Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

37 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл зӕрдӕ дарун

Нӕ бон ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл зӕрдӕ дарун

«[Уарзондзийнадӕ] алцӕбӕлдӕр ӕууӕндуй, алцӕбӕлдӕр ӕ нифс даруй» (1 КОР. 13:7).

124 ЗАР Алкӕддӕр еузӕрдон уӕн

РАЗДЗУРД a

1. Иннетӕбӕл зин ӕууӕндӕн ке ӕй, е нӕмӕ дессаг цӕмӕннӕ кӕсуй?

 АЦИ дуйне Сайтани къохи ӕй. Уомӕ гӕсгӕ адӕн нӕ зонунцӕ, кӕбӕл ӕууӕндонцӕ, уой. Арӕх фӕффудӕнгъӕл унцӕ бизнесментӕ, политиктӕ ӕма дини разамонгути гъуддӕгтӕй. Беретӕн ба зин ӕууӕндӕн ӕй ӕмбӕлттӕбӕл, синхӕнттӕбӕл ӕма ма бийнонтӕй кӕбӕлдӕрти. Гъуддаг уотӕ ке ӕй, е нӕмӕ дессаг нӕ кӕсуй, уомӕн ӕма Библий финст ӕй: «Фӕстаг бӕнтти искӕндзӕй хъӕбӕр уӕззау рӕстӕг. Адӕн уодзӕнцӕ... мӕнгард... иннети фудкой кӕндзӕнцӕ... кӕрӕдзебӕл гадзирахаттӕй цӕудзӕнцӕ». Ӕндӕр дзурдтӕй, адӕн сӕхе дарунцӕ, аци дуйней хецау Сайтани хузӕн, уобӕл ба ӕууӕнкӕ ӕппундӕр нӕййес (2 Тим. 3:1–4; 2 Кор. 4:4).

2. а) Федарӕй ӕууӕндун нӕ бон кӕбӕл ӕй? б) Еуӕй-еуетӕмӕ цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй?

2 Фал ӕй киристӕнттӕ зонунцӕ, Йеговӕбӕл зӕрдӕ дарӕн ке ес (Йер. 17:7, 8). Мах ибӕл федарӕй ӕууӕндӕн, ке нӕ уарзуй ӕма е ’мбӕлтти ке некӕд ниууадздзӕй (Пс. 9:10). Удта ма ’й зонӕн, Йесо Киристебӕл дӕр нӕ бон ке ӕй нӕ зӕрдӕ дарун, уомӕн ӕма ӕ цард мах туххӕй равардта (1 Пет. 3:18). Библий унаффитӕбӕл дӕр ӕууӕнкӕ ке ес, уой нӕхецӕй зонӕн (2 Тим. 3:16, 17). Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун Йеговӕбӕл, Киристебӕл ӕма Библибӕл. Фал кадӕр зӕгъдзӕй: «Ӕма ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ба нӕ бон ӕй алкӕддӕр ӕууӕндун? Кӕд гъо, уӕд цӕмӕн?»

ХУӔРТӔ ӔМА НИН ӔНСУВӔРТӔ УСТУР ӔНХУС ӔНЦӔ

Ӕгас дуйнебӕл дӕр нин ес, Йегови ка уарзуй ӕма ӕууӕнки аккаг ка ӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ (кӕсӕ 3 абзац)

3. Йеговӕ нин цӕхуӕн кадӕ искодта? (Марки 10:29, 30).

3 Миллиардгай адӕни астӕу нӕмӕ Йеговӕ ӕ гъос ӕрдардта ӕма нӕ ӕ бийнонти астӕумӕ ӕрбакодта. Уӕхӕн дессаги кадӕ нин ке искодта, уой туххӕй си хъӕбӕр боз ан! (Бакӕсӕ Марки 10:29, 30.) Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр нин ес, Йегови ка уарзуй ӕма ин ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Кӕд не ’взаг, не ’гъдӕуттӕ ӕма нӕ уӕледарӕс хецӕн кӕнунцӕ ӕма сӕ кӕд раздӕр фӕсмӕргӕ дӕр нӕ кодтан, уӕддӕр нин нӕхе бийнонти адӕ фӕккӕнунцӕ. Ӕма нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй нӕ уӕларвон Фидӕн еумӕ лӕггадӕ кӕнун ӕма ’й кадгин кӕнун (Пс. 133:1).

