Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

30 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фыццаг пехуымпарад дӕ цардимӕ куыд баст у?

Фыццаг пехуымпарад дӕ цардимӕ куыд баст у?

«Ӕз дӕу ӕмӕ сылгоймаджы... кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ» (РАЙД. 3:15).

15 ЗАРӔГ Скад кӕнут Йегъовӕйы фыццаг Фыртӕн!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уый фӕстӕ Йегъовӕ цы загъта? (Райдиан 3:15).

 АДАМ ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ загъта тынг ахсджиаг ныхӕстӕ. Уый уыди фыццаг пехуымпарад. Уый фӕрцы ныфс фӕзынд Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн. Уыцы пехуымпарад фыст ис Райдианы 3:15 стихы. (Бакӕс ӕй.)

2. Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уый тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

2 Ацы пехуымпарад ахсджиаг цӕмӕн у? Кӕд Библийы фыццаг чиныджы фыст ис, уӕддӕр иннӕ чингуытӕ иууылдӕр йемӕ баст сты, уымӕн ӕмӕ уый у Библийы сӕйраг хъуыды. Бӕлвырдӕй та уыцы хъуыды у ахӕм: Хуыцау рарвитдзӕн Ирвӕзынгӕнӕджы, цӕмӕй Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ фарс чидӕриддӕр уа, уыдоны фесафа *. Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн уый стыр цины хабар уыдзӕн!

3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Ацы статьяйы дзуапп базондзыстӕм ахӕм фарстатӕн: Райдианы 3:15 стихы кӕй кой ис, уыдон чи сты? Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны? Ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны?

АЦЫ ПЕХУЫМПАРАДЫ КӔЙ КОЙ ИС, УЫДОН ЧИ СТЫ?

4. «Калм» чи у ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм?

4 Райдиан 3:14, 15 стихты архайджытӕ сты: «калм» ӕмӕ калмы «байзӕддаг», «сылгоймаг» ӕмӕ сылгоймаджы «байзӕддаг». Библийӕ базонӕн ис, алчидӕр дзы кӕмӕ амоны, уый *. Базонӕм уал, «калм» чи у. Уый ӕнӕуи калм нӕу, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы загъта, уый ӕнӕуи калм нӕ бамбӕрстаид. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ тӕрхон рахаста цӕрӕгойӕн нӕ, фӕлӕ удгоймагӕн. Цымӕ чи у? Раргомады 12:9 стихы комкоммӕ фыст ис, «рагон калм» кӕй у Хӕйрӕг, кӕнӕ Сайтан. Калмы «байзӕддаг» та чи у?

КАЛМ

Сайтан, кӕнӕ Хӕйрӕг; Раргомады 12:9 стихы фыст ис, уый кӕй у «рагон калм» (кӕс 4 абзац)

5. Калмы «байзӕддагмӕ» чи хауы?

5 Библийы иуӕй-иу хатт дзырд «байзӕддаг» фӕамоны, чидӕр кӕйдӕр хуызӕн кӕй архайы ӕмӕ кӕй хъуыды кӕны, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ калмы «байзӕддаг» сты ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ӕмӕ Хӕйрӕгау Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕм. Уыцы байзӕддагмӕ хауынц, Нойы рӕстӕджы уӕлӕрвты йӕ лӕггад чи ныууагъта, уыцы зӕдтӕ, стӕй сӕ фыд Хӕйрӕджы хуызӕн чи архайы, уыцы фыдгӕнӕг адӕм (Райд. 6:1, 2; Иоан. 8:44; 1 Иоан. 5:19; Иуд. 6).

КАЛМЫ БАЙЗӔДДАГ

Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ чи цӕуы, уыцы адӕм (кӕс 5 абзац)

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, пехуымпарады цы «сылгоймаджы» кой ис, уый Евӕ нӕ уыд?

