Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

35 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Идарддӕр дӕр фӕразон уо

Идарддӕр дӕр фӕразон уо

«Уотӕ... фӕразон» (КОЛ. 3:12).

114 ЗАР «Фӕразон уотӕ»

РАЗДЗУРД a

1. Фӕразон адӕн нӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕунцӕ?

 ФӔРАЗОН адӕн не ’гасей зӕрдӕмӕ дӕр цӕунцӕ. Ӕма син хъӕбӕр фӕййаргъ кӕнӕн. Уӕхӕн адӕймаг уайтагъд нӕ рафицуй, ци ’й гъӕуй, е еци фӕдбӕл, ӕ къохи ку нӕ бафтуйуй, уӕд дӕр. Уомӕй уӕлдай ма хъӕбӕр фӕййаргъ кӕнӕн, иннетӕ нӕ рӕдудтитӕмӕ фӕразон ку фӕуунцӕ, уӕд. Удта нӕ хӕццӕ Библи ка ахур кодта, уонӕй дӕр хъӕбӕр боз ан, уомӕн ӕма нӕбӕл сӕ къох нӕ ракъуӕрдтонцӕ, кӕд Библий ахурӕдтӕ уайтагъд нӕ балӕдӕрианӕ кенӕ си нӕ царди пайда кӕнун уайтагъд нӕ райдайианӕ. Фал ӕгасемӕй хъӕбӕрдӕр ба боз ан Йеговӕ Хуцауӕй, уомӕн ӕма нӕмӕ уӕлдай фӕразондзийнадӕ ӕвдесуй (Ром. 2:4).

2. Фӕразондзийнадӕ ӕвдесун нин зин цӕхуӕн уавӕрти фӕууй?

2 Иннети фӕразондзийнадӕн устур аргъ фӕккӕнӕн. Фал раст ку зӕгъӕн, уӕд нӕхецӕн ба алли хатт нӕ фӕууайуй фӕразон ун. Зӕгъӕн, пробки ку ниххӕссӕн, уӕд ӕнцон нӕ фӕууй катай кӕнун ма райдайун, уӕлдайдӕр ба ескумӕ ку фӕттагъд кӕнӕн, уӕд. Кенӕ ба нӕ зӕрдӕмӕ ци нӕ цӕуй, адӕймаг уӕхӕн ести ку ракӕнуй, уӕд ӕвваст рафицӕн. Еуӕй-еухатт ба нин хъӕбӕр зин фӕууй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уомӕ. Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ никки фӕразондӕр ун? Аци статьяй еци менеуӕги туххӕй радзубанди кӕндзиан ӕма базондзиан, уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уой. Уомӕй уӕлдай ма ӕркӕсдзиан, цӕй фӕрци нин бантӕсдзӕй никки фӕразондӕр ун.

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ ЦИ ӔЙ?

3. Фӕразон адӕймаг ӕхе куд фӕддаруй, барӕй ӕй ку фӕммӕстгун кӕнунцӕ, уӕд?

3 Мадта ӕркӕсӕн, фӕразон адӕймаг цӕхуӕн фӕууй, уомӕ. Фиццаг: фӕразон адӕймаг уайтагъд нӕ рамӕстгун уй. Е ӕхебӕл хуӕцун фӕззонуй ӕма ӕ маст нӕ фӕййесуй, сауӕнгӕ ма ӕй барӕй ку фӕкъкъахунцӕ, уӕд дӕр. Фӕразон ка ӕй, е уайтагъд ке нӕ рамӕстгун уй, еци гъуди фиццаг хатт Библий ӕмбӕлуй, Йеговӕ ӕ менеугути кой кӕми кӕнуй, уоми. Йеговӕ загъта, ке ӕй «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау», удта «мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй, ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт ӕма алли гъуддаги дӕр ӕй раст» (Рац. 34:6).

4. Фӕразон адӕймаг ӕхе куд фӕддаруй, ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕй ку фӕгъгъӕуй, уӕд?

