Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дарддӕр дӕр фӕразон ут

Дарддӕр дӕр фӕразон ут

«Ут... бирӕфӕразон» (КОЛ. 3:12).

114 ЗАРӔГ «Фӕразон ут»

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Фӕразон адӕм дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц?

 ФӔРАЗОН адӕймаг алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй куы фӕхъӕуы, уӕд мӕсты нӕ фӕкӕны. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нын фӕбыхсы. Немӕ Библи чи ахуыр кодта, уый дӕр немӕ уыд фӕразон. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу цыдӕр нӕ бамбӕрстам, цӕуылдӕр-иу не сразы стӕм ӕмӕ-иу, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайын уайтагъд нӕ райдыдтам. Ӕмӕ дзы бузныг куыннӕ стӕм. Уӕлдайдӕр та Йегъовӕйӕ стӕм бузныг, фӕразон кӕй у ӕмӕ нын бирӕ кӕй быхсы, уый тыххӕй (Ром. 2:4).

2. Арӕх цавӕр уавӕрты вӕййы зын фӕразондзинад ӕвдисын?

2 Кӕд фӕразон адӕмӕн аргъ кӕнӕм, уӕддӕр, чи зоны, нӕхӕдӕг алкӕд фӕразон нӕ разынӕм. Зӕгъӕм, фӕндагыл бирӕ машинӕтӕ куы вӕййы, уӕд нын, чи зоны, зын вӕййы хиуыл хӕцын, уӕлдайдӕр ӕрӕджы куы фӕкӕнӕм, уӕд. Кӕнӕ кӕмӕдӕр рамӕсты вӕййӕм йӕ хъуыддӕгты кӕнӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй. Хатт та нын зын вӕййы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уымӕ. Фӕнды дӕ, цӕмӕй ноджы фӕразондӕр уай? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, фӕразондзинад цы у ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн у, ууыл. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы фӕразондӕр уӕм.

АДӔЙМАГ ФӔРАЗОН КӔЙ У, УЫЙ ЦӔМӔЙ ВӔЙЙЫ БӔРӔГ?

3. Фӕразон адӕймаг йӕхи куыд фӕдары, исчи йӕ куы фефхӕры, уӕд?

3 Адӕймаг фӕразон кӕй у, уый бӕрӕг вӕййы цыппар хъуыддагӕй. Фыццаг: фӕразон адӕймаг мӕстыгӕр нӕ вӕййы. Уый фӕархайы, цӕмӕй йӕхиуыл хӕца, ӕмӕ йӕ исчи куы фӕкъахы, ӕвзӕрӕй йын исты куы фӕаразы кӕнӕ зын уавӕры куы вӕййы, уӕд йӕ маст никӕмӕй фӕисы. Фӕразон чи у, уый уайтагъд кӕй нӕ рамӕсты вӕййы, уыцы хъуыды фыццаг хатт Библийы ӕмбӕлы, Йегъовӕ йӕ миниуджыты кой кӕм кӕны, уым. Уый загъта, кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау... мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6).

4. Фӕразон адӕймаг йӕхи куыд фӕдары, истӕмӕ йӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд?

4 Дыккаг: фӕразон адӕймаг цӕмӕдӕр ӕнцад фенхъӕлмӕ кӕсы. Ахӕм адӕймаджы куы бахъӕуы, цас ӕнхъӕл уыд, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕд не стыхсы ӕмӕ нӕ фӕмӕсты кӕны (Матф. 18:26, 27). Бирӕ уавӕрты фӕхъӕуы гыццыл банхъӕлмӕ кӕсын, бабыхсын. Зӕгъӕм, исчи исты куы фӕдзуры, уӕд-иу ӕм хъуамӕ байхъусӕм ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дзурын бауадзӕм (Иов 36:2). Фӕразондзинад ма нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн баххуыс кӕнӕм цавӕрдӕр ахуырад бамбарынӕн кӕнӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзынӕн.

