Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы хуыздӕр базон, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы

Йегъовӕйы хуыздӕр базон, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы

«Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (РОМ. 1:20).

6 ЗАРӔГ Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Иов Йегъовӕйы хуыздӕр цӕй фӕрцы базыдта?

 ӔВӔЦЦӔГӔН, Иов никуы ферох кодта, Йегъовӕимӕ куыд ныхас кодта, уый. Йегъовӕйы фӕндыд Иовӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ фидарӕй уырныдтаид, стыр зонды хицау кӕй у ӕмӕ йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджытыл батыхсын. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йе ’ргом раздӕхта, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм. Зӕгъӕм, йӕ зӕрдыл ын ӕрлӕууын кодта, цӕрӕгойтыл куыд тыхсы, уый. Ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, уый дӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн (Иов 38:39–41; 39:1, 5, 13–16). Иов куы ахъуыды кодта, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл, уӕд Хуыцауы миниуджыты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта.

2. Иуӕй-иу хатт нын цӕуылнӕ фӕуайы, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ахъуыды кӕнын?

2 Мах дӕр Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Горӕты чи цӕры, уыдонӕн арӕх нӕ вӕййы фадат, цӕмӕй ӕрдзы рӕсугъддзинад алы бон уыной. Ӕмӕ хъӕуы цӕрӕг адӕмы дӕр арӕх нӕ февдӕлы, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнынмӕ. Гъемӕ уӕдӕ аныхас кӕнӕм, ахсджиаг цӕмӕн у уымӕн рӕстӕг арын. Аныхас кӕндзыстӕм, ӕрдзы цы ис, уыдӕтты фӕрцы-иу Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цавӕрдӕр хъуыдытӕ куыд бамбарын кодтой, стӕй, нӕ алыварс цы ис, уыдӕтты фӕрцы нӕ бон цы у Хуыцауы тыххӕй базонын, ууыл.

ЦӔМӔН ХЪӔУЫ, ХУЫЦАУ ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНЫН?

Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ Адамӕн циндзинад хастаиккой. Стӕй йын бахӕс кодта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ раттаид (кӕс 3 абзац)

3. Цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕйы кӕй фӕндыд, цӕмӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ Адамӕн циндзинад хастаиккой?

3 Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ фыццаг адӕймагӕн, Адамӕн, циндзинад хастаиккой. Куы йӕ сфӕлдыста, уӕд ӕй ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны ӕмӕ йын бахӕс кодта дзӕнӕтмӕ зилын. Хъуамӕ ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр дзӕнӕт суыдаид (Райд. 2:8, 9, 15). Хӕрзаг-иу Адамы дисӕн ӕмӕ цинӕн кӕрон нал уыд, мыггӕгтӕ ӕвзар куыд суадзынц ӕмӕ дидинджытӕ дидинӕг куыд ракалынц, уымӕ кӕсгӕйӕ. Едемы цӕхӕрадонмӕ кӕй зылд, уый йын стыр кад уыди! Йегъовӕ ма йын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ раттаид (Райд. 2:19, 20). Йегъовӕйӕн уый йӕхи бон дӕр уыди саразын. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы хъуыддаг Адамӕн бахӕс кодта. Ӕвӕццӕгӕн-иу Адам лӕмбынӕг каст алы цӕрӕгоймӕ дӕр – цыхуызӕн у ӕмӕ йӕхи куыд дары, уымӕ. Ӕмӕ-иу ын стӕй ном радта. Уый йӕ зӕрдӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг цыди. Ӕмӕ йын уый фӕрцы уыд фадат, цӕмӕй бамбӕрстаид, йӕ Фыд куыд зондджын у ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ куыд диссаджы конд ӕмӕ куыд рӕсугъд сты, уый.

4. а) Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын? б) Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы цӕуы?

4 Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын? Иу уымӕн, ӕмӕ йӕхи фӕнды, цӕмӕй афтӕ кӕнӕм. Уый нын дзуры: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста?» Дзуапп бӕлвырд у (Ис. 40:26). Ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста – уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ, зӕххыл ӕмӕ денджызы цы ис, уыдӕттӕ дӕр. Ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй нӕ бон у Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын (Пс. 104:24, 25). Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, адӕймаг куыд диссаджы конд у, ууыл дӕр. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у, ӕрдз куыд рӕсугъд у, уый ӕмбарын. Стӕй нӕ бон у уынын, хъусын, уырзӕй сгарын, ад ӕмӕ тӕф ӕмбарын. Ӕмӕ нын уый фӕрцы йе сконд хъуыддӕгтӕ хӕссынц циндзинад.

5. Ромӕгтӕм 1:20 стихмӕ гӕсгӕ, цӕмӕн хъӕуы, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнын?