4 Дуккаг: фӕразон адӕймаг бангъӕлмӕ кӕсун фӕззонуй. Уӕхӕн адӕймаг катай кӕнун нӕ райдайуй ӕма нӕ рамӕстгун уй, цӕхуӕндӕр гъуддагбӕл, куд ӕнгъӕл адтӕй, уомӕй фулдӕр рӕстӕг ку рандӕ уй, уӕд (Матф. 18:26, 27). Бангъӕлмӕ кӕсун кӕми фӕгъгъӕуй, уӕхӕн уавӕртӕ хъӕбӕр берӕ фӕуунцӕ. Зӕгъӕн, ести нин ку фӕдздзорунцӕ, уӕд фӕгъгъӕуй адӕймагмӕ лӕмбунӕг игъосун ӕма ин ӕ дзурд ма есун (Иов 36:2). Уомӕй уӕлдай ма нӕ фӕгъгъӕуй фӕразондзийнадӕ, цӕмӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уомӕн банхус кӕнӕн цӕхуӕндӕр ахурадӕ балӕдӕрун кенӕ цӕхуӕндӕр лӕгъуз гъуддаг ниууадзун.

5. Фӕразон адӕймаг ма никкидӕр цӕхуӕн фӕууй?

5 Ӕртиккаг: фӕразон адӕймаг тагъд-тагъдӕй неци фӕккӕнуй. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, еуӕй-еухатт цӕхуӕндӕр уавӕрти фӕстӕтӕрӕ кӕнӕн нӕ фӕууй. Фал фӕразон адӕймагӕн ести ӕхсидзгӕ гъуддаг ку фӕззиннуй, уӕд имӕ ӕнӕ расагъӕс кӕнгӕй нӕ равналуй ӕма ’й хӕлӕф-хӕлӕфӕй нӕ ракӕнуй. Е фагӕ рӕстӕг рахецӕн кӕнуй, цӕмӕй алцидӕр дзӕбӕх испълан кӕна. Ӕма ибӕл уой фӕсте, цӕйбӕрцӕ рӕстӕг фӕгъгъӕуй, уойбӕрцӕ бахарз кӕнуй.

6. Фӕразон адӕймаг ӕхе куд фӕддаруй, зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлуй, уӕд?

6 Цуппӕрӕймаг: фӕразон адӕймаг зиндзийнӕдтӕн ӕнӕ хъур-хъурӕй фӕббухсуй. Уомӕй фӕразондзийнадӕ ӕй федардзийнади хузӕн. Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, дӕ тухститӕ дӕ хуарз ӕмбалӕн радзорай, уоми лӕгъузӕй неци ес. Фал фӕразон адӕймагӕй иронх нӕ фӕууй, ӕ царди хуарзӕй ци ес, е ӕма фӕййархайуй, цӕмӕй цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй федар лӕууа (Кол. 1:11). Мах киристӕнттӕ ан ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй фӕразон уӕн ӕма цӕмӕй е бӕрӕг уа, ци цуппар гъуддагей кой ракодтан, уонӕй. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй, уомӕ.

ФӔРАЗОНДЗИЙНАДӔ ӔХСИДЗГӔ МЕНЕУӔГ ЦӔМӔН ӔЙ?

Зӕнхкосӕг фӕразонӕй фенгъӕлмӕ кӕсуй ӕма ибӕл нӕ фӕггурусхӕ кӕнуй, ӕ афони тиллӕг ке ӕрӕмбурд кӕндзӕй. Мах дӕр фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уомӕн ӕма ’й зонӕн, Йеговӕ ӕ афони ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй (кӕсӕ 7 абзац)

7. Иакови 5:7, 8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ фӕразондзийнадӕ уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