5. Адӕймаг фӕразон кӕй у, уый ма цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

5 Ӕртыккаг: фӕразон адӕймаг тагъд-тагъд, талф-тулфӕй ницы фӕаразы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цавӕрдӕр уавӕрты фӕхъӕуы ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайын. Фӕлӕ фӕразон адӕймагӕн ахсджиаг хъуыддаг куы бахӕс кӕнынц, уӕд ӕм сонтӕй нӕ бавналы ӕмӕ йӕ тагъд-тагъд нӕ фӕаразы. Уый фаг рӕстӕг рахицӕн кӕны, цӕмӕй йӕ куыд араздзӕн, уый спълан кӕна, ӕмӕ йыл стӕй бахардз кӕны, цас хъӕуы, уыйбӕрц рӕстӕг.

6. Фӕразон адӕймаг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ йӕхи куыд фӕдары?

6 Цыппӕрӕм: фӕразон адӕймаг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ хъаст нӕ фӕкӕны. Фӕразондзинад уымӕй у фидардзинады хуызӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ввахс ӕмбалимӕ куы аныхас кӕнӕм ӕмӕ нын куыд зын у, уый йын куы радзурӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн. Фӕлӕ фӕразон адӕймаг фӕхъуыды кӕны, йӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл дӕр. Ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразы, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕна (Кол. 1:11). Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕразондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа ацы цыппар хъуыддагӕй алкӕцыйӕ дӕр. Ӕркӕсӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у, уымӕ.

ФӔРАЗОНДЗИНАД АФТӔ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Зӕхкусӕг фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, йӕ рӕстӕджы тыллӕг кӕй сисдзӕн, ууыл. Афтӕ мах дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (кӕс 7 абзац)

7. Иаковы 5:7, 8 стихтӕм гӕсгӕ, фӕразондзинад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Фӕразондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй аирвӕзӕм. Рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ (Дзут. 6:11, 12). Библи чырыстӕтты бары зӕхкусӕгимӕ. (Бакӕс Иаковы 5:7, 8.) Зӕхкусӕг йӕ хуым байтауы ӕмӕ йыл дон фӕкӕны. Фӕлӕ йӕ бӕлвырдӕй нӕ фӕзоны, мыггӕгтӕ ӕвзар кӕд суадздзысты. Уымӕ гӕсгӕ фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, тыллӕг кӕй сисдзӕн, ууыл. Афтӕ мах дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй фӕархайӕм, кӕд ӕмӕ, «[нӕ] Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонӕм», уӕддӕр (Матф. 24:42). Мах фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕразон куы нал уӕм, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕллайдзыстӕм ӕмӕ гыццылгай Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, бӕллын райдайӕм, цӕмӕй нӕм ныртӕккӕ алцыдӕр уа ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн ацӕрӕм. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд кӕронмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ фервӕздзыстӕм (Мих. 7:7; Матф. 24:13).

8. Фӕразондзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм? (Колоссӕгтӕм 3:12, 13).

8 Фӕразондзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Куыд? Исчи-иу нын исты куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъусдзыстӕм (Иак. 1:19). Стӕй иннӕтимӕ фидаудзыстӕм. Тыхст уавӕры куы уӕм, уӕд-иу нӕ ӕнӕрхъуыды, сонт ныхӕстӕ нӕ сирвӕздзӕн ӕмӕ-иу, адӕймаджы зӕрдӕ цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕмӕй ницы зӕгъдзыстӕм. Исчи-иу нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм. Иннӕтӕй нӕ маст нӕ исдзыстӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн бардзыстӕм ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕндзыстӕм. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12, 13.)

9. Фӕразондзинад нын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? (Ӕмбисӕндтӕ 21:5).

9 Фӕразондзинад ма нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Куыд бакӕнӕм, уый-иу тагъд-тагъдӕй нӕ аскъуыддзаг кӕндзыстӕм, фӕлӕ-иу алцыдӕр бӕстон раиртасдзыстӕм ӕмӕ-иу, хуыздӕр куыд у, афтӕ бакӕндзыстӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 21:5.) Зӕгъӕм, куыст агурӕм. Ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда, фыццаг кӕуыл фӕхӕст стӕм, уыцы куыстмӕ бацӕуын, кӕд уый тыххӕй ӕмбырдтӕ цух кӕндзыстӕм ӕмӕ уацамынды къаддӕр цӕудзыстӕм, уӕддӕр. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд рӕстӕг рахицӕн кӕндзыстӕм ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзыстӕм: «Уыцы куыст кӕцы ран ис? Мӕ бинонтыл ӕмӕ мын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн?» Фӕразон куы уӕм, уӕд, фӕсмойнаг кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕ нӕ рахӕсдзыстӕм.

