Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уый мын хӕссы циндзинад

Йегъовӕ цы ахуырад дӕтты, уый мын хӕссы циндзинад

ӔЗ СХЪОМЫЛ дӕн Истоны, штат Пенсильванийы (АИШ). Фӕндыди мӕ университетмӕ бацӕуын, хъуамӕ стыр адӕймаг суыдаин. Ахуыр кӕнын уарзтон. Хорз арӕхстӕн математикӕмӕ, физикӕмӕ, химимӕ. Сауцъар ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн мын уыд ӕппӕты хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ. Ӕмӕ мын уый тыххӕй, адӕймаджы бартыл чи тох кодта, иу ахӕм организаци 1956 азы радта 25 доллӕры. Фӕлӕ фӕстӕдӕр мӕ нысӕнттӕ фӕивтой. Фӕнды уӕ базонын, цӕмӕн?

ЙЕГЪОВӔЙЫ КУЫД БАЗЫДТОН?

Иу-1940 азы мӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Цасдӕры фӕстӕ нал ахуыр кодтой. Фӕлӕ мӕ мад иста журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». 1950 азы Нью-Йорчы уыдис ӕхсӕнадӕмон конгресс, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй уырдӕм ацыдыстӕм.

Уый фӕстӕ нӕм цӕуын райдыдта ӕфсымӕр Лоренс Джеффрис. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаин. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц ӕмӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Ӕз ын загътон: «Америкӕйы хӕцынмӕ куы ничиуал цӕуа, уӕд нын нӕ бӕстӕ знӕгтӕй чи бахъахъхъӕндзӕн?» Ӕфсымӕр Джеффрис мемӕ ныхас кодта фӕразонӕй. Загъта мын: «Куыд дӕм кӕсы, Америкӕйы иууылдӕр Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕниккой ӕмӕ знӕгтӕ куы ’рбабырсиккой, уӕд Йегъовӕ куыд бакӕнид?» Ацы фарста ӕмӕ мын иннӕ фарстатӕ куыд бамбарын кодта, уый фӕрцы бамбӕрстон, раст кӕй нӕ хъуыды кодтон. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд фылдӕр базонын.

Донаргъуыд куы истон, уӕд

Сахатгай-иу кастӕн «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы зӕронд номыртӕ. Мӕ мад сӕ пъадвалы сӕвӕрдта. Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон. Ӕмӕ сразы дӕн ӕфсымӕр Джеффрисимӕ Библи ахуыр кӕныныл. Стӕй ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр райдыдтон. Рӕстдзинад бауарзтон, ӕмӕ сдӕн хорз хабар хъусынгӕнӕг. «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг» кӕй у, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕ нысӕнттӕ фӕивтой (Соф. 1:14). Университеты ахуыр кӕнын мӕ нал фӕндыд. Фӕлӕ мӕ фӕндыд иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын рӕстдзинад базонынӕн.

1956 азы 13 июны скъола фӕдӕн. Ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ районон конгрессы донаргъуыд райстон. Ӕз мӕ цард снывонд кодтон ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – мӕн фӕндыд, цӕмӕй мӕ Йегъовӕ ахуыр кодтаид ӕмӕ ӕз дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кодтаин Йегъовӕйы базонынӕн. Уӕд ӕй кӕцӕй зыдтон, Йегъовӕ мӕ цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн.

АХУЫР КӔНЫН ПИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ

Донаргъуыд куы райстон, уымӕй афӕдзы ’рдӕджы фӕстӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. 1956 азы декабры «Хъусын кӕныны хъуыддаджы» уыди статья «Дӕ бон у, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым лӕггад кӕнын?». Мӕнӕн мӕ бон уыд. Мӕн фӕндыд, хъусынгӕнджытӕ бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм ран хъусын кӕнын (Матф. 24:14).

