Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ дзыхыныхасӕй иннӕтӕн фӕзминаг дӕ?

Дӕ дзыхыныхасӕй иннӕтӕн фӕзминаг дӕ?

«Дзыхыныхасӕй... фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн» (1 ТИМ. 4:12).

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Нӕ бон дзурын кӕй у, уый нын кӕй лӕвар у?

 НӔ БОН дзурын кӕй у, уый у нӕ уарзӕгой Хуыцауы лӕвар. Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд уымӕн суанг райдианӕй дӕр йӕ бон уыди дзурын ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнын. Йӕ бон ма уыди ног дзырдтӕ ӕрхъуыды кӕнын дӕр ӕмӕ афтӕмӕй йӕ дзырдты къӕбиц фӕфылдӕр кӕнын. Уый фӕрцы цӕрӕгойтӕн се ’ппӕтӕн дӕр нӕмттӕ радта (Райд. 2:19). Ӕмӕ куыд цин кодта, фыццаг хатт йӕхи хуызӕн адӕймагимӕ, йӕ рӕсугъд ус Евӕимӕ, куы ныхас кодта, уӕд! (Райд. 2:22, 23).

2. Раджы заманты адӕм Хуыцауы лӕварӕй раст кӕй нал пайда кодтой ӕмӕ дзы абон дӕр раст кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

2 Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ адӕм Хуыцауы лӕварӕй раст нал пайда кодтой. Хӕйрӕг Евӕйы асайдта, ӕмӕ уый тыххӕй адӕм сарӕзтой тӕригъӕд ӕмӕ систы ӕнӕххӕст (Райд. 3:1–4). Адам, кӕй фӕрӕдыд, уый фӕкодта Евӕйы аххос ӕмӕ ма суанг Йегъовӕйы аххос дӕр (Райд. 3:12). Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕйы асайдта (Райд. 4:9). Фӕстӕдӕр Каины байзӕддаг Ламех цы ӕмдзӕвгӕ ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, уыцы рӕстӕг адӕм куыд ӕгъатыр уыдысты, уый (Райд. 4:23, 24). Абон та хабар куыд у? Политиктӕ адӕмы раз ӕвзӕр дзыхӕй фӕдзурынц ӕмӕ ӕфсӕрмы дӕр нӕ фӕкӕнынц. Киноты дӕр арӕх фехъусӕн вӕййы ӕнӕгъдау ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ. Адӕм, гыццылӕй-стырӕй, ӕвзӕр дзыхӕй дзурынц. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ӕгъдау сӕм кӕй нал ис.

3. Къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ӕдзух цы ӕвзӕр ныхӕстӕ хъусӕм, уыдоныл, гӕнӕн ис, нӕ хъус сахуыр уа. Ӕмӕ, къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр ахӕм ныхӕстӕ дзурын райдайдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй ма дзурӕм, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма нӕ дзыхыныхасӕй Хуыцауы кадджын кӕнӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын: 1) хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, 2) ӕмбырды куы вӕййӕм ӕмӕ 3) ӕнӕуи искӕимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ уал ӕркӕсӕм, Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы, цы фӕдзурӕм, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ КУЫДФӔНДЫЙЫ ЦӔСТӔЙ НӔ КӔСЫ, ЦЫ ФӔДЗУРӔМ, УЫМӔ

Адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй у, уый (кӕс 4, 5 абзацтӕ) d

4. Малахи 3:16 стихӕй куыд зыны, цы фӕдзурӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы?

4 Бакӕс Малахийы 3:16. Йегъовӕ лӕмбынӕг фӕхъусы, чи дзы тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны ныхӕстӕм. Ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ ныффыссы «зӕрдылдарӕн чиныджы». Цымӕ цӕмӕн? Нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Цӕуыл фӕдзурӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы уарзӕм ӕви нӕ. Ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн та ныфс ӕвӕры, ног дунейы ӕнустӕм амондджынӕй кӕй цӕрдзысты.

5. а) Цы фӕдзурӕм, уый нӕ лӕггадимӕ куыд баст у? б) Ӕркӕс нывмӕ. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм?

5 Цы фӕдзурӕм ӕмӕ иннӕтимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уымӕй кӕнгӕ у, Йегъовӕ нын нӕ лӕггадӕй райгонд уыдзӕн ӕви нӕ (Иак. 1:26). Хуыцауы чи нӕ уарзы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕкӕнынц тызмӕг ӕмӕ схъӕл ныхас, стӕй иннӕтыл сӕ маст акалынц (2 Тим. 3:1–5). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Мах тынг фӕнды нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уацамынды кӕнӕ ӕмбырды иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм, нӕ бинонтимӕ та тызмӕг ӕмӕ схуыст ныхас куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд нӕ уыдзӕн (1 Пет. 3:7).

