Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Фидарӕй дӕ уырнӕд, Хуыцауы Ныхас «ӕцӕгдзинад» кӕй у

Фидарӕй дӕ уырнӕд, Хуыцауы Ныхас «ӕцӕгдзинад» кӕй у

2023 АЗЫ СТИХ:«Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад» (ПС. 119:160).

96 ЗАРӔГ Хуыцауы чиныг – стыр хӕзна

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Абон бирӕтӕ Библийыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц?

 АБОН бирӕтӕ нал зонынц, ӕууӕндӕн ма искӕуыл ис ӕви нӕ. Фӕдызӕрдыг кӕнынц, сӕ ныфс кӕуыл дарынц, уыдон, зӕгъӕм, политиктӕ, ахуыргӕндтӕ ӕмӕ бизнесментӕ, адӕмы хорзыл кӕй хъуыды кӕнынц, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма чырыстон динты разамонджытӕ дӕр сӕ цӕсты тынг кадджын не сты. Ӕмӕ уыдон афтӕ кӕй дзурынц, Библийы цы фыст ис, уый амонӕм, зӕгъгӕ, уый тыххӕй бирӕтӕ Библийыл дӕр не ’ууӕндынц.

2. Псалом 119:160 стихмӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна?

2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, Йегъовӕ «рӕстдзинады [кӕнӕ «ӕцӕгдзинады»] Хуыцау» кӕй у ӕмӕ йӕ алкӕддӕр сӕ хорз кӕй фӕнды, уый (Пс. 31:5, фип.; Ис. 48:17). Мах ӕй зонӕм, Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Хуыцауы Ныхас «ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад». (Бакӕс Псалом 119:160.) Мах разы стӕм иу библииртасӕджы ныхӕстимӕ: «Хуыцауы ныхӕстӕй иу дӕр мӕнг нӕу ӕмӕ дзы иу дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн. Ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхӕстыл ӕууӕндынц, уымӕн ӕмӕ зонынц, чи сӕ загъта, уыцы Хуыцауыл ӕууӕндӕн кӕй ис».

3. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Нӕ бон куыд у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцауы Ныхасыл баууӕндой? Библийыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕйыл: цы дзы ис фыст, уый нӕ фӕивта, Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ йӕ бон у адӕймаджы цард аивын.

БИБЛИЙЫ НИЦЫ ФӔИВТА

4. Чидӕртӕ цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц, Библи кӕй нӕ фӕивта, ууыл?

4 Йегъовӕ Библийы чингуытӕ ныффыссын кӕмӕн бахӕс кодта, уыдон уыдысты иу-40 нӕлгоймаджы. Уыдысты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ фыццаг къухфыстытӕй иу дӕр нӕ рӕстӕгмӕ не ’рхӕццӕ. Ӕрхӕццӕ нӕм сты ӕрмӕстдӕр сӕ къопиты къопитӕ. Уымӕ гӕсгӕ чидӕртӕ дызӕрдыг кӕнынц, абон нӕм цы Библитӕ ис, уыдоны, фыццаг къухфыстыты цы уыд фыст, уый кӕй ис фыст, ууыл. Кӕд Библи бирӕ хӕттыты рафыстой, уӕддӕр цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Библи кӕй нӕ фӕивта, ууыл?

Дзуттаг Фыстытӕй къопитӕ чи кодта, уыцы писыртӕ сӕ куыст тынг бӕстон кодтой. Уыдон архайдтой, цӕмӕй-иу цы къопитӕ кодтой, уым рӕдыдтытӕ ма уыдаид (кӕс 5 абзац)

5. Дзуттаг Фыстыты къопитӕ куыд кодтой? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

5 Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы ныффыссын кодта, уый бахъахъхъӕныны тыххӕй йӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу ӕй рафыстаиккой. Израилы паддзӕхтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу сӕхицӕн Моисейы закъоны къопитӕ скодтаиккой, ӕмӕ левитты сӕвӕрдта, цӕмӕй уыцы Закъон адӕмӕн амыдтаиккой (Дык. з. 17:18; 31:24–26; Неем. 8:7). Дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд дӕсны писыртӕ райдыдтой Дзуттаг Фыстытӕй къопитӕ кӕнын. Афтӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕн фӕзынд бирӕ къопитӕ (Езд. 7:6). Писыртӕ сӕ куыст бӕстон кодтой. Цӕмӕй-иу алцыдӕр раст рафыстаиккой, уый тыххӕй-иу дзырдтӕ нымайгӕ кодтой. Фӕстагмӕ та дамгъӕтӕ дӕр райдыдтой нымайын. Фӕлӕ ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уӕвгӕйӕ уӕддӕр иуӕй-иу къопиты гыццыл рӕдыдтытӕ скодтой. Фӕлӕ текстӕн бирӕ къопитӕ конд кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕдыдтытӕ ӕнцон уыд ссарын.