Ӕз ацыдтӕн Эджфилдмӕ, штат Хуссар Каролинӕмӕ. Уымы ӕмбырды уыди ӕрмӕстдӕр цыппар хъусынгӕнӕджы. Мемӕ фондз баистӕм. Ӕмбырдтӕ уагътам иу ӕфсымӕры хӕдзары. Ӕз алы мӕй дӕр хъусын кодтон 100 сахаты. Стӕй мын ӕмбырды арӕх уыди раныхӕстӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Диссаг цы у: ӕмбырды цас фылдӕр арӕзтон, уыйас-иу Йегъовӕйы тыххӕй дӕр фылдӕр базыдтон.

Иу сылгоймагимӕ Библи ахуыр кодтон. Уыди йӕм зианы бюро Джонстоны, Эджфилдӕй цалдӕр километры дарддӕр. Уыцы рӕстӕг куыст агуырдтон, ӕмӕ мӕ уыцы хӕларзӕрдӕ сылгоймаг куыстмӕ айста. Куыстон ӕм къуыри цалдӕр боны. Стӕй ма йӕм уыдис иу гыццыл агъуыст, ӕмӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй дзы ӕмбырдтӕ уагътаиккам.

Стӕй нӕм Бруклинӕй (штат Нью-Йорк) ӕрцыд иу ӕфсымӕр, Джолли Джеффрис. Уый уыди, мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ’фсымӕры лӕппу. Иумӕ лӕггад кодтам пионертӕй. Цӕргӕ та кодтам иу ӕфсымӕры трейлеры.

Хуссар штатты мызд тынг гыццыл фыстой. Иу бонӕн нын фыстой 2–3 доллӕры. Иухатт мӕ фӕстаг капеччытӕй хӕринаг балхӕдтон. Ӕмӕ дуканийӕ куы рацыдтӕн, уӕд мӕм иу нӕлгоймаг ӕрбацыд ӕмӕ мӕ бафарста: «Куыст дӕ нӕ хъӕуы? Иу сахатӕн дын 1 доллӕр фиддзынӕн». Хъуамӕ ӕртӕ бонмӕ бафснайдтаин, арӕзтад кӕм цыд, ахӕм бынат. Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ мын кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй Эджфилды баззадаин. Фӕлӕ мӕм кӕд ӕхца бирӕ нӕ уыд, уӕддӕр 1958 азы мӕ бон баци Нью-Йоркмӕ ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ ацӕуын.

Нӕ чындзӕхсӕвы бон

Конгрессы дыккаг бон мыл иу ӕхсызгон хабар ӕрцыд. Базонгӕ дӕн иу хоимӕ, Руби Уодлингтонимӕ. Уый лӕггад кодта пионерӕй Галлатины, штат Теннессийы. Нӕ дыууӕйы дӕр фӕндыд миссионертӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ, Галаады скъолайы ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн конгрессы цы фембӕлд уыд, уырдӕм ацыдыстӕм. Фӕстӕдӕр кӕрӕдзимӕ фыссын райдыдтам. Иухатт мӕ фӕхуыдтой Галлатинмӕ раныхас радзурынмӕ. Гъемӕ ӕз дӕр ракӕ-бакӕ нал фӕкодтон ӕмӕ Рубийӕн загътон, нӕ цард баиу кӕнӕм, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ рахызтӕн Рубийы ӕмбырдмӕ, ӕмӕ 1959 азы нӕ цард баиу кодтам.

АХУЫР КӔНЫН ӔМБЫРДЫ

23 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ Галлатины ӕмбырды снысан кодтой ӕмбырды лӕггадгӕнӕгӕй (ныр хуыйны хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор). Чарлз Томпсон районон цӕстдарӕг куы сси, уӕд фыццаг мах ӕмбырд бабӕрӕг кодта. Кӕд йӕхӕдӕг фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр уыд, уӕддӕр мӕ бафарста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цавӕр ӕххуыс хъӕуы ӕмӕ иннӕ районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдӕн куыд ӕххуыс кодтой, уымӕй. Уыцы ’фсымӕрӕй сахуыр дӕн, цыдӕр саразыны размӕ кӕй фӕхъӕуы, цы нӕ зоныс, уымӕй бафӕрсын ӕмӕ алцыдӕр базонын.

