Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

37 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕууӕнд

Хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕууӕнд

«[Уарзондзинад] алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары» (1 КОР. 13:7).

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Ацы дунейы бирӕтӕ кӕй никӕуыл ӕууӕндынц, ууыл дис кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

 ХӔЙРӔДЖЫ дунейы бирӕтӕ нӕ зонынц, уӕвгӕ ӕууӕндӕн искӕуыл ис ӕви нӕ. Бизнесментӕ, политиктӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ адӕмы фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Бирӕтӕ не ’ууӕндынц се ’мбӕлттыл, сӕ сыхӕгтыл ӕмӕ ма суанг сӕ бинонтыл дӕр. Фӕлӕ ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы. Библийы раджы ӕрцыд фыст, зӕгъгӕ, фӕстаг бонты адӕм «уыдзысты мӕнгард... иннӕты фыдкой кӕндзысты... кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты». Иу ныхасӕй, уыдзысты ацы цардӕвӕрды хуыцауы хуызӕн. Ӕмӕ ууыл та ӕууӕнк ӕппындӕр нӕй (2 Тим. 3:1–4; 2 Кор. 4:4).

2. а) Нӕ бон кӕуыл у алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндын? б) Иуӕй-иутӕ цӕуыл дызӕрдыг кӕнынц?

2 Фӕлӕ мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, нӕ бон кӕй у алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйыл ӕууӕндын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарын (Йер. 17:7, 8). Мах ӕй фидарӕй зонӕм, кӕй нӕ уарзы ӕмӕ йӕ хӕлӕртты кӕй никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10). Нӕ бон ма у Йесо Чырыстийыл дӕр ӕууӕндын ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарын, уымӕн ӕмӕ уый мах тыххӕй йӕ цард радта (1 Пет. 3:18). Уымӕй уӕлдай, нӕхицӕй йӕ зонӕм, Библийы кӕй ис ссарӕн, ӕууӕнк кӕуыл ис, ахӕм разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ (2 Тим. 3:16, 17). Уӕдӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй ис Йегъовӕйыл, Йесойыл ӕмӕ Библийыл ӕууӕндӕн. Фӕлӕ, чи зоны, исчи дызӕрдыг кӕны, нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл алкӕддӕр ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл. Кӕд афтӕ у, уӕд нӕ хъӕуы ахӕм фарстайӕн дзуапп ссарын: цӕмӕн сыл ис ӕууӕндӕн?

ХЪӔУЫ НӔ НӔ ХОТЫ ӔМӔ НЕ ’ФСЫМӔРТЫ ӔХХУЫС

Ӕгас дунейы дӕр нын ис, махау Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ӕууӕнкджын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (кӕс 3 абзац)

3. Йегъовӕ нӕ цавӕр кады аккаг скодта? (Марчы 10:29, 30).

3 Йегъовӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ нӕ йӕ бинонты ’хсӕнмӕ ӕрбакодта. Уый фӕрцы бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын стӕм. (Бакӕс Марчы 10:29, 30.) Ӕгас зӕххыл дӕр нын ис, махау Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл зӕрдиагӕй чи архайы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй стӕм, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕм, нӕ культурӕ ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕс дӕр фӕхицӕн кӕнынц, уӕддӕр кӕрӕдзийы тынг уарзӕм. Кӕй нӕ фӕзонӕм ӕмӕ фыццаг хатт кӕй фенӕм, суанг нын уыдон дӕр адджын вӕййынц. Уӕлдай ӕхсызгон та нын у семӕ иумӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды кадджын кӕнын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын (Пс. 133:1).

4. Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс?

4 Ныртӕккӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы нӕхи нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл бӕттын. Уыдон нын феххуыс кӕнынц нӕ уӕргътӕ хӕссынӕн (Ром. 15:1; Гал. 6:2). Нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауынц ӕмӕ нын феххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар уа (1 Фес. 5:11; Дзут. 10:23–25). Гъеныр куыд кӕниккам, не ’мбырд нын куы нӕ уаид, уӕд? Уый нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не знӕгты ныхмӕ – Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддунейы ныхмӕ – фидар фӕлӕууӕм. Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон тагъд Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл сӕхи ныццӕвдзысты. Ӕмӕ уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ кӕй уыдзысты, ууыл!

5. Кӕмӕндӕрты зын цӕмӕн вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндын?

5 Фӕлӕ кӕмӕндӕрты иуӕй-иу хатт зын вӕййы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндын. Чи зоны, уый тыххӕй, ӕмӕ сын сӕ сусӕг ныхас чидӕр кӕмӕндӕр радзырдта кӕнӕ сын чидӕр цӕмӕйдӕр зӕрдӕ бавӕрдта, ӕмӕ йӕ нӕ сарӕзта. Йе та сын, чи зоны, чидӕр сӕ зӕрдӕ скъахта. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндӕн кӕй ис, ууыл?