6 Ныр та базонӕм, «сылгоймаг» чи у, уый. Уый Евӕ нӕ уыд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Пехуымпарады фыст ис, сылгоймаджы байзӕддаг кӕй хъуамӕ «ныцъцъӕл кӕна» калмӕн йӕ сӕр. Ӕмӕ иугӕр калм у фыдгӕнӕг зӕд Хӕйрӕг, уӕд Евӕйы байзӕддӕгтӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдаид Хӕйрӕджы сӕр ныцъцъӕл кӕнын. Уӕдӕ «сылгоймаг» амоны ӕндӕр кӕмӕдӕр.

7. Раргомад 12:1, 2, 5, 10 стихтӕм гӕсгӕ, чи у, Райдианы 3:15 стихы кӕй кой ис, уыцы «сылгоймаг»?

7 Уыцы «сылгоймаг» чи у, уый базонӕн ис Библийы фӕстаг чиныгӕй. (Бакӕс Раргомад 12:1, 2, 5, 10.) Уый ӕнӕуи сылгоймаг нӕу. Йӕ къӕхты бын ис мӕй, «йӕ сӕрыл та – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ». Гуыргӕ та йын ракодта тынг ӕнахуыр сывӕллон – Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ сылгоймаг дӕр хъуамӕ уа уӕлӕрвты. Уӕдӕ уый амоны Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хаймӕ – ис дзы йӕ иузӕрдион зӕдтӕ (Гал. 4:26).

СЫЛГОЙМАГ

Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, ис дзы йӕ иузӕрдион зӕдтӕ (кӕс 7 абзац)

8. Сылгоймаджы «байзӕддаг» чи у ӕмӕ йӕ байзӕддаг кӕд сси? (Райдиан 22:15–18).

8 Библийӕ ма базонӕн ис, сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» фыццаджыдӕр чи хауы, уый. Йӕ байзӕддаг туг ӕмӕ стӕгӕй хъуамӕ уыдаид Авраамы байзӕддаг. (Бакӕс Райдиан 22:15–18.) Ӕмӕ уыцы пехуымпарад сӕххӕст. Йесо ӕцӕгдӕр уыди уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы байзӕддаг (Лук. 3:23, 34). Фӕлӕ сылгоймаджы байзӕддаг хъуамӕ ӕнӕуи адӕймагӕй тыхджындӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ Хӕйрӕджы фесӕфтаид. Гъемӕ Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд, уӕд сӕрст ӕрцыд сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ уӕд сси «сылгоймаджы байзӕддаг» (Гал. 3:16). Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уый фӕстӕ йын Хуыцау «кад ӕмӕ намысы худ... ӕркодта йӕ сӕрыл». Ӕмӕ йын радта «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр», уыимӕ «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалыны» бар дӕр (Дзут. 2:7; Матф. 28:18; 1 Иоан. 3:8).

СЫЛГОЙМАДЖЫ БАЙЗӔДДАГ

Йесо Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 (кӕс 8, 9 абзацтӕ)

9, 10. а) Сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» ма ноджыдӕр чи хауы ӕмӕ йӕ байзӕддаг кӕд свӕййынц? б) Дарддӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

9 Фӕлӕ сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» ӕрмӕст Йесо нӕ хауы. Дзуттӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй сӕрст чырыстон чи сси, уыдонӕн апостол Павел загъта: «Кӕд Чырыстийы стут, уӕд... ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддӕгтӕ, ӕмӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ стут бындартӕ» (Гал. 3:28, 29). Йегъовӕ чырыстӕттӕй искӕй йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрды, уӕд уыцы адӕймаг дӕр свӕййы сылгоймаджы «байзӕддаг». Уӕдӕ сылгоймаджы «байзӕддагмӕ» хауынц Йесо Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 (Райд. 3:15, фип.; Рарг. 14:1). Уыдон иууылдӕр хъуыды кӕнынц ӕмӕ архайынц сӕ Фыды, Йегъовӕйы, хуызӕн.

10 Мах базыдтам, Райдиан 3:15 стихы архайджытӕ чи сты, уый. Ныр та цыбыртӕй аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ уыцы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбарӕм, уый нын абон куыд ӕххуыс кӕны, ууыл.

АЦЫ ПЕХУЫМПАРАД КУЫД ӔХХӔСТ КӔНЫ?