5 Библийӕ базонӕн ис, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ма ноджыдӕр хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый. Афтӕмӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕмӕ цавӕр миниуджытӕ ис. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20.) Ӕрдзы мидӕг алцыдӕр куыд диссаджы конд у, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ стыр зонды хицау кӕй у. Цас алыхуызон хӕринӕгтӕ, дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ ис, уый та! Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, адӕмы кӕй уарзы, уый. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты мидӕг ын йӕ миниуджытӕ куы фенӕм, уӕд ӕй хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Ныр та аныхас кӕнӕм, йе сконд хъуыддӕгты фӕрцы адӕмӕн цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ бамбарын кодта, ууыл.

ХУЫЦАУ ЙӔХИ ТЫХХӔЙ БИРӔ ЦЫДӔРТӔ ДЗУРЫ, ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫ ФӔРЦЫ

6. Хъарм бӕстӕтӕм чи тӕхы, уыцы мӕргъты уынгӕйӕ нӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын?

6 Йегъовӕйӕн ис йӕхи расписани. Израилӕгтӕ-иу алы аз дӕр февралы кӕронӕй майы ӕмбисмӕ уыдтой, къадзтӕ цӕгатырдӕм куыд тӕхынц, уый. Ӕмӕ Хуыцау израилӕгтӕн загъта: «Къадз... уӕларвыл йӕ нысангонд рӕстӕджытӕ зоны» (Йер. 8:7). Йегъовӕ уыцы мӕргътӕн ӕндӕр бӕстӕтӕм тӕхынӕн рӕстӕг куыд снысан кодта, афтӕ рӕстӕг снысан кодта йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕнынӕн дӕр. Абон арвмӕ кӕсгӕйӕ куы фенӕм, хъарм бӕстӕтӕм чи тӕхы, уыцы мӕргъты, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйӕн кӕй ис йӕхи «рӕстӕг», цӕмӕй ацы фыддунейӕн кӕрон скӕна (Ав. 2:3).

7. Мӕргътӕ арвы бӕрзӕнды куыд фӕзилынц, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (Исай 40:31).

7 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты тых. Исайы уылты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, лӕмӕгъ кӕнӕ ныфссаст куы уой, уӕд сын тыхтӕ кӕй ратдзӕн, ӕмӕ сыл цыма «цӕргӕсы базыртӕ ис, уыйау бӕрзонд стӕхдзысты». (Бакӕс Исайы 40:31.) Израилӕгтӕ-иу арӕх уыдтой, цӕргӕстӕ арвы бӕрзӕнды куыд зилынц, уый. Цӕргӕс йӕ базыртӕ змӕлын дӕр нӕ фӕкӕны, афтӕмӕй йӕ, зӕххӕй хӕрдмӕ цы хъарм уӕлдӕф фӕцӕуы, уый бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр сисы. Уый нын цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ уыцы мӕргътӕн тых куыд ратты, афтӕ йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр тых раттын. Уӕдӕ-иу арвмӕ кӕсгӕйӕ куы фенай, цавӕрдӕр маргъ, йӕ базыртӕ змӕлын дӕр нӕ кӕны, афтӕмӕй бӕрзондӕй-бӕрзонддӕр куыд тӕхы, уӕд-иу ахъуыды кӕн иу цӕуылдӕр: Йегъовӕйӕн йӕ бон у дӕуӕн хъарутӕ раттын, цӕмӕй «бӕрзонд стӕхай», ӕмӕ-иу дӕ зындзинӕдтӕ кӕмдӕр бынӕй баззайдзысты.

8. Иов цы бамбӕрста, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ? Мах дӕр цӕмӕн хъӕуы уыдӕттыл хъуыды кӕнын?

8 Йегъовӕйыл ис ӕууӕндӕн. Йегъовӕ Иовӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаид, Йегъовӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййы, ууыл (Иов 32:2; 40:6–8). Йемӕ куы ныхас кодта, уӕд ын йе ’ргом раздӕхта, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм, зӕгъӕм, стъалытӕм, мигътӕм ӕмӕ арвӕрттывдмӕ. Ракодта ма йын цӕрӕгойты кой дӕр, зӕгъӕм, хъӕддаг галы ӕмӕ бӕхы кой (Иов 38:32–35; 39:9, 19, 20). Уыдӕттӕ иууылдӕр ӕрмӕст йе ’мбисонды тыхыл дзурӕг не сты, фӕлӕ йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йе стыр зондыл дзурӕг дӕр. Йегъовӕ Иовимӕ куы аныхас кодта, уӕд ыл уый фӕстӕ Иов ноджы тынгдӕр райдыдта ӕууӕндын (Иов 42:1–6). Мах дӕр Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, махӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Стӕй уымӕн йӕ бон у не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕнын, ӕмӕ ӕнӕмӕнг афтӕ бакӕндзӕн. Ӕмӕ уый кӕй зонӕм, уый фӕрцы йыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарӕм.