УАРЗОНДЗИНАД НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ ИННӔТЫЛ ӔУУӔНДЫНӔН

6. Уарзондзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн иннӕтыл ӕууӕндынӕн? (1 Коринфӕгтӕм 13:4–8).

6 Адӕймаг искӕй куы фӕуарзы, уӕд ыл ӕууӕндгӕ дӕр фӕкӕны. 1 Коринфӕгтӕм 13-ӕм сӕры дзырд цӕуы, ӕцӕг уарзондзинад цавӕр у, уый тыххӕй. Ахӕм уарзондзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм кӕнӕ та нын кӕд исчи не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд ыл ногӕй ӕууӕндын райдайӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 13:4–8.) 4-ӕм стихы кӕсӕм, «уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», зӕгъгӕ. Йегъовӕйы раз тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд немӕ фӕразон вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уӕм фӕразон, истӕмӕй нӕ куы фӕхъыг кӕной, уӕд. 5-ӕм стихы та кӕсӕм, зӕгъгӕ, уарзондзинад «уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы», стӕй, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы». Мах нӕ фӕнды, ӕвзӕрӕй нын чи цы ракодта, уыдон нымайын, ома нӕ зӕрдыл дарын, хо кӕнӕ ’фсымӕр нӕ цал хатты фӕхъыг кодта, уый, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ рӕдыдтытӕ йӕ цӕстмӕ бадарӕм. Екклесиасты 7:9 стихы фыст ис: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у». Фӕлтау-иу бакӕнӕм, Ефесӕгтӕм 4:26 стихы куыд фыст ис, афтӕ: «Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд».

7. Матфейы 7:1–5 стихты цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты иннӕтыл ӕууӕндынӕн?

7 Уымӕй уӕлдай, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хъуамӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Хуыцау сӕ уарзы ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтыты номхыгъд нӕ саразы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма кӕнӕм (Пс. 130:3). Хъуамӕ-иу сӕ рӕдыдтытӕм ӕмӕ сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм, ӕмӕ-иу хъуыды кӕнӕм, сӕ бон ма хорзӕй ноджыдӕр цы у саразын, ууыл. (Бакӕс Матфейы 7:1–5.) Афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын барӕй сарӕзтой цыдӕр. Мах сыл ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад «алцӕуыл дӕр ӕууӕнды» (1 Кор. 13:7). Уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ хъуамӕ алкӕуыл дӕр цъындцӕстӕй ӕууӕндӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хотыл ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм, сӕхи ӕууӕнкджынӕй кӕй равдыстой, уый тыххӕй *.

8. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ӕууӕндын райдайай?

8 Цӕмӕй кӕуылдӕр ӕууӕндын райдайай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. Уыцы хъуыддаджы дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр базон. Ӕмбырды размӕ ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ семӕ аныхӕстӕ кӕн, семӕ уацамынды цу. Бауадз сӕ, цӕмӕй равдисой, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, уый. Хорз кӕй нӕма зоныс, уыимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ фыццаг, чи зоны, хъӕудзӕн хъуыды кӕнын, дӕхи тыххӕй йын цы радзурдзынӕ ӕмӕ цы нӕ радзурдзынӕ, ууыл. Фӕлӕ куы балымӕн уат, уӕд ыл ӕууӕндын райдайдзынӕ ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон уыдзӕн фылдӕр цыдӕртӕ радзурын (Лук. 16:10). Фӕлӕ дын искӕцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр де ’ууӕнк куы фӕсайа, уӕд та куыд? Уайтагъд-иу афтӕ ма зӕгъ, ай ӕмбалӕн нӕ бӕззы, зӕгъгӕ. Хъуамӕ рацӕуа рӕстӕг. Стӕй иу адӕймаджы тыххӕй ахӕм хъуыдымӕ ма ӕрцу, ӕмӕ иннӕтыл дӕр нӕй ӕууӕндӕн. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цалдӕры хабармӕ. Уыдоны дӕр чидӕр фӕфыдӕнхъӕл кодта, фӕлӕ алкӕуыл ӕнӕууӕнк кӕнын нӕ райдыдтой.

