Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ арфӕ кӕны, иннӕтӕн чи хатыр кӕны, уыдонӕн

Йегъовӕ арфӕ кӕны, иннӕтӕн чи хатыр кӕны, уыдонӕн

«Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (КОЛ. 3:13).

130 ЗАРӔГ Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

 ЙЕГЪОВӔ у не Сфӕлдисӕг, нӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ нӕ Тӕрхонгӕнӕг. Фӕлӕ ма уый у нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дӕр (Пс. 100:3; Ис. 33:22). Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна, зӕрдиагӕй сыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ уый йӕхи дӕр тынг фӕнды (Пс. 86:5). Пехуымпар Исайы уылты нын Йегъовӕ фӕлмӕнӕй зӕрдӕ ӕвӕры: «Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд уын митау урс фестдзысты» (Ис. 1:18).

2. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

2 Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ иннӕты цӕмӕйдӕрты фӕхъыг кӕнӕм (Иак. 3:2). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, семӕ ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм, уый гӕнӕн нӕй. Уымӕн гӕнӕн ис, хатыр кӕнын куы зонӕм, уӕд (Ӕмб. 17:9; 19:11; Матф. 18:21, 22). Хатт кӕрӕдзи гыццыл цӕмӕйдӕрты фӕхъыг кӕнӕм. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм (Кол. 3:13). Цӕмӕн? Куы фӕрӕдийӕм, уӕд Йегъовӕ махӕн дӕр «зӕрдиагӕй» ныххатыр кӕны (Ис. 55:7).

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон куыд у Йегъовӕйау хатыр кӕнын? Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр тӕригъӕдты тыххӕй фӕхъӕуы радзурын? Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм? Ӕмӕ, кӕйдӕр тӕригъӕдтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыцы чырыстӕтты хабӕрттӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

ЧЫРЫСТОН УӔЗЗАУ ТӔРИГЪӔД КУЫ САРАЗА

4. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд куыд хъуамӕ бакӕна? б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы вӕййы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыимӕ куы фембӕлынц, уӕд?

4 Исчи уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд-иу уый тыххӕй хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзурӕм. Уӕззау тӕригъӕдтыл цавӕр тӕригъӕдтӕ сты нымад? Иуӕй-иуты тыххӕй фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10 стихты. Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд Хуыцауы закъӕттӕ фехалы. Чырыстон ахӕм тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ скува ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕна, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна. Стӕй йӕ тӕригъӕды тыххӕй хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр радзура (Пс. 32:5; Иак. 5:14). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс цы вӕййы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй адӕймагӕн Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы йӕ тӕригъӕд кӕронмӕ ныххатыр кӕна *. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй-иу Фыстадмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕной, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн йӕ бон ӕмбырды баззайын у ӕви нӕ (1 Кор. 5:12). Фӕхъӕуы сӕ, зӕгъӕм, ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: адӕймаг ахӕм хъуыддаг саразын рагацау сфӕнд кодта? Тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый иннӕтӕй ӕмбӕхста? Уыцы тӕригъӕд иу хатт сарӕзта, ӕви афтӕ цасдӕр рӕстӕг кодта? Уӕлдайдӕр та хъуамӕ ахъуыды кӕной, бӕрӕг у ӕви нӕ, йӕ тӕригъӕдыл зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кодта, уый (Хъуыд. 3:19).

5. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн баххуыс кӕныныл куы фӕархайынц, уӕд уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр цы пайда ӕрхӕссы?

5 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыимӕ куы фембӕлынц, уӕд сӕ нысан вӕййы, цӕмӕй уыдон дӕр, Йегъовӕ уӕлӕрвты цы уынаффӕ рахаста, ахӕм уынаффӕ рахӕссой (Матф. 18:18). Уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр пайда ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд Йегъовӕйы зынаргъ фыстӕн тӕссаг нӕ вӕййы, йӕ зондыл кӕй ацӕудзысты, уымӕй (1 Кор. 5:6, 7, 11–13; Тит. 3:10, 11). Уымӕй уӕлдай ма уый фӕрцы, гӕнӕн ис, тӕригъӕдджын ӕрфӕсмон кӕна, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (Лук. 5:32). Йӕ тӕригъӕдыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕймаджы тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ фӕкувынц, цӕмӕй йын баххуыс кӕна ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууа (Иак. 5:15).