4. Хуӕртӕ ӕма нӕ ӕнсувӕрти ӕнхус кӕд фӕгъгъӕуй?

4 Нӕ рӕстӕги уӕлдай ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ астӕу еудзийнадӕ уа. Еуӕй-еухатт нин хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ банхус кӕнунцӕ нӕ уаргъ хӕссунмӕ (Ром. 15:1; Гал. 6:2). Нӕ нифс нин бафедар кӕнунцӕ, цӕмӕй Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн ӕма цӕмӕй не ’ууӕндундзийнадӕ ма ’рлӕмӕгъ уа (1 Фес. 5:11; Дзиуит. 10:23–25). Ӕнӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй нин хъӕбӕр зин адтайдӕ. Етӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй федар фӕллӕууӕн не знӕгти нихмӕ – Сайтан ӕма ӕ фуддуйней нихмӕ. Тагъд рӕстӕги Сайтан ӕма ӕ дӕлбарӕ ка ’й, етӕ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕбӕл сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ. Еци рӕстӕг нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ нӕ фарсмӕ ке уодзӕнцӕ, уобӕл кунӕг нӕ цийнӕ кӕндзиан.

5. Кӕмӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндун зин цӕмӕн фӕууй?

5 Фал кӕмӕндӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндун зин фӕууй. Цӕмӕн? Ка ’й зонуй ин кадӕр ӕ сосӕг хабар иннетӕн ракодта. Кенӕ ба ин цӕмӕйдӕр зӕрдӕ байвардта ӕма ӕ дзурдӕн лӕг нӕ разиндтӕй. Кенӕ ба ин кадӕр дзурдӕй кенӕ гъуддагӕй ӕ зӕрдӕ ракъахта. Уӕхӕн цӕйдӕрти фӕсте адӕймагмӕ уотӕ кӕсун райдайуй, цума ӕууӕнкӕ некӕбӕл бал ес. Кӕд уотӕ рауайуй, уӕддӕр нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндӕн?

УАРЗОНДЗИЙНАДӔ НИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ, ЦӔМӔЙ ИННЕТӔБӔЛ ӔУУӔНДӔН

6. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд нин е куд ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй сӕбӕл ӕууӕндӕн? (1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4–8).

6 Кӕрӕдзей ку нӕ уарзӕн, уӕд нин кӕрӕдзебӕл ӕууӕндун дӕр зин уодзӕй. 1 Коринфӕгтӕмӕ 13 сӕри уарзондзийнади туххӕй ци финст ес, е нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй иннетӕбӕл фулдӕр ӕууӕндӕн кенӕ сӕбӕл нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдайӕн. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 13:4–8.) Зӕгъӕн, 4-аг стихи финст ӕй, уарзондзийнадӕ «берӕ фӕразуй ӕма ӕй хӕларзӕрдӕ». Йегови нихмӕ тӕрегъӕд ку ракӕнӕн, уӕд дӕр нӕмӕ фӕразон фӕууй. Уомӕ гӕсгӕ мах дӕр гъӕуама хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ фӕразон уӕн, дзурдӕй кенӕ нин гъуддагӕй нӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕнунцӕ, уӕд. 5-аг стихи ба уарзондзийнади туххӕй уотӕ финст ӕй: «Уайтагъд нӕ рамӕстгун уй. Лӕгъузӕй ин ка ци ракодта, уони нӕ нимайуй». Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, нӕхецӕн тъетрад не ’скӕнӕн ӕма нин нӕ зӕрдӕ ка цӕмӕй фӕхходун кодта, уой си нӕ фӕффинсӕн. Екклесиасти 7:9 финст ӕй: «Минкъий нецӕй туххӕй дӕр ма фӕббостӕ уисӕ». Хуарз уайдӕ Ефесӕгтӕмӕ 4:26 финст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ку архайианӕ, уӕд: «Хор уӕбӕл мӕстгунӕй ма ранигулӕд».