ХУЫЦАУЫ СКОНД ХЪУЫДДӔГТЫ ФӔРЦЫ ЙЕСО ЙӔ ФЫДЫ ТЫХХӔЙ БИРӔ ЦЫДӔРТӔ РАДЗЫРДТА

9, 10. Хур ӕмӕ нын къӕвда Йегъовӕйы тыххӕй цы ӕргом кӕнынц?

9 Йесо ӕрдзы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдта. Библийы фыст ис, кӕй уыди «дӕсны кусӕг». Уый йӕ Фыдӕн ӕххуыс кодта Дун-дуне сфӕлдисынӕн (Ӕмб. 8:30). Ӕмӕ зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ Фыды тыххӕй куы дзырдта, уӕд-иу цӕвиттонӕн ӕрхаста, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

10 Йегъовӕ алкӕй дӕр уарзы. Йесо йӕ зындгонд раныхасы йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕргом раздӕхта Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕй дыууӕмӕ: хурмӕ ӕмӕ къӕвдамӕ. Куыд ахсджиаг сты, ууыл бирӕтӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц. Ӕнӕ хурӕй ӕмӕ ӕнӕ къӕвдайӕ зӕххыл цард нӕ уаид. Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ хуры рухс ӕмӕ къӕвда ма дӕтта, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмӕн. Фӕлӕ сӕ уый дӕтты алкӕмӕн дӕр (Матф. 5:43–45). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыды: Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алкӕй дӕр уарзӕм. Рӕсугъд хурныгуылд-иу куы фенӕм кӕнӕ-иу фӕлмӕн къӕвда куы уара, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ алкӕй дӕр кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ мах дӕр адӕмы Йегъовӕйы хуызӕн кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, хорз хабар алкӕмӕн дӕр кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй.

11. Мӕргътӕм кӕсгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы ’рлӕууы?

11 Йегъовӕ нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йесо ма йӕ зындгонд раныхасы загъта: «Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады». Стӕй адӕммӕ радта ахӕм фарста: «Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» Ацы фарста сӕм куы радта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыдтой, мӕргътӕ куыд ратӕх-батӕх кӕнынц, уый (Матф. 6:26). Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ нын, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн (Матф. 6:31, 32). Уыцы цӕвиттон абон дӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн у ныфсы хос. Испанийы иу ӕрыгон хо, пионер, мӕт кодта, йӕ бон цӕрӕнбынат ссарын кӕй нӕ уыд, ууыл. Фӕлӕ куы федта, цъиутӕ нӕмгуытӕ ӕмӕ гагатӕ куыд хӕрынц, уый, уӕд дзы ныфс бацыд. Уый загъта: «Уыцы цъиутӕм кӕсгӕйӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йегъовӕ сыл кӕй тыхсы ӕмӕ мӕныл дӕр кӕй батыхсдзӕн». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ссардта цӕрӕнбынат.

12. Матфейы 10:29–31 стихты сырддонцъиуты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

12 Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны. Йесо йӕ апостолты хъусын кӕнынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын баххуыс кодта, цӕмӕй ма тарстаиккой, сӕ ныхмӕ кӕй цӕудзысты, уымӕй. (Бакӕс Матфейы 10:29–31.) Цӕвиттонӕн сын ӕрхаста, Израилы ӕппӕты арӕхдӕр кӕй уыд фенӕн, уыцы цъиутӕй иуы – сырддонцъиуы. Йесойы рӕстӕджы сырддонцъиутӕ тынг аслам уыдысты. Фӕлӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ, уӕ Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн». Уый фӕстӕ та йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут». Афтӕмӕй сын бамбарын кодта, Йегъовӕ сӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тарстаиккой, сӕ ныхмӕ чи цӕудзӕн, уыдонӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу горӕтты ӕмӕ хъӕуты хъусын кӕнгӕйӕ сырддонцъиуты куы федтой, уӕд-иу ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныхӕстӕ ӕрхъуыды кодтой. Ды дӕр-иу гыццыл цъиуты куы фенай, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕ дын кӕй аргъ кӕны, уый, уымӕн ӕмӕ ды дӕр «бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр» дӕ. Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд Йегъовӕ уыдзӕн дӕ фарсмӕ, ӕмӕ-иу мацӕмӕй тӕрс (Пс. 118:6).