7 Фӕразондзийнадӕ баст ӕй нӕ ервӕзундзийнади хӕццӕ. Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ рагидзаманти фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, Хуцау ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, уомӕ. Ӕма мах дӕр гъӕуама уотӕ кӕнӕн (Дзиуит. 6:11, 12). Библи нин зӕгъуй, цӕмӕй уӕн зӕнхкосӕги хузӕн. (Бакӕсӕ Иакови 5:7, 8.) Зӕнхкосӕг ӕ зӕнхӕ байтауй ӕма ибӕл дон фӕккӕнуй, фал, ци байтудта, е ирӕзун кӕд райдайдзӕй, уой ба нӕ фӕззонуй. Уомӕ гӕсгӕ фӕразонӕй фенгъӕлмӕ кӕсуй ӕма ’й фӕззонуй, ӕ афони тиллӕг ӕнӕмӕнгӕй ке ӕрӕмбурд кӕндзӕй. Махӕн дӕр хъӕбӕр берӕ куст ес. Киристе нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнӕн, кӕд, «ци бон ӕрцӕудзӕй», уой нӕ зонӕн, уӕддӕр (Матф. 24:42). Фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕма ибӕл ӕппундӕр нӕ гурусхӕ кӕнӕн, ӕ афони Йеговӕ ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст кӕндзӕй. Фӕразон ку нӕ уӕн, уӕдта нин ӕнгъӕлмӕ кӕсун хъӕбӕр зин уодзӕй ӕма Йеговӕй идард кӕнун райдайдзиан. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, бӕллун райдайдзиан, цӕмӕй нӕмӕ нур алцидӕр уа ӕма нӕ зӕрдидзӕбӕхӕн рацӕрӕн. Фал фӕразон ку уӕн, уӕд кӕронмӕ федар фӕллӕудзиан ӕма фӕййервӕздзиан (Мих. 7:7; Матф. 24:13).

8. Фӕразондзийнадӕ нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй иннети хӕццӕ хуӕздӕр федауӕн? (Колоссӕгтӕмӕ 3:12, 13).

8 Фӕразон ку уӕн, уӕд нин иннети хӕццӕ федаун дӕр ӕнцондӕр уодзӕй. Еци менеуӕг нин ӕнхус кӕндзӕй иннетӕмӕ лӕмбунӕг игъосун, ести нин ку дзоронцӕ, уӕд (Иак. 1:19). Уомӕй уӕлдай ма фӕразондзийнади фӕрци нӕ астӕу фӕууй фарнӕ. Еци менеуӕг нӕ фӕгъгъӕуай кӕнуй, цӕмӕй ӕнӕргъуди дзурд ма кӕнӕн. Уой фӕрци ӕнӕрцӕф дзубандитӕ нӕ кӕндзиан, ку ратухсӕн, уӕд дӕр. Уомӕй уӕлдай ма фӕразон ку уӕн, уӕд нӕ рамӕстгун уодзиан, еске нин нӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕна, уӕд. Мах нӕ маст некӕмӕй есӕн, фал архайӕн Библий фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Кӕрӕдземӕн бухсетӕ ӕма зӕрдӕй хатир кӕнтӕ». (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:12, 13.)

9. Фӕразондзийнадӕ нин унаффитӕ хӕсгӕй куд банхус кӕнуй? (Ӕмбесӕндтӕ 21:5).

9 Фӕразон ку уӕн, уӕд ма нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй раст унаффитӕ хӕссӕн. Уотемӕй хӕлӕф-тъӕппитӕй нӕ архайдзиан, фал гъуддагбӕл аллирдиги расагъӕс кӕндзиан ӕма тӕккӕ хуӕздӕр унаффӕ рахӕсдзиан. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 21:5.) Зӕгъӕн, куст агорӕн. Ка ’й зонуй, исарази уодзиан, тӕккӕ фиццаг нӕмӕ ци куст бахауа, уобӕл, уой туххӕй нӕ ӕмбурдтӕ цох кӕнун ку гъӕуа кенӕ нин игъосун кӕнунмӕ минкъийдӕр рӕстӕг ку изайа, уӕддӕр. Фал фӕразон ку уӕн, уӕд гъуддагбӕл аллирдиги дӕр расагъӕс кӕндзиан. Зӕгъӕн, куст кӕци рауӕн ӕй ӕма имӕ бахъӕртунбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг харз кӕндзиан, удта е куд рабӕрӕг уодзӕй нӕ бийнонтӕбӕл ӕма не ’ууӕндундзийнадӕбӕл. Фӕразон ку уӕн, уӕд нӕ фӕстӕдӕр фӕсмон кӕнун нӕ гъӕудзӕй, ӕнӕргъуди унаффӕ ке рахастан, уобӕл.

