Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй йын йӕ ном кадджын кӕной ӕнусӕй-ӕнусмӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

2020 азы июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья «Срухс уӕд дӕ ном» хуыздӕр куыд бамбарын кодта Йегъовӕйы номимӕ ӕмӕ йӕ хицаудзинадимӕ баст фарста?

Уыцы статьяйӕ базыдтам, ӕцӕгӕй ӕрмӕстдӕр иу дзырддаг фарста кӕй ис. Уый хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ зӕдтӕм дӕр. Уыцы фарста у, Йегъовӕйы кадджын ном кӕй хъуамӕ срухс уа, уый. Йегъовӕйы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у ӕмӕ адӕм Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзысты ӕви нӕ, уыцы фарстатӕ та хауынц уыцы сӕйраг фарстамӕ.

Ӕппӕты ахсджиагдӕр фарста Йегъовӕйы номимӕ ӕмӕ, кӕй хъуамӕ срухс уа, уыимӕ баст цӕмӕн у? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ.

Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цъыф калы, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ

Фыццаг: Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цъыф бакалдта. Евӕмӕ цы фарста радта, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ рӕдау Хуыцау нӕу ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн йӕ карз домӕнтӕй сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ бӕтты. Стӕй та, зӕгъӕн ис, комкоммӕ загъта, Йегъовӕ сӕ сайгӕ кӕй кӕны. Афтӕмӕй Йегъовӕйы номыл цъыф бакалдта. Уый уыд фыдкой. Гъеуӕд сси «Хӕйрӕг», ома «фыдкойгӕнӕг» (Иоан. 8:44). Евӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыд, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Уымӕй равдыста, кӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хицау уа (Райд. 3:1–6). Абоны онг Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф калы – цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕны. Уыцы мӕнг ныхӕстыл чи ӕууӕнды, уыдон арӕх Йегъовӕйы коммӕ нӕ фӕкӕсынц. Уӕдӕ Хуыцауы адӕм, Хӕйрӕг Йегъовӕйы сыгъдӕг номыл цъыф кӕй калы, уымӕй стырдӕр фыддзинадыл ницы нымайынц. Зӕххыл алы ӕвирхъау хабӕрттӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй цӕуы ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕ дӕр сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕвзарынц.

Дыккаг: Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр фӕнд кӕны йӕ ном срухс кӕнын – цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнын. Ӕмӕ уый, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Йӕ ном срухс кӕнын нымайы ӕппӕты ахсджиагдӕрыл. Ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта: «Ӕз срухс кӕндзынӕн ме стыр ном» (Йез. 36:23). Йесо дӕр бамбарын кодта, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъуамӕ кувой, уый. Уый загъта: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Библийы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕй фыст, Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. Мӕнӕ цалдӕр цӕвиттоны. «Сбӕрзонд кӕнут Йегъовӕйы, йӕ номы аккаг кад ын скӕнут» (1 Аз. 16:29; Пс. 96:8). «Зарут йӕ номы кадӕн» (Пс. 66:2). «Дӕ ном дын ӕнустӕм бӕрзонд кӕндзынӕн» (Пс. 86:12). Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу Йегъовӕ йӕхӕдӕг уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта. Иу ахӕм хабар ӕрцыд Иерусалимы кувӕндоны. Уым Йесо куывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ йын Йегъовӕ дзуапп радта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоан. 12:28) a.

Ӕртыккаг: Йегъовӕйы фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый баст у йӕ номимӕ, ома, цавӕр Хуыцау у, уыимӕ. Чырыстийы Миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ цымӕ уый фӕстӕ зӕдтӕ ӕмӕ адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы номмӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, дзырддаг фарстамӕ чи хауы, уыцы дыууӕ фарстайы: адӕмӕй исчи Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр у ӕви нӕ. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдонӕн ма сӕ иузӕрдиондзинад искуы фӕлвӕрд цӕудзӕн? Нӕ цӕудзӕн. Уыдон уыдзысты ӕххӕст ӕмӕ кӕронмӕ фӕлвӕрд. Уыдон схайджын уыдзысты ӕнусон цардӕй. Йегъовӕйы хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, уый ма исчи сдзырддаг кӕндзӕн ӕмӕ ма исчи ӕндӕрхуызон хъуыды кӕндзӕн? Нӕ. Уӕд уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл чи уыдзӕн, уыдон иууылдӕр уыдзысты ӕмвӕнд-ӕмзонд. Ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уа. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйы ном йӕ адӕмӕн уӕд дӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр уыдзӕн?

Уӕдмӕ алчидӕр зондзӕн рӕстдзинад Йегъовӕйы тыххӕй, ӕмӕ йӕ ном срухс уыдзӕн. Йӕ фыдкой ничиуал кӕндзӕн. Фӕлӕ йын уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕн уый фӕстӕ дӕр йӕ ном уыдзӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уындзысты, Йегъовӕ дарддӕр дӕр диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй аразы. Йесо сӕрныллӕгӕй ӕппӕт бартӕ дӕр Йегъовӕмӕ куы ратта, уӕд «алкӕмӕн дӕр Хуыцау» уыдзӕн «йӕ иунӕг Хицау» (1 Кор. 15:28). Уый фӕстӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн – уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ йын зӕххыл дӕр чи ис, уыдоны баиу кӕндзӕн, ӕмӕ суыдзысты иу стыр ӕнгом бинонтӕ (Еф. 1:10).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хабӕртты фӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бинонты зӕрдиагӕй фӕнддзӕн дарддӕр дӕр йӕ рӕсугъд ном кадджын кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Табу Йегъовӕ Хуыцауӕн... Табу йӕ кадджын номӕн ӕнустӕм» (Пс. 72:18, 19). Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы тыххӕй алкӕддӕр ног цыдӕртӕ базондзыстӕм. Ӕмӕ йӕ нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уыдзӕн кадджын кӕнын.

Йегъовӕйы номӕй базонӕн ис, цавӕр Хуыцау у, уый. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ номыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд сӕйраджыдӕр йӕ уарзондзинадыл ахъуыды кӕнӕм (1 Иоан. 4:8). Мах алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Йегъовӕйы стыр уарзондзинад. Уый равдыста, кӕй нӕ сфӕлдыста ӕмӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Ӕмӕ йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын дӕр ӕй бафӕндыд, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ уарзондзинад ууыл нӕ фӕуыдзӕн. Мах алкӕддӕр уындзыстӕм, кӕй сфӕлдыста, уыдоны йӕ уарзтӕй куыд тавы, уый. Ӕнусӕй-ӕнусмӕ нӕ фӕнддзӕн нӕ Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ йын йӕ кадджын ном бӕрзонд кӕнын! (Пс. 73:28).

a Библийӕ зыны, Йегъовӕ цыдӕр куы фӕаразы, уӕд уый «йӕ номы тыххӕй» кӕй фӕаразы. Зӕгъӕм, йӕ адӕмӕн амоны фӕндаг ӕмӕ сӕ кӕны, ӕххуыс сын кӕны, ирвӕзын сӕ кӕны, ныххатыр сын кӕны ӕмӕ сын сӕ цард хъахъхъӕны. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ аразы йӕ кадджын номы тыххӕй (Пс. 23:3; 31:3; 79:9; 106:8; 143:11).