7. Матфеййи 7:1–5 ци уагӕвӕрдтӕ финст ес, етӕ нин куд банхус кӕнунцӕ, цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл хъӕбӕрдӕр ӕууӕндӕн?

7 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ Йегови цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд сӕбӕл фулдӕр ӕууӕнддзиан. Хуцау сӕ берӕ уарзуй ӕма син сӕ тӕрегъӕдтӕ ӕхемӕ нӕ финсуй. Ӕма мах дӕр гъӕуама уотӕ архайӕн (Пс. 130:3). Адӕймагӕн ӕ гъӕндзийнӕдтӕмӕ кӕсуни бӕсти архайӕ, цӕмӕй де ’ргом ӕздахай ӕ хуарз менеугутӕмӕ ӕма, хуарзӕй ӕ бон ци ӕй, уомӕ. (Бакӕсӕ Матфеййи 7:1–5.) Ести ку рауайуй, уӕд ибӕл феууӕндӕн, барӕй ке н’ адтӕй ӕма ’й лӕгъузӕй ке неци фӕндадтӕй, уомӕн ӕма уарзондзийнадӕ «алцӕбӕлдӕр ӕууӕндуй» (1 Кор. 13:7). Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма Йегови уотӕ фӕндуй, цӕмӕй алкӕбӕлдӕр ӕнӕргъудийӕй ӕууӕндӕн. Мах ӕууӕндӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл, уомӕн ӕма гъуддагӕй бавдистонцӕ, ӕууӕнкӕ сӕбӕл ке ес b.

8. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл фулдӕр ӕууӕндун цӕй фӕрци райдайдзиан?

8 Цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕ зӕрдӕ дарун райдайай, уой туххӕй рӕстӕг гъӕуй. Е дин цӕй фӕрци бантӕсдзӕй? Сӕ хӕццӕ хуӕздӕр базонгӕ уо. Ӕмбурдмӕ ку ’рбацӕуис, уӕд сӕ хӕццӕ рахабӕрттӕ кӕнисӕ. Сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ цо. Фӕразон уо. Уадзӕ, ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ бавдесонцӕ, ӕууӕнки аккаг ке ’нцӕ, уой. Ӕвӕдзи, ӕрӕги ке хӕццӕ базонгӕ дӕ, уомӕн еци фӕдбӕл дӕ зӕрдӕ нӕ райгон кӕндзӕнӕ. Фал ӕ хӕццӕ куд фулдӕр зонгӕ кӕнай, уотӕ дин ӕнцондӕр уодзӕй, дӕ зӕрди ци ес, уой ин дзорун (Лук. 16:10). Фал дӕ кӕд ӕмбурди хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕр фӕффудӕнгъӕл кодта, уӕдта? Еци фӕдбӕл адӕймагбӕл дӕ къох ма ракъуӕрӕ. Фӕразон уо ӕма еске рӕдуди туххӕй иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл дӕр гурусхӕ кӕнун ма райдайӕ. Гъӕйдӕ Йегови лӕггадгӕнгутӕй еуӕй-еуети хабӕрттӕмӕ ӕркӕсӕн. Кӕд етӕ дӕр кӕмӕйдӕр фӕффудӕнгъӕл ӕнцӕ, уӕддӕр уотӕ сагъӕс кӕнун нӕ райдӕдтонцӕ, ӕма ӕууӕнки аккаг некебал ӕй.

ФӔНЗУЙНАГ КА ӔЙ, УӔХӔН ЦӔВЕТТОНТӔ

Кӕд Илий Анни дзурдӕй хъӕбӕр бафхуардта, уӕддӕр Аннӕ идарддӕр дӕр ӕууӕндтӕй Йеговӕбӕл ӕма, ӕ номӕй ка архайдта, уонӕбӕл (кӕсӕ 9 абзац)

9. а) Аннӕ куд бавдиста, Йеговӕбӕл ке ӕууӕндуй, кӕд Йегови номӕй ка архайдта, етӕ рӕдудӕнцӕ, уӕддӕр? б) Йегови номӕй ка архайуй, етӕ ку рӕдуйонцӕ, уӕд нин Анни цӕветтон куд банхус кӕндзӕй? (Кӕсӕ хузӕмӕ.)

