Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт»

«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт»

«Мах разӕнгард кӕны Чырыстийы уарзт... [...] ...Уый амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой» (2 КОР. 5:14, 15).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. а) Йесойы цардыл ӕмӕ лӕггадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд цы фенкъарӕм? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

 ЗЫНАРГЪ нын чи у, ахӕм адӕймаг куы фӕзиан вӕййы, уӕд ӕй тынг фӕмысӕм. Ӕмӕ нын фыццаг тынг зын вӕййы, йӕ царды фӕстаг бонтыл ын куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, уӕлдайдӕр кӕд тухӕнгӕнгӕ амард, уӕд. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд нын гыццыл фенцондӕр вӕййы. Ӕмӕ куы ’рхъуыды кӕнӕм, цы нын дзырдта, цӕуыл нӕ ахуыр кодта, ныфс-иу нӕ куыд бауагъта кӕнӕ-иу цы худӕг ныхӕстӕ кодта, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы, ӕмӕ худгӕ дӕр бакӕнӕм.

2 Библийы Йесойы хъизӕмӕртты ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр нын тынг зын вӕййы. Ӕмӕ уӕлдайдӕр Ӕрымысӕн изӕры афон рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, йӕ нывондӕн цы стыр аргъ ис, ууыл (1 Кор. 11:24, 25). Зӕххыл цӕргӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг вӕййынц. Ныфс ма нӕ бацӕуы, ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ нӕ фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд дӕр. Уыдӕтты тыххӕй ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Ацы статьяйы дӕр дзырд ууыл цӕудзӕн.

ЙЕГЪОВӔЙӔ ӔМӔ ЙЕСОЙӔ БУЗНЫГ КӔЙ СТӔМ, УЫМӔ ГӔСГӔ НӔ ФӔНДЫ ЙЕСОЙЫ ФӔДЫЛ ЦӔУЫН

3. Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ, цы нывонд ӕрхастой, уый тыххӕй бузныг цӕмӕн стӕм?

3 Йесо куыд цард ӕмӕ мах тыххӕй кӕй амард, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дзы тынг бузныг вӕййӕм. Йесо адӕмӕн дзырдта, Хуыцауы Паддзахад сын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй цы базыдтам, уыдӕттӕн тынг аргъ кӕнӕм. Мах Чырыстийӕ бузныг стӕм йӕ нывонды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’ввахс хӕлӕрттӕ уой. Йесойыл чи баууӕнды, уыдонӕн ма фӕзыны ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты ӕмӕ сын чи амард, уыдоны та ногӕй кӕй фендзысты (Иоан. 5:28, 29; Ром. 6:23). Мах ахӕмӕй ницы сарӕзтам, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты аккаг уӕм. Стӕй Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн сӕ хорздзинӕдтӕ никуы бафиддзыстӕм (Ром. 5:8, 20, 21). Фӕлӕ нӕ бон куыд у равдисын, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый?

Марийӕ Магдалинӕйы хабар дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг уай, цы сарӕзтой, уый тыххӕй? (кӕс 4, 5 абзацтӕ)

4. Марийӕ Магдалинӕ куыд равдыста, Йесо йын цы хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй уыд? (Кӕс нывмӕ.)

4 Ӕркӕсӕм иу дзуттаг сылгоймаджы, Марийӕ Магдалинӕйы, хабармӕ. Авд дӕлимоны йӕ тухӕнӕй мардтой. Ӕвӕццӕгӕн, уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, ӕмӕ ма йын исчи баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ Йесо уыцы дӕлимонтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд дзы куыд бузныг уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй суыдаид йӕ фӕдылдзӕуӕг, стӕй йын йӕ лӕггады ӕххуыс кодтаид. Марийӕ не ’вгъау кодта йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕм цы уыд, уыдӕттӕ (Лук. 8:1–3). Кӕд тынг аргъ кодта, Йесо йын цы хорздзинад сарӕзта, уымӕн, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕма ӕмбӕрста, фӕстӕдӕр ын стырдӕр лӕвар кӕй скӕндзӕн. Йесо ратдзӕн йӕ цард ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр, «цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды», уый ӕнусон цардӕй схайджын уа (Иоан. 3:16). Марийӕ Йесойӕ бузныг кӕй уыд, уый равдыста йӕ иузӕрдиондзинадӕй. Йесойы хъӕдыл куы ’рцауыгътой ӕмӕ куы хъизӕмар кодта, уӕд Марийӕ дӕр уым уыди. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй уыцы зын сахат йӕ фарсмӕ дӕр ӕмӕ иннӕты фарсмӕ дӕр уыдаид (Иоан. 19:25). Йесо куы амард, уый фӕстӕ та Марийӕ ӕмӕ ма дыууӕ сылгоймаджы йӕ зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ семӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕрбахастой, цӕмӕй Йесойы мардмӕ базылдаиккой (Мар. 16:1, 2). Марийӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ йӕ Марийӕ федта ӕмӕ йемӕ аныхас кодта. Ахӕм кад та Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ фылдӕрмӕ не ’рхауд (Иоан. 20:11–18).

5. Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо хорзӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

5 Мах дӕр Хуыцауы хъуыддӕгтӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хцатӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ бузныг кӕй стӕм. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн ӕххуыс кӕнын.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙЕСОЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫМӔ ГӔСГӔ ИННӔТЫ ДӔР УАРЗӔМ

6. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Чырыстийы нывонд у стыр лӕвар махӕй алкӕмӕн дӕр?

6 Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Йесо тынг уарзынц, ӕмӕ сӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ уарзӕм (1 Иоан. 4:10, 19). Ӕмӕ адӕймаг куы ахъуыды кӕны, Йесо мӕн тыххӕй амард, зӕгъгӕ, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр бауарзы. Апостол Павел дӕр уый ӕмбӕрста. Чырыстийы нывонды тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый бӕрӕг у, йӕ фыстӕджы Галатӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй: «[Ӕз] цӕрын Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндгӕйӕ, мӕн чи бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард чи радта, ууыл ӕууӕндгӕйӕ» (Гал. 2:20). Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакодта, ӕмӕ сдӕ йӕ хӕлар (Иоан. 6:44). Хорзӕй дӕм цыдӕр кӕй ссардта ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр аргъ кӕй бафыста, цӕмӕй дӕ йӕ хӕларыл банымадтаид, ууыл куы ахъуыды кӕныс, уӕд дӕ зӕрдӕ фырцинӕй нӕ ныррухс вӕййы? Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр нӕ бауарзыс? Дӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Уыцы уарзондзинад мӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?»

Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй алыхуызон адӕмӕн хъусын кӕнын (кӕс 7 абзац)

7. Ӕркӕс нывмӕ. Махӕй алкӕй бон дӕр куыд у равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзы, уый? (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15; 6:1, 2.)

7 Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны иннӕты дӕр уарзынмӕ. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15; 6:1, 2.) Уыцы уарзондзинад равдисӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй. Мах фӕхъусын кӕнӕм алкӕмӕн дӕр, уӕлдай нӕу, кӕцы адӕмыхаттӕй у, сауцъар у ӕви урсцъар, хъӕздыг ӕви мӕгуыр, ахуыргонд ӕви ӕнахуыргонд. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр афтӕ фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:4).

8. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

8 Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы кӕй уарзӕм, уый ма равдисӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй дӕр (1 Иоан. 4:21). Алкӕуыл дӕр дзы зӕрдиагӕй тыхсӕм ӕмӕ сӕ зындзинӕдты сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Исчи сын куы фӕзиан вӕййы, уӕд сын ныфсытӕ бавӕрӕм, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕйы рыст фӕрогдӕр кӕнӕм. Куы фӕрынчын вӕййынц, уӕд сӕ бабӕрӕг кӕнӕм. Ӕмӕ ныфссаст куы вӕййынц, уӕд, нӕ бон цы у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй та сӕ ныфс бауадзӕм (2 Кор. 1:3–7; 1 Фес. 5:11, 14). Стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, «рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых [кӕй] ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иак. 5:16).

9. Нӕ бон ма ноджыдӕр куыд у равдисын, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый?

9 Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый ма равдисӕм, семӕ хӕларӕй цӕрыныл кӕй фӕархайӕм, уымӕй дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг уӕм. Йегъовӕ йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта, ӕмӕ уый амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй. Ӕмӕ-иу уӕд мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕйӕ ма ныххатыр кӕнӕм, нӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн? Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы фыдзӕрдӕ цагъары кой ракодта, уый хуызӕн. Йӕ хицау ын тынг стыр хӕс ныххатыр кодта. Йӕхӕдӕг та, бирӕ къаддӕр дзы чи дардта, уыцы цагъарӕн йӕ хӕс нӕ ныххатыр кодта (Матф. 18:23–35). Кӕд ӕмбырды кӕимӕдӕр кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстат ӕмӕ уе ’хсӕн цыдӕр рауад, уӕд дӕ бон нӕ уаид Ӕрымысӕн изӕры размӕ фыццаг къахдзӕф скӕнын, цӕмӕй бафидауат? (Матф. 5:23, 24). Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тынг кӕй уарзыс.