6. Кӕд адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд ма уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

6 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагимӕ куы фембӕлой, фӕлӕ уый куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты. Кӕд уыцы адӕймаг бӕстӕйы закъон фехӕлдта, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕ сӕрыл нӕ хӕцдзысты, цӕмӕй ӕфхӕрд ма баййафа. Йегъовӕ хицӕуттӕн ахӕм бар радта, цӕмӕй-иу, закъон чидӕриддӕр фехала, уымӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ йӕ йӕ фыдракӕнды тыххӕй бафхӕрой, уӕлдай нӕу, ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ (Ром. 13:4). Фӕлӕ уый фӕстӕ адӕймаг йӕ рӕдыд куы бамбара, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ цард куы аива, уӕд ын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн (Лук. 15:17–24). Кӕд тынг стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр ын ныххатыр кӕндзӕн (2 Аз. 33:9, 12, 13; 1 Тим. 1:15).

7. Нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдзӕн?

7 Хорз ӕмӕ мах нӕ хъӕуы скъуыддзаг кӕнын, адӕймаг уый аккаг у ӕви нӕ, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна! Фӕлӕ иу цыдӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын. Иуӕй-иу хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймаг нӕ ныхмӕ тӕригъӕд сарӕзта, суанг уӕззау тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ нын стӕй загъта, ныххатыр мын кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ адӕймаг хатыр нӕ ракуры. Афтӕ куы уа, уӕддӕр нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, кӕй йын ныххатыр кӕндзыстӕм, ома йӕм нӕ зӕрдӕйы маст кӕй нал хӕсдзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уымӕн бахъӕудзӕн рӕстӕг. Стӕй нӕхи дӕр хъӕудзӕн цыдӕр саразын, уӕлдайдӕр нын кӕд нӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта, уӕд. 1994 азы 15 сентябры «Сторожевая башня»-йы фыст ис: «Чырыстон искӕмӕн куы ныххатыр кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы тӕригъӕд сарӕзта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта. Йегъовӕ у Дун-дунейы Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ алкӕддӕр фӕтӕрхон кӕны рӕстӕй. Ӕмӕ алцыдӕр йӕ афоныл сраст кӕндзӕн». Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй-иу адӕймагӕн ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ-иу хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнӕм?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔМӔН ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ИННӔТӔН ХАТЫР КӔНӔМ?

8. Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

8 Иннӕтӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Йесо иу фӕсномыг ныхасы Йегъовӕйы абарста, йӕ цагъарӕн стыр хӕс чи ныххатыр кодта, ахӕм паддзахимӕ. Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхи хуызӕн цагъармӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нӕ равдыста, кӕд дзы уый къаддӕр ӕхца дардта, уӕддӕр (Матф. 18:23–35). Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй ӕвдисы, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд мах дӕр иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзыстӕм (Пс. 103:9). Бирӕ азты размӕ иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Иннӕтӕн цасфӕнды ма ныххатыр кӕнӕм, уӕддӕр Хуыцау махӕй алкӕмӕн дӕр Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы бирӕ фылдӕр хатыр кӕны».

9. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕмӕ вӕййы? (Матфейы 6:14, 15).

9 Иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ (Матф. 5:7; Иак. 2:13). Уый бӕрӕг у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын цы загъта, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 6:14, 15.) Стӕй ма бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иовимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын цы загъта, уымӕй дӕр. Уыцы иузӕрдион адӕймагӕн йе ’ртӕ ӕмбалы – Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар – сӕ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕ Иовӕн загъта, цӕмӕй уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй скуывтаид. Ӕмӕ Иов афтӕ куы бакодта, уӕд ын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Иов 42:8–10).

10. Нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст куы хӕссӕм, уӕд уый тӕссаг цӕмӕй у? (Ефесӕгтӕм 4:31, 32).

10 Нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст куы хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзыстӕм. Уый уӕззау уаргъ у. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу уыцы уаргъӕй фервӕзӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32.) Йегъовӕ нын дзуры, «ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх», зӕгъгӕ (Пс. 37:8). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уый нӕ пайдайӕн уыдзӕн. Чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд не ’нӕниздзинад фӕцуддзӕн. Стӕй нӕ уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ ӕдзух уыдзыстӕм ныфссаст (Ӕмб. 14:30). Гъер марг куы бануазай, уӕд ӕвзӕрдӕр кӕмӕн уыдзӕн, искӕмӕн ӕви дӕхицӕн? Афтӕ у, искӕмӕ куы мӕсты кӕнай, уый дӕр. Фӕлӕ иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд нӕхицӕн хуыздӕр уыдзӕн (Ӕмб. 11:17). Нӕ зӕрдӕтӕ-иу ӕрсабыр уыдзысты, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.

11. Библийы маст исыны тыххӕй цы фыст ис? (Ромӕгтӕм 12:19–21).

11 Мастисӕг у Йегъовӕ. Йегъовӕ нын уый бар нӕ радта, цӕмӕй искӕмӕй нӕ маст исӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:19–21.) Мах ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нӕ бон нӕу Хуыцауы хуызӕн алцыдӕр зонын ӕмӕ алкӕддӕр хъуыддаг раст аскъуыддзаг кӕнын (Дзут. 4:13). Хатт та нӕ маст бакуырм кӕны, ӕмӕ, гӕнӕн ис, раст куыд у, афтӕ ма бакӕнӕм. Йегъовӕ Иаковӕн ахӕм ныхӕстӕ ныффыссын кодта: «Адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иак. 1:20). Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алы хъуыддаг дӕр рӕстӕй кӕй равзардзӕн.

Дӕ зӕрдӕйы маст мауал хӕсс. Алцыдӕр Хуыцауы бар бакӕн. Цы маст бавзӕрстай, уымӕй Йегъовӕ фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (кӕс 12 абзац)

12. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый нӕ кӕй уырны?

12 Иннӕтӕн куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, фидарӕй нӕ кӕй уырны, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый. Хъуамӕ-иу алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Уымӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ уырны, цы маст бавзӕрстам, уымӕй Йегъовӕ фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Ног дунейы нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уыдзысты, «ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17). Фӕлӕ нын исчи стыр маст куы бавзарын кӕна, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕм нӕ зӕрдӕйы маст мауал хӕссӕм? Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый кӕмӕн рауад, уыдоны хабӕрттӕм.

ИННӔТӔН КУЫ ХАТЫР КӔНӔМ, УӔД НЫН ЙЕГЪОВӔ АРФӔ КӔНДЗӔН

13, 14. Тони ӕмӕ Хосейы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ныххатыр кодтой, стыр маст сын чи бавзарын кодта, суанг уыдонӕн дӕр. Уый сын куыд баххуыс кодта?