11. Калм сылгоймаджы байзӕддагӕн «йӕ зӕвӕтыл» кӕй фӕхӕцыд, уый куыд ӕмбаргӕ у?

11 Райдианы 3:15 стихы фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, калм хъуамӕ фӕхӕцыдаид сылгоймаджы байзӕддагӕн «йӕ зӕвӕтыл». Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст сты, Хӕйрӕг дзуттӕгты ӕмӕ ромӕгты куы сардыдта, цӕмӕй Хуыцауы Фырты амардтаиккой, уӕд (Лук. 23:13, 20–24). Адӕймаг йӕ зӕвӕт тынг куы ныццӕва ӕмӕ йын куы бахъыгдард уа, уӕд иуцасдӕр йӕ бон цӕуын нӕ уыдзӕн кӕнӕ та къуылых цӕудзӕн. Ӕмӕ Йесо куы амард ӕмӕ ӕртӕ боны бӕрц ингӕны куы уыд, уӕд уымӕн дӕр йӕ бон ницы уыд аразын (Матф. 16:21).

12. Сылгоймаджы байзӕддаг калмы сӕр кӕд ӕмӕ куыд ныцъцъӕл кӕндзӕн?

12 Фӕлӕ Йесо хъуамӕ ингӕны ма баззадаид. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид калмы сӕр. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ йӕ зӕвӕт байгас уыдаид. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Хуыцау ӕртыккаг бон Йесойы райгас кодта, ӕмӕ уый сси ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймаг. Хуыцау цы бон снысан кодта, уыцы бон Йесо Хӕйрӕджы фесафдзӕн (Дзут. 2:14). Чырысти ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕхх ссыгъдӕг кӕндзысты Хуыцауы знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр, ома калмы байзӕддагӕй (Рарг. 17:14; 20:4, 10) *.

АЦЫ ПЕХУЫМПАРАД КӔЙ ӔМБАРӔМ, УЫЙ НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ?

13. Ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый нӕ цардимӕ куыд у баст?

13 Кӕд Хуыцауы лӕггадгӕнӕг дӕ, уӕд, ацы пехуымпарад кӕй ӕххӕст кӕны, уый комкоммӕ дӕ цардимӕ у баст. Йесо зӕххыл куы цард, уӕд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта (Иоан. 14:9). Ӕмӕ Йесойы фӕрцы мах Йегъовӕйы базыдтам ӕмӕ йӕ бауарзтам. Стыр ӕххуыс ма нын сты Йесойы ахуырӕдтӕ ӕмӕ, абон чырыстон ӕмбырдӕн разамынд кӕй дӕтты, уый. Йесо нын бамбарын кодта, куыд хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Уымӕй уӕлдай, калм ын йӕ зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцыд, ома, Йесо кӕй амард, уый фӕрцы нын фӕзынд ныфс. Куы райгас, уӕд йӕ нывонды аргъ йӕ Фыдмӕ бахаста. Йесойы туг нӕ «сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7).

14. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон уайтагъд кӕй нӕ сӕххӕст уыдаиккой?

14 Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон уайтагъд нӕ сӕххӕст уыдаиккой. Хъуамӕ рацыдаид цасдӕр рӕстӕг, цӕмӕй сылгоймагӕн фӕзындаид байзӕддаг, цӕмӕй Хӕйрӕг ӕрӕмбырд кодтаид, йӕ фӕдыл чи рацӕудзӕн, уыдоны ӕмӕ цӕмӕй дыууӕ къорды кӕрӕдзийӕн суыдаиккой знӕгтӕ. Ацы пехуымпарадӕй ис базонӕн, Хӕйрӕджы дуне Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй йе сӕфт кӕй уындзӕн. Фӕстӕдӕр Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый тыххӕй дзырдта (Мар. 13:13; Иоан. 17:14). Ӕмӕ уынӕм, сылгоймаджы байзӕддаг ӕмӕ калмы байзӕддаг кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ кӕй систы, уӕлдайдӕр фӕстаг 100 азы дӕргъы. Уый цӕмӕй у бӕрӕг?