9 Ӕмбурди разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕй дӕ ескӕд еске фӕффудӕнгъӕл кодта? Кӕд гъо, уӕд расагъӕс кӕнӕн Анни цӕветтонбӕл. Уӕди рӕстӕги Израили хестӕр саугин адтӕй Илий. Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнуни хӕццӕ баст гъуддӕгти разамунд е лӕвардта. Фал ӕ бийнонтӕ ба фӕнзуйнаг н’ адтӕнцӕ. Ӕ фурттӕн кӕд кадгин ихӕстӕ адтӕй, уӕддӕр хъӕбӕр ӕнӕгъдау миутӕ кодтонцӕ. Фал сӕ сӕ фидӕ, куд ӕмбӕлуй, уотӕ нӕ бараст кодта. Ӕма кӕд Хуцау еци фӕдбӕл Илиййи саугини ихӕстӕй не ’суӕгъдӕ кодта, уӕддӕр цума уой туххӕй Аннӕ Йегови сугъдӕг цатурмӕ лӕггадӕ кӕнунмӕ нӕбал цудӕй? Уӕхӕн цӕбӕлдӕр Аннӕ, ӕвӕдзи, сагъӕс дӕр нӕ ракодта. Ӕ фур зинӕй Йеговӕмӕ ку кувта, уӕд Илиймӕ уотӕ фӕккастӕй, цума расуг ӕй. Гъуддаг цӕй медӕг ӕй, уой Илий зонгӕ дӕр нӕ бакодта, уотемӕй ин алли фудтӕ никкалдта (1 Сам. 1:12–16). Фал Аннӕ уӕддӕр Йеговӕн дзурд равардта, фурт ин ку райгура, уӕд ӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ сугъдӕг цатурмӕ ке ратдзӕй, кӕд ӕма ’й зудта, Илий имӕ ке кӕсдзӕй, уой (1 Сам. 1:11). Цума Илиййи фурттӕ ба бафхуӕруни аккаг н’ адтӕнцӕ? Адтӕнцӕ. Ӕма сӕ Йеговӕ ӕ рӕстӕги бафхуардта – мӕлӕти тӕрхон син рахаста (1 Сам. 4:17). Аннӕн ба Йеговӕ балӕвар кодта фурт – Самуили (1 Сам. 1:17–20).

10. Давидбӕл гадзирахаттӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд некӕбӕл бал ӕууӕндтӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

10 Де ’мбал дӕбӕл ескӕд гадзирахаттӕй рацудӕй? Кӕд гъо, уӕд расагъӕс кӕнӕн паддзах Давидбӕл. Давидӕн адтӕй хуарз ӕмбал ӕма унаффӕгӕнӕг Ахитофел. Фал ӕ фурт Авессалом паддзахи бартӕ байсунмӕ ку исфӕндӕ кодта, уӕд Ахитофел дӕр Авессаломи фарс ислӕудтӕй. Давид ӕй ку базудта, ӕ фурт дӕр ӕма е ’мбал дӕр ӕ нихмӕ ке иссӕнцӕ, уӕд, ӕвӕдзи, арвицӕфау фӕцӕй. Кӕд уотӕ рауадӕй, уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Давид уой фӕсте некӕбӕл бал ӕууӕндтӕй. Зӕгъӕн, ӕ иннӕ хуарз ӕмбал Хусибӕл гурусхӕ кӕнун нӕ райдӕдта. Давид ибӕл ӕ зӕрдӕ дзӕгъӕли нӕ дардта, уомӕн ӕма ӕ нихмӕ ка рацудӕй, уони фарс не ’слӕудтӕй, сауӕнгӕ ма ин ӕ цардӕн тӕссаг ку адтӕй, уӕддӕр (2 Сам. 17:1–16).

11. Навали лӕггадгӕнгутӕй еу куд бавдиста, иннетӕбӕл ке ӕууӕндуй, уой?

