӕ кодта ӕма ин «е ’нтӕсдзийнӕдтӕ алкедӕр уидта». Мадта дӕу бон дӕр ӕй уотӕ архайун (1 Тим. 4:15).

38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй

a Тимофей арӕхстгун игъосунгӕнӕг адтӕй, фал ӕй уӕддӕр Павел баразӕнгард кодта, цӕмӕй еци гъуддаги идарддӕр дӕр архайдтайдӕ. Тимофей Павелмӕ байгъуста ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй никки дӕснидӕр иссӕй, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн дӕр фулдӕр пайда хаста. Дӕу ба фӕндуй Йеговӕн ӕма ӕмбурдӕн никки фулдӕр кӕнун? Уой туххӕй дӕ цӕхуӕн нисӕнттӕ исӕвӕрун гъӕуй ӕма дин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй дӕ къохи бафтуйонцӕ?

b Кӕсӕ киунугӕ «Организованы, чтобы исполнять волю Иеговы», 10 сӕр, дӕлсӕргонд «Служение там, где нужна помощь».

c Кӕсӕ 60 урок «Не останавливайтесь на достигнутом» киунуги «Радуйтесь жизни сейчас и вечно!».

d ХУЗӔ. Ӕнсувӕр хуӕрти цӕхуӕндӕр куститӕбӕл ахур кӕнуй. Уой фӕрци уони бон дӕр ӕй Паддзахади залмӕ зелун.

e ХУЗӔ. Е ’нӕнездзийнадӕмӕ гӕсгӕ хуӕрӕ хӕдзарӕй нӕ цӕуй, фал уӕддӕр телефонӕй игъосун кӕнуй ӕма адӕни Имисӕн изӕрмӕ хонуй.