НӔ БОН КУЫД У ХУЫЦАУЫ ТЫХХӔЙ, ЦЫ СФӔЛДЫСТА, УЫДӔТТЫ ФӔРЦЫ ФЫЛДӔР БАЗОНЫН?

13. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонӕм?

13 Ноджыдӕр ма бирӕ цыдӕртӕ ис Йегъовӕйы тыххӕй базонӕн, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы. Уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? Фыццаг: фӕхъӕуы рӕстӕг ссарын, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсынӕн. Дыккаг: фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уыдӕттӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, ууыл. Уыцы дыууӕ хъуыддаджы аразын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Камерунӕй иу хо, Жеральдинӕ, загъта: «Ӕз горӕты схъомыл дӕн. Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы бацархайын, цӕмӕй, ӕрдз куыд рӕсугъд у, уый уынон». Иу хистӕр нӕлгоймаг, Альфонсо, загъта: «Ӕз ӕй бамбӕрстон, кӕй мӕ фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын, цӕмӕй иунӕгӕй аззайон ӕмӕ, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл мӕ цӕст ахӕссон, стӕй ахъуыды кӕнон, Йегъовӕйы тыххӕй уыдӕттӕй мӕ бон цы у базонын, ууыл».

Давид-иу куы каст, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм, уӕд-иу хъуыды кодта, йӕ бон Йегъовӕйы тыххӕй базонын цы у, ууыл (кӕс 14 абзац)

14. Давид цы бамбӕрста, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ?

14 Давид арф хъуыды кодта, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай?» (Пс. 8:3, 4). Давид-иу ӕхсӕвыгон арвмӕ куы каст, уӕд-иу, стъалыджын арв куыд рӕсугъд у, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кодта. Уый ма хъуыды кодта, уыцы стъалытӕй Йегъовӕйы тыххӕй йӕ бон цы у базонын, ууыл дӕр. Давид бамбӕрста, Йегъовӕйы зонд ӕмӕ тыхӕн ӕмбал кӕй нӕй. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуыды кодта, йӕ мады гуыбыны куы уыд, уӕд йе уӕнгтӕ иууылдӕр куыд фӕзындысты ӕмӕ йӕ буар куыд диссаджы конд у, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ноджы тынгдӕр райдыдта аргъ кӕнын (Пс. 139:14–17).

15. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ йӕ миниуджыты тыххӕй цы базыдтай? Ӕрхӕсс цӕвиттон (Псалом 148:7–10).

15 Давидау дӕу дӕр дард цӕуын нӕ хъӕуы, цӕмӕй фенай Хуыцауы сконд хъуыддӕгтӕ. Дӕ алыварс дӕ цӕст ахӕсс, ӕмӕ алкӕм дӕр фендзынӕ Йегъовӕйы миниуджытӕ. Хуры хъарм тынтӕ-иу дӕ русыл куы андзӕвой, уӕд-иу ахъуыды кӕн Йегъовӕйы тыхыл (Йер. 31:35). Цъиу ахстон куыд кӕны, уый фенгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн Йегъовӕйы стыр зондыл. Гыццыл къӕбыла йӕ къӕдзил ӕрцахсыныл куыд архайы, уый куы фенай, уӕд та-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ ахудын кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ мад йӕ гыццыл хуры тыныл куыд цинтӕ кӕны, уый фенгӕйӕ-иу Йегъовӕйӕн йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг зӕгъ. Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын, уымӕн ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдон ӕй иууылдӕр кадджын кӕнынц – стыр уой ӕви гыццыл, дард ӕви хӕстӕг. (Бакӕс Псалом 148:7–10.)

16. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

16 Ничи у нӕ Хуыцауы хуызӕн зондджын, уарзӕгой ӕмӕ тыхджын! Ӕмӕ ӕппӕт дӕр куыд рӕсугъд скодта! Нӕ алыварс-иу ӕрдзмӕ куы акӕсӕм, уӕд-иу фендзыстӕм уыцы миниуджытӕ дӕр ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр миниуджытӕ дӕр. Уӕдӕ-иу арӕхдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл ӕмӕ, нӕ бон Йегъовӕйы тыххӕй базонын цы у, ууыл. Афтӕмӕй не Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Иак. 4:8). Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ныййарджытӕн сӕ бон куыд у, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕм баввахс уой.

5 ЗАРӔГ Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕ

a Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ дисы ӕфтауынц. Цас тых ис Хуры кӕнӕ дидинджытӕ куыд рӕсугъд сты! Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы ма нӕ бон у фылдӕр базонын, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй дӕр. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цӕмӕн-иу хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм рӕстӕг, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнынӕн ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм баввахсдӕр уӕм.