Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Бирӕты рӕстдзинадмӕ» ӕрбакӕндзысты

«Бирӕты рӕстдзинадмӕ» ӕрбакӕндзысты

«Бирӕты рӕстдзинадмӕ чи ’рбакӕны, уыдон стъалытау ӕрттивдзысты ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (ДАН. 12:3).

151 ЗАРӔГ Уый фӕдзурдзӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Миназон хицаудзинады рӕстӕг зӕххыл цавӕр диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн?

 ЦӔЙ диссаг уыдзӕн, Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг мӕрдтӕ ӕгас кӕнын куы райдайой, уӕд! Мах тынг фӕнды, чи нын амард, уыдоны ногӕй фенын. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр сӕ фендмӕ тынг бӕллы (Иов 14:15). Ӕгас зӕххыл дӕр фырцинӕй адӕм куыдтӕтӕ кӕндзысты, мӕлӕт сӕ кӕмӕй фӕхицӕн кодта, уыдонимӕ фӕстӕмӕ куы баиу уой, уӕд! Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй «рӕстгӕнджытӕ» – йӕ ном царды чиныджы фыст кӕмӕн ис, уыдон – «райгас уыдзысты цӕрынӕн» (Хъуыд. 24:15; Иоан. 5:29). Чи зоны, нӕ хиуӕттӕй кӕнӕ не ’мбӕлттӕй бирӕтӕ уыдзысты, зӕххыл фыццаг чи райгас уа, уыдоны ’хсӕн *. Уымӕй уӕлдай ма райгас уыдзысты «фыдгӕнджытӕ», зӕгъӕм, йӕ удӕгасӕй Йегъовӕйы базонынӕн кӕнӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн фаг фадӕттӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдон. Райгас уыдзысты «тӕрхон баййафынӕн».

2, 3. а) Исай 11:9, 10 стихтӕм гӕсгӕ, зӕххыл цавӕр диссаджы куыст цӕудзӕн? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Чи райгас уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъӕудзӕн ахуыр кӕнын (Ис. 26:9; 61:11). Уӕд цас адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, уыйбӕрц никуыма! (Бакӕс Исайы 11:9, 10.) «Фыдгӕнджыты» базонын хъӕудзӕн Йесо Чырыстийы, Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Чырыстийы нывонды тыххӕй. Стӕй ма сӕ базонын хъӕудзӕн Йегъовӕйы номимӕ ӕмӕ йӕ хицаудзинадимӕ баст дзырддаг фарстайы тыххӕй. Суанг «рӕстгӕнджыты» дӕр хъӕудзӕн базонын, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн сабыргай куыд ӕргом кодта, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ амардысты, Библи кӕронмӕ фыст куы ’рцыд, уымӕй бирӕ раздӕр. Уӕдӕ «фыдгӕнджыты» дӕр ӕмӕ «рӕстгӕнджыты» дӕр бирӕ цыдӕртӕ хъӕудзӕн базонын.

3 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: адӕмы куыд ахуыр кӕндзыстӕм? Цы базоной, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уый куыд баст у, сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты ӕви нӕ, уыимӕ? Ацы фарстатӕн дзуапп базонын ахсджиаг у. Мах ӕркӕсдзыстӕм, Данелы ӕмӕ Раргомады чингуыты цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дарддӕр цы уыдзӕн. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Данелы 12:1, 2 стихты цы диссаджы хабӕртты кой ис, уыдонмӕ.

«СЫДЖЫТЫ ЧИ ФЫНӔЙ КӔНЫ, УЫДОН... РАЙХЪАЛ УЫДЗЫСТЫ»

4, 5. Данел 12:1 стихӕй кӕроны рӕстӕджы тыххӕй цы ис базонӕн?

4 Бакӕс Данелы 12:1. Данелы чиныгӕй базонӕн ис, кӕроны рӕстӕг хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цӕудзысты, уый. Зӕгъӕм, Данелы 12:1 стихы фыст ис, Михаил, ома Йесо Чырысти, Хуыцауы «адӕмы сӕрыл... [кӕй] хӕцы». Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта 1914 азы, Йесо Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзахӕй ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд.

5 Фӕлӕ ма зӕд Данелӕн загъта, Йесо кӕй «сыстдзӕн», «тынг уӕззау рӕстӕг» куы скӕна, уӕд. Уый уыдзӕн, «адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй суанг уыцы рӕстӕджы онг чи никуыма уыд», ахӕм рӕстӕг. Уыцы «тынг уӕззау рӕстӕг» у, Матфейы 24:21 стихы кӕй кой ис, уыцы «стыр бӕллӕх». Йесо «сыстдзӕн», ома Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕндзӕн, уыцы «тынг уӕззау рӕстӕджы» кӕрон – Армагеддоны. Кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уыдоны Раргомады чиныг хоны «стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт», уыцы «тынг бирӕ адӕм» (Рарг. 7:9, 14).

