Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстимӕ хъусӕм

Нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстимӕ хъусӕм

«Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (МАТФ. 28:18).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Абон Йегъовӕйы фӕндон цы у?

 ХУЫЦАУЫ фӕндон абон у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10; 1 Тим. 2:3, 4). Хъусын кӕныны хъуыддаг Йегъовӕйы хъуыддаг у. Ӕмӕ йӕ ахсджиагыл кӕй нымайы, уымӕ гӕсгӕ йӕ уарзон Фырты ацы куыстӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдта. Цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ Йесойы разамындӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕйы куыддӕриддӕр фӕнды, афтӕ (Матф. 24:14).

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг куыд дӕтты, ууыл (Матф. 24:45). Стӕй базондзыстӕм, уыцы цагъар Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕны. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойы ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ кӕй хъусӕм, уый.

ЙЕСО РАЗАМЫНД ДӔТТЫ ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГӔН

3. Йесойӕн цавӕр бартӕ ӕрцыд лӕвӕрд?

3 Йесо хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм? Уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уымӕй гыццыл раздӕр Галилейӕйы йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытимӕ фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр». Дӕ хъус-ма ӕрдар, дарддӕр цы загъта, уымӕ: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18, 19). Уӕдӕ Йесойӕн уыцы бар дӕр ис, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтта.

4. Йесо нӕ рӕстӕджы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

4 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй хъусын кӕной ӕмӕ йын «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр» ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Стӕй ма сын загъта, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йесо нӕ рӕстӕджы дӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты.

5. Псалом 110:3 стихы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм?

5 Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, ацы цардӕвӕрды кӕрон хорз хабар хъусынгӕнджытӕ фаг кӕй уыдзӕн. Уый зыдта, кӕй сӕххӕст уыдзысты, псаломзарӕггӕнӕг цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Дӕ тохы бон дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ» (Пс. 110:3). Кӕд ды дӕр хорз хабар хъусын кӕныс, уӕд хъусыс Йесомӕ ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕныс ацы пехуымпарад. Хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ тӕмӕны бацыд! Фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлӕм.

6. Хорз хабар хъусынгӕнджытӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй иу цавӕр у?

6 Уыцы зындзинӕдтӕй иу у, нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый. Дины разамонджытӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон нӕ бирӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ бинонтӕ, нӕ зонгӕтӕ ӕмӕ не ’мкусджытӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл куы баууӕндынц, уӕд сӕ чидӕртӕ нӕ ныхмӕ свӕййынц ӕмӕ нын фӕдзурынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм ӕмӕ мауал хъусын кӕнӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты чырыстӕттӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, фертхъирӕн сӕм кӕнынц, ӕрцахсынц сӕ ӕмӕ ма сӕ суанг ахӕстоны дӕр сбадын кӕнынц. Ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый нӕм диссаг нӕ кӕсы. Йесо загъта: «Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты» (Матф. 24:9). Адӕм нӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕцӕгдӕр стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр райгонд у (Матф. 5:11, 12). Не знӕгты нӕ ныхмӕ Хӕйрӕг ардауы. Фӕлӕ Йесо Хӕйрӕгӕй бирӕ хъомысджындӕр у! Йесойы ӕххуысы фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕппӕт адӕмтӕн дӕр.

7. Цӕмӕй бӕрӕг у, Раргомады 14:6, 7 стихты фыст ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц?

7 Уымӕй уӕлдай, хорз хабар хъӕуы алыхуызон ӕвзӕгтыл хъусын кӕнын. Фӕлӕ, Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны цы равдыста, уымӕй бӕрӕг у, уый хорз хабар хъусын кӕнынӕн къуылымпыйы хос кӕй нӕ уыдзӕн. (Бакӕс Раргомад 14:6, 7.) Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Мах хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Ныртӕккӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн сӕ бон у нӕ сайты jw.org Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ кӕсын. Уыцы сайт ис 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Разамонӕг совет бар радта, цӕмӕй чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» – нӕ сӕйраг кусӕнгарз Библийы ахуыртӕ уадзынӕн – тӕлмацгонд ӕрцӕуа 700 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ! Нӕ организаци ма уадзы видеороликтӕ, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕмӕ публикацитӕ Брайлы шрифтыл, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн. Уӕдӕ йӕ уынӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕ» ахуыр кӕнынц рӕстдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» дзурын (Зах. 8:23; Соф. 3:9). Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ нӕ къухы ’фтынц, Йесо Чырысти нын хорз разамынд кӕй дӕтты, уый фӕрцы.

8. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы нын цы бантыст?