15. Ацы дуне нӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр йе сӕфт цӕмӕн уыны, фӕлӕ Хӕйрӕгӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

15 1914 азы Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд. Хӕйрӕгӕн йӕ бон нал у уӕлӕрвтӕм аздӕхын. Стӕй зоны, тагъд йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн (Рарг. 12:9, 12). Фӕлӕ ӕнцад нӕ бады. Уый мӕстӕй фыцы ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл йӕ пырх калы (Рарг. 12:13, 17). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне бонӕй-бонмӕ тынгдӕр йе сӕфт уыны. Фӕлӕ Хӕйрӕгӕй ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдонӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм. Апостол Павелау махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн?» (Ром. 8:31). Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уымӕн ӕмӕ, Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уымӕн йӕ фылдӕр хай сӕххӕст.

16–18. Кёртисӕн, Урсулӕйӕн ӕмӕ Джессикӕйӕн куыд баххуыс кодта, Райдиан 3:15 стихы ныхӕстӕ кӕй бамбӕрстой, уый?

16 Райдианы 3:15 стихы Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нын баххуыс кӕндзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууынӕн. Ӕфсымӕр Кёртис лӕггад кӕны миссионерӕй Гуамы. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Хатт-иу цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл кӕнӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдтӕн, уӕд-иу фӕлвӕрд цыди, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ-иу стӕй ахъуыды кодтон, Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, ууыл. Ӕмӕ-иу мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр мӕ зӕрдӕ мӕ уӕларвон Фыдыл дардтаин». Кёртис тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Йегъовӕ нын не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон кӕд скӕндзӕн, уыцы бонмӕ.

17 Хо Урсулӕ цӕры Баварийы. Куыд загъта, афтӕмӕй, Райдианы 3:15 стихы цӕй кой ис, уый куы бамбӕрста, уӕд ӕй бауырныдта, Библи Хуыцауы комытӕфӕй фыст кӕй у. Иннӕ пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр ацы пехуымпарадимӕ баст кӕй сты, уый йӕ дисы бафтыдта. Урсулӕ ма загъта: «Йегъовӕ уайтагъд загъта, адӕмы кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ уый куы базыдтон, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзтон».

18 Джессикӕ у Микронезийӕ. Уый зӕгъы: «Никуы мӕ ферох уыдзӕн, рӕстдзинад кӕй ссардтон, уый куы бамбӕрстон, уыцы бон! Ӕз бамбӕрстон, ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕны, Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уый. Ацы пехуымпарад мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй, ныр куыд цӕрӕм, афтӕ цардаиккам. Стӕй ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын, ныр дӕр царды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. Ӕмӕ нӕм фидӕны та диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы».

19. Пехуымпарадӕн йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

19 Уӕдӕ федтам, Райдиан 3:15 стих кӕй ӕххӕст кӕны. Сылгоймаджы байзӕддаг ӕмӕ калмы байзӕддаг чи сты, уый зонӕм. Фыццаджыдӕр Йесо у сылгоймаджы байзӕддаг. Калм ын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыд, фӕлӕ йӕ хъӕдгом байгас, ӕмӕ ныртӕккӕ у кадджын ӕнӕмӕлгӕ Паддзах. Сылгоймаджы байзӕддагмӕ ма чи хауы, уыдоны дӕр тагъд Хуыцау се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Пехуымпарадӕн йӕ иу хай кӕй сӕххӕст, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ Йесо калмӕн йӕ сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн. Хӕйрӕг куы нал уа, уӕд иузӕрдион адӕм иууылдӕр сулӕфдзысты. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ та хъуамӕ не ’ппӕт дӕр фидар уӕм. Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ сылгоймаджы байзӕддаджы фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн «зӕххыл ӕппӕт адӕмты дӕр»! (Райд. 22:18).

23 ЗАРӔГ Йегъовӕйы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста

^ Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уый куы не ’мбарӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Библи кӕронмӕ бамбарын. Ацы пехуымпарадмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый.

^ Кӕс «Библийы сӕйраг темӕ» брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн».

^ Кӕс рамкӕ «Райдиан 3:14, 15 стихты архайджытӕ».