НӔ БОН КУД ӔЙ НИККИ ФӔРАЗОНДӔР УН?

10. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕмӕ фӕразондзийнадӕ фӕззинна ӕма нӕ уодигъӕди ӕрфедар уа?

10 Йеговӕй фӕразондзийнадӕ корӕ. Фӕразондзийнадӕ дӕр хауй, Хуцауи Сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уомӕ (Гал. 5:22, 23). Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нин еци менеуӕг нӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнун айдагъ нӕхе хъауритӕй нӕ бантӕсдзӕй. Цӕхуӕндӕр уавӕри нин фӕразон ун зин ку фӕууй, уӕд Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ фӕккорӕн (Лук. 11:9, 13). Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй Йеговӕй корун, цӕмӕй нин ӕнхус кӕна алцӕмӕдӕр уой цӕстӕй кӕсун. Уой фӕсте ба гъӕуама алли бон дӕр архайӕн, цӕмӕй фӕразон уӕн. Фӕразондзийнади туххӕй ку ковӕн ӕма ибӕл ку архайӕн, уӕд нин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци менеуӕг нӕ уодигъӕди ӕрфедар кӕнӕн, кӕд нӕ раздӕр фӕразон адӕймаг исхонӕн н’ адтӕй, уӕддӕр.

11, 12. Йеговӕ фӕразондзийнадӕ куд ӕвдесуй?

11 Библий финст хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Библий финст ӕрцудӕнцӕ, фӕразон ка адтӕй, берӕ уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ. Сӕ цардбӕл син ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд берӕ цӕбӕлдӕрти исахур уодзиан. Фал бал гъӕйдӕ фиццагидӕр радзубанди кӕнӕн, еци менеуӕг ӕгасемӕй хуӕздӕр ка ӕвдесуй, уобӕл – Йеговӕбӕл.

12 Едеми дзӕхӕрадони Сайтан Йегови ном фегадӕ кодта ӕма ’й фӕффудгин кодта, зӕгъгӕ, дан, адӕни нӕ уарзуй ӕма сӕбӕл хӕранӕй цӕуй. Фал Йеговӕ ӕ фудкойгӕнӕги еци фӕдбӕл нӕ фесафта. Е бавдиста фӕразондзийнадӕ ӕма хебӕлхуӕцундзийнадӕ, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтӕй, ӕ хецаудзийнадӕ тӕккӕ хуӕздӕр ке ӕй, уой исбӕрӕг кӕнунмӕ рӕстӕг ке гъӕуй. Гъема Йеговӕ мингай ӕнзти дӕргъи бухсуй, Сайтан ин ӕ сугъдӕг номбӕл ци цъифкалӕн дзубандитӕ кӕнуй, уонӕн. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уомӕн ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй никки фулдӕр адӕнӕн фӕззинна ӕносмӕ цӕруни фадуат (2 Пет. 3:9, 15). Гъе уой фӕрци милиуангай адӕнӕн сӕ бон иссӕй Хуцауи ӕмбӕлттӕ исун. Йеговӕ нурмӕти цӕмӕн бухсуй, уой нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд махӕн дӕр ӕнцон уодзӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсун, ӕгас фуддзийнадӕ кӕд фесафдзӕй, еци рӕстӕгмӕ.

Фӕразон адӕймаг мӕстӕй нӕ рафицуй, ку ’й фӕкъкъахунцӕ, уӕд дӕр (кӕсӕ 13 абзац)

13. Цӕмӕн ес зӕгъӕн, ӕма Киристе дӕр ӕ Фиди хузӕн фӕразондзийнадӕ ӕнхӕстӕй ӕвдиста? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