10, 11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзынц, уый? (1 Петры 5:1, 2).

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн та сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзынц? Йесойы фыстӕм хорз кӕй кӕсынц, уымӕй, ӕмӕ уый тынг ахсджиаг у. (Бакӕс 1 Петры 5:1, 2.) Йесо уый апостол Петрӕн хорз бамбарын кодта. Петр Йесойӕ ӕртӕ хатты куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг фӕндыд хъуыддагӕй равдисын, Йесойы кӕй уарзта, уый. Ӕмӕ Йесо куы райгас, уый фӕстӕ Петры бафарста, Иоанны фырт Симон, уарзыс мӕ, зӕгъгӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петр алцыдӕр сарӕзтаид, цӕмӕй равдыстаид, йӕ Ахуыргӕнӕджы кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм» (Иоан. 21:15–17). Ӕмӕ цӕрӕнбонты Петр Хицауы фысты фӕлмӕн уарзтӕй уарзта ӕмӕ сӕ ӕвӕгӕсӕгӕй никуы уагъта. Афтӕмӕй равдыста, Йесойы кӕй уарзта, уый.

11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Ӕрымысӕн изӕры афон уӕ бон куыд у равдисын, Йесо Петрӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын уӕ кӕй фӕнды? Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куыд тынг уарзут, уый равдисдзыстут, ӕдзухдӕр-иу рӕстӕг куы рахицӕн кӕнат, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнат. Уӕлдай тынгдӕр уӕ хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнат Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн (Йез. 34:11, 12). Уӕ бон ма у, Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт чи ’рбацыд, уыдонмӕ уӕ хъус ӕрдарын ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй бацин кӕнын. Ныфс нӕ ис, уыдон дӕр иу бон Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Ӕмӕ хъуамӕ бамбарой, зынаргъ нын кӕй сты.

ЙЕСОЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫМӔ ГӔСГӔ НӔ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ХЪӔБАТЫР УӔМ

12. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм? (Иоанны 16:32, 33).

12 Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ацы дунейы уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ, фӕлӕ фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл». (Бакӕс Иоанны 16:32, 33.) Йесойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йе знӕгтӕй ма фӕтарстаид ӕмӕ суанг йӕ мӕлӕты онг дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид? Уый йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр ахӕм фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзысты. Ӕмӕ йӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сӕ хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:11). Уый кӕй зонӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм? Йегъовӕ не знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр тыхджындӕр у (1 Иоан. 4:4). Уый алцыдӕр уыны. Ӕмӕ йӕ зонӕм: нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мацӕмӕйуал тӕрсӕм ӕмӕ хъӕбатыр уӕм.

13. Аримафейаг Иосиф хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

13 Ӕркӕсӕм аримафейаг Иосифы хабармӕ. Дзуттӕгты ’хсӕн уыди кадджын, нымад лӕг. Иосиф уыд дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны уӕнг. Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Иосифы хъӕбатыр схонӕн нӕ уыд. Иоанн ныффыста, зӕгъгӕ, «Иосиф дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ нӕ хъӕр кодта, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕй тарст» (Иоан. 19:38). Кӕд ӕй бауырныдта, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый, ӕмӕ Йесойыл дӕр баууӕндыд, уӕддӕр ӕй иннӕтӕй сусӕг кодта. Ӕвӕццӕгӕн, тарсти, кадджын бынат кӕй нал ахсдзӕн ӕмӕ йын адӕмы цӕсты дӕр кад кӕй нал уыдзӕн, уымӕй. Фӕлӕ Йесо куы амард, уӕд Иосиф «уӕндонӕй бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта» (Мар. 15:42, 43). Иосиф нал сусӕг кодта, Йесойы ахуыргӕнинаг кӕй уыд, уый.

14. Кӕд, адӕм цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй тӕрсыс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн?

14 Ды дӕр Иосифау адӕмӕй фӕтӕрсыс? Скъолайы кӕнӕ куысты фефсӕрмы кӕныс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый зӕгъын? Мыййаг, иннӕтӕ цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл мӕт кӕныс, ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс нӕ хӕссыс, цӕмӕй хъусынгӕнӕг суай кӕнӕ донаргъуыд райсай? Ахӕм хъуыдытӕ дӕ ма хъыгдарӕнт, раст цы у, уый аразын. Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув. Кур дзы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай. Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп ратдзӕн, ӕмӕ уый фенгӕйӕ суыдзынӕ фидардӕр ӕмӕ хъӕбатырдӕр (Ис. 41:10, 13).

ЦИНДЗИНАД НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ ЙЕГЪОВӔЙӔН ӔППЫНӔДЗУХ ЛӔГГАД КӔНЫНӔН

15. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд, уӕд сӕ маст цинмӕ цӕмӕн раивта ӕмӕ сын уый куыд баххуыс кодта? (Лукайы 24:52, 53).

15 Йесо куы амард, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг ӕрӕнкъард сты. Дӕхи-ма сӕ бынаты сӕвӕр. Сӕ зынаргъ ӕмбал нал уыди, стӕй сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕйуал ис (Лук. 24:17–21). Фӕлӕ сӕм Йесо куы фӕзынд, уӕд сын бамбарын кодта, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст кодта, уый. Стӕй сын бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг (Лук. 24:26, 27, 45–48). Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт 40 боны фӕстӕ, фӕлӕ уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ маст стыр цинмӕ раивта. Ныр ӕй зыдтой, сӕ Ахуыргӕнӕг ӕгас кӕй у ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн сӕ ног хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмӕ сын уыцы циндзинад ӕххуыс кодта, цӕмӕй ӕппынӕдзух Йегъовӕйы кадджын кодтаиккой. (Бакӕс Лукайы 24:52, 53; Хъуыд. 5:42.)

16. Нӕ бон куыд у Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын?

16 Нӕ бон куыд у Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын? Хъуамӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм ӕрмӕст Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн афӕдзы дӕргъы дӕр. Уый тыххӕй та хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Бирӕтӕ сӕ куысты цыдӕртӕ фӕивтой кӕнӕ ахӕм куыст равзӕрстой, цӕмӕй сӕ бон уа уацамынды ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзын. Чидӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, иннӕтӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматыл цы нымайынц, ӕнӕ уыдӕттӕй дӕр кӕй фӕцӕрдзысты, цӕмӕй сӕ бон уа ӕмбырды фылдӕр аразын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фидардзинад. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн (Ӕмб. 10:22; Матф. 6:32, 33).

Ӕрымысӕн изӕры афон-иу арф ахъуыды кӕн, Йегъовӕ ӕмӕ дын Йесо цы стыр лӕвар скодтой, ууыл (кӕс 17 абзац)

17. Ацы Ӕрымысӕн изӕры афон дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдтай? (Кӕс нывмӕ.)

17 4 апрелы, дыццӕджы, бӕрӕг кӕндзыстӕм Ӕрымысӕн изӕр. Ӕмӕ уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Фӕлӕ уый размӕ къуыриты дӕр нӕ бон у Йесойы цардыл ӕмӕ мӕлӕтыл, стӕй, Йегъовӕимӕ цы стыр уарзондзинад равдыстой, ууыл хъуыды кӕнын. Уымӕн-иу арӕхдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕн. Зӕгъӕм, ӕркӕс таблицӕмӕ «Йесойы зӕххон царды фӕстаг къуыри» (кӕс брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 16). Уыцы таблицӕйы цы хабӕртты кой ис, уыдон бакӕс ӕмӕ сыл ахъуыды кӕн. Йесойы тыххӕй цы бакӕсай, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой, уый тыххӕй сӕ тынгдӕр бузныг уай, тынгдӕр сӕ бауарзай, суай хъӕбатырдӕр ӕмӕ дӕ циндзинадыл бафта. Ӕмӕ-иу ахӕм скъуыддзӕгтӕм дӕ хъус уӕлдай тынгдӕр ӕрдар. Уый фӕстӕ та-иу ахъуыды кӕн, бузныг сӕ кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын, ууыл. Ӕмӕ йӕ зон: Йесо тынг аргъ кӕны, ацы Ӕрымысӕн изӕры афон йӕ номыл цы аразыс, уымӕн (Рарг. 2:19).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

a Ӕрымысӕн изӕры афон нӕ фӕхъӕуы Йесойы цардыл ӕмӕ мӕлӕтыл ахъуыды кӕнын, стӕй, Йесо ӕмӕ йӕ Фыд цы стыр уарзондзинад равдыстой, ууыл. Уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый хъуыддагӕй равдисын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын, ууыл. Ноджыдӕр ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр уарзӕм, хъӕбатырдзинад ӕвдисӕм ӕмӕ нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсса.