Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут»

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут»

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (РОМ. 12:2).

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ цы хъӕуы аразын? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

 ДӔ ХӔДЗАР арӕх фефснайыс? Цалынмӕ дзы ӕрцардтӕ, уӕдмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕрзӕфснайд бакодтай. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ куы нал ӕфснайай, уӕд куыд уыдзӕн? Рыг уайтагъд абады, ӕмӕ рыгӕй нал зындзӕн ӕмӕ дзы уыдзӕн тынг чъизи. Цӕмӕй дӕ хӕдзар сыгъдӕг уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы арӕх ӕфснайын.

2 Раст афтӕ нӕ ӕдзух хъӕуы нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ удыхъӕд ивын. Цалынмӕ донаргъуыд нӕ райстам, уӕдмӕ нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтам, цӕмӕй нӕхи ссыгъдӕг кодтаиккам, «нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» (2 Кор. 7:1). Фӕлӕ нӕ ныр та хъӕуы апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ дарддӕр дӕр ивын (Еф. 4:23). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Ацы дунейы «рыг» адӕймагыл уайтагъд абады. Ӕмӕ афтӕ куы рауайа, уӕд Йегъовӕйы цӕсты счъизи уыдзыстӕм. Цӕмӕй алкӕддӕр йӕ цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, нӕ зондахаст, нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ.

ДАРДДӔР ДӔР «УӔ ЗОНД НОГ КӔНУТ»

3. Ацы ныхӕстӕн, «уӕ зонд ног кӕнут», зӕгъгӕ, сӕ хъуыды цы у? (Ромӕгтӕм 12:2).

3 Нӕ бон куыд у нӕ зонд ног кӕнын, ома нӕ зондахаст ивын? (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2.) «Уӕ зонд ног кӕнут»-ӕй цы грекъаг дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «уӕ зонд-иу сцалцӕг кӕнут». Зӕгъӕм, нӕ хӕдзар нӕ сцалцӕг кӕнын куы фӕнда, уӕд фаг нӕ уыдзӕн ӕнӕуи йӕ чъырӕй рацӕгъдын. Раст афтӕ, цӕмӕй-иу нӕ зонд «сцалцӕг кӕнӕм», ома йӕ сног кӕнӕм, уый тыххӕй фаг нӕ уыдзӕн цалдӕр хорз хъуыддаджы саразын. Хъуамӕ-иу арф нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу фӕивӕм, цӕмӕй, куыд цӕрӕм, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа. Ӕмӕ уый ӕдзухдӕр хъӕуы аразын, ӕрмӕст иу хатт фаг нӕ уыдзӕн.

Уӕлдӕр ахуыры кӕнӕ куысты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахастай, уыдонӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрыс? (кӕс 4, 5 абзацтӕ) c

4. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм?

4 Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд алкӕддӕр араздзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Ныр та уал нӕ хъӕуы тынг архайын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ромӕгтӕм 12:2 стихы Павел куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ нӕ зонд ног кӕнӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон. Хъуамӕ ацы дуне ма фӕзмӕм ӕмӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ йӕхи хуызӕн скӕна. Фӕхъӕуы нӕ нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын, цӕмӕй-иу бамбарӕм, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ ӕмӕ нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ кӕй зондӕй фӕархайӕм: Хуыцауы зондӕй ӕви ацы дунейы зондӕй.

5. Нӕ бон куыд у сбӕлвырд кӕнын, Йегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй у, уый ӕмбарӕм ӕви нӕ? (Кӕс нывмӕ.)

5 Йегъовӕ нын зӕгъы, «Йегъовӕйы бон... алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут», зӕгъгӕ (2 Пет. 3:12). Ӕмӕ дӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, кӕй ӕмбарын, ацы дунейы кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у, уый? Уӕлдӕр ахуыры кӕнӕ куысты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахастон, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын мын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у? Уырны мӕ, Йегъовӕ мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ, ӕви ӕдзух уыдӕттыл фӕмӕт кӕнын?» Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, алцыдӕр йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы фӕаразӕм, уӕд (Матф. 6:25–27, 33; Фил. 4:12, 13).

6. Дарддӕр дӕр нӕ цы хъӕуы аразын?

6 Хъуамӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, нӕ зондахасты нӕ исты фӕивын хъӕуы ӕви нӕ. Ӕмӕ-иу стӕй, цы хъӕуа, уый фӕивӕм. Павел коринфӕгтӕм ныффыста: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Кор. 13:5). «Уырнындзинады фидар» кӕй стӕм, уый, ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды кӕй цӕуӕм, ӕрмӕст уымӕй нӕу бӕрӕг. Уый ма бӕрӕг вӕййы, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕ бӕллӕм ӕмӕ цыдӕр цӕмӕн фӕаразӕм, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы дарддӕр дӕр нӕ зонд ног кӕнын. Уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы Ныхас кӕсӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уӕм ӕмӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ цӕрӕм (1 Кор. 2:14–16).

«ХЪУАМӔ УӔ УДЫХЪӔД НОГМӔ РАИВАТ»

7. Ефесӕгтӕм 4:31, 32 стихтӕм гӕсгӕ ма нӕ ноджыдӕр цы хъӕуы аразын ӕмӕ уый ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?

7 Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32. Нӕ зондахасты цыдӕртӕ кӕй фӕивӕм, уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ удыхъӕд дӕр ногмӕ раивӕм (Еф. 4:24). Уый тыххӕй нӕхи дӕр хъӕуы цыдӕр аразын. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ тынг бацархайын, цӕмӕй ныууадзӕм фыдӕх ӕмӕ маст. Уый ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ кӕцыдӕр ӕвзӕр миниуджытӕ нӕ удыхъӕды тынг ныффидар вӕййынц. Библийы фыст ис, иуӕй-иутӕ сӕ маст уромын кӕй нӕ зонынц ӕмӕ мӕстыгӕр кӕй сты (Ӕмб. 29:22). Ӕмӕ ахӕм адӕмы донаргъуыды фӕстӕ дӕр фӕхъӕуы тынг архайын, цӕмӕй сӕхиуыл хӕцын сахуыр уой. Уый бӕрӕг у иу ӕфсымӕры хабарӕй.

8, 9. Стивены хабарӕй куыд у бӕрӕг, ӕдзухдӕр нӕ кӕй хъӕуы зӕронд удыхъӕды миниуджытимӕ тох кӕнын?

8 Ӕфсымӕр Стивенӕн зын уыди йӕ маст уромын. Уый радзырдта: «Донаргъуыды фӕстӕ дӕр мӕ хъуыди архайын, цӕмӕй мӕхиуыл хӕцын фӕрӕзтаин. Зӕгъӕм, иухатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодтам, уӕд мын иу къӕрных мӕ машинӕйӕ радио адавта, ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асырдтон. Куы йӕ фӕцӕйӕййӕфтон, уӕд радио фехста, ӕмӕ алыгъд. Уацамынды кӕимӕ уыдтӕн, уыдонӕн хабар куы радзырдтон, уӕд мын иу хистӕр нӕлгоймаг афтӕ бакодта: „Стивен, ӕмӕ йӕ куы ӕрцахстаис, уӕд ын цы бакодтаис?“ Уыцы фарста мӕ хъуыдытыл бафтыдта, ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, нырма мӕ фарнуарзаг адӕймаг схонӕн кӕй нӕй» b.

9 Стивены хабарӕй цы у бӕрӕг? Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзтыстӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы кӕцыдӕр уавӕры уыцы миниуӕг равдисӕм. Кӕд дӕуӕн дӕр афтӕ вӕййы, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕз цӕй чырыстон дӕн, зӕгъгӕ. Суанг апостол Павелӕн дӕр йӕ мидӕг цыди ахӕм тох. Уый загъта: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ром. 7:21–23). Чырыстӕттӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ алкӕй дӕр хъӕуы цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуджытимӕ тох кӕнын. Уыцы миниуджытӕ рыгӕй уӕлдай не сты, ногӕй та кӕцӕйдӕр фӕзынынц. Ӕмӕ нӕ хъӕуы дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм. Уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

10. Нӕ бон куыд у ӕвзӕр миниуджытимӕ тох кӕнын? (1 Иоанны 5:14, 15).

10 Кӕд дын цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзын зын у, уӕд уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув. Уый дӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 5:14, 15.) Уыцы миниуӕгӕй дӕ диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕндзӕн, фӕлӕ дын ратдзӕн тыхтӕ, цӕмӕй йыл дӕ бар цӕуа (1 Пет. 5:10). Фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ архайай дӕ куывдтытӕм гӕсгӕ ӕмӕ дӕхи хизай, фӕстӕмӕ зӕронд удыхъӕд дӕ уӕлӕ кӕй тыххӕй скӕндзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн, цавӕр кинотӕм ӕмӕ телепередачӕтӕм кӕсыс кӕнӕ цавӕр чингуытӕ кӕсыс, ууыл. Мыййаг дзы, цы миниуджытӕй фервӕзынмӕ хъавыс, уыдон афтӕ ӕвдыст не сты, цыма дзы ӕвзӕрӕй ницы ис? Стӕй-иу ӕнӕфсарм ӕмӕ ӕвзӕр цӕуылдӕрты ма хъуыды кӕн (Фил. 4:8; Кол. 3:2).

11. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд ногмӕ ивӕм?

11 Кӕд зӕронд удыхъӕд ныууагътай, уӕддӕр дӕ хъӕуы дарддӕр дӕр дӕ удыхъӕд ногмӕ ивын. Уый дӕ бон куыд у аразын? Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй-иу исты куы базонай, уӕд-иу уый фӕстӕ архай, цӕмӕй йӕ бафӕзмай (Еф. 5:1, 2). Зӕгъӕм, Библийы бакастӕ, Йегъовӕ куыд хатыргӕнаг у, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр иннӕтӕн хатыр кӕнын?» Кӕнӕ бакастӕ, Йегъовӕ мӕгуыртӕн куыд тӕригъӕд кӕны, уый тыххӕй. Уӕд та ахъуыды кӕн: «Ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕз дӕр афтӕ фӕтӕригъӕд кӕнын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын?» Дӕ удыхъӕд ногмӕ ив ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ зонд ног кӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын уайтагъд алцы ма рауайа, фӕлӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд!

12. Библи адӕймаджы удыхъӕд кӕй аивы, уый Стивен йӕхиуыл куыд бавзӕрста?

12 Кӕй кой кодтам, уыцы Стивенӕн гыццылгай бантыст йӕ удыхъӕд ногмӕ раивын. Афтӕ загъта: «Донаргъуыды фӕстӕ дӕр ма-иу бирӕ хӕттыты бахаудтӕн, мӕхиуыл фӕхӕцын-иу мӕ кӕм хъуыд, ахӕм уавӕрты. Хылкъахӕг адӕмӕй мӕхи куыд бахизон кӕнӕ хъуыддаг сабырӕй куыд аскъуыддзаг кӕнон, ууыл сахуыр дӕн. Мӕ цардӕмбал дӕр ӕмӕ-иу мӕ иннӕтӕ дӕр ӕппӕлыдысты, ахӕм уавӕрты-иу куыд бакодтон, уый тыххӕй. Мӕхӕдӕг дӕр ууыл тынг дис кодтон! Фӕлӕ афтӕ кӕй аивтон, уый тыххӕй мӕхицӕй бузныг нӕ дӕн. Уый ууыл дзурӕг у, Библийы ахӕм стыр тых кӕй ис, ӕмӕ адӕймаджы удыхъӕд аивы».

ДАРДДӔР ДӔР ТӔРИГЪӔДДЖЫН БУАРИМӔ ТОХ КӔН

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, раст цы у, уый аразынӕн? (Галатӕгтӕм 5:16).

13 Бакӕс Галатӕгтӕм 5:16. Йегъовӕ нын рӕдауӕй хай кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй нӕ тохы фӕуӕлахиз уӕм. Хуыцауы Ныхас куы фӕиртасӕм, уӕд сыгъдӕг тыхӕн бар раттӕм, цӕмӕй нӕ мидӕг архайа. Стӕй ма сыгъдӕг тыхӕй схайджын вӕййӕм ӕмбырдты дӕр. Уым вӕййӕм нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ. Уыдон дӕр махау тынг архайынц, цӕмӕй, раст цы у, уый аразой, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ ныфсыл ныфс бафты (Дзут. 10:24, 25; 13:7). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс куы курӕм, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уӕд нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр тох кӕнӕм. Гӕнӕн ис, уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ бынтон ма фервӕзын кӕной ӕвзӕр хъуыдытӕй ӕмӕ буары монцтӕй. Фӕлӕ нын уыдӕттӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм. Галатӕгтӕм 5:16 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдон «тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзысты».

14. Ахсджиаг цӕмӕн у ӕдзух архайын, цӕмӕй дӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын?

14 Дарддӕр дӕр Библи иртас, ӕмбырдтӕм цу ӕмӕ Хуыцаумӕ кув. Стӕй ӕдзух архай, цӕмӕй дӕ фӕнда, раст цы у, уый аразын. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Ис нын ахӕм знаг, ӕмӕ фынӕй никуы фӕкӕны. Нӕ зӕрдӕ ӕвзӕр цӕмӕдӕр здӕхт кӕй у, уый у уыцы знаг. Гӕнӕн ис, донаргъуыды фӕстӕ дӕр нӕ зӕрдӕ ’хсайа ӕвзӕр цӕмӕдӕрты, зӕгъӕм, ӕхцайыл хъазынмӕ, нозтмӕ кӕнӕ порнографимӕ (Еф. 5:3, 4). Иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн ӕппӕты зындӕр уыди, йӕ зӕрдӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ кӕй цыдысты, уыимӕ тох кӕнын. Уый загъта: «Ӕнхъӕлдтон, иу бон уымӕй фервӕздзынӕн. Фӕлӕ мӕ ныр дӕр хъӕуы уыцы монцтимӕ тох кӕнын». Цы дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ зӕрдӕ ӕвзӕр цӕмӕдӕр тынг куы ’хсайа, уӕд?