13 Киристе дӕр ӕ Фиди хузӕн алли гъуддаги дӕр фӕразонӕй фӕййархайуй. Ӕма е уӕлдай хъӕбӕр рабӕрӕг ӕй, зӕнхӕбӕл ку лӕггадӕ кодта, уӕд. Фал ин фӕразон ун алкӕд ӕнцон н’ адтӕй. Уӕлдайдӕр ба дудзӕсгон киунугидӕснитӕ ӕма фарисейти хӕццӕ (Иоан. 8:25–27). Фал уӕддӕр Киристе ӕ Фиди хузӕн мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кодта. Ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ин ку кодтонцӕ, уӕд сӕ е не ’фхуардта ӕма син сӕ къахӕн дзубандитӕмӕ е ’ргом не ’здахта (1 Пет. 2:23). Е зиндзийнӕдтӕн фӕразонӕй ӕма ӕнӕ хъур-хъурӕй бухстӕй. Мадта нин Библи дӕр дзӕгъӕли нӕ фӕдзӕхсуй: «Тӕрегъӕдгунти ӕфхуӕрӕн дзубандитӕн ка бафӕразта, уобӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнтӕ» (Дзиуит. 12:2, 3). Йегови ӕнхуси фӕрци мах дӕр цийфӕндий фӕлварӕни сӕрти рахездзиан.

Авраами хузӕн фӕразон ку уӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин абони дӕр ке райарфӕ кӕндзӕй ӕма нин нӕуӕг дуйней ба дессаги устур хуӕрзеуӕг ке балӕвар кӕндзӕй (кӕсӕ 14 абзац)

14. Авраами фӕразондзийнадӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:15). (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

14 Ка ’й зонуй, аци дуйней кӕронмӕ хъӕбӕр берӕ рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн ӕма тухсӕн, мах рӕстӕги ке нӕ ралӕудзӕй, уобӕл. Цума нин фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Авраами цӕветтон. 75 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд ин сувӕллӕнттӕ н’ адтӕй, фал ин Йеговӕ зӕрдӕ байвардта: «Ӕз дӕуӕй рауадздзӕн устур адӕн» (Райд. 12:1–4). Цума Авраам, аци зӕрдӕвӕрд куд исӕнхӕст ӕй, уой фӕууидта? Ӕнхӕстӕй нӕ. Цӕугӕдон Евфрати сӕрти ку рахизтӕй, уӕд ма 25 анзи рацудӕй, ӕма ин ӕрмӕстдӕр уой фӕсте райгурдӕй фурт, Исак. Ӕма е ӕцӕгӕйдӕр устур дессаг адтӕй. 60 анзей фӕсте ба ма ин райгурдӕнцӕ фурти фурттӕ Исав ӕма Иаков. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 6:15.) Фал ӕй уӕддӕр Авраам нӕ фӕууидта, ӕ байзӕддӕгтӕ хъӕбӕр устур адӕн куд иссӕнцӕ ӕма зӕрдӕвӕрд зӕнхӕ куд байахӕстонцӕ, уой. Кӕд уотӕ адтӕй, уӕддӕр цӕргӕ-цӕрӕнбонти Авраам Йегови ӕ хуарз ӕмбалбӕл нимадта (Иак. 2:23). Авраам ку райгас уа, ӕма ’й ку базона, е ’ууӕндундзийнадӕ ӕма ӕ фӕразондзийнади фӕрци зӕнхӕбӕл еугур адӕн дӕр арфӕгонд ке ӕрцудӕнцӕ, уӕд ин кунӕг ӕхцӕуӕн нӕ уодзӕй (Райд. 22:18). Мах ба аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ка ’й зонуй, мах дӕр, Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой уайтагъд нӕ фӕууинӕн. Фал Авраами хузӕн фӕразон ку уӕн, уӕд нӕ бон уодзӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин абони дӕр ке райарфӕ кӕндзӕй, ӕма нин нӕуӕг дуйней ба дессаги хуӕрзеуӕг ке балӕвар кӕндзӕй (Мар. 10:29, 30).

15. Библи ӕртасгӕй дӕ бон цӕмӕ ӕй ӕркӕсун?