1964 азы майы мӕ фӕхуыдтой Бӕрнон ӕфсымӕрты скъоламӕ. Цыди иу мӕй Саут-Лансингы (штат Нью-Йорк). Скъола чи уагъта, уыцы ’фсымӕртӕ мын мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгътой ӕмӕ мӕ бафӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базонын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын.

АХУЫР КӔНЫН РАЙОНОН ӔМӔ ОБЛӔСТОН ЦӔСТДАРӔГӔЙ ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ

1965 азы январы мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Нӕ район тынг стыр уыд: Ноксвиллӕй (штат Теннесси) суанг Ричмонды онг (штат Виргини). Уыцы районмӕ хаудысты ӕмбырдтӕ штатты Цӕгат Каролинӕ, Кентукки ӕмӕ Хурныгуылӕн Виргини. Рубиимӕ бӕрӕг кодтам, сауцъар хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕм уыд, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕмбырдтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг Америкӕйы хуссар хайы ахӕм закъон уыд, ӕмӕ сауцъар адӕмӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй урсцъар адӕмимӕ иумӕ ӕмбырд кодтаиккой. Уымы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынг мӕгуыр уыдысты. Ӕмӕ сахуыр стӕм, цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Иухатт мын, районон цӕстдарӕгӕй рагӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр загъта тынг ахсджиаг хъуыды: «Ӕмбырд куы бӕрӕг кӕнай, уӕд-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕхи афтӕ ма дар, цыма хицау дӕ. Хъуамӕ уыной, се ’фсымӕр кӕй дӕ. Ӕрмӕстдӕр сын афтӕмӕй уыдзӕн дӕ бон баххуыс кӕнын».

Иу гыццыл ӕмбырд куы бӕрӕг кодтам, уӕд Руби иу ӕрыгон сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уыди йын афӕдздзыд чызг. Уыцы ӕмбырды йӕ бон никӕмӕн баци уыцы сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ Руби йемӕ ахуыр кодта писмоты фӕрцы. Иннӕ хатт сӕ куы бӕрӕг кодтам, уӕд уыцы сылгоймаг иу ӕмбырд дӕр нӕ фӕцух кодта. Стӕй уырдӕм снысан кодтой, сӕрмагонд пионертӕй чи лӕггад кодта, дыууӕ ахӕм хойы, ӕмӕ уыдон йемӕ дарддӕр Библи ахуыр кодтой. Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ донаргъуыд райста. Иу-30 азы фӕстӕ, 1995 азы, Паттерсоны Вефилы иу ӕрыгон хо Рубимӕ бацыд ӕмӕ йын йӕхи бацамыдта. Уый уыд, Руби Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыцы сылгоймаджы чызг. Йӕ сӕрыхицауимӕ ахуыр кодтой Галаады скъолайы 100-ӕм къласы.

Нӕ дыккаг район уыди Флоридӕйы. Уыцы рӕстӕг нӕ хъуыди машинӕ, ӕмӕ иу машинӕ нӕ къухы хорз аргъӕй бафтыд. Фӕлӕ дзы фыццаг къуыри цыдӕр фехӕлд, йӕ саразынӕн та нӕм ӕхца нӕ уыд. Уӕд иу ӕфсымӕрмӕ фӕдзырдтон, ӕмӕ йӕ уый йӕ кусджытӕй иуӕн саразын кодта. Фӕлӕ нӕ ӕхца нӕ бакуымдта, ницы, дам, мӕ дарут. Йӕхӕдӕг ма нын ӕхца радта. Уӕд нын Йегъовӕ равдыста, йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы, уый. Ацы хабар нын ногӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, рӕдау кӕй хъуамӕ уӕм.

Ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтам, уӕд-иу ӕрлӕууыдыстӕм хотӕ кӕнӕ ’фсымӕртӕй искӕмӕ. Уый фӕрцы нын фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Иухатт мыл ахӕм хабар ӕрцыд. Цы ӕмбырд бӕрӕг кодтон, уый тыххӕй мӕ хъуыди отчет ныффыссын. Ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмыхуырӕй мыхуыргӕнӕн машинкӕйы фӕуагътон. Изӕрӕй куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд ӕй базыдтон, кӕмӕ цардыстӕм, уыдоны 3-аздзыд лӕппу мын кӕй «баххуыс кодта» уыцы отчет кӕронмӕ фӕуынӕн. Уый фӕстӕ ма дзы уый тыххӕй бирӕ азты дӕргъы хынджылӕг кодтон.

1971 азы мӕ снысан кодтой облӕстон цӕстдарӕгӕй Нью-Йоркмӕ. Уый тынг ӕнӕнхъӕлӕджы уыд. Уырдӕм куы ацыдыстӕм, уӕд мыл 34 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Ӕфсымӕртӕ мыл, сӕ фыццаг сауцъар облӕстон цӕстдарӕгыл, тынг фӕцин кодтой.

Облӕстон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнгӕйӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд алы къуыри дӕр районон конгрессты Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Районон цӕстдарджытӕй бирӕтӕ мӕнӕй фӕлтӕрдджындӕр уыдысты. Сӕ иу дзы уыд, донаргъуыд куы истон, уӕд раныхас кӕмӕн уыд, уыцы ’фсымӕр. Иннӕ ахӕм Теодор Ярач, фӕстӕдӕр лӕггад кодта Разамонӕг советы. Стӕй ма дзы уыди бирӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ Бруклины Вефилӕй дӕр. Районон цӕстдарджытӕй ӕмӕ вефилӕгтӕй тынг бузныг уыдтӕн, семӕ ӕмгуыст кӕнын мын тынг ӕнцон уыд. Мӕхи цӕстӕй уыдтон, уыцы уарзӕгой фыййӕуттӕ разамынд Хуыцауы Ныхасӕй куыд дӕттынц ӕмӕ Хуыцауы организацийыл куыд ӕнувыд сты, уый. Уыцы ’фсымӕртӕ сӕрныллӕг кӕй уыдысты, уый фӕрцы мын облӕстон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын ӕнцон уыд.

НОГӔЙ ТА ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙОНОН ЦӔСТДАРӔГӔЙ

1974 азы Разамонӕг совет облӕстон цӕстдарджытӕй снысан кодта ӕндӕр районон цӕстдарджыты. Ӕмӕ та ӕз дӕр ногӕй райдыдтон районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын, ацы хатт Хуссар Каролинӕйы. Уӕдмӕ хуссар штатты уавӕр фӕивта, ӕмӕ урсцъар ӕмӕ сауцъар хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон уыд иумӕ ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ ууыл тынг цин кодтой.

1976 азы кӕрон мӕ снысан кодтой Джорджимӕ. Нӕ район уыд Атлантӕ ӕмӕ Колумбусы ’хсӕн. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, фондз сауцъар сывӕллоны зианы раныхас куыд дзырдтон, уый. Чидӕртӕ сын сӕ хӕдзарыл арт бандзӕрстой. Сӕ мад дӕр сыгъдтытӕй рынчындонмӕ бахауд. Сауцъар хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр ӕмӕ урсцъар хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр рынчындонмӕ цыдысты ӕмӕ цыдысты, цӕмӕй уыцы зӕрдӕрыст ныййарджыты бафидар кодтаиккой. Ахӕм уарзондзинад ӕндӕр никӕм ис фенӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийы зын кӕй ӕмбарынц, уый фӕрцы цыфӕнды стыр зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразынц.

АХУЫР КӔНЫН ВЕФИЛЫ ЛӔГГАД КӔНГӔЙӔ

1977 азы нӕ цалдӕр мӕймӕ фӕхуыдтой Бруклины Вефилмӕ иу хъуыддаджы баххуыс кӕнынмӕ. Йӕ фӕуынмӕ бирӕ нал хъуыд, афтӕ Разамонӕг советӕй дыууӕ ӕфсымӕры мемӕ фембӕлдысты ӕмӕ мӕ бафарстой, Рубиимӕ, дам, уӕ нӕ фӕндид дарддӕр дӕр Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ мах дӕр сразы стӕм.

24 азы лӕггад кодтон уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады. Уым чи лӕггад кӕны, уыцы ’фсымӕрты арӕх фӕхъӕуы тынг зын фарстатӕ скъуыддзаг кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Разамонӕг совет цы разамынд дӕтты, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы ахӕм фарстатӕн дзуапп раттын. Стӕй ма уый фӕрцы сӕ бон у ахуыр кӕнын районон цӕстдарджыты, хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ пионерты. Уый фӕрцы сӕ бирӕтӕ систы ноджы фӕлтӕрдджындӕр чырыстӕттӕ. Ӕмӕ уый Йегъовӕйы организацийӕн стыр ӕххуыс у.

1995 азӕй 2018 азмӕ алыхуызон филиалтӕ бӕрӕг кодтон, куыд сӕйраг хайады минӕвар, афтӕ (раздӕр хуынди зоналон цӕстдарӕг). Фембӕлдтӕн-иу, филиалты комитетты чи лӕггад кодта, уыцы ’фсымӕртимӕ, вефилӕгтимӕ ӕмӕ миссионертимӕ, цӕмӕй-иу сӕ бафидар кодтаин ӕмӕ сӕ кӕд исты тыхсын кодта, уӕд сын баххуыс кодтаин. Ӕмӕ-иу мах дӕр Рубиимӕ тынг бафидар стӕм, сӕ хабӕрттӕ нын-иу куы радзырдтой, уӕд. Зӕгъӕм, 2000 азы бӕрӕг кодтам Руандӕйы филиал. Уым нын радзырдтой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, стӕй Вефилы бинонтӕ 1994 азы геноциды рӕстӕг цытӕ бавзӕрстой. Бирӕтӕн сӕ хиуӕттӕ фӕмард сты. Цас цыдӕртӕ ӕвзӕрстой, фӕлӕ сын сӕ уырнындзинад, сӕ ныфс ӕмӕ сӕ циндзинад ничи байста.

Нӕ чындзӕхсӕвы бонӕй 50 азы куы рацыд, уыцы бон

Ныр Рубийыл дӕр ӕмӕ мӕныл дӕр 80 азӕй фылдӕр цӕуы. Фӕстаг 20 азы дӕргъы лӕггад кӕнын Иугонд Штатты филиалы комитеты. Университетмӕ афтӕ дӕр нӕ бацыдтӕн. Фӕлӕ райстон ӕппӕты уӕлдӕр ахуырад – ахуыр мӕ кодтой ӕмӕ кӕнынц Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци! Уый мын ӕххуыс кӕны иннӕтӕн Библийы рӕстдзинад амонынӕн. Уый сын ӕнустӕм хӕсдзӕн пайда (2 Кор. 3:5; 2 Тим. 2:2). Ӕз бирӕ хӕттыты федтон, Библи адӕмы цард куыд ивы ӕмӕ сын куыд баххуыс кӕны, цӕмӕй се Сфӕлдисӕг сӕ Хӕлар суа (Иак. 4:8). Фадат нын куы вӕййы, уӕд Рубиимӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн фӕзӕгъӕм, цӕмӕй аргъ кӕной, махӕй алкӕмӕ дӕр цы стыр кад ӕрхауд, уымӕн – Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтӕн Библийы рӕстдзинад амонын. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕн уымӕй стырдӕр кад нӕй!