6. Библийы къухфыстыты къопиты цы рӕдыдтытӕ ис, уыдон куыд ис ссарӕн?

6 Абон ахуыргӕндтӕ куыд ссарынц, писыртӕ Библийы текст рафысгӕйӕ цы рӕдыдтытӕ скодтой, уыдон? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, 100 адӕймагӕн бахӕс кодтой цавӕрдӕр текст къухӕй рафыссын. Уыдонӕй иу, цы текст рафыста, уым гыццыл рӕдыд скодта. Цӕмӕй уыцы рӕдыд ссарӕм, уый тыххӕй йын йӕ къопи хъуамӕ абарӕм иннӕ 99 къопиимӕ. Раст афтӕ ахуыргӕндтӕ кӕрӕдзиимӕ абарынц Библийы къухфыстытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй ссарынц, писыр цы рӕдыдтытӕ ’руагъта кӕнӕ дзы цы дзырдтӕ фӕуагъта, уыдон.

7. Библийы къухфыстытӕн къопитӕ чи кодта, уыдон сӕ куыст бӕстон кӕй кодтой, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

7 Библийы къухфыстытӕн къопитӕ чи кодта, уыдон сӕ куыст бӕстон кӕй кодтой, уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Аныхас кӕнӕм иуыл. Дзуттаг Фыстыты ӕппӕты рагондӕр ӕнӕхъӕн къухфыст ныффыстой н. э. 1008 кӕнӕ 1009 азы. Хонынц ӕй Ленинградаг кодекс. Фӕлӕ фӕстӕдӕр нӕ рӕстӕджы ссардтой, Ленинградаг кодексӕй 1 000 азы раздӕр фыст чи ’рцыд, ахӕм къухфыстытӕ ӕмӕ къухфыстыты скъуыддзӕгтӕ. Гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, кӕд уал азы дӕргъы Библийы къухфыстытӕн къопитӕ кодтой, стӕй та уыцы къопитӕн къопитӕ кодтой, уӕд Ленинградаг кодексы текст тынг хицӕн кӕндзӕн уыцы рагондӕр къухфыстыты текстӕй. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ахуыргӕндтӕ рагондӕр къухфыстытӕ ногдӕр къухфыстытимӕ куы абарстой, уӕд федтой, ӕрмӕстдӕр дзы цавӕрдӕр дзырдтӕ кӕй хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ, Библийы цы хъуыдытӕ ис, уыдон нӕ фӕивтой.

8. Чырыстон Грекъаг Фыстыты къопитӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц ӕндӕр рагон чингуыты къопитӕй?

8 Фыццаг чырыстӕттӕ дӕр архайдтой, Дзуттаг Фыстытӕн къопитӕ чи кодта, уыдоны хуызӕн. Уыдон-иу рафыстой Грекъаг Фыстыты 27 чиныджы. Ӕмӕ уыцы къопитӕй пайда кодтой се ’мбырдты ӕмӕ хъусын кӕнгӕйӕ. Грекъаг Фыстыты къухфыстытӕй нӕм чи ’рхӕццӕ, уыдон иу ахуыргонд абарста, уыцы рӕстӕг ӕндӕр фысджытӕ кӕй ныффыстой, уыцы чингуытимӕ ӕмӕ загъта: «Зӕгъӕн ис, ӕмӕ [Грекъаг Фыстыты къопитӕ] фылдӕр сты... стӕй сты ӕнӕхъӕндӕр». Иу чиныджы та фыст ис: «[Грекъаг Фыстыты] нырыккон тӕлмацтӕй ӕууӕнчы аккаг чи у, ахӕм тӕлмац кӕсгӕйӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕппӕты райдианы дзы цы хъуыдытӕ ныффыстой, ныр дӕр дзы уыцы хъуыдытӕ кӕй сты фыст» (Anatomy of the New Testament).

9. Исай 40:8 стихмӕ гӕсгӕ, Библийы тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

9 Библи-иу чи рафыста, уыдон ӕнусты дӕргъы уыцы куыст бӕстон кӕй кодтой, уый фӕрцы абон нӕ бон у Библи кӕсын ӕмӕ йӕ иртасын b. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, ивд дзы кӕй ницы ’рцыд, ууыл. (Бакӕс Исайы 40:8.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕ хъус дардта, цӕмӕй йӕ ныхӕстӕ адӕммӕ ӕнӕивдӕй фӕхӕццӕ уыдаиккой. Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Библийы ивд кӕй ницы ’рцыд, уый нырма ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы комытӕфӕй фыст у. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕн ма ноджыдӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ.

БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТЫЛ ИС ӔУУӔНДӔН

Left: C. Sappa/​DeAgostini/​Getty Images; right: Image © Homo Cosmicos/​Shutterstock

Библийы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты раджы заман дӕр ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц абон дӕр (кӕс 10, 11 абзацтӕ) d

10. Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕвдисынц, 2 Петры 1:21 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывтӕм.)

10 Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты. Кӕцыдӕртӕ дзы фыст ӕрцыдысты, куы сӕххӕст сты, уымӕй цалдӕр сӕдӕ азы раздӕр. Кӕй сӕххӕст сты, уый истори дӕр бӕлвырд кӕны. Уый нӕм диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ Йегъовӕ кӕй ныффыссын кодта. (Бакӕс 2 Петры 1:21.) Ӕркӕсӕм, рагон горӕт Вавилоны тыххӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ. Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай ныффыста, хъомысджын горӕт Вавилон кӕй басӕтдзысты. Суанг ма ныффыста, чи йӕ басӕтдзӕн, уый ном дӕр – Кир – ӕмӕ йӕ куыд басӕтдзӕн, уый дӕр (Ис. 44:27–45:2). Исай ма загъта, Вавилон ӕппынфӕстаг хӕлддзӕгтӕ кӕй фестдзӕн ӕмӕ бынтон ӕдзӕрӕг кӕй суыдзӕн (Ис. 13:19, 20). Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Н. э. размӕ 539 азы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон бацахстой. Ӕмӕ ныртӕккӕ уыцы кӕддӕры ӕнӕбасӕтгӕ горӕт у хӕлддзӕгты цӕнд. (Бакӕс видеороликмӕ «Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Вавилон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн» чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», электронон форматы, 03 урок, 5 дӕлсӕргонд.)

11. Данел 2:41–43 стихтӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

11 Фӕлӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕрмӕст раджы заман нӕ сӕххӕст сты. Нӕ рӕстӕджы дӕр ӕххӕст кӕнынц. Ахъуыды кӕнӕм, Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты тыххӕй Данелы чиныджы цы пехуымпарад ис, уый куыд сӕххӕст, ууыл. Ацы дыууӕ бӕстӕйы архайынц, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ. (Бакӕс Данелы 2:41–43.) Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, ацы дунеон паддзахад уыдзӕн «кӕм фидар», ӕфсӕйнаджы хуызӕн, «кӕм та – лӕмӕгъ», ӕлыджы хуызӕн. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Великобритани ӕмӕ Америкӕ сты тынг тыхджын, ӕфсӕйнагау фидар. Уый бӕрӕг у, дыууӕ дунеон хӕсты дӕр куыд архайдтой ӕмӕ ныр дӕр сӕ хӕстон хъомысӕй кӕй хицӕн кӕнынц, уымӕй. Фӕлӕ ацы дунеон паддзахад йӕ адӕмы тыххӕй лӕмӕгъдӕр кӕны. Уыдон сӕ бартыл тох кӕнынц, скӕнынц профсоюзтӕ ӕмӕ рацӕуынц демонстрацитӕм. Иу политолог ӕрӕджы загъта: «Абон дунейы демократон бӕстӕтӕй иу дӕр афтӕ дихтӕ нӕу, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ политикӕимӕ баст фарстаты куыд дихтӕ сты». Великобритани та уӕлдайдӕр фӕстаг азты у дихтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕм иу хъуыдыйыл хӕст не сты, Европӕйы Цӕдисы цы бӕстӕтӕ ис, уыдонимӕ цас ӕнгом баст хъуамӕ уой, уый фӕдыл. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Великобританийӕн ӕмӕ Иугонд Штаттӕн сӕ бон нӕ вӕййы, цы сфӕнд кӕнынц, уыдӕттӕ иууылдӕр саразын.

12. Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый фӕрцы нӕ цы уырны?

12 Уӕдӕ федтам, Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ кӕй сӕххӕст сты. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр уырны, Хуыцау фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Махӕн дӕр нӕ бон у, псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ куыд загъта, афтӕ зӕгъын: «Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ныхасмӕ», ома, кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ (Пс. 119:81). Библийӕ базыдтам, Йегъовӕ нын кӕй дӕтты «фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йер. 29:11). Ӕмӕ хуыздӕр фидӕнмӕ уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм цыдӕр кӕй сараздзысты, уый ныфс нӕ нӕй. Уӕдӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд Хуыцауы Ныхасыл тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм.

БИБЛИЙЫ ЦЫ УЫНАФФӔТӔ ИС, УЫДОН БИРӔТӔН БАХХУЫС КОДТОЙ

13. Псалом 19:7; 119:66 стихтӕм гӕсгӕ ма Библийыл ноджыдӕр цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

13 Библийы уынаффӕты фӕрцы адӕмӕн сӕ цард аивы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дӕр нӕ бон у Библийыл ӕууӕндын. (Бакӕс Псалом 19:7; 119:66.) Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ ус хицӕн кӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ-иу Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы сӕ цард нӕ фехӕлд ӕмӕ ныр сты амондджын. Ахӕм ӕнгом чырыстон бинонты ’хсӕн чи хъомыл кӕны, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр вӕййынц амондджын ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсынц, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонынц, сӕ ныййарджытӕ сӕ кӕй уарзынц (Еф. 5:22–29).

14. Библи адӕмы цард куыд аивы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

14 Библийы зондджын уынаффӕты фӕрцы суанг фыдгӕнджытӕн сӕ фыддӕртӕ дӕр сӕ цард цӕхгӕр фӕивынц. Ӕркӕсӕм Джекы хабармӕ c. Йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй йын рахастой мӕлӕты тӕрхон. Ахӕстоны нымад уыди ӕппӕты ӕгъатырдӕр фыдгӕнджытӕй сӕ иуыл. Фӕлӕ иухатт Джек бахауд кӕйдӕр Библийы ахуырмӕ. Ахуыр чи уагъта, уыцы ӕфсымӕртӕ куыд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕхӕлар уыдысты, уый йын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ йӕхи дӕр бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй райдыдта, уый фӕрцы райдыдта хуыздӕрырдӕм ивын. Фӕстӕдӕр Джек сси ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг ӕмӕ донаргъуыд райста. Уый иннӕ ахст адӕмӕн дӕр зӕрдиагӕй хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ дзы ӕппынкъаддӕр цыппарӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. Цы тӕрхон ын рахастой, уый цы бон хъуамӕ сӕххӕст кодтаиккой, уыцы бон уый уыди бынтон ӕндӕр адӕймаг. Йӕ адвокаттӕй иу загъта: «20 азы размӕ кӕй базыдтон, уыцы Джек нӕу. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕ йын йӕ цард аивтой». Джекӕн цы тӕрхон рахастой, уый сӕххӕст кодтой. Фӕлӕ йӕ хабарӕй бӕрӕг у: Хуыцауы Ныхасӕн ис ахӕм тых, цӕмӕй адӕмы цард ива, ӕмӕ йыл ис ӕууӕндӕн (Ис. 11:6–9).

Библийы уынаффӕтӕ хуыздӕрырдӕм аивтой алыхуызон адӕймӕгты цард (кӕс 15 абзац) e

15. Йегъовӕйы адӕм Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый фӕрцы иннӕтӕй куыд хицӕн кӕнынц? (Кӕс нывмӕ.)

15 Ацы дунемӕ куы акӕсай, уӕд у дихтӕ. Адӕм иу зондыл хӕст не сты политикӕимӕ баст фарстаты фӕдыл, бирӕтӕ знаджы цӕстӕй кӕсынц ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм кӕнӕ иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц, зӕгъӕм, мӕгуыр кӕй сты, уый тыххӕй. Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн та ис иудзинад ӕмӕ фарн, уымӕн ӕмӕ цӕрынц Библимӕ гӕсгӕ (Иоан. 13:35; 1 Кор. 1:10). Иу ӕрыгон лӕппу, Жан, зӕгъгӕ, уыцы иудзинад куы федта, уӕд ӕй фылдӕр базонын бафӕндыд. Уый схъомыл иу африкаг бӕстӕйы. Хӕст дзы куы райдыдта, уӕд ӕфсадмӕ ацыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сыхаг бӕстӕмӕ алыгъд. Уым базонгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Жан зӕгъы: «Ӕз базыдтон, раст диныл хӕст чи у, уыдонӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис ӕмӕ се ’хсӕн кӕй ис иудзинад. Уыдон кӕрӕдзи тынг уарзынц». Стӕй ма загъта: «Раздӕр мӕ бӕстӕйы сӕрыл тох кодтон. Царды мын уымӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын». Жан тынг аивта. Ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдонимӕ нал тох кӕны. Ныр, кӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлы, уыдонӕн хъусын кӕны фарны хабар. Библийы уынаффӕтӕ алыхуызон адӕймӕгтӕн сӕ цард аивынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый у фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы Ныхасыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн.

ДАРДДӔР ДӔР ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫЛ ӔУУӔНД

16. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасыл дарддӕр дӕр ӕууӕндӕм?

16 Ацы дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц. Ӕмӕ Библийыл дарддӕр дӕр ӕууӕнддзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕлвӕрд цӕудзӕн. Чидӕртӕ фӕархайынц, цӕмӕй Библийыл ӕмӕ, Йегъовӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты разамынд кӕй дӕтты, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайӕм. Фӕлӕ нӕ фидарӕй куы уырна, Йегъовӕйы ныхӕстӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уӕд сын сӕ мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзыстӕм ӕмӕ нӕ алкӕддӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы «уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын» (Пс. 119:112). Мах не ’фсӕрмы кӕндзыстӕм иннӕтӕн дӕр рӕстдзинады тыххӕй дзурын. Стӕй сын дзурдзыстӕм, цӕмӕй сӕ цард аразой Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ (Пс. 119:46). Ӕмӕ суанг тынг зын уавӕрты дӕр, уыимӕ нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй» фидар фӕлӕудзыстӕм (Кол. 1:11; Пс. 119:143, 157).

17. 2023 азы стих нын нӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕндзӕн?

17 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, рӕстдзинад нын кӕй раргом кодта, уый тыххӕй! Уый фӕрцы базыдтам, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Стӕй нын рӕстдзинад у фӕндагамонӕг, бонӕй-бонмӕ фыддӕр чи кӕны, уыцы змӕст дунейы. Уый фӕрцы ма нын фӕзынд ныфс, фидӕны Хуыцауы Паддзахады дӕлбар амондджынӕй кӕй цӕрдзыстӕм, уымӕй. Цӕй уӕдӕ нын 2023 азы стих баххуыс кӕнӕд, цӕмӕй нӕ алкӕддӕр фидарӕй уырна, Хуыцауы Ныхас «ӕнӕхъӕнӕй дӕр... ӕцӕгдзинад» кӕй у! (Пс. 119:160).

94 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

a 2023 азӕн ӕвзӕрст ӕрцыд, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, ахӕм стих: «Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад» (Пс. 119:160). Ӕвӕццӕгӕн, ацы ныхӕстимӕ разы дӕ. Фӕлӕ бирӕтӕ Библийыл не ’ууӕндынц ӕмӕ сӕ нӕ уырны, йӕ уынаффӕтӕ нӕ царды стыр ӕххуыс кӕй сты, уый. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ бӕлвырдгӕнӕнмӕ. Уыдоны фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийыл баууӕндой.

b Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ, уый тыххӕй, уӕд бацу сайтмӕ jw.org ӕмӕ, «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс «Истори ӕмӕ Библи».

c Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

d НЫВ. Хуыцау куыд загъта, афтӕ рагон горӕт Вавилон хӕлддзӕгтӕ фестад.

e НЫВ. Ӕрыгон лӕппу никӕимӕуал хӕцы. Уый Библийӕ базыдта, куыд ис иннӕтимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрӕн, ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕны афтӕ цӕрынӕн (къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ).