Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?

Уынаффӕтӕ. Цы ис раиртасӕн?

Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты биографитӕ кӕсын уарзыс?

Иу лӕг ӕмӕ ус алы райсом дӕр кастысты кӕйдӕр биографи. Ӕмӕ афтӕ загътой: «Уыцы биографитӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ циныл цин, нӕ ныфсыл ныфс бафты. Нӕ зӕрдыл нын ӕрлӕууын кӕнынц, махӕн дӕр нӕ бон кӕй у алы уавӕрты дӕр иузӕрдионӕй баззайын». Иу хо та загъта: «Сӕ биографитӕ мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайынц. Уыдон кӕсгӕйӕ адӕймагмӕ цӕрын ӕрцӕуы. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ цард дзӕгъӕлы нӕ ацыд, цас хорз хабӕрттӕ сыл ӕрцыд. Ӕмӕ мӕн дӕр бафӕнды фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной».

Биографитӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ разы хорз нысӕнттӕ ӕвӕрай, ӕвзӕр миниуджытимӕ ӕмӕ ахуыртимӕ тох кӕнай ӕмӕ уӕззау фӕлварӕнты дӕр дӕ ныфс ма асӕтта. Дӕ бон кӕм у уыцы биографитӕ ссарын?

  • Ссар статьятӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты биографитӕ» сайты jw.org кӕнӕ приложенийы JW Library®.

  • «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы онлайн-библиотекӕйы», цы агурыс, уый кӕм хъӕуы ныффыссын, уым ныффысс «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты биографитӕ».