Кӕд буары монцтимӕ тох кӕныс, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Бирӕ чырыстӕттӕ ахӕм тохы фӕуӕлахиз сты! (кӕс 15, 16 абзацтӕ)

15. Буары монцтимӕ «иннӕ адӕм дӕр» кӕй тох кӕнынц, уый нын ныфсы хос цӕмӕн у? (Кӕс нывмӕ.)

15 Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм цыдӕр саразын дӕ кӕд тынг фӕфӕнды, уӕд ӕй зон: ӕрмӕст ды нӕ дӕ ахӕм уавӕры. Библийы фыст ис: «Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц» (1 Кор. 10:13а). Ацы ныхӕстӕ загъд уыдысты Коринфы цӕрӕг чырыстӕттӕн – нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Чидӕртӕ дзы раздӕр уыдысты хӕтаг адӕм, гомосексуалисттӕ ӕмӕ расыггӕнджытӕ (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, донаргъуыды фӕстӕ сӕ нӕ хъуыдаид буары монцтимӕ тох кӕнын? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ хъуыдаид. Кӕд иууылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты, уӕддӕр ӕнӕххӕст адӕм уыдысты, ӕмӕ сӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хъуыдаид буары монцтимӕ тох кӕнын. Уый махӕн у ныфсы хос. Цӕмӕн? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, мах цӕимӕ тох кӕнӕм, уыимӕ ма ноджыдӕр чидӕр тох кодта, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз. Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмӕ дарддӕр дӕр уырнындзинады фидар уӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, не ’фсымӕртӕ «ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц» (1 Пет. 5:9).

16. Нӕхи цавӕр хъуыдытӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

16 Афтӕ макуы хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, ӕз цӕимӕ тох кӕнын, уый ничи бамбардзӕн. Уый тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ дӕм уӕд афтӕ кӕсын райдайдзӕн, ӕмӕ буары монцтыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзынӕ. Фӕлӕ Библи афтӕ зӕгъы: «Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Кор. 10:13б). Уӕдӕ нӕ кӕд ӕвзӕр цыдӕр саразын тынг фӕфӕнды, уӕддӕр нӕ бон уыдзӕн сфӕразын ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ма саразӕм.

17. Кӕд нӕ бон нӕу тӕригъӕдджын буары монцтӕй бынтондӕр фервӕзын, уӕддӕр нӕ бар цӕуыл цӕуы?

17 Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕймаг тӕригъӕдджын буары монцтӕй бынтондӕр фервӕза. Фӕлӕ-иу дӕм куыддӕр ӕвзӕр хъуыдытӕ фӕзына, афтӕ-иу сӕ уайтагъд дӕхицӕй фӕсур. Афтӕ бакодта Иосиф, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ Потифары усӕй куы алыгъд, уӕд (Райд. 39:12). Дӕ буары монцты фӕдыл ацӕудзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у!

ХЪӔУЫ ӔДЗУХДӔР АРХАЙЫН

18, 19. Цавӕр фарстатыл ис ахъуыды кӕнӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ зонд ног кӕнӕм?

18 Цӕмӕй нӕ зонд ног кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзухдӕр архайын, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуой. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй ӕмбарын? Уайы мын дарддӕр дӕр мӕ удыхъӕд ногмӕ ивын? Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй мӕ царды архайа ӕмӕ мӕ бон уа тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын?»

19 Ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ-иу хъуыды кӕн, цы дын бантыст, ууыл. Дӕхицӕй ӕгӕр бирӕ ма дом, ӕххӕст адӕймаг нӕ дӕ. Куы фенай, ноджыдӕр ма дӕ цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Фӕлӕ архай Филиппӕгтӕм 3:16 стихы фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм». Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ зонд ног кӕнай.

36 ЗАРӔГ Нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм

a Апостол Павел иннӕ чырыстӕтты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, ацы дуне ма фӕзмут. Ӕмӕ уый абон махӕн дӕр хорз уынаффӕ у. Хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм. Уымӕ гӕсгӕ, куы-иу бамбарӕм, ӕмӕ цӕмӕдӕр Йегъовӕйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зондахаст сраст кӕнӕм. Ӕмӕ ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон куыд у аразын, ууыл.

b Кӕс статья «Мӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кодта» 2015 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

c НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕр хъуыды кӕны, университетмӕ бацӕуа ӕви ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайа.