Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

27 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Дӕ нифс дарӕ Йеговӕбӕл»

«Дӕ нифс дарӕ Йеговӕбӕл»

«Дӕ нифс дарӕ Йеговӕбӕл, нифсхаст уо ӕма дӕ зӕрдӕ федар уӕд» (ПС. 27:14).

128 ЗАР Кӕронмӕ федар лӕууӕ

РАЗДЗУРД *

1. а) Йеговӕ нин цӕхуӕн нифс балӕвар кодта? б) Нӕ бон куд ӕй нӕ нифс Йеговӕбӕл дарун? (Кӕсӕ «Е ци нисан кӕнуй».)

 ЙЕГОВИ кадӕриддӕр уарзуй, уонӕн федӕнӕй дессаги нифс балӕвар кодта. Тагъд рӕстӕги кӕрон искӕндзӕй незтӕн, мастӕн ӕма мӕлӕтӕн (Рарг. 21:3, 4). Ӕ разамунди фӕрци «сабур адӕн» зӕнхӕй дзенет рауайун кӕндзӕнцӕ (Пс. 37:9–11). Удта нин нур ӕ хӕццӕ ци лимӕндзийнадӕ ес, е ба федӕни никки федардӕр исуодзӕй. Ӕцӕгӕйдӕр нин ци дессаги нифс балӕвар кодта! Фал ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл ба нӕ бон цӕмӕн ӕй ӕууӕндун? Уомӕн ӕма Йеговӕ ци дзурд раттуй, уой алкӕддӕр исӕнхӕст кӕнуй. Мадта нӕ бон ӕй нӕ нифс Йеговӕбӕл дарун (Пс. 27:14) *. Мах фӕразонӕй ӕма цийнӕгӕнгӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзиан, Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ (Ис. 55:10, 11).

2. Йеговӕбӕл ӕууӕнкӕ ке ес, уой куд бавдиста?

2 Йеговӕбӕл ӕууӕнкӕ ке ес, уой ӕности дӕргъи еу ӕма дууӕ хатти нӕ бавдиста. Зӕгъӕн, Раргомади киунуги финст ӕй, фӕстаг бӕнтти Йеговӕ «еугур адӕнтӕй, муггӕгтӕй, [ӕма] адӕнихӕттитӕй» ке ӕрӕмбурд кӕндзӕй адӕн, цӕмӕй ин еумӕйагӕй лӕггадӕ кӕнонцӕ. Еци къуар Библи хонуй «хъӕбӕр берӕ адӕн» (Рарг. 7:9, 10). Кӕд аллихузи адӕнихӕттитӕй ӕнцӕ, уӕддӕр еу бийнонти хузӕн ӕнцӕ ӕма кӕрӕдзей уарзунцӕ (Пс. 133:1; Иоан. 10:16). Уомӕй уӕлдай ма зингзӕрдӕй игъосун кӕнунцӕ. Етӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕуунцӕ, хуӕздӕр цардӕй нин нифс ке ес, уой туххӕй радзорунмӕ (Матф. 28:19, 20; Рарг. 14:6, 7; 22:17). Кӕд ду дӕр хъӕбӕр берӕ адӕни къуармӕ хауис, уӕд ӕнӕмӕнгӕй еци нифсӕн устур аргъ кӕнис.

3. Сайтан цӕбӕл архайуй?

3 Сайтани фӕндуй, цӕмӕй Хуцауи лӕггадгӕнгути сӕ нифсӕй фенӕхай кӕна. Архайуй, цӕмӕй нӕ баууӕндун кӕна, Йеговӕмӕ мах мӕтӕ ке нӕййес ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ дӕр ке не ’сӕнхӕст кӕндзӕй. Нӕ нифсӕй нӕ ку фенӕхай кӕна, уӕд нӕ къохтӕ ӕруадздзиан ӕма Хуцауӕн дӕр нӕбал лӕггадӕ кӕндзиан. Сайтан Иови хӕццӕ раст гъе уотӕ архайдта. Хъӕбӕр ӕй фӕндадтӕй, цӕмӕй Иови ӕ нифсӕй фенӕхай кӕна ӕма цӕмӕй Йеговӕй ӕхе рахата.

4. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан? (Иов 1:9–12).

4 Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Сайтан куд архайдта, цӕмӕй Иов ӕхе Йеговӕй рахаттайдӕ. (Бакӕсӕ Иов 1:9–12.) Мах базондзиан, Иови хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой. Удта ма радзордзиан, цӕйбӕрцӕбӕл ӕхсидзгӕ ’й ма иронх кӕнун, Йеговӕ нӕ ке уарзуй ӕма ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕй, уобӕл.

САЙТАН АРХАЙДТА, ЦӔМӔЙ ИОВИ Ӕ НИФСӔЙ ФЕНӔХАЙ КОДТАЙДӔ

5, 6. Цубур рӕстӕгмӕ Иовбӕл цитӕ ӕрцудӕй?

5 Иов хъӕбӕр хуарз цард кодта. Йегови цӕсти ин уӕлдай кадӕ адтӕй. Адтӕй ин устур ӕма ӕнгом бийнонтӕ ӕма берӕ мулк (Иов 1:1–5). Фал еунӕг бонмӕ, зӕгъӕн ес, ӕма ӕнӕ нецӕмӕй байзадӕй. Фиццаг бал е ’гас фонс дӕр фесафта (Иов 1:13–17). Удта ӕ зӕнӕг еугурӕйдӕр фӕммардӕнцӕ. Ӕ сувӕллон кӕмӕн рамӕлуй, уӕхӕн ниййерӕги рист нецӕмӕй ес рабарӕн. Иов ӕма ӕ бийнойнаг ку базудтонцӕ, сӕ дӕс сувӕллонемӕй еу дӕр ке нӕбал ӕй, уӕд арви цӕфау фӕцӕнцӕ! Ӕ фур рист ӕма мастӕй Иов «ӕ уӕледарӕс ӕрӕскъудта... ӕма зӕнхӕбӕл дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕй» (Иов 1:18–20).

6 Уой фӕсте Сайтан Иови ӕнӕнездзийнадӕмӕ бавналдта ӕма, адӕн илгъ кӕмӕ кӕнунцӕ, уӕхӕн нез ибӕл бафтудта (Иов 2:6–8; 7:5). Кӕддӕр Иовӕн адӕни астӕу кадгин ном адтӕй ӕма ма имӕ унаффӕ ракорунмӕ дӕр ӕрбацӕуиуонцӕ (Иов 31:18). Нур ба си еугурӕйдӕр сӕхе еуварс дарун райдӕдтонцӕ. Е ’нсувӕртӕ, е ’мбӕлттӕ ӕма ма ӕ лӕггадгӕнгутӕ дӕр сӕхе уотӕ дардтонцӕ, цума хъодигонд адтӕй (Иов 19:13, 14, 16).

Мах рӕстӕги дӕр Йегови Ӕвдесӕнтӕй беретӕ Иови хуарз лӕдӕрунцӕ, уомӕн ӕма е ци зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбалдӕй, етӕ дӕр уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ (кӕсӕ 7 абзац) *

7. а) Иови бон ке адтӕй ӕ гъезӕмӕртти фудгин кӕнун, фал куд нӕ бакодта? б) Ӕркӕсӕ хузӕмӕ. Хатгай киристӕнттӕ цӕхуӕн фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ?

7 Сайтан уотӕ бакодта, цӕмӕй Иовмӕ уотӕ кӕсун райдӕдтайдӕ, ӕма си Йеговӕ арази нӕбал ӕй. Зӕгъӕн, карз дунгӕ исистун кодта, цӕмӕй Иови зӕнӕг ци хӕдзари ӕрӕмбурд ӕнцӕ, е сӕбӕл никкалдайдӕ (Иов 1:18, 19). Удта уӕларвӕй арт ӕрцӕун кодта, цӕмӕй ин айдагъ ӕ фонс нӕ, фал ма ӕ фиййӕутти дӕр ранихъуардтайдӕ (Иов 1:16). Иови бон адтӕй расагъӕс кӕнун: «Кӕд дунгӕ ӕма арт уӕларвӕй ӕрцудӕнцӕ, уӕд сӕ Хуцау рарвиста. Ӕвӕдзи ин естӕмӕй ӕ зӕрдихудти бацудтӕн». Цийфӕнди гъудитӕ имӕ ма фӕззиндтайдӕ, уӕддӕр ӕ уӕларвон Фиди нӕ ралгъиста. Йеговӕ ин цидӕриддӕр хуарздзийнӕдтӕ искодта, етӕ си иронх н’ адтӕнцӕ. Уомӕ гӕсгӕ Иов уӕхӕн хатдзӕгмӕ ӕрцудӕй: кӕд Хуцауӕй хуарз райсунмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд си лӕгъуз райсунмӕ дӕр цӕттӕ уо. Е загъта: «Табу уӕд Йегови номӕн алкӕддӕр» (Иов 1:20, 21; 2:10). Иов Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй, кӕд уойбӕрцӕ рист ӕма маст бавзурста, уӕддӕр. Фал Сайтан уоййадӕбӕл не ’рлӕудтӕй.

8. Идарддӕр Сайтан куд архайдта?

8 Сайтан Иовбӕл хийнӕй рацудӕй ӕма ин е ’ртӕ ’мбалемӕй испайда кодта, цӕмӕй ӕхемӕ нецӕййаг кӕсун райдӕдтайдӕ. Еци ӕртӕ нӕлгоймаги Иовӕн загътонцӕ, дӕ фудракӕндти, дан, ранигъулдтӕ ӕма, дан, дӕбӕл аци бӕллӕхтӕ дӕр уой туххӕй ӕрцудӕнцӕ (Иов 22:5–9). Уӕхӕн гъудибӕл ӕй аразтонцӕ, ӕма, дан, дӕ хуарз гъуддӕгтӕ Хуцауи цӕсти неци ’нцӕ (Иов 4:18; 22:2, 3; 25:4). Сӕ дзурдтӕй уотӕ уадӕй, ӕма Хуцау Иови нӕ уарзуй, ӕ мӕтӕ имӕ ӕппундӕр нӕййес ӕма ин лӕггадӕ кӕнунӕй дӕр ке неци пайда ес. Уӕхӕн дзурдти фӕсте Иовӕн ӕ нифс еугур саст куд нӕ бакодта, е дессаг ӕй!

9. Иовмӕ уойбӕрцӕ зинтӕ исфӕразунмӕ хъауритӕ кӕцӕй разиндтӕй?

9 Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, Иов кутиау адтӕй, уой. Фунуки бадуй ӕма ӕ бауӕри ристӕй гъезӕмарӕ кӕнуй (Иов 2:8). Бӕллӕхтӕ ибӕл еу инней фӕсте никкалдӕнцӕ. Ӕ сувӕллӕнттӕ еугурӕйдӕр фӕммардӕнцӕ ӕма ӕ зӕрдӕ фур мастӕй фӕйнердӕмӕ тонуй. Цалдӕр бони Иов дзорунгъон дӕр н’ адтӕй. Уой фӕсте ба ин е ’мбӕлттӕ аллихузи ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ кӕнун райдӕдтонцӕ (Иов 2:13–3:1). Ӕвӕдзи, ке неци дзоруй, уомӕ гӕсгӕ сӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма Иов ӕхе Сфӕлдесӕгӕй рахадта. Куд хъӕбӕр рӕдуйунцӕ! Еу афони Иов ӕ сӕрбӕл исхуӕстӕй, ба сӕмӕ кастӕй ӕма син загъта: «Цалинмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуцаубӕл мӕ зӕрдӕ не ’сӕййевдзӕн!» (Иов 27:5). Уойбӕрцӕ хъауритӕ имӕ кӕцӕй разиндтӕй? Федар нифс ӕй адтӕй, Хуцау ӕй ке нӕ ниууадздзӕй ӕма еци зинтӕн кӕрон ке искӕндзӕй. Иов ӕй федарӕй зудта: ку рамӕла, уӕд дӕр ӕй Йеговӕ райгас кӕндзӕй (Иов 14:13–15).

НӔ БОН КУД ӔЙ ИОВИ ХУЗӔН АРХАЙУН?

10. Иови хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Иови хабарӕй бӕрӕг ӕй, Сайтани бон ке нӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй нӕхе Йеговӕй рахатӕн, удта ма Йеговӕ хуарз ке зонуй, ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони дӕр. Гъӕйдӕ мадта ӕркӕсӕн, Иови хабарӕй ма никкидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

11. Алкӕддӕр нӕ нифс Йеговӕбӕл ку дарӕн, уӕд нӕ бон цӕбӕл уодзӕй федарӕй ӕууӕндун? (Иакови 4:7).

11 Иови цардӕй бӕрӕг ӕй: Йеговӕбӕл алкӕддӕр нӕ нифс ку дарӕн, уӕд нӕ бон исуодзӕй цийфӕнди фӕлварӕнтӕ дӕр исфӕразун ӕма Сайтани нихмӕ федар фӕллӕуун. Ӕма уӕд, Библий куд финст ӕй, уотемӕй ни Сайтан раледздзӕй. (Бакӕсӕ Иакови 4:7.)

12. Иови райгасдзийнади нифс ке адтӕй, е ин хъауритӕ куд лӕвардта?

12 Гъӕуама федарӕй ӕууӕндӕн, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл. Ай размӕ, еци статьяй куд загъд адтӕй, уотемӕй, ӕгас адӕн дӕр мӕлӕтӕй ке тӕрсунцӕ, уомӕй Сайтан арӕх испайда кӕнуй, цӕмӕй Хуцауӕй нӕхе рахатӕн. Иовӕй уотӕ дзурдта, ӕ цард багъӕуай кӕнуни туххӕй, дан, алцӕбӕлдӕр арази уодзӕй, Хуцауӕй дӕр, дан, ӕхе рахатдзӕй. Фал уомӕй хъӕбӕр рӕдудӕй. Иовмӕ уотӕ ку фӕккӕсидӕ, ӕма ӕ адзал хӕстӕг ӕй, уӕддӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон фӕууидӕ. Ӕ Хуцау фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй ӕма гъуддаг ке исраст кӕндзӕй, уобӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кодта, ӕма ин е хъауритӕ лӕвардта. Ӕууӕндтӕй ибӕл, цалинмӕ уодӕгас ӕй, уӕдмӕ ин Йеговӕ ку нӕ банхус кӕна, уӕддӕр ӕй федӕни ке райгас кӕндзӕй. Уомӕй ӕй федар нифс адтӕй. Махӕн дӕр уӕхӕн федар нифс ку уа, уӕд нӕхе Йеговӕй неци хузи рахатдзиан, сауӕнгӕ ма нин мӕлӕтӕй тӕссаг ку уа, уӕд дӕр.

13. Сайтан куд фӕййархайуй, уой цӕмӕн гъӕуама зонӕн?

13 Гъӕуама ӕй хуарз зонӕн, Сайтан Иови нихмӕ куд архайдта, уой, уомӕн ӕма абони мах нихмӕ дӕр уотӕ архайуй. Дӕ гъос ӕрдарай, Сайтан ци загъта, уомӕ: «Адӕймаг [айдагъ Иов нӕ] ӕ уоди туххӕй, цидӕриддӕр имӕ ес, уой ратдзӕй» (Иов 2:4, 5). Ӕ дзурдтӕй уотӕ уайуй, ӕма мах Йегови нӕ уарзӕн, ӕма нин естӕмӕй тӕссаг ку уа, уӕд си нӕхе рахатдзиан. Сайтани фӕндуй, цӕмӕй нӕмӕ уотӕ кӕсун райдайа, цума нӕ Йеговӕ нӕ уарзуй ӕма нӕ бон нӕй Хуцауи зӕрдӕ барохс кӕнун. Ӕ нисан цӕй медӕги ӕй, уой ке зонӕн, уой фӕрци ин ӕ мӕнгӕттӕбӕл неци хузи баууӕнддзиан.

14. Фӕлварӕнти ци рабӕрӕг уй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

14 Фӕлварӕнти рӕстӕг адӕймаг ӕхе хуӕздӕр базонуй. Иов зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбалдӕй, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй, исраст кӕнун ӕй ци гъӕуй, уой. Зӕгъӕн, ба ’й лӕдӕрдтӕй, сӕрниллӕгдзийнадӕ ин ке нӕ фагӕ кодта (Иов 42:3). Еу ӕнсувӕр Николай * кӕд хъӕбӕр сӕйгӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Е зӕгъуй: «Ахӕстдонӕ рабарӕн ес рентгени хӕццӕ. Уоми киристонӕн ӕ менеугутӕ рабӕрӕг унцӕ». Нӕ гъӕндзийнӕдтӕ ку исбӕрӕг кӕнӕн, уӕд ӕй зондзиан, архайун нӕ цӕбӕл гъӕуй, уой.

15. Кӕмӕ гъӕуама игъосӕн ӕма цӕмӕн?