11 Нур ба ӕркӕсӕн, Навали лӕггадгӕнӕги хабармӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги дӕргъи Давид ӕ адӕни хӕццӕ гъӕуай кодта еци гъӕздуг лӕги фиййӕутти. Еу уӕхӕни Давид е ’фсӕддонти хӕццӕ Навалӕй хуӕруйнаг ракурдтонцӕ, дӕ бон цӕйбӕрцӕ ӕй, уойбӕрцӕ, дан, нин раттӕ. Фал сӕ Навал ревӕд къохӕй ку рарвиста, уӕд Давид гъе уотӕ исмӕстгун ӕй, ӕма загъта, ӕ хӕдзари ин еугур нӕлгоймӕгти дӕр ке ниццӕгъддзӕй. Гъема Навали лӕггадгӕнӕг ӕ хецауи уосӕ Авигейӕн уой туххӕй фӕххабар кодта. Ӕ бон адтӕй раледзун, цӕмӕй ӕ цард багъӕуай кодтайдӕ, фал уотӕ нӕ бакодта. Е ӕй зудта, Авигейӕ зундгин силгоймаг ке ӕй ӕма ести ке ӕргъуди кӕндзӕй. Ӕма Авигейӕй нӕ фӕффудӕнгъӕл ӕй. Еци нифсхаст силгоймаг Давиди уӕхӕн фӕсмойнаг гъуддагӕй багъӕуай кодта (1 Сам. 25:2–35). Авигейӕ дӕр ибӕл ӕууӕндтӕй, Давид раст унаффӕ ке рахӕсдзӕй.

12. Цӕмӕй бӕрӕг ӕй, Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл ке ӕууӕндтӕй, кӕд рарӕдуйиуонцӕ, уӕддӕр?

12 Киристе дӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл ӕууӕндтӕй, кӕд еуӕй-еухатт рарӕдуйиуонцӕ, уӕддӕр (Иоан. 15:15, 16). Еухатт Иаков ӕма Иоанн Киристейӕй ракурдтонцӕ, цӕмӕй син Хуцауи Паддзахади кадгин бунӕттӕ ратта. Киристе уотӕ сагъӕс кӕнун нӕ райдӕдта, сӕхе пайдай туххӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, зӕгъгӕ. Е сӕ идарддӕр дӕр ӕ апостолтӕбӕл нимадта (Мар. 10:35–40). Фӕстӕдӕр, Киристей ку ниййахӕстонцӕ, уӕд ӕй е ’гас ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр ниууагътонцӕ (Матф. 26:56). Фал сӕбӕл ӕ къох нӕ ракъуӕрдта. Сӕ гъӕндзийнӕдтӕ син хъӕбӕр хуарз зудта, фал сӕ уӕддӕр «кӕронмӕ дӕр уарзта» (Иоан. 13:1). Киристе ку райгас ӕй, уӕдта ма ӕ 11 еузӕрдон апостолемӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодта – игъосун кӕнуни гъуддагӕн разамунд дӕттун ӕма ин ӕ хъазар уӕриккитӕбӕл тухсун (Матф. 28:19, 20; Иоан. 21:15–17). Кӕд еци нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕнхӕст адтӕнцӕ, уӕддӕр ӕй нӕ фӕффудӕнгъӕл кодтонцӕ. Сӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ. Мадта нин Аннӕ, Давид, Навали лӕггадгӕнӕг, Авигейӕ ӕма Киристе хуарз цӕветтон ниууагътонцӕ: етӕ ӕнӕнхӕст адӕнбӕл ӕууӕндтӕнцӕ ӕма сӕбӕл сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ.

ИННЕТӔБӔЛ НӔУӔГӔЙ ӔУУӔНДУНМӔ ДИН ЦИ БАНХУС КӔНДЗӔЙ?

13. Иннетӕбӕл ӕууӕндун нин зин кӕд фӕууй?