6. Кимберлийӕн йӕ дзыхыныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй уыд, уый фӕрцы йыл цавӕр хорз хабар ӕрцыд?

6 Нӕ дзыхыныхасӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм кӕй стӕм. Уый фӕрцы адӕм фенынц, «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Ӕркӕсӕм хо Кимберлийы хабармӕ b. Хистӕр кълӕсты куы ахуыр кодта, уӕд ын йӕ къласаг чызгимӕ хӕслӕвӕрд радтой. Куы йӕ цӕттӕ кодтой, уӕд уыцы чызг бафиппайдта, Кимберли иннӕтӕй тынг кӕй хицӕн кодта. Иннӕты фыдкой нӕ кодта, ӕвзӕр дзыхӕй нӕ дзырдта, стӕй алкӕддӕр дзырдта хорз цӕуылдӕрты. Гъемӕ уыцы чызджы Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд. Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, нӕ дзыхыныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ куы вӕййы ӕмӕ уый фӕрцы адӕмы рӕстдзинад базонын куы бафӕнды, уӕд!

7. Дӕ бон дзурын кӕй у, уыцы лӕварӕй дӕ куыд фӕнды пайда кӕнын?

7 Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм, стӕй уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕнӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр иннӕтӕн «дзыхыныхасӕй... фӕзминаг» уӕм? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ.

ХОРЗ ХАБАР КУЫ ФӔХЪУСЫН КӔНӔМ

Уацамынды адӕмимӕ фӕлмӕнӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

8. Уацамынды нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?

8 Исчи дын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕддӕр йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу дзы дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, у нозтуарзаг, гуыбындзӕл, Хӕйрӕгимӕ баст, сабатбоны закъон халы, ӕмӕ ма йӕ Хуыцауы фауӕг дӕр схуыдтой (Матф. 11:19; 26:65; Лук. 11:15; Иоан. 9:16). Фӕлӕ-иу сын Йесо алывыдтӕ нӕ акалдта. Махӕн дӕр ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд-иу хъуамӕ Йесойы бафӕзмӕм (1 Пет. 2:21–23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хиуыл фӕхӕцын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы (Иак. 3:2). Фӕлӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

9. Уацамынды нын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕхиуыл фӕхӕцӕм?

9 Уацамынды дын исчи ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд-иу ма рамӕсты у. Ӕфсымӕр Сэм загъта: «Ӕз фылдӕр фӕхъуыды кӕнын, адӕймаджы кӕй хъӕуы рӕстдзинад базонын, стӕй йӕ бон аивын кӕй у, ууыл». Иуӕй-иу хатт нӕм адӕм смӕсты вӕййынц, кӕй сӕ батыхсын кодтам, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй. Иу хо, Люсийӕ, зӕгъгӕ, уацамынды мӕсты адӕймагыл куы сӕмбӕлы, уӕд Йегъовӕмӕ цыбыртӕй скувы ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуры, цӕмӕй йӕхиуыл фӕхӕца ӕмӕ адӕймагӕн мацы ӕфхӕрӕн ныхас зӕгъа. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у афтӕ кӕнын.

10. 1 Тимофеймӕ 4:13 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ разы цавӕр нысан хъуамӕ сӕвӕрӕм?

10 Архай, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсай. Тимофей уыди фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ уый дӕр хъуыди архайын, цӕмӕй ноджы хуыздӕр арӕхстаид иннӕты ахуыр кӕнынмӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:13.) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм? Хъуамӕ-иу нӕхи хорз бацӕттӕ кӕнӕм. Ис нын бирӕ кусӕнгӕрзтӕ. Зӕгъӕм, хорз уынаффӕтӕ ссарӕн ис брошюрӕйы «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн», стӕй «Кусӕн тетрад»-ы, хайы «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн». Ацы кусӕнгӕрзтӕй фӕпайда кӕныс? Дӕхи-иу хорз куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд къаддӕр тыхсдзынӕ ӕмӕ ныфсджындӕрӕй хъусын кӕндзынӕ.

11. Иуӕй-иутӕн цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсой?

11 Нӕ бон ма у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр ахуыр кӕнын. Гыццыл раздӕр кӕй кой уыди, уыцы ’фсымӕр, Сэм, фӕхъуыды кӕны, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ афтӕ хорз цӕмӕн арӕхсынц, ууыл. Уый фӕкӕсы ӕмӕ фӕхъусы, иннӕтӕн рӕстдзинад куыд фӕамонынц, уымӕ, ӕмӕ стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ фӕархайы. Хо Талийӕ та лӕмбынӕг фӕхъусы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты раныхӕстӕм. Уый фӕрцы йын ныр хорз уайы уацамынды адӕмимӕ ныхас кӕнын, арӕхдӕр сӕм цы фарстатӕ вӕййы, уыдоныл.