15 Ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй Йеговӕмӕ игъосӕн, не знӕгтӕмӕ нӕ, фал. Хуцау Иови хӕццӕ ку дзурдта, уӕд имӕ е ба лӕмбунӕг игъуста. Йеговӕ Иовмӕ фарстатӕ лӕвардта, цӕмӕй ин ӕ зундахаст бараст кодтайдӕ. Зӕгъӕн ес, ӕма ин уотитӕ дзурдта: «Мӕ къохӕй конд гъуддӕгтӕмӕ мин ӕркӕсай, цӕхуӕн хъаурӕ мӕмӕ ес, е си нӕ зиннуй? Ӕз дин хуарз зонун дӕ зӕрди рист. Уотӕ дӕмӕ фӕккастӕй ӕма дӕ иронх бадӕн?» Иови сӕрниллӕг дзуаппӕй бӕрӕг ӕй, Йегови фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕй боз ке адтӕй, е. Иов загъта: «Ӕз дин дӕ кой игъустон, фал дӕ нур уинун мӕхе цӕститӕй» (Иов 42:5). Иов аци дзурдтӕ, ӕвӕдзи, загъта, фунуки ма ку бадтӕй, уӕд. А бауӕр гъӕдгинтӕй нӕ зиндтӕй, ӕ зӕрдӕ ба, ӕ сувӕллӕнттӕбӕл фур ристӕй скъудтӕ кодта. Ӕма кӕд Иови уавӕр нӕ фӕххуӕздӕр ӕй, уӕддӕр ин Йеговӕ ӕ нифс бафедар кодта ӕма ин загъта, ке ’й уарзуй ӕма си арази ке ӕй (Иов 42:7, 8).

16. Исаййи 49:15, 16 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ фӕлварӕнти рӕстӕг нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?

16 Махмӕ дӕр абони адӕн ӕнӕнвӕрсон цӕстӕй кӕсунцӕ. Нӕ нихмӕ ка ’й, етӕ архайунцӕ, цӕмӕй нин нӕ ном фегадӕ кӕнонцӕ ӕма нин нӕ организацийӕй ӕргом мӕнгӕттӕ дзорунцӕ (Матф. 5:11). Фал Иови хабарӕй хуарз зиннуй: Йеговӕ ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнуй, фӕлварӕнти рӕстӕг ибӕл еузӕрдонӕй ке байзайдзиан. Нӕ уӕларвон Фидӕ нӕ берӕ уарзуй ӕма ибӕл ӕ зӕрдӕ ка даруй, уони сӕхе евгед некӕд ниууадздзӕй. (Бакӕсӕ Исаййи 49:15, 16.) Хуцауи знӕгтӕ ци мӕнгӕттӕ парахат кӕнунцӕ, уомӕ ма игъосетӕ. Туркӕй еу ӕнсувӕр Джеймси бийнонтӕ хъӕбӕр уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ. Е зӕгъуй: «Мах ӕй балӕдӕрдтан, Хуцауи адӕни туххӕй ци мӕнгӕттӕ дзорунцӕ, уомӕ ку игъосӕн, уӕд нӕ нифс басӕтдзӕй. Уомӕ гӕсгӕ не ’ргом раздахтан, Йеговӕ нин ци нифс дӕттуй, уомӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй архайдтан. Уой фӕрци нӕ цийнӕ нӕ фесафтан». Мах дӕр фӕндуй Иови хузӕн Йеговӕмӕ игъосун. Гъе уӕд не знӕгтӕ цийфӕнди мӕнгӕттӕ ма дзоронцӕ, уӕддӕр нӕ нӕ нифсӕй нӕ фенӕхай кӕндзӕнцӕ.

ЦИ НИФС НИН ЕС, Е УӔ ФЕДАР КӔНӔД

Йеговӕ Иовӕн райарфӕ кодта ӕма ма ӕ бийнойнаги хӕццӕ берӕ ӕнзти дӕргъи амондгунӕй фӕццардӕнцӕ (кӕсӕ 17 абзац) *

17. Дзиуиттӕгтӕмӕ 11 сӕри ци еузӕрдон лӕггадгӕнгути туххӕй финст ес, уони хабӕрттӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