13 Ескӕд дӕбӕл уӕхӕн хабар ӕрцудӕй, ӕма кӕмӕндӕр цидӕр сосӕг хабар ракодтай, е ба ’й ӕндӕр ескӕмӕн радзурдта? Ку ’й базудтай, уӕд дин цума дӕ зӕрди кард рацавтонцӕ, уотӕ адтӕ. Еухатт хуӕрӕ еу хестӕр нӕлгоймагӕн ӕ хабар ракодта ӕма ӕ зӕрдӕ дардта, ке ’й некӕмӕн радзордзӕй. Фал имӕ иннӕ бон ба еци хестӕр нӕлгоймаги уосӕ ӕрбадзурдта, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ. Хуӕрӕ ’й балӕдӕрдтӕй, ӕ лӕг ин алцидӕр ке радзурдта. Хуӕрӕ еци хестӕр нӕлгоймагбӕл ке нӕбал ӕууӕндтӕй, е дессаг дӕр нӕй. Фал уӕддӕр ӕхе раст бадардта ӕма иннӕ хестӕр нӕлгоймаги хӕццӕ радзурдта. Еци ӕнсувӕри ӕнхуси фӕрци хуӕрӕн ӕ бон иссӕй нӕуӕгӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл ӕууӕндун.

14. Еу ӕнсувӕрӕн ци банхус кодта, цӕмӕй иннетӕбӕл нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдӕдтайдӕ?

14 Еу ӕнсувӕр берӕ рӕстӕг дууӕ хестӕр нӕлгоймагей хӕццӕ нӕ федудта, уомӕн ӕма имӕ уотӕ кастӕй, ӕма сӕбӕл ӕууӕнкӕ нӕййес. Фал фӕстӕдӕр ба сагъӕс кӕнун райдӕдта, еу ӕнсувӕр ци дзурдтӕ загъта, уобӕл. Е загъта хумӕтӕг, фал хъӕбӕр ӕхсидзгӕ гъуди: «Махӕн не знаг Сайтан ӕй, ӕнсувӕртӕ нӕ, фал». Еци дзурдтӕбӕл берӕ фӕссагъӕс кодта. Йеговӕмӕ кувта ӕма фӕстагмӕ байархайдта, цӕмӕй еци дууӕ хестӕр нӕлгоймагей хӕццӕ бафедудтайдӕ.

15. Хатгай нӕ берӕ рӕстӕг цӕмӕн багъӕуй, цӕмӕй ӕнсувӕртӕбӕл нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдайӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

15 Дӕ кадгин ихӕстӕй дӕ ескӕд фенӕхай кодтонцӕ? Е хъӕбӕр зин фӕууй. Гретӕ ӕма ӕ мадӕ Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодтонцӕ нацистон Германий 1930-аг ӕнзти, нӕ гъуддаг си ӕхгӕд ку адтӕй, уӕд. Гретӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодтонцӕ: гъудӕй ӕй «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и журнал хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн къопитӕ кӕнун. Фал ӕй фӕстӕдӕр ӕнсувӕртӕ базудтонцӕ, ӕ фиди зӕрдӕмӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке нӕ цӕунцӕ ӕма фӕттарстӕнцӕ, ке сӕ рауӕйӕ кӕндзӕй, уомӕй. Уой фӕсте Гретӕн еци гъуддаг некӕдбал баихӕс кодтонцӕ. Фал ӕ зиндзийнӕдтӕ уоййадӕбӕл нӕ фӕцӕнцӕ. Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг Гретӕ ӕма ӕ мадӕн «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и журнал нӕ лӕвардтонцӕ, удта сӕбӕл гъӕунги ку фембӕлиуонцӕ, уӕд син салам дӕр нӕ раттиуонцӕ. Расагъӕс кӕнай, Гретӕн куд зин адтӕй! Берӕ рӕстӕг ӕй багъудӕй, цӕмӕй ӕ зӕрди рист ӕрсабур адтайдӕ, цӕмӕй еци ӕнсувӕртӕн ниххатир кодтайдӕ ӕма сӕбӕл цӕмӕй нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдӕдтайдӕ. Фал рӕстӕг рацудӕй, ӕма ’й Гретӕ фӕууидта, Йеговӕ син ке ниххатир кодта, ӕма е дӕр гъе уотӕ бакодта c.

«Махӕн не знаг Сайтан ӕй, ӕнсувӕртӕ нӕ, фал»

16. Нӕхе цӕмӕн гъӕуама ахур кӕнӕн, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндун, кӕд нин е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕддӕр?