6. Тынг бирӕ адӕм стыр бӕллӕхы сӕрты куы ахизой, уӕд уый фӕстӕ цы уыдзӕн? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн. (Зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уый тыххӕй ноджыдӕр кӕс ацы номыры «Кӕсджыты фарстаты».)

6 Бакӕс Данелы 12:2. Тынг бирӕ адӕм стыр бӕллӕхы сӕрты куы ахизой, уӕд уый фӕстӕ цы уыдзӕн? Данелы 12:2 стихы фыст ис, бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты. Раздӕр афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уый амоны, 1918 азы фӕстӕ Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕй ацыд, уымӕ (зӕгъӕн ис, уыцы аз знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг баурӕдтой) *. Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, ацы пехуымпарад кӕй амоны, ног дунейы мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕндзысты, уымӕ. Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдыстӕм? Дзырд «сыджыт» ма ӕмбӕлы Иовы 17:16 стихы дӕр. Ӕмӕ, стихы фыццаг хайӕ куыд зыны, афтӕмӕй нысан кӕны «ингӕн». Уымӕ гӕсгӕ, Данелы 12:2 стихы дзырд цӕуы, чи амард, уыдон зӕххыл кӕй ӕгас кӕндзысты, ууыл. Уый уыдзӕн, фӕстаг бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ Армагеддоны хӕст куы фӕуа, уый фӕстӕ.

7. а) Чидӕртӕ «ӕнустӕм цӕрынӕн» кӕй райгас уыдзысты, уый куыд ӕмбаргӕ у? б) Уый «хуыздӕр райгас» цӕмӕн у?

7 Данел 12:2 стихы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, иутӕ райгас уыдзысты «ӕнустӕм цӕрынӕн», куыд ӕмбаргӕ сты? Чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуыздӕр базоныныл чи архайдзӕн ӕмӕ сӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, уыдон ӕппынфӕстаг схайджын уыдзысты ӕнусон цардӕй (Иоан. 17:3). Уый уыдзӕн «хуыздӕр райгас» (Дзут. 11:35). Библийы фыст ис, раджы заман дӕр чидӕртӕ кӕй райгас сты. Фӕлӕ уыцы адӕм уыдысты ӕнӕххӕст, ӕмӕ уӕддӕр ногӕй амардысты.

8. Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, чидӕртӕ райгас уыдзысты «ӕгады ном хӕссынӕн, ӕмӕ уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг»?

8 Фӕлӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны се ’ппӕты нӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна. Данелы пехуымпарады фыст ис, чидӕртӕ кӕй райгас уыдзысты «ӕгады ном хӕссынӕн, ӕмӕ уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг». Хуыцаумӕ хъусын сӕ кӕй нӕ бафӕнддзӕн, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ ӕнусон цардӕй не схайджын уыдзысты. «Уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕлгъаг», ома фесӕфдзысты. Уӕдӕ Данелы 12:2 стихы дзырд цӕуы, чи райгас уа, уыдон иууылдӕр цы бауыдзысты, ууыл. Иутӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзысты, иннӕтӕ та – нӕ. Уый кӕнгӕ уыдзӕн, куы райгас уой, уый фӕстӕ цы араздзысты, уымӕй (Рарг. 20:12) *.

«БИРӔТЫ РӔСТДЗИНАДМӔ ЧИ ’РБАКӔНЫ, УЫДОН»

9, 10. Стыр бӕллӕхы фӕстӕ ма ноджыдӕр цы ’рцӕудзӕн ӕмӕ «арвы рухсау» чи «ӕрттивдзӕн»?

9 Бакӕс Данелы 12:3. Куыд загътам, афтӕмӕй, Данелы 12:2 стихы цы фыст ис, уый сӕххӕст уыдзӕн стыр бӕллӕхы фӕстӕ. Ӕмӕ, 3-аг стихы цы фыст ис, уый дӕр сӕххӕст уыдзӕн стыр бӕллӕхы фӕстӕ.

10 «Арвы рухсау» чи «ӕрттивдзӕн»? Дзуапп ссардзыстӕм Матфейы 13:43 стихы: «Уӕд рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты сӕ Фыды паддзахады». Ацы стихы контекстӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй кодта «паддзахады фыртты» кой, ома йӕ сӕрст ӕфсымӕрты кой. Уыдон йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты уӕларвон Паддзахады (Матф. 13:38). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Данелы 12:3 стихы ис сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ, Миназон хицаудзинады рӕстӕг цы куыст кӕндзысты, уый кой.