8 Абон Йегъовӕйы организаци ис 240 бӕстӕйы ӕмӕ дзы ис 8 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Ӕмӕ алы аз дӕр мингай адӕм райсынц донаргъуыд! Фӕлӕ нымӕцтӕй ахсджиагдӕр у, уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ «удыхъӕд ногмӕ» кӕй раивынц, ома сӕм чырыстон миниуджытӕ кӕй фӕзыны, уый (Кол. 3:8–10). Уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр кодтой ӕнӕгъдау цард, уыдысты ӕгъатыр, кӕмӕдӕрты ӕвзӕр цӕстӕй кастысты ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕмӕй хуыздӕрыл нымадтой. Фӕлӕ ныр сты бынтон ӕндӕрхуызон адӕймӕгтӕ. Афтӕмӕй ӕххӕст кӕны Исайы 2:4 стихы фыст пехуымпарад, зӕгъгӕ, адӕм «хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты». Нӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл кӕй архайӕм, уый фӕрцы иннӕты дӕр бафӕнды Хуыцауы организацимӕ ӕрбацӕуын, стӕй уымӕй бӕрӕг у, нӕ Разамонӕг Йесо Чырыстийы фӕдыл кӕй цӕуӕм (Иоан. 13:35; 1 Пет. 2:12). Адӕттӕ иууылдӕр нын ӕнтысынц Йесо Чырыстийы ӕххуысы фӕрцы.

ЙЕСО СӔВӔРДТА «ӔУУӔНКДЖЫН ӔМӔ ЗОНДДЖЫН ЦАГЪАРЫ»

9. Матфейы 24:45–47 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо кӕроны рӕстӕджы тыххӕй цы загъта?

9 Бакӕс Матфейы 24:45–47. Йесо загъта, кӕроны рӕстӕг кӕй сӕвӕрдзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй йын йӕ фӕдылдзӕуджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтта. Ӕмӕ йӕ уынӕм, абон уыцы цагъар цас фыдӕбон кӕны. Йесо Чырысти сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорды уылты Хуыцауы адӕмӕн ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн «афоныл дӕтты» уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы чырыстӕттӕ сӕхи иннӕты уырнындзинадӕн хицау нӕ кӕнынц (2 Кор. 1:24). Уыдон ӕй зонынц, Хуыцауы адӕмӕн «хицау ӕмӕ разамонӕг» Йесо Чырысти кӕй у (Ис. 55:4).

10. Ӕркӕс нывтӕм. Дӕуӕн кӕцы чиныг баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаис?

10 Ӕууӕнкджын цагъар 1919 азӕй фӕстӕмӕ рауагъта алыхуызон публикацитӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы бирӕтӕ фыццаг хатт базыдтой рӕстдзинады ад. 1921 азы уыцы цагъар рауагъта чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр», цӕмӕй, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыцы адӕм Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базыдтаиккой. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ-иу фӕзынд ног публикацитӕ дӕр. Адӕмимӕ Библи ахуыр кодтам ацы чингуыты фӕрцы: «Хуыцау никуы фӕсайдзӕн», «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад», «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын», «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» ӕмӕ «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?». Ӕрӕджы та рацыд ног чиныг «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Дӕуӕн ацы чингуытӕй кӕцы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы базыдтаис ӕмӕ йӕ бауарзтаис? Алкӕцы дӕр дзы уагъд ӕрцыд йӕ тӕккӕ афоныл, рӕстӕг куыд домдта, уымӕ гӕсгӕ.

11. Махӕй алкӕй дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг цӕмӕн хъӕуы?

11 Библи ӕрӕджы чи райдыдта ахуыр кӕнын, ӕрмӕст уыдоны нӕ хъӕуы «хъӕбӕр хӕринаг», фӕлӕ не ’ппӕты дӕр. Апостол Павел ныффыста: «Хъӕбӕр хӕринаг та у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн». Павел ма ныффыста, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд кӕй сахуыр уыдзыстӕм, «раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын» (Дзут. 5:14). Абон бирӕтӕ тынг ӕнӕгъдау кӕй сты, уый тыххӕй Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ нын Йесо ӕххуыс кӕны. Йӕ разамындӕй ӕууӕнкджын цагъар уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг бацӕттӕ кӕны ӕмӕ нӕм ӕй фӕхӕццӕ кӕны. Цы хъуыдытӕ дзы вӕййы, уыдон иууылдӕр ист вӕййынц Хуыцауы Ныхасӕй – Библийӕ.

12. Мах дӕр Йесойау Хуыцауы номӕн кӕй кад кӕнӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

12 Йесойау мах дӕр Хуыцауы номӕн тынг кад кӕнӕм (Иоан. 17:6, 26). Зӕгъӕм, 1931 азы нӕхи схуыдтам Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыцы ном ист у Библийӕ. Уымӕй равдыстам, Хуыцауы ном ахсджиагыл кӕй нымайӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ йӕ номӕй зоной (Ис. 43:10–12). Уыцы азы октябрӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы ном ӕмбӕлы ацы журналы ӕддаг цъарыл алы номыры дӕр. Уымӕй уӕлдай ма «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном ӕмбӕлы, Библийы фыццаг кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уыцы рӕтты. Уымӕй тынг хицӕн кӕнӕм иннӕ чырыстон динтӕй. Уыдон Библийы тӕлмацтӕй бирӕтӕй Хуыцауы ном айстой.