16 Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ еске фӕрресун кодта кенӕ ескӕмӕй фӕффудӕнгъӕл дӕ, уӕд дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Дӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕ, цӕмӕй нӕуӕгӕй адӕнбӕл ӕууӕндун райдайай. Е дин, ка ’й зонуй, еци фӕдбӕл нӕ рауайдзӕй, фал дӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли нӕ уодзӕнцӕ. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Кӕд дин ести хуӕруйнаг нӕ фӕббӕзтӕй кенӕ ба ма дӕ ресун дӕр фӕккодта, уӕд иннӕ хатт, ци хуӕрис, уой лӕмбунӕгдӕр ӕвзардзӕнӕ, фал стонгӕй ба дӕхе нӕ мардзӕнӕ. Гъе уотӕ, кӕд ескӕмӕй фӕффудӕнгъӕл дӕ, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕнкӕ нӕбал ес. Мах еугурӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан. Нӕхе ку ахур кӕнӕн иннетӕбӕл ӕууӕндун, уӕд нӕхуӕдтӕ амондгундӕр уодзиан. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕнцондӕр уодзӕй архайун, цӕмӕй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ кӕрӕдзебӕл ӕууӕндонцӕ.

17. Кӕрӕдзебӕл ӕууӕндун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма иннӕ статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

17 Сайтани дуйней адӕн кӕрӕдзебӕл нӕбал ӕууӕндунцӕ. Фал мах бон ба ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл ӕууӕндун, уомӕн ӕма мах уони уарзӕн, етӕ ба мах. Кӕрӕдзебӕл ке ӕууӕндӕн, уой фӕрци ан амондгун, удта нӕ астӕу ес еудзийнадӕ. Е нин устур ӕнхус фӕууодзӕй, федӕни фӕлварӕнтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд дӕр. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, кӕд дӕ еске фӕффудӕнгъӕл кодта ӕма дин ибӕл идарддӕр ӕууӕндун зин ӕй? Архайӕ, цӕмӕй уавӕрмӕ Йегови цӕстӕй кӕсай, пайда кӕнай Библий уагӕвӕрдтӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базонунбӕл архайай ӕма Библий финст хабӕрттӕй ахур кӕнай. Ӕма уӕд дӕ бон исуодзӕй, ци рист бавзурстай, уой феронх кӕнун ӕма иннетӕбӕл нӕуӕгӕй дӕ зӕрдӕ дарун. Уой фӕрци дин фӕззиндзӕй, «ӕнсувӕрӕй ӕновуддӕр» ка ӕй, берӕ уӕхӕн ӕмбӕлттӕ (Ӕмб. 18:24). Фал ду кӕбӕлдӕр ӕууӕндай, е фагӕ нӕй. Гъӕуама ’й иннетӕ дӕр зононцӕ, дӕубӕл дӕр ӕууӕнкӕ ке ес. Иннӕ статьяй базондзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕууӕндонцӕ.

99 ЗАР Хуцауи адӕн ӕнцӕ милиуантӕ

a Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕбӕл зӕрдӕ дарун ӕхсидзгӕ ’й, фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уомӕн ӕма нӕ еуӕй-еухатт фӕффудӕнгъӕл кӕнунцӕ. Аци статьяй радзордзиан, Библийӕй нин цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ ӕма цӕветтонтӕ банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕбӕл нӕ зӕрдӕ дарӕн. Удта ма базондзиан, ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй, кӕмӕй фӕффудӕнгъӕл ан, уонӕбӕл нӕуӕгӕй ӕууӕндун райдайӕн.

b Библий финст ӕй, ӕмбурди ке фӕззиндзӕй, ӕууӕнки аккаг ка нӕй ӕма «рӕстдзийнадӕ ка усхъуммӕ кӕндзӕй, уӕхӕн адӕймӕгтӕ», цӕмӕй иннети сӕ фӕдбӕл сайонцӕ (Иуди 4; Гъуд. 20:30). Уӕхӕнттӕбӕл ӕууӕндун ӕма сӕмӕ игъосун нӕ гъӕуй.