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ НОДЖЫ ФӔРАЗОНДӔР УӔМ?

10. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм фӕразондзинад фӕзына ӕмӕ алкӕддӕр фӕразон уӕм?

10 Кув, цӕмӕй фӕразондӕр уай. Фӕразондзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу (Гал. 5:22, 23). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн. Кӕцыдӕр уавӕры нын зын куы уа фӕразондзинад равдисын, уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:9, 13). Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын, цӕмӕй алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нӕ уый фӕстӕ хъӕудзӕн архайын, цӕмӕй алы бон дӕр фӕразон уӕм. Йегъовӕйӕ ӕдзух фӕразондзинад куы курӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй фӕразон уӕм, уӕд уыцы миниуӕг нӕ удыхъӕды сфидар уыдзӕн.

11, 12. Йегъовӕ фӕразондзинад куыд ӕвдисы?

11 Библийы кӕй кой ис, уыдоныл хъуыды кӕн. Библийы ис бирӕ фӕзминаг лӕггадгӕнджыты кой. Сӕ хабӕрттыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ бон куыд у фӕразондзинад ӕвдисын. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕм ӕркӕсӕм, уӕдмӕ уал аныхас кӕнӕм Йегъовӕйыл, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн фӕразон ничи у.

12 Едемы цӕхӕрадоны Хӕйрӕг Йегъовӕйы номыл цъыф фӕкалдта. Ӕмӕ Евӕйӕн ахӕм ныхӕстӕ загъта, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдыдтаид, Йегъовӕ уарзӕгой Хицау кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Йегъовӕ уыцы фыдкойгӕнӕджы уайтагъд нӕ фесӕфта. Уый равдыста фӕразондзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, рӕстӕг кӕй хъӕуы, цӕмӕй сбӕлвырд уа, йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у. Уӕдмӕ та уал быхсы, кӕй йӕ ’фхӕрынц ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф кӕй калынц, уымӕн. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн фӕзына ӕнустӕм цӕрыны фадат (2 Пет. 3:9, 15). Ӕмӕ йӕ уый фӕрцы милуангай адӕм базыдтой. Йегъовӕ цӕмӕн быхсы ӕмӕ цӕмӕн фӕразы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, фыддзинадӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

Исчи нӕ куы ’фхӕра, уӕд нын фӕразондзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма рамӕсты уӕм (кӕс 13 абзац)

13. Йесо куыд равдыста, алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды хуызӕн фӕразон кӕй у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Йесо равдыста, алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды хуызӕн фӕразон кӕй у. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, алы хатт ӕнцон нӕ уыд фӕразондзинад ӕвдисын, уӕлдайдӕр-иу цӕстмӕхъус чиныджыдӕснытимӕ ӕмӕ фарисейтимӕ куы ныхас кодта, уӕд (Иоан. 8:25–27). Фӕлӕ уый дӕр йӕ Фыды хуызӕн мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кодта. Ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ никӕмӕн кодта ӕмӕ йӕ маст никӕмӕй иста (1 Пет. 2:23). Йесо быхста ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ уыд фидар, хъаст-иу нӕ кодта. Библийы дзӕгъӕлы нӕй фыст, зӕгъгӕ, «тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут» (Дзут. 12:2, 3). Йегъовӕйы фӕрцы махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн быхсын ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын.

Мах дӕр Авраамы хуызӕн фӕразон куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ныр дӕр схорзӕхджын кӕндзӕн, ног дунейы та нӕ схайджын кӕндзӕн ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕй (кӕс 14 абзац)

14. Авраамӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дзуттӕгтӕм 6:15). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Чи зоны, ацы дунейӕн йӕ кӕронмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Ӕмӕ ныр, гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, уыйбӕрц нал фӕцӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Ӕркӕсӕм Авраамы хабармӕ. Авраамыл 75 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм» (Райд. 12:1–4). Уӕд Авраамӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Цымӕ федта, уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст? Зӕгъӕн ис, цыдӕр дзы федта, фӕлӕ, кӕронмӕ куыд сӕххӕст, уый нӕ федта. Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уымӕй ма рацыд 25 азы, ӕмӕ уӕд райгуырд йӕ фырт Исахъ. Йегъовӕ ахӕм диссаг сарӕзта. Уымӕй 60 азы куы рацыд, уӕд та райгуырдысты йӕ фырты фырттӕ, Исав ӕмӕ Иаков. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:15.) Фӕлӕ Авраам нӕ федта, йӕ байзӕддӕгтӕ стыр адӕм куыд систы ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бынӕн куыд райстой, уый. Фӕлӕ уыцы иузӕрдион нӕлгоймагӕн стыр циндзинад хаста, йе Сфӕлдисӕгимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый (Иак. 2:23). Ӕмӕ Авраам куы райгас уа, уӕд куыд цин кӕндзӕн, куы базона, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ фӕразондзинад зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастой! (Райд. 22:18). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Гӕнӕн ис, мах дӕр Авраамау уыйбӕрц ма фӕцӕрӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй алкӕцы дӕр куыд сӕххӕст, уый фенӕм. Фӕлӕ Авраамы хуызӕн фӕразон куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ныр дӕр схорзӕхджын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ ног дунейы та ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Мар. 10:29, 30).

15. Библи иртасгӕйӕ нӕ бон кӕй хабӕрттӕм у ӕркӕсын?

15 Библийы ма ис, нӕ бон бафӕзмын кӕй у, бирӕ ӕндӕр ахӕм адӕмы хабӕрттӕ (Иак. 5:10). Ӕмӕ дӕ бон у уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базонын b. Зӕгъӕм, Давид Израилы паддзахӕй сӕрст ӕрцыд бынтон ӕрыгонӕй. Фӕлӕ йӕ бахъуыд бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕдмӕ. Симеон ӕмӕ Аннӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Лук. 2:25, 36–38). Ахӕм хабӕрттӕ куы иртасай, уӕд-иу дзуапп ссар ахӕм фарстатӕн: «Ацы адӕймагӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй фӕразон уыдаид? Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?» Дӕ бон ма у цыдӕртӕ базонын, фӕразондзинад чи нӕ равдыста, уыдоны хабӕрттӕй дӕр (1 Сам. 13:8–14). Ахъуыды-иу кӕн: «Фӕразондзинад цӕуылнӕ равдыста? Уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?»

16. Фӕразон куы уӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

16 Хъуыды кӕн, фӕразондзинад цы пайда хӕссы, ууыл. Фӕразон адӕймаг вӕййы амондджындӕр ӕмӕ мӕт къаддӕр фӕкӕны. Уымӕ гӕсгӕ вӕййы ӕнӕниздӕр. Иннӕтимӕ фӕразон куы вӕййӕм, уӕд семӕ хӕларӕй фӕцӕрӕм. Не ’мбырд свӕййы ӕнгомдӕр. Исчи нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ куы фӕкъахы ӕмӕ уайтагъд куы нӕ рамӕсты вӕййӕм, уӕд уавӕр нӕ фӕфыддӕр вӕййы (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, фӕразондзинад куы равдисӕм, уӕд бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм.

17. Нӕ разы цавӕр нысан хъуамӕ сӕвӕрӕм?

17 Фӕразондзинад у хъӕугӕ ӕмӕ рӕсугъд миниуӕг. Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы фӕразондзинад равдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн уыцы миниуӕг дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Мах ныртӕккӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног дунемӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, «Йегъовӕйы цӕст [кӕй] кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18). Цӕй уӕдӕ иууылдӕр дарддӕр фӕразондзинад рӕсугъд уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ дарӕм!

41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ

a Хӕйрӕджы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн фӕразондзинад нӕ фаг кӕны. Фӕлӕ Библийы фыст ис, нӕ дзаумӕттӕ нӕ уӕлӕ куыд скӕнӕм, уыцы миниуӕг дӕр нӕ уӕлӕ афтӕ кӕй хъуамӕ скӕнӕм. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ацы миниуӕг афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы фӕразондӕр уӕм.

b Фӕразондзинад чи равдыста, уыдоны хабӕрттӕ ссарынӕн дын баххуыс кӕндзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни». Кӕс сӕргонд «Терпение».