144 мины Йесо Чырыстиимӕ иумӕ разамынд дӕтдзысты, 1 000 азы дӕргъы зӕххыл цы стыр куыст кӕндзыстӕм, ома, адӕмы кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕн (кӕс 11 абзац)

11, 12. 1000 азы дӕргъы 144 мины цавӕр куыст кӕндзысты?

11 144 мины бирӕты рӕстдзинадмӕ куыд ӕрбакӕндзысты? Уыдон Йесо Чырыстиимӕ иумӕ разамынд дӕтдзысты, 1 000 азы дӕргъы зӕххыл цы стыр куыст кӕндзыстӕм, ома, адӕмы кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уымӕн. 144 мины ӕрмӕст паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты, фӕлӕ ма сауджынтӕ дӕр (Рарг. 1:6; 5:10; 20:6). Уымӕ гӕсгӕ ӕххуыс кӕндзысты «адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн», ома адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй гыццылгай ӕххӕст суой (Рарг. 22:1, 2; Йез. 47:12). Уый сын стыр циндзинад хӕсдзӕн!

12 Рӕстдзинадмӕ кӕй ӕрбакӕндзысты, уыцы «бирӕтӕ» чи уыдзысты? Чи райгас уыдзӕн, уыдон, Армагеддоны сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы адӕм ӕмӕ, ног дунейы чи райгуырдзӕн, уыцы сывӕллӕттӕ. 1 000 азы кӕронмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Цымӕ сӕ нӕмттӕ царды чиныджы ӕнустӕм «ручкӕйӕ» фыст кӕд ӕрцӕудзысты?

ФӔСТАГ ФӔЛВАРӔН

13, 14. Адӕм ӕххӕст куы суой, уӕд алкӕй дӕр цы хъӕудзӕн равдисын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уа?

13 Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕймаг ӕххӕст уа, уый фаг кӕй нӕу, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уа. Ахъуыды-ма кӕнӕм Адам ӕмӕ Евӕйыл. Кӕд ӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сӕ хъуыди равдисын, Йегъовӕйӕн коммӕгӕс кӕй сты. Ӕмӕ сын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ балӕвар кодтаид ӕнусон цард. Фӕлӕ йӕм, хъыгагӕн, нӕ байхъуыстой (Ром. 5:12).

14 Куыд загътам, афтӕмӕй 1 000 азы кӕронмӕ адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Цымӕ уыцы ӕххӕст адӕм иууылдӕр ӕнустӕм Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уыдзысты? Ӕви чидӕртӕ Адам ӕмӕ Евӕйы хуызӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзысты? Ацы фарстатӕн дӕр дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ куыд?

15, 16. а) Адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕд уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты? б) Фӕстаг фӕлварӕны фӕстӕ адӕмӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн?

15 Хӕйрӕг 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн ахст. Уыцы рӕстӕг йӕ бон никӕй уыдзӕн сайын. Фӕлӕ 1 000 азы куы фӕуой, уӕд уагъд ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд архайдзӕн ӕххӕст адӕмы фӕсайыныл. Уыцы фӕлварӕны рӕстӕг ӕххӕст адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй бӕлвырдӕй равдисой, Хуыцауы номӕн кад кӕнынц ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс сты ӕви нӕ (Рарг. 20:7–10). Хӕйрӕгӕн сайын чи нӕ бакома, уыцы адӕмы нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты царды чиныджы.

16 Адӕмӕй чидӕртӕ Адам ӕмӕ Евӕйы хуызӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзысты ӕмӕ йӕ хицаудзинады ныхмӕ рацӕудзысты. Сӕ нымӕц бӕлвырд нӕу. Уыцы адӕмӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? Раргомады 20:15 стихы фыст ис: «Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон... ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады». Уыцы ныхмӕдзӕуджытӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ ӕххӕст адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕстаг фӕлварӕны равдисдзысты, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй сты. Ӕмӕ уӕд сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм царды чиныджы фыст ӕрцӕудзысты.

«КӔРОНЫ РӔСТӔГ»

17. Зӕд Данелӕн нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы загъта? (Данел 12:4, 8–10).

17 Цы диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн фидӕны! Фӕлӕ ма зӕд Данелӕн нӕ рӕстӕджы тыххӕй дӕр, ома «кӕроны рӕстӕджы» тыххӕй, ахсджиаг цыдӕр раргом кодта. (Бакӕс Данелы 12:4, 8–10; 2 Тим. 3:1–5.) Зӕд ын загъта: «Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты». Хуыцауы адӕм хъуамӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтаиккой, Данелы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон. Зӕд ма загъта, зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕг «фыдгӕнджытӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕндзысты, ӕмӕ ацы ныхӕстӕ иу фыдгӕнӕг дӕр нӕ бамбардзӕн».

18. Тагъд фыдгӕнӕг адӕмыл цы ’рцӕудзӕн?

18 Чи зоны, кӕмӕдӕр абон афтӕ кӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц (Мал. 3:14, 15). Фӕлӕ тагъд Йесо сӕгъты хуызӕн адӕмӕн стӕрхон кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фысты хуызӕн адӕмӕй фӕхицӕн кӕндзӕн (Матф. 25:31–33). Уыцы фыдгӕнӕг адӕм стыр бӕллӕхы нӕ аирвӕздзысты ӕмӕ ног дунейы дӕр нӕ райгас уыдзысты. Малахийы 3:16 стихы цы «зӕрдылдарӕн чиныджы» кой ис, уым сӕ нӕмттӕ фыст нӕ уыдзысты.

19. Ныр цы хъуамӕ равдисӕм ӕмӕ цӕмӕн? (Малахи 3:16–18).

19 Ныр у уыцы рӕстӕг, цӕмӕй равдисӕм, фыдгӕнӕг адӕмы ’хсӕн кӕй не стӕм. (Бакӕс Малахийы 3:16–18.) Йегъовӕ ӕмбырд кӕны, «уӕлдай зынаргъ» ын чи у, уыцы адӕмы. Мах дӕр бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй се ’хсӕн уӕм.

Куыд диссаг уыдзӕн, Данел, нӕ хиуӕттӕй ӕмӕ не ’мбӕлттӕй чи нал ис, уыдон ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм ног дунейы сӕ хал райсынмӕ куы рабадой! (кӕс 20 абзац)

20. Йегъовӕ Данелӕн фӕстагмӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрды сӕххӕстмӕ цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

20 Мах диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм! Фӕлӕ тагъд цӕудзӕн ноджы диссагдӕр хабӕрттӕ. Фендзыстӕм, фыдгӕнӕг адӕм иууылдӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты. Уый фӕстӕ та сӕххӕст уыдзӕн, Йегъовӕ Данелӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай» (Дан. 12:13). Данел ӕмӕ дын зынаргъ чи у, уыдон куы рабадой, уыцы бонмӕ куыннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс. Гъемӕ уӕдӕ ныр, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уай. Ӕмӕ уӕд дӕ ном ӕнӕмӕнгдӕр баззайдзӕн, Йегъовӕ кӕй фыссы, уыцы царды чиныджы!

80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»

^ Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Данел 12:2, 3 стихтӕ ныр куыд ӕмбарӕм, ууыл. Дзырд дзы цӕуы, зӕххыл цы стыр куыст цӕудзӕн, ууыл – хъӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр адӕмы ахуыр кӕнын. Мах базондзыстӕм, уыцы куыст кӕд райдайдзӕн, разамынд ын чи дӕтдзӕн ӕмӕ кӕй хъӕудзӕн ахуыр кӕнын. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, уыцы куыст зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты дӕр куыд бацӕттӕ кӕндзӕн, Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд чи уыдзӕн, уыцы фӕстаг фӕлварӕнмӕ.

^ Чи амард, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, ӕгас кӕндзысты фӕлтӕргай. Фыццаг, чи зоны, райгас уой, фӕстаг бонты чи амард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, стӕй та, уыдоны размӕ чи цард, уыцы фӕлтӕр. Ӕмӕ афтӕ, цалынмӕ, Йегъовӕ йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдон иууылдӕр нӕ райгас уой, уӕдмӕ. Кӕд афтӕ уа, уӕд-иу алы фӕлтӕры адӕмӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн, сӕхӕдӕг кӕй зыдтой, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъын. Библийы фыст ис, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕй алчидӕр кӕй хъуамӕ райгас уа «йӕхи афон». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, зӕххыл адӕм куыд ӕгас кӕндзысты, уымӕн дӕр кӕй уыдзӕн бӕлвырд уаг (1 Кор. 14:33; 15:23).

^ Ацы пехуымпарад раздӕр куыд ӕмбӕрстам, уый тыххӕй кӕс чиныджы «Внимайте пророчеству Даниила!», 17 сӕр, ӕмӕ 1987 азы 1 декабры «Сторожевая башня»-йы, 17–21 фӕрстӕ.

^ Уый хицӕн кӕны, Хъуыддӕгты 24:15 стихы ӕмӕ Иоанны 5:29 стихы цы фыст ис, уымӕй. Ацы стихты ныхӕстӕ «рӕстгӕнджытӕ» ӕмӕ «фыдгӕнджытӕ», «хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон» ӕмӕ «фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон» адӕймаджы ӕргом здахынц, чи райгас уыдзӕн, уыдон раздӕр, зӕронд дунейы цӕргӕйӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уымӕ.