ӔМБЫРДЫ КУЫ ВӔЙЙӔМ

Ӕмбырды зӕрдиагӕй куы фӕзарӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

12. Иуӕй-иутӕн зын цы вӕййы?

12 Ӕмбырды не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон вӕййы Йегъовӕйы кадӕн зарын ӕмӕ хорз дзуаппытӕ дӕттын (Пс. 22:22). Фӕлӕ иуӕй-иутӕн адӕмы ’хсӕн зарын кӕнӕ дзуаппытӕ дӕттын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Кӕд дӕуӕн дӕр уый зын вӕййы, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндид базонын, иннӕтӕн цы баххуыс кодта.

13. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырдты зӕрдиагӕй зарай?

13 Зӕрдиагӕй зар. Ӕмбырдты сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕзарӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Хо Сарӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын зарын хорз нӕ уайы. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕнды зарджытӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕны, уӕд зарджытӕ дӕр азары. Стӕй фӕхъуыды кӕны, зарджыты ныхӕстӕ куыд баст сты, ӕмбырды цы темӕтӕ цӕудзысты ӕвзӕрст, уыдонимӕ. Сарӕ загъта: «Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнон, куыд зарын, ууыл нӕ, фӕлӕ зарӕджы ныхӕстыл».

14. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттай?

14 Архай, цӕмӕй-иу алы ӕмбырды дӕр дзуапп раттай. Иуӕй-иутӕн тынг зын вӕййы ӕмбырды дзуапп раттын. Талийӕ загъта: «Адӕмы ’хсӕн куы вӕййын ӕмӕ исты куы фӕдзурын, уӕд тынг стыхсын, кӕд уый мӕ хъӕлӕсы уагӕй бӕрӕг нӕ вӕййы, уӕддӕр. Ӕмӕ мын дзуапп раттын дӕр тынг зын вӕййы». Фӕлӕ Талийӕ уӕддӕр ӕмбырдты дзуапп фӕдӕтты. Ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕны, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, фыццаг дзуапп кӕй хъуамӕ уа цыбыр ӕмӕ комкоммӕ. Талийӕ ма загъта: «Ӕз ахъуыды кодтон, зӕгъын, фарстайӕн цыбыр ӕмӕ хуымӕтӕг дзуапп куы раттон, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ахӕм дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кӕсы».

15. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй нын дзуаппытӕ дӕттын ӕнцондӕр уа?

15 Ӕфсӕрмыгӕнаг чи нӕу, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр хатт зын вӕййы дзуапп раттын. Хо Джулиет загъта: «Хатт мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мӕ дзуапп ӕгӕр хуымӕтӕг уыдзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй дзуапп раттынмӕ мӕ ныфс нӕ фӕхӕссын». Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы. Уымӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, нӕ дзуаппытӕй йӕ куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд, кӕд уымӕ хатт нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уӕддӕр c.

ӔНӔУИ ИСКӔИМӔ КУЫ ФӔНЫХАС КӔНӔМ

16. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

16 «Ӕфхӕрӕн ныхас» ма кӕн (Еф. 4:31). Куыд загътам, афтӕмӕй чырыстонӕн йӕ дзыхӕй хъуамӕ иу ӕвзӕр, иу чъизи ныхас дӕр ма схауа. Фӕлӕ ма хъуамӕ иу цӕмӕйдӕр нӕхи хизӕм. Хатт адӕймаг фӕкӕны, ӕргом ӕфхӕрӕн ныхас кӕй нӕй схонӕн, ахӕм ныхӕстӕ. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, иу адӕмыхатт иннӕимӕ бара, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй афтӕ уайа, цыма уыдон ӕвзӕрдӕр сты. Фӕлӕ чырыстӕттӕн ахӕм ныхӕстӕ кӕнын дӕр не ’мбӕлы. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ ма кӕнӕм, адӕймаджы зӕрдӕ кӕмӕй скъахдзыстӕм, ахӕм ныхӕстӕ. Иу ӕфсымӕр загъта: «Хатт-иу хынджылӕгӕй кӕмӕндӕр ӕлхыскъ ныхӕстӕ кодтон ӕмӕ-иу адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтон. Мӕхимӕ та афтӕ каст, ӕмӕ ахӕмӕй ницы загътон. Мӕ бинойнаг мын тынг баххуыс кодта фӕивынӕн. Ме ’лхыскъ ныхӕстӕй-иу ын йӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кодтон кӕнӕ-иу ӕндӕр искӕй куы фӕхъыг кодтон, уӕд-иу мын уый фӕстӕ уый тыххӕй хибарӕй загъта. Бахъуыди мӕ цалдӕр азы, цӕмӕй ахӕм ныхӕстӕ мауал кодтаин».

17. Ефесӕгтӕм 4:29 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ бон куыд вӕййы иннӕты бафидар кӕнын?