15 Библий ма финст ес, фӕразон ка адтӕй, ӕндӕр уӕхӕн адӕни хабӕрттӕ дӕр (Иак. 5:10). Нӕ дӕ фӕндадтайдӕ дӕ рази нисан исӕвӕрун, цӕмӕй син сӕ царди хабӕрттӕ хуӕздӕр базонай? b Цӕветтонӕн райсӕн Давиди. Йеговӕ ӕй Израили паддзахӕй равзурста, ирӕзгӕ кари ма ку адтӕй, уӕд. Фал ӕй берӕ ӕнзти дӕргъи ӕнгъӕлмӕ кӕсун багъудӕй, цалинмӕ паддзахи бартӕ ӕ къохмӕ райста, уӕдмӕ. Симеон ӕма Аннӕ ба дӕсгай ӕнзти дӕргъи Мессии ӕрцудмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ ӕма фӕразонӕй Йеговӕн лӕггадӕ кодтонцӕ (Лук. 2:25, 36–38). Еци еузӕрдон Хуцауи лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ ӕртасгӕй дӕхемӕ уӕхӕн фарстатӕ раттисӕ: аци адӕймагӕн цӕй фӕрци уадӕй фӕразон ун? Е ин куд фӕппайда ӕй? Мӕн бон ба ’й куд ӕй фӕнзун? Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ун, фӕразон ка н’ адтӕй, уонӕй дӕр (1 Сам. 13:8–14). Дӕхе бафӕрсисӕ: цума ’й ци хъор кодта фӕразон унмӕ? Е ӕй цӕмӕ ӕркодта?

16. Фӕразондзийнадӕ цӕхуӕн пайда хӕссуй?

16 Фӕразондзийнадӕ ци пайда хӕссуй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Фӕразон адӕймаг мӕтӕ минкъийдӕр фӕккӕнуй ӕма фӕууй амондгундӕр. Уой фӕрци ба е ’нӕнездзийнадӕ дӕр хуӕздӕр фӕууй. Фӕразон ку уӕн, уӕд иннети хӕццӕ хуӕздӕр федаудзиан. Ӕмбурди ба кӕрӕдземӕ никки ӕнгомдӕр кӕндзиан. Еске нӕ ку къаха, фал мӕстгун кӕнунмӕ ку нӕ тагъд кӕнӕн, уӕд нӕхе багъӕуай кӕндзиан фӕсмойнаг фӕстеугутӕй (Пс. 37:8; Ӕмб. 14:29). Тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр ба е ӕй, ӕма фӕразон ку уӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фиди хузӕн никки хъӕбӕрдӕр уодзиан ӕма ’й лӕдӕрдзиан, хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр имӕ ке кӕнӕн.

17. Нӕ бон цӕхуӕн нисан ӕй нӕ рази исӕвӕрун?

17 Фӕразондзийнадӕ ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр рӕсугъд менеуӕг ӕй ӕма ни алкӕмӕндӕр устур пайда хӕссуй. Кӕд алли хатт ӕнцон нӕ фӕууй фӕразон ун, уӕддӕр нин Йегови ӕнхуси фӕрци бантӕсдзӕй еци менеуӕг хуӕздӕрӕй-хуӕздӕр ӕвдесун. Цалинмӕ нӕуӕг дуйнемӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕдмӕ ба бал нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун: «Йеговӕ [ке] кӕсуй, ка си тӕрсуй, уонӕмӕ, е ’новуд уарзтмӕ ин ка ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уонӕмӕ» (Пс. 33:18). Гъӕйдӕ мадта идарддӕр дӕр архайӕн, цӕмӕй нин фӕразондзийнадӕ нӕ уодигъӕдӕ рӕсугъд кӕна.

41 ЗАР О Хуцау, фегъосӕ мӕ

a Аци дуйней адӕнӕн фӕразондзийнадӕ хъӕбӕр нӕ фагӕ кӕнуй, фал нин Библи фӕдзӕхсуй, цӕмӕй фӕразон уӕн. Аци статьяй базондзиан еци менеуӕг уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй никки фӕразондӕр уӕн.

b Фӕразондзийнадӕ ка бавдиста, уони хабӕртти туххӕй дӕ бон ӕй бакӕсун «Индекс публикаций Сторожевой башни», дӕлсӕргонд «Терпение».