Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕд чырыстон йӕ усӕй ахицӕн, Библимӕ гӕсгӕ йын уымӕн бар нӕ уыд, афтӕмӕй ӕмӕ ногӕй ус ракуырдта, уӕд ӕмбырд йӕ раздӕры бинонтӕм ӕмӕ йӕ ног бинонтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса?

Ахӕм уавӕры чырыстон ногӕй бинонтӕ куы скӕна, уӕд, кӕмӕй ахицӕн, уыцы усимӕ сӕ ӕмбырд лӕг ӕмӕ усыл нал нымайдзӕн. Лӕг ӕмӕ усыл нымад уыдзысты йӕ ног усимӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм, Йесо хицӕн кӕныны ӕмӕ ногӕй бинонтӕ скӕныны тыххӕй цы загъта, уымӕ.

Матфейы 19:9 стихӕй базонӕн ис, ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй кӕй ис хицӕн кӕнӕн. Йесо загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны». Йесойы ныхӕстӕй базонӕн ис: 1) Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр хӕтындзинады тыххӕй ӕмӕ 2) лӕг йӕ усӕй куы ахицӕн уа, Библимӕ гӕсгӕ йын уый бар куы нӕ уа, афтӕмӕй ӕмӕ ӕндӕры куы ракура, уӕд хӕтгӕ кӕны a.

Цымӕ Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ лӕг искӕимӕ куы фӕхӕта ӕмӕ йӕ усӕй куы ахицӕн уа, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ ногӕй бинонтӕ скӕныны бар ис? Ӕнӕмӕнг нӕ. Лӕг йӕ усыл гадзрахатӕй куы рацӕуа, уӕд усӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, йӕ лӕгӕн ныххатыр кӕндзӕн ӕви нӕ. Куы нӕ йын ныххатыр кӕна ӕмӕ куы ахицӕн уой, уӕд лӕгӕн дӕр йӕ бон у ног бинонтӕ ӕрхӕссын ӕмӕ усӕн дӕр йӕ бон у ног мой скӕнын.

Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ус ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ мӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мӕ бинонты цард фехӕла, ӕмӕ йӕ лӕгӕн зӕгъа, кӕй йын хатыр кӕны ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕнды хицӕн кӕнын. Фӕлӕ лӕг йӕ усы ныхӕстӕ куы ницӕмӕ ’рдара ӕмӕ дзы уӕддӕр куы ахицӕн уа, уӕд та йӕ хабар куыд уыдзӕн? Ус цӕттӕ кӕй у, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна ӕмӕ дарддӕр дӕр иумӕ цӕрой, уымӕ гӕсгӕ лӕгӕн нӕй бар, цӕмӕй ногӕй бинонтӕ скӕна. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ куы бакӕна, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ та йӕ усыл, ома кӕй ныууагъта, ууыл, ногӕй гадзрахатӕй рацыд. Ӕмӕ та йын йӕ хъуыддаг ӕвзардзӕн барадон комитет (1 Кор. 5:1, 2; 6:9, 10).

Лӕг ногӕй бинонтӕ куы скӕна, Библимӕ гӕсгӕ йын уый бар куы нӕ уа, афтӕмӕй, уӕд ӕмбырд цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса йӕ раздӕры бинонтӕм ӕмӕ йӕ ног бинонтӕм? Кӕмӕй ахицӕн, уыцы усимӕ, Библимӕ гӕсгӕ, уӕддӕр лӕг ӕмӕ усыл нымад уыдзысты? Гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы цардӕмбалӕн ма йӕ бон уыдзӕн аскъуыддзаг кӕнын, ныххатыр ын кӕна ӕви нӕ? Ӕмӕ ныр лӕгӕн ног бинонтӕ кӕй ис, уый дӕр хӕтындзинадыл нымад у?

Раздӕр ӕмбырд уымӕ ахӕм цӕстӕй каст: цалынмӕ лӕгӕн йӕ фыццаг ус ӕгас у кӕнӕ не смой кодта, йе та йӕм цалынмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн нӕ уа, уӕдмӕ, лӕгӕн ног бинонтӕ кӕй ис, уый нымад у хӕтындзинадыл. Фӕлӕ Матфейы 19:9 стихы Йесо сӕйраджыдӕр, гадзрахатӕй кӕуыл рацыдысты, уыцы цардӕмбалы кой нӕ кодта. Йесо бамбарын кодта, лӕгӕн Библимӕ гӕсгӕ бар куы нӕ уа, афтӕмӕй йӕ усӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ног бинонтӕ куы скӕна, уӕд хӕтгӕ кӕй кӕны. Уӕдӕ дзы кӕй ахицӕн ӕмӕ ног бинонтӕ кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усыл нымад нал сты.

«Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матф. 19:9)

Лӕг йӕ усӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ног бинонтӕ куы скӕна, уӕд усӕн йӕ бон нал уыдзӕн аскъуыддзаг кӕнын, ныххатыр ын кӕна ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус нал сты. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕ хӕссыны уаргъӕй сӕрибар уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай, лӕгӕн ног бинонтӕ кӕй ис, уый ӕмбырд хӕтындзинадыл нӕ нымайдзӕн b.

Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ лӕг йӕ усыл гадзрахатӕй нӕ рацыд, фӕлӕ дзы уӕддӕр ахицӕн ӕмӕ ӕндӕры ракуырдта. Кӕнӕ ма вӕййы афтӕ дӕр: лӕг хӕтгӕ нӕ кодта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ усӕй ахицӕн, фӕлӕ уый фӕстӕ кӕимӕдӕр фӕхӕтыд. Ӕмӕ йын кӕд йӕ ус ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ у, уӕддӕр ӕндӕры ракуырдта. Ахӕм уавӕрты, лӕг йӕ усӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры куы ракура,– уый та уыдзӕн хӕтындзинад,– уӕд лӕг ӕмӕ усыл нымад нал уыдзысты. Йӕ усыл нымад уыдзӕн йӕ дыккаг ус. 2006 азы 15 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 30 фарсыл (уырыс.) фыст уыд: «Ныр ын ис ног бинонтӕ. Ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ йӕ дыккаг усӕй ӕнӕуи ахицӕн уа ӕмӕ та йӕ фыццаг усимӕ сӕ цард баиу кӕной. Йӕ фыццаг усӕй кӕй ахицӕн, кӕимӕдӕр кӕй фӕхӕтыд ӕмӕ ӕндӕры кӕй ракуырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фыццаг усимӕ лӕг ӕмӕ усыл нымад нал сты».

Кӕд ныртӕккӕ ацы хабар ӕндӕрхуызон ӕмбарын кӕнӕм, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ бинонты цард табуйаг нал у кӕнӕ хӕтындзинад стыр тӕригъӕд нӕу. Чырыстон йӕ усӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры куы ракура, Библимӕ гӕсгӕ йын уый бар куы нӕ уа, афтӕмӕй, уӕд ын йӕ хъуыддаг ӕвзардзӕн барадон комитет, уымӕн ӕмӕ уый нымад у хӕтындзинадыл. (Кӕд йӕ ног ус дӕр чырыстон у, уӕд уымӕн дӕр йӕ хъуыддаг ӕвзардзӕн барадон комитет.) Ныр ын ног бинонтӕ кӕй ис, уый кӕд хӕтындзинадыл нымад нӕу, уӕддӕр ыл ӕмбырды бирӕ азты дӕргъы ницы хӕстӕ уыдзӕн. Стӕй хъуамӕ рацӕуа рӕстӕг, цӕмӕй йӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕвзӕр цӕстӕй мауал кӕсой ӕмӕ, цы сарӕзта, уый сӕ рох кӕнын райдайа. Хъӕуы ма ахъуыды кӕнын, кӕй ныууагъта, уыцы ус ныртӕккӕ цы уавӕры ис, ууыл дӕр (уӕлдайдӕр ыл кӕд зонгӕ-зонын рацыд гадзрахатӕй, уӕд), стӕй сын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд уыдон дӕр ныртӕккӕ цы уавӕры сты, ууыл (Мал. 2:14–16).

Уӕдӕ федтам, чырыстонӕн Библимӕ гӕсгӕ бар куы нӕ вӕййы, афтӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй куы ахицӕн вӕййы ӕмӕ ног бинонтӕ куы скӕны, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ бинонты цардмӕ кӕсой Йегъовӕйы цӕстӕй ӕмӕ йӕ нымайой табуйагыл (Еккл. 5:4, 5; Дзут. 13:4).

a Кӕд ацы статьяйы, лӕг йӕ усыл куы рацӕуа гадзрахатӕй, уый кой цӕуы, уӕддӕр, Марчы 10:11, 12 стихтӕм гӕсгӕ, Йесойы ныхӕстӕ хауынц усмӕ дӕр.

b Раздӕр ацы хабар ӕндӕрхуызон ӕмбӕрстам. Афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ, лӕгӕн ног бинонтӕ кӕй ис, уый дӕр нымад у хӕтындзинадыл, цалынмӕ йӕ фыццаг ус ӕгас у кӕнӕ ногӕй не смой кодта, йе та йӕм цалынмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн нӕ уа, уӕдмӕ.