УЫДОН ИННӔТЫЛ ӔНӔУУӔНК КӔНЫН НӔ РАЙДЫДТОЙ

Кӕд Илий фыццаг Аннӕимӕ тызмӕгӕй ныхас кодта, уӕддӕр Аннӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ, йӕ номӕй чи архайдта, уыдоныл ӕууӕндыд (кӕс 9 абзац)

9. а) Аннӕ куыд равдыста, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, кӕд, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыдон рӕдыдысты, уӕддӕр? б) Йегъовӕйы номӕй чи архайы, уыдон куы рӕдийой, уӕд нын Аннӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс нывмӕ.)

9 Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕрыл дӕ зӕрдӕ фӕхудт? Кӕд о, уӕд дын Аннӕйы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн. Уыцы рӕстӕг ӕнӕхъӕн Израилӕн Йегъовӕйӕн кувыны хъуыддаджы разамынд лӕвӕрдта хистӕр сауджын Илий. Фӕлӕ йӕ бинонты фӕзминаг схонӕн нӕ уыд. Йӕ фырттӕ, сауджынтӕ уӕвгӕйӕ, кодтой алы ӕнӕгъдау митӕ, фӕлӕ сын сӕ фыд сӕ ных никуы бакъуырдта. Йегъовӕ Илийы хистӕр сауджыны бынатӕй уайтагъд нӕ систа. Фӕлӕ Аннӕ афтӕ нӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, цалынмӕ Илий хистӕр сауджын у, уӕдмӕ ӕз Йегъовӕйы цатырмӕ не ’рбацӕудзынӕн. Иухатт Аннӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕрыстӕй куывта. Илий йӕ куы федта, уӕд ӕй расыг фенхъӕлдта. Хабар нӕ бамбӕрста, афтӕмӕй уыцы мӕгуыр сылгоймаджы уайдзӕфты бын фӕкодта (1 Сам. 1:12–16). Фӕлӕ Аннӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн дзырд радта, фырт ын куы райгуыра, уӕд ӕй цатыры лӕггад кӕнынмӕ кӕй ӕрбакӕндзӕн, кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, ӕмӕ уым йӕ лӕппу Илийы бар уыдзӕн (1 Сам. 1:11). Фӕлӕ цымӕ Илийы фыртты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй бафхӕрын нӕ хъуыд? Хъуыди. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ ӕппынфӕстаг бафхӕрдта (1 Сам. 4:17). Аннӕйӕн та раарфӕ кодта, ӕмӕ йын райгуырд лӕппу, Самуил (1 Сам. 1:17–20).

10. Кӕд Давидыл чидӕртӕ гадзрахатӕй рацыдысты, уӕддӕр цӕмӕй уыд бӕрӕг, иннӕтыл ӕнӕууӕнк кӕнын кӕй нӕ райдыдта?

10 Искуы дыл де ’ввахс ӕмбал гадзрахатӕй рацыд? Кӕд о, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн паддзах Давиды цӕвиттон. Давидӕн уыди ӕмбал – Ахитофел. Давиды фырт Авессалом паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд Ахитофел дӕр Авессаломмӕ ӕрбаиу. Ахъуыды-ма кӕн, Давидӕн куыд зын уыд, йӕ фырт ӕмӕ, йе ’мбалыл кӕй нымадта, уый йӕ ныхмӕ фыдвӕнд куы скодтой, уӕд! Фӕлӕ уый тыххӕй Давид иннӕтыл дӕр ӕнӕууӕнк кӕнын нӕ райдыдта. Зӕгъӕм, дарддӕр дӕр ӕууӕндыд йӕ иннӕ иузӕрдион ӕмбалыл, Хусийыл. Уый Авессаломы фарс не слӕууыд. Ӕмӕ йыл дзӕгъӕлы не ’ууӕндыд. Дарддӕр цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй рабӕрӕг, Хуси ӕнувыд ӕмбал кӕй уыд. Давиды тыххӕй ма суанг йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыд (2 Сам. 17:1–16).

11. Навалы лӕггадгӕнӕг куыд равдыста, иннӕтыл кӕй ӕууӕндыд, уый?

11 Ныр та ӕркӕсӕм Навалы лӕггадгӕнджытӕй иуы цӕвиттонмӕ. Давид йе ’фсӕддонтимӕ цасдӕр рӕстӕг уыцы хъӕздыг лӕджы лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕдта. Стӕй иу бон йӕ адӕмы Навалмӕ хӕринагмӕ арвыста. Бирӕ дзы нӕ куырдтой, йӕ бон цас уыд раттын, уыйбӕрц. Фӕлӕ сӕ Навал афтидкъухӕй рарвыста. Уӕд Давид мӕстӕй рафыхт ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны амарын. Навалы лӕггадгӕнджытӕй иу алцыдӕр радзырдта йӕ хицауы ус Авигейӕйӕн. Уый ӕмбӕрста, йӕхимӕ дӕр хорзӕй кӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Авигейӕ куы ницы сараза, уӕд. Йӕ бон уыд йӕ сӕр бафснайын, фӕлӕ зыдта, Авигейӕ исты кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ иууылдӕр зыдтой зондджын сылгоймагӕй. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Авигейӕ архайдта хъӕбатырӕй ӕмӕ Давиды рӕдыд саразын нӕ бауагъта (1 Сам. 25:2–35). Нӕ дызӕрдыг кодта, Давид, раст куыд у, афтӕ кӕй бакӕндзӕн.

12. Йесо куыд равдыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй ӕууӕндыд, кӕд-иу фӕрӕдыдысты, уӕддӕр?

12 Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтыл ӕууӕндыд, кӕд-иу фӕрӕдыдысты, уӕддӕр (Иоан. 15:15, 16). Иаков ӕмӕ йӕм Иоанн куы бахатыдысты, цӕмӕй сӕ йӕ паддзахады кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕна, уӕд Йесо афтӕ нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цыдӕр пайдайы тыххӕй лӕггад кӕнынц. Стӕй сын афтӕ дӕр нӕ загъта, ныр апостолтӕ нал уыдзыстут, зӕгъгӕ (Мар. 10:35–40). Фӕстӕдӕр ӕй куы ’рцахстой, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр ныууагътой (Матф. 26:56). Фӕлӕ сыл Йесо ӕнӕууӕнк кӕнын нӕ райдыдта. Уый сын зыдта сӕ хъӕндзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ уӕддӕр «уарзта суанг кӕронмӕ» (Иоан. 13:1). Куы райгас, уӕд йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн сӕ бар бакодта кадджын хӕс: хъуамӕ разамынд лӕвӕрдтаиккой ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ йын йӕ зынаргъ фыстӕм сӕ хъус дардтаиккой (Матф. 28:19, 20; Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ йын йе ’ууӕнк нӕ фӕсайдтой. Алчидӕр дзы йӕ мӕлӕты онг Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй Аннӕ, Давид, Навалы лӕггадгӕнӕг, Авигейӕ ӕмӕ Йесо ӕууӕндыдысты ӕнӕххӕст адӕмыл. Ӕмӕ сӕ махӕн дӕр нӕ бон у бафӕзмын.

ДЕ ’УУӔНК ДЫН ЧИ ФӔСАЙДТА, УУЫЛ ТА НОГӔЙ ӔУУӔНДЫН РАЙДАЙ

13. Иуӕй-иу хатт нын зын цӕмӕн вӕййы иннӕтыл ӕууӕндын?

13 Искуы афтӕ уыди, ӕмӕ ӕфсымӕрӕн цыдӕр сусӕг ныхас загътай, уый та йӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр радзырдта? Ӕвӕццӕгӕн дын тынг хъыг уыд. Иухатт иу хо хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ зындзинады тыххӕй радзырдта, ӕмӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ йӕ искӕмӕн радзурдзӕн. Фӕлӕ йӕм иннӕ бон хистӕр нӕлгоймаджы бинойнаг ӕрбадзырдта, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Цы базонын ма йын хъуыд, алцыдӕр кӕй зыдта. Уыцы хабары фӕстӕ хойӕн зын уыд уыцы хистӕр нӕлгоймагыл ӕууӕндын. Ӕмӕ йӕ бамбарӕн ис. Фӕлӕ раппӕлинаг у, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр хистӕр нӕлгоймагӕй ӕххуыс бацагуырдта. Уыцы ӕфсымӕр ын баххуыс кодта, цӕмӕй та ногӕй хистӕр нӕлгоймӕгтыл ӕууӕндын райдыдтаид.

14. Иу ӕфсымӕрӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй та хистӕр нӕлгоймӕгтыл ӕууӕндын райдыдтаид?

14 Иу ӕфсымӕр бирӕ рӕстӕг дыууӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ нӕ фидыдта. Цӕйдӕр тыххӕй сыл не ’ууӕндыд. Фӕлӕ стӕй ӕрхъуыды кодта, кӕй нымадта, иу ахӕм ӕфсымӕры ныхӕстӕ. Уый загъта: «Хӕйрӕг у не знаг, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ, фӕлӕ». Ӕфсымӕр ын йӕ ныхӕстыл бирӕ фӕхъуыды кодта, стӕй Йегъовӕмӕ дӕр фӕкуывта. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг уыцы дыууӕ хистӕр нӕлгоймагимӕ бафидыдта.