17 Дзур, иннӕты чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ. Хъаст-иу ма кӕн ӕмӕ-иу иннӕтыл фаутӕ ма ӕвӕр, фӕлӕ-иу сӕ раппӕл. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:29.) Израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг, фӕлӕ ӕдзух хъаст кодтой. Исчи истӕмӕй куы хъаст кӕна, уӕд уый та хӕцгӕ низӕй уӕлдай нӕу. Хъуыды ма йӕ кӕныс, дӕс сгарӕджы ныхӕсты тыххӕй хабар куыд рауад? «Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой» (Ным. 13:31–14:4). Фӕлӕ адӕймагӕй куы раппӕлай, уӕд та йыл базыртӕ базайы. Зӕгъӕм, Йеффайы чызгӕй-иу йе ’мбӕлттӕ кӕй раппӕлыдысты, уый дӕр ын, ӕвӕццӕгӕн, баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр цатыры цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаид (Тӕрх. 11:40). Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Сарӕ, загъта: «Иннӕтӕй куы раппӕлӕм, уӕд бамбарынц, Йегъовӕ сӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ сын йӕ организацийы сӕхи бынат кӕй ис». Уӕдӕ-иу фадӕттӕ агур, цӕмӕй-иу иннӕтӕй зӕрдиагӕй раппӕлай.

18. Псалом 15:1, 2 стихтӕм гӕсгӕ, сайгӕ цӕуылнӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕмӕ уымӕ цы хауы?

18 Ма сай. Куы сайӕм ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд нӕ уыдзӕн. Ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны (Ӕмб. 6:16, 17). Абон бирӕтӕм асайын ӕппындӕр ницы кӕсы. Фӕлӕ мах уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм. (Бакӕс Псалом 15:1, 2.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕргом искӕй асайӕм, уый кой нӕм уӕвгӕ дӕр нӕй. Фӕлӕ хъуамӕ барӕй ахӕм ныхӕстӕ дӕр ма кӕнӕм, цӕмӕй, цы дзурӕм, уый адӕймаг ӕндӕрхуызон бамбара.

Искӕй фыдкой куы нӕ кӕнӕм, фӕлӕ-иу ныхас иннӕрдӕм куы аздахӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм (кӕс 19 абзац)

19. Нӕ зӕрдыл ма ноджыдӕр цы хъуамӕ дарӕм?

19 Иннӕты фыдкой ма кӕн (Ӕмб. 25:23; 2 Фес. 3:11). Джулиет загъта: «Исчи искӕй фыдкой куы фӕкӕны, уӕд мын тынг зын вӕййы. Стӕй, иннӕты фыдкой чи фӕкӕны, уыцы адӕймагыл нал феууӕндын. Ахъуыды кӕнын, зӕгъын, иннӕты кой кӕм кӕны, уым мӕ кой нӕ ракӕндзӕн?» Искӕимӕ куы ныхас кӕнай ӕмӕ йӕ куы бамбарай, кӕйдӕр фыдкой кӕнын кӕй райдыдта, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй ныхас иннӕрдӕм аздахай (Кол. 4:6).

20. Нӕ фидар фӕнд цы у?

20 Абон бирӕтӕ ӕвзӕр дзыхӕй кӕй фӕдзурынц ӕмӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ тынг архайӕм, цӕмӕй нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар, ӕмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, уыцы лӕварӕй куыд пайда кӕнӕм, уымӕ. Зӕрдиагӕй куы архайӕм, цӕмӕй йӕ нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнӕм,– хорз хабар хъусын кӕнӕм, ӕмбырды уӕм ӕви ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнӕм,– уӕд нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. Ацы ӕнӕхуыцау дуне куы нал уа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы нӕ дзыхыныхасӕй кадджын кӕнын (Иуд. 15). Уӕдмӕ та нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм! (Пс. 19:14).

121 ЗАРӔГ Хъӕуы нӕ хиуылхӕцындзинад

a Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Фӕлӕ, хъыгагӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр уыцы лӕварӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ нӕ пайда кӕнынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хӕлд дуне ма фӕзмӕм ӕмӕ нӕ дзыхыныхасӕй иннӕты фидар кӕнӕм? Нӕ бон куыд у нӕ дзыхыныхасӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, ӕмбырды куы вӕййӕм ӕмӕ ӕнӕуи искӕимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйӕ.

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттыны тыххӕй фылдӕр кӕс статьяйы «Йегъовӕйы кадджын кӕн ӕмбырды» 2019 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

d НЫВ. Ӕфсымӕр ис уацамынды, ӕмӕ, йемӕ чи хыл кӕны, уыцы нӕлгоймагмӕ мӕстӕй рафыхт; ӕфсымӕр ӕмбырды зарӕджы рӕстӕг нӕ зары; хо кӕйдӕр фыдкой кӕны.