17 Иовӕй уӕлдай ма фӕлварӕнти рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй ка байзадӕй, уӕхӕн лӕггадгӕнгутӕ берӕ адтӕй. Кедӕрти си апостол Павел ранимадта Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги (Дзиуит. 12:1). Се ’гасдӕр кӕд уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕнцӕ, уӕддӕр Йеговӕбӕл сӕ зӕрдӕ не ’сӕййивтонцӕ (Дзиуит. 11:36–40). Цума сӕ уодуӕлдай лӕггадӕ дзӕгъӕли адтӕй? Нӕъ. Кӕд, Хуцауи зӕрдӕвӕрдтӕ ӕгасӕйдӕр куд исӕнхӕст ӕнцӕ, уой сӕхе цӕститӕй нӕ фӕууидтонцӕ, уӕддӕр ибӕл кӕронмӕ дӕр сӕ нифс дардтонцӕ. Етӕ ’й зудтонцӕ, Йеговӕ си арази ке ӕй ӕма ибӕл нӕ гурусхӕ кодтонцӕ, зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой ӕнӕмӕнгӕй ке исӕнхӕст кӕндзӕй (Дзиуит. 11:4, 5). Сӕ цӕветтон нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр нӕ нифс Йеговӕбӕл дарӕн.

18. Куд дӕ фӕндуй архайун? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:6).

18 Мах цӕрӕн, бонӕй-бонмӕ адӕн фуддӕрӕй-фуддӕр кӕми кӕнунцӕ, уӕхӕн дуйней (2 Тим. 3:13). Сайтан рагӕй нурмӕ дӕр Хуцауи адӕнмӕ лӕборуй. Гӕнӕн ес, ӕма царди берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн. Фал мах нӕ нифс дарӕн уодӕгас Хуцаубӕл (1 Тим. 4:10). Гъӕйдӕ мадта нӕ къохтӕ ма ’руадзӕн ӕма ин не ’гас хъауритӕй дӕр лӕггадӕ кӕнӕн. Иов ци хуӕрзеуӕг райста, уомӕй бӕрӕг ӕй, «Йеговӕ [нӕ] фӕлмӕн уарзтӕй ке уарзуй ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй» (Иак. 5:11). Иови хузӕн Хуцаубӕл еузӕрдон уотӕ ӕма ибӕл ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнтӕ, Йеговӕ ке арфӕ кӕнуй, «зӕрдиагӕй [ӕй] ка агоруй, уонӕн»! (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:6.)

150 Хуцауи агорӕ, ӕма фӕййервӕзай

^ Йегови лӕггадгӕнгутӕй уӕззау фӕлварӕнти ка бахаудтӕй, уонӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрди арӕх Иов ӕрӕфтуйуй. Еци еузӕрдон лӕггадгӕнӕги хабар нӕ цӕбӕл ахур кӕнуй? Сайтани бон нӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй нӕхе Йеговӕй рахатӕн. Уомӕй уӕлдай ма ’й базудтан, Йеговӕ ’й хуарз ке зонуй, царди цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн, уой. Ӕма Иови гъезӕмӕрттӕн кӕрон куд искодта, уотӕ мах гъезӕмӕрттӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй кӕрон искӕндзӕй. Уобӕл ке нӕ гурусхӕ кӕнӕн, е нӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ӕй? Кӕд гъо, уӕд уотӕ зӕгъӕн ес, ӕма нӕ нифс ӕцӕгӕйдӕр Йеговӕбӕл дарӕн.

^ Е ЦИ НИСАН КӔНУЙ: дзиуиттаг миуӕвдесӕгӕй ке ратӕлмац кодтонцӕ, еци дзурдбаст «нифс дарун», зӕгъгӕ, арӕхдӕр фӕййамонуй, адӕймаг цӕмӕдӕр зӕрдиагӕй ке фенгъӕлмӕ кӕсуй кенӕ ’й ку фӕффӕндуй, цӕмӕй цидӕр тагъддӕр ӕрцӕуа. Удта ма фӕййамонуй, адӕймаг ӕ зӕрдӕ кӕбӕлдӕр ке фӕддаруй, уомӕ (Пс. 25:2, 3; 62:5).

^ Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ ХУЗӔ. Иов ӕма ӕ бийнойнагбӕл устур бӕллӕх ӕрцудӕй: се ’гас сувӕллӕнттӕ дӕр фӕммардӕнцӕ.

^ ХУЗӔ. Иов фӕлварӕнти федар фӕллӕудтӕй. Ӕ бийнойнаги хӕццӕ сагъӕс кӕнунцӕ, Йеговӕ син куд райарфӕ кодта, уобӕл.