15. Цӕмӕй та искӕуыл ногӕй ӕууӕндын райдайӕм, уымӕн рӕстӕг цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

15 Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ дыл цы кадджын хӕстӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕдӕ? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг маст кодтай. Гретӕ ӕмӕ йӕ мад 1930-ӕм азты нацистон Германийы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Уыцы рӕстӕг уым нӕ хъуыддаг уыд ӕхгӕд. Гретӕмӕ ӕрхауд стыр кад – хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй кодта къопитӕ. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, йӕ фыд рӕстдзинады ныхмӕ кӕй у, уӕд ын уый бар нал лӕвӕрдтой. Тарстысты, йӕ фыд сӕ кӕй ауӕй кӕндзӕн. Фӕлӕ Гретӕйы фӕлварӕнтӕ ууыл нӕ фесты. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕфсымӕртӕ Гретӕйӕн ӕмӕ йӕ мадӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» нал лӕвӕрдтой. Стӕй-иу сыл уынджы куы амбӕлдысты, уӕд-иу семӕ нӕ дзырдтой. Уый тыххӕй Гретӕ зӕрдӕсаст фӕци. Уый загъта, бирӕ рӕстӕг ӕй кӕй бахъуыд, цӕмӕй уыцы ’фсымӕртӕн ныххатыр кодтаид ӕмӕ та сыл ногӕй ӕууӕндын райдыдтаид. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Гретӕ бамбӕрста, Йегъовӕ уыцы ’фсымӕртӕн кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ сын уый дӕр кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕна *.

«Хӕйрӕг у не знаг, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ, фӕлӕ»

16. Цӕмӕн хъӕуы архайын, цӕмӕй та-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл ногӕй ӕууӕндын райдайӕм?

16 Кӕд дӕуӕн дӕр исчи де ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд архай, цӕмӕй та йыл ногӕй ӕууӕндын райдайай. Чи зоны дӕ уымӕн бахъӕуа рӕстӕг, фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Зӕгъӕм дын цавӕрдӕр хӕринаг нӕ батад. Уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ фылдӕр хъуыды кӕндзынӕ, цы хӕрыс, ууыл. Фӕлӕ афтӕ нӕ зӕгъдзынӕ, ӕппындӕр ницыуал хӕрын, зӕгъгӕ. Кӕд нын не ’мчырыстӕттӕй исчи не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй никӕуыл ис ӕууӕндӕн. Мах ӕй зонӕм, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм. Ногӕй та нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл куы баууӕндӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджындӕр. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн фылдӕр хъуыды кӕнын, махӕн нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырды иууылдӕр кӕрӕдзийыл ӕууӕндой.

17. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндын ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Ацы дунейы адӕм кӕрӕдзийыл не ’ууӕндынц. Фӕлӕ мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм. Уый фӕрцы стӕм амондджын ӕмӕ не ’хсӕн ис иудзинад. Кӕрӕдзийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нын стыр ӕххуыс уыдзӕн, чи нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр. Фӕлӕ нӕ, зӕгъӕм, исчи фӕфыдӕнхъӕл кодта ӕмӕ йыл нал ӕууӕндӕм, уӕд та? Хъуамӕ-иу уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй ракӕсӕм, архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Нӕ бон ма у, Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны бафӕзмын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу, чи нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта, уымӕн ныххатыр кӕндзыстӕм ӕмӕ та йыл баууӕнддзыстӕм. Ӕмӕ нын уӕд уыдзӕн, «ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр» чи у, бирӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ (Ӕмб. 18:24). Фӕлӕ, мах иннӕтыл ӕууӕндӕм, уый фаг нӕу. Хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр уӕм ӕууӕнкджын. Ӕмӕ иннӕ статьяйы ууыл аныхас кӕндзыстӕм.

99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ

^ Хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндӕм. Уый нын хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ нӕ иуӕй-иу хатт фӕфыдӕнхъӕл кӕнынц. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Библийы уагӕвӕрдтӕй иуӕй-иутӕм ӕмӕ рагон лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты хабӕрттӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл ӕууӕндын, ӕмӕ нын кӕд исчи не ’ууӕнк фӕсайдта, уӕд та йыл ногӕй ӕууӕндын райдайӕм.

^ Библи нӕ фӕдзӕхсы, иуӕй-иу хатт ӕмбырды дӕр кӕй вӕййы, ӕууӕндын кӕуыл нӕ хъӕуы, ахӕм адӕймӕгтӕ (Иуд. 4). Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ мӕнг ӕфсымӕртӕ рӕстдзинад фӕзыгъуыммӕ кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй фӕархайынц, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты рӕдыд зондыл саразой (Хъуыд. 20:30). Мах ахӕм адӕймӕгтыл не ’ууӕндӕм ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕм дӕр нӕ хъусӕм.