14 Тони * цӕры Филиппинты. Рӕстдзинад куы базыдта, уымӕй бирӕ раздӕр ын иу нӕлгоймаг, Хосе, зӕгъгӕ, йӕ хистӕр ӕфсымӕртӕй иуы амардта. Тони тынг мӕстыгӕр уыд, ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ туджджынӕй йӕ маст райсын. Фӕлӕ Хосейы ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ фыдракӕнды тыххӕй ахӕстоны фӕбадт. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд Тони расомы кодта, уӕддӕр, дам, ӕй ссардзынӕн ӕмӕ, дам, ӕй удӕгасӕй нӕ ныууадздзынӕн. Пистолет дӕр ма балхӕдта. Цасдӕры фӕстӕ Тони Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ загъта: «Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтон, кӕй мӕ хъӕуы мӕ цард дӕр ӕмӕ мӕхи дӕр аивын. Ӕмӕ мӕ масты фӕдыл дӕр хъуамӕ мауал цыдаин». Ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста, ӕмӕ йӕ цасдӕры фӕстӕ хистӕр нӕлгоймагӕй снысан кодтой. Ӕмӕ куы базыдта, Хосе дӕр донаргъуыд кӕй райста, уӕд ма йӕ дисӕн кӕрон кӕм уыд! Куы фембӕлдысты, уӕд кӕрӕдзийӕн ныхъхъӕбыс кодтой. Ӕмӕ Тони Хосейӕн загъта, кӕй йын ныххатыр кодта. Тони куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хосейӕн кӕй ныххатыр кодта, уый йын ахӕм циндзинад ӕрхаста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Бӕрӕг у, Йегъовӕ Тонийӕн кӕй раарфӕ кодта, ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.

Питер ӕмӕ Сьюйы хабарӕй базонӕн ис, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст макӕмӕуал хӕссӕм (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15, 16. Питер ӕмӕ Сьюйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 1985 азы Питер ӕмӕ Сью ӕмбырды куы уыдысты, уӕд Паддзахады залы цыдӕр срӕмыгъта. Чидӕр дзы бомбӕ бавӕрдта. Сью тынг фӕцӕфтӕ, ӕмӕ йӕ цӕстытӕ ӕмӕ йӕ хъустӕ тынг бахъыгдард сты. Стӕй тӕфтӕ дӕр нал ӕмбӕрста *. Питер ӕмӕ-иу Сью арӕх хъуыды кодтой: «Ахӕм ӕбуалгъ ми чи бакодта, уымӕн цавӕр зӕрдӕ хъуамӕ уа?!» Уыцы хабарӕй бирӕ азты фӕстӕ уыцы фыдгӕнӕджы ӕрцахстой (Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд) ӕмӕ йын тӕрхон рахастой, цӕрӕнбонтӕм ахӕстоны кӕй баддзӕн. Питер ӕмӕ Сьюйы куы бафарстой, ныххатыр ын кодтат, зӕгъгӕ, уӕд уыдон загътой: «Йегъовӕ нӕ афтӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы маст макӕмӕ хӕссӕм, кӕннод, гӕнӕн ис, не ’нӕниздзинад фӕцуда, нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нын цард царды ад мауал кӕна. Ӕмӕ уыцы хабары фӕстӕ уайтагъд Йегъовӕмӕ кувын райдыдтам, цӕмӕй нын баххуыс кодтаид, ӕмӕ уыцы адӕймагмӕ нӕ зӕрдӕйы маст ма хастаиккам ӕмӕ та нӕ зӕрдӕты уыдаид фарн».

16 Цымӕ сын уыцы адӕймагӕн ныххатыр кӕнын ӕнцон уыд? Нӕ. Питер загъта: «Сью кӕй фӕцӕфтӕ, уый тыххӕй дзы исты куы фӕриссы, уӕд та смӕсты вӕййӕм. Фӕлӕ фӕархайӕм, цӕмӕй ууыл ӕгӕр ма хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд ӕрсабыр вӕййӕм. Гъеныр уыцы адӕймаг не ’фсымӕр куы суаид, уӕд ыл фӕцин кӕниккам. Цӕстмӕ ныхӕстӕ нӕ кӕнӕм. Ацы хабары фӕстӕ бамбӕрстам, Библийы уагӕвӕрдтӕ адӕймаджы, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййы, афтӕ кӕй ссӕрибар кӕнынц! Йегъовӕ нӕ тагъд нӕ мӕстытӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый дӕр нын у удӕнцойы хос».

17. Мирӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

17 Мирӕ рӕстдзинад куы базыдта, уӕд уыди моймӕдзыд ӕмӕ йын уыди дыууӕ гыццыл сывӕллоны. Фӕлӕ йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн не сси. Фӕстӕдӕр Мирӕйыл гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ йӕ бинонты ныууагъта. Мирӕ загъта: «Адӕймагыл, зынаргъ ын чи у, уый гадзрахатӕй куы рацӕуы, уӕд арвы цӕфау фӕвӕййы. Ахӕм хабар кӕй ӕрцыд, уый йӕ нӕ фӕуырны. Фӕзӕгъы, афтӕ куыд рауад, зӕгъгӕ, йӕхи фӕаххосджын кӕны ӕмӕ фӕмӕсты кӕны. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ уыдтӕн, мӕ лӕг мӕ нӕ дыууӕ сывӕллонимӕ куы ныууагъта, уӕд». Уый фӕстӕ дӕр бирӕ рӕстӕг Мирӕйӕн йӕ зӕрдӕйы рыст нӕ сабыр кодта. Мирӕ ма загъта: «Рӕстӕг цыди, фӕлӕ мӕ уӕддӕр уыцы маст хордта. Ӕмӕ ӕмбӕрстон, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕй дӕр кӕй дард кӕнын». Ныр Мирӕ йӕ сывӕллӕтты фыдмӕ йӕ зӕрдӕйы маст нал хӕссы. Ӕмӕ йӕ ныфс ис, иу бон уый дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй суыдзӕн. Мирӕ фылдӕр фӕхъуыды кӕны, фидӕны йӕм цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ӕмӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕны. Йӕ дыууӕ лӕппуйы дӕр Йегъовӕйы фӕндагыл слӕууын кодта. Ӕмӕ уыдон дӕр сӕ бинонтимӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ТӔРХОНӔЙ РАСТДӔР ТӔРХОН НӔЙ!

18. Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг Йегъовӕ куыд архайдзӕн?

18 Цы хорз у, адӕмӕн тӕрхон кӕнын мах кӕй нӕ хъӕуы! Йегъовӕ у Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ уыцы ахсджиаг хъуыддаг йӕхӕдӕг араздзӕн (Ром. 14:10–12). Йегъовӕ йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзӕн (Райд. 18:25; 1 Пад. 8:32). Раст цы нӕу, ахӕмӕй никуы ницы сараздзӕн!

19. Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕтӕрхон кӕны, уый фидӕны куыд равдисдзӕн?

19 Ӕнӕххӕстдзинады ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй цытӕ ’взарӕм, уыдонӕй Йегъовӕ фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Мах уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм! Нӕ буӕрттыл дӕр ностӕ нал баззайдзӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ дӕр байгас уыдзысты (Пс. 72:12–14; Рарг. 21:3, 4). Хъуыды дӕр сӕ никуыуал ӕркӕндзыстӕм. Уый диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! Фӕлӕ ныр дӕр Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, афтӕ нӕ кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй уый хуызӕн хатыргӕнаг уӕм.

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

^ Йегъовӕйы тынг фӕфӕнды, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын. Мах, йӕ лӕггадгӕнджыты, фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уымӕн-иу ныххатыр кӕнӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕхи бон кӕй у ныххатыр кӕнын, ахӕм тӕригъӕдтыл ӕмӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн кӕй тыххӕй фӕхъӕуы радзурын, ахӕм тӕригъӕдтыл. Аныхас ма кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый тыххӕй куыд арфӕ кӕндзӕн.

^ Кӕс 1996 азы 15 апрелы «Сторожевая башня», статья «Вопросы читателей».

^ Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

^ Кӕс 1992 азы 8 февралы «Пробудитесь!», 9–13 фӕрстӕ. Ноджыдӕр нӕ интернет-телеуынынады (JW Broadcasting®) бакӕс видеороликмӕ «Питер ӕмӕ Сью Шульц. Цы бӕллӕх ныл ӕрцыд, ууыл фӕуӕлахиз стӕм».