ЙЕСО НЫН РАЗАМЫНД ДӔТТЫ ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ УЫЛТЫ

13. Абон Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты кӕй архайы, уый дӕ цӕмӕн уырны? (Иоанны 6:68).

13 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕрӕмбырд кодта диссаджы организацимӕ. Уыцы организаци адӕмӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы базонынӕн. Цы хъуыды кӕныс уыцы организацийы тыххӕй? Чи зоны, ды дӕр зӕгъдзынӕ, апостол Петр Йесойӕн куыд загъта, афтӕ: «Кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:68). Цымӕ ныр кӕм уаиккам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы нӕ базонгӕ уыдаиккам, уӕд? Хуыцауы организацийы уылты нын Чырысти дӕтты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уӕм. Ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны нӕ «удыхъӕд ногмӕ» раивынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Еф. 4:24).

14. Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕ, уый дын куыд баххуыс кодта коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг?

14 Зын рӕстӕджыты дӕр нын Йесо фӕдӕтты хорз разамынд. Уый ирдӕй федтам, коронавирусы пандемийӕ куы райдыдта, уӕд. Ацы дунейы бирӕтӕ нӕ зыдтой, куыд кӕной, уый. Махӕн та Йесо лӕвӕрдта бӕлвырд разамынд, цӕмӕй нӕхи бахъахъхъӕдтаиккам. Зӕгъӕм, ӕмбырдты нын дзырдтой, цӕмӕй, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты маскӕтӕ дарӕм ӕмӕ иннӕтӕм хӕстӕг ма цӕуӕм. Нӕ организаци-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ арӕх ныхас кодтаиккой, базыдтаиккой-иу, се ’нӕниздзинад ӕмӕ сӕ уырнындзинад цы уавӕры сты. Ӕмӕ-иу сын хъуамӕ баххуыс кодтаиккой, цӕмӕй хъуыд, уымӕй (Ис. 32:1, 2). Хорз уынаффӕтӕ ма-иу фехъуыстам, «Ног хабӕрттӕ Разамонӕг советӕй» чи хуыйны, уыцы видеороликтӕй.

15. Ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл нын пандемийӕйы рӕстӕг цавӕр разамынд радтой ӕмӕ нын цы пайда ӕрхаста?

15 Пандемийӕйы рӕстӕг ма нын бӕлвырд разамынд радтой, ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл дӕр. Пандемийӕ куы райдыдта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ уадзын райдыдтам видеоконференцийы фӕрцы. Хъусын кӕнын та райдыдтам сӕйраджыдӕр писмоты фӕрцы ӕмӕ телефонӕй. Ӕмӕ нын Йегъовӕ раарфӕ кодта! Бирӕ филиалтӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй сӕ бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц фӕфылдӕр. Ӕмӕ бирӕтыл хъусын кӕнгӕйӕ ӕрцыд тынг цымыдисаг цаутӕ. (Кӕс рамкӕ  «Йегъовӕ арфӕ кӕны хъусын кӕныны хъуыддагӕн».)

16. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

16 Чи зоны, чидӕр хъуыды кодта, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы организаци пандемийӕйы рӕстӕг ӕгӕр тынг фӕдзӕхста. Фӕлӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтам, уый раст разамынд кӕй уыд (Матф. 11:19). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй уарзы ӕмӕ сын алкӕддӕр хорз разамынд кӕй дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны: сомбон цыфӕнды ма ӕрцӕуа,– Йегъовӕ ӕмӕ йӕ уарзон Фырт уыдзысты немӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5, 6.)

17. Йесо Чырысти нӕ Разамонӕг кӕй у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

17 Мах тынг амондджын стӕм, Йесо Чырысти нӕ Разамонӕг кӕй у, уый тыххӕй! Мах стӕм диссаджы организацийы. Кӕд алыхуызон бӕстӕты цӕрӕм, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕм, уӕддӕр не ’хсӕн ис иудзинад. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг нӕм ис парахатӕй. Йегъовӕйы организаци нӕ ахуыр кӕны хъусын кӕнын. Стӕй нын Йесо ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм. Мах тынг сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырысти нӕ Разамонӕг кӕй у, уымӕй!

16 ЗАРӔГ Йегъовӕйӕн скад кӕн йе ’вӕрд Паддзахы тыххӕй

^ Абон милуангай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Кӕд ды дӕр се ’хсӕн дӕ, уӕд архайыс нӕ Хицау Йесо Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йесо хъусын кӕныны хъуыддагӕн абон разамынд кӕй дӕтты, уый цӕмӕй у бӕрӕг, уымӕ. Уый фӕрцы нӕ фӕнддзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ Чырыстимӕ хъусын.