Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ хӕссинӕгтӕ хӕсс, дӕ уӕргътӕ та аппар

Дӕ хӕссинӕгтӕ хӕсс, дӕ уӕргътӕ та аппар

«Уӕдӕ... нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый... ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм» (ДЗУТ. 12:1).

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Дзуттӕгтӕм 12:1 стихмӕ гӕсгӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл кӕронмӕ азгъорӕм?

 БИБЛИ чырыстӕтты бары згъорджытимӕ. Ӕмӕ, йӕ фӕндагыл кӕронмӕ чи азгъора, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы хӕрзиуӕг – ӕнусон цард (2 Тим. 4:7, 8). Мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр згъорӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы фӕндаджы кӕрон тынг хӕстӕг у, бирӕ йӕм нал хъӕуы. Апостол Павел йӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордта. Ӕмӕ нын уый бамбарын кодта, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй рамбулӕм ӕмӕ хӕрзиуӕг райсӕм. Павел ныффыста: «Уӕдӕ... нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый... ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:1.)

2. Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый»?

2 Павел афтӕ кӕй ныффыста, «нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый», зӕгъгӕ, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ чырыстонмӕ хъуамӕ ӕппындӕр мацы хӕссинӕгтӕ уа? Нӕ, уый зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд. Павелы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм уӕлдай уӕргътӕ иууылдӕр. Ахӕм уӕргътӕ куы сӕккой кӕнӕм, уӕд ныффӕллайдзыстӕм, ӕмӕ нӕ бон згъорын нал уыдзӕн. Цӕмӕй кӕронмӕ бафӕразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уайтагъд сбӕлвырд кӕнӕм, цавӕр уӕргътӕ нӕ хъыгдарынц тагъд згъорын, ӕмӕ сӕ уайтагъд фервӕзӕм. Фӕлӕ афтӕ дӕр хъуамӕ ма рауайа, ӕмӕ хъӕугӕ хӕссинӕгтӕ дӕр аппӕрстам. Уӕд ахиздзыстӕм ерысы уагӕвӕрдты сӕрты, ӕмӕ нӕ бон уыцы фӕндагыл згъорын нал уыдзӕн (2 Тим. 2:5). Цымӕ цавӕр хӕссинӕгтӕ хъуамӕ хӕссӕм?

3. а) Галатӕгтӕм 6:5 стихмӕ гӕсгӕ, цы хъуамӕ хӕссӕм? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

3 Бакӕс Галатӕгтӕм 6:5. Павел ам цы «хӕссинаджы» кой кӕны, уый амоны, махӕй алкӕуыл дӕр Хуыцауы раз цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ. Ӕмӕ уыцы «хӕссинаг» алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг хӕсса. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, уыцы «хӕссинагмӕ» цы хауы ӕмӕ йӕ нӕ бон хӕссын куыд у, уымӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, адӕймаг иуӕй-иу хатт цавӕр уӕлдай уӕргътӕ сӕккой кӕны ӕмӕ сӕ фервӕзӕн куыд ис, уый. Алчидӕр нӕ йӕхи хӕссинаг куы хӕсса ӕмӕ уӕлдай уӕргътӕй куы фервӕза, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын, ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм.

КӔЙ ХЪУАМӔ ХӔССӔМ, УЫЦЫ ХӔССИНӔГТӔ

Нӕ хӕссинаг хӕссынмӕ хауы, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрын, нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдоны тыххӕй дзуапп дӕттын (кӕс 4–9 абзацтӕ)

4. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын цы дзырд радтам, уый уаргъ цӕуылнӕ у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын цы дзырд радтам, уый. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын дзырд радтам, кӕй йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы дзырд ӕххӕст кӕнӕм. Уый стыр хӕс у, фӕлӕ уаргъ нӕу. Йегъовӕ нӕ ӕнӕуи дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (Рарг. 4:11). Скодта нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды Хуыцауы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, ӕмӕ нын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын вӕййы тынг ӕхсызгон (Пс. 40:8). Уымӕй уӕлдай, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕмӕ йӕ Фырты фӕдыл цӕугӕйӕ «удӕнцой» ссарӕм (Матф. 11:28–30).

(кӕс 4, 5 абзацтӕ)

5. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕнынӕн? (1 Иоанны 5:3).

5 Дӕ бон куыд у уыцы хӕссинаг хӕссын? Баххуыс дын кӕндзӕн дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай. Уый тыххӕй дӕ хъӕуы, хорзӕй дын цы сарӕзта ӕмӕ дын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ йӕ цас фылдӕр уарзай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ коммӕ кӕсын. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Дыккаг: Йесойы фӕзм. Уый Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кодта. Ӕмӕ йын цы ӕххуыс кодта? Йегъовӕйӕ-иу ӕххуыс куырдта ӕмӕ йе ’ргом здӕхт уыд йӕ хӕрзиуӕгмӕ (Дзут. 5:7; 12:2). Ды дӕр Йесойау Йегъовӕйӕ тых кур ӕмӕ ӕдзух дӕ зӕрдыл дар, цы хӕрзиуӕг дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый – ӕнусон цард. Хуыцауы тынгӕй-тынгдӕр куы уарзай ӕмӕ йын йӕ Фырты куы фӕзмай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, цы дзырд ын радтай, уый ӕххӕст кӕнын.

6. Нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы нӕ бинонтӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй тынгдӕр хъуамӕ уарзӕм (Матф. 10:37). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ-иу нӕ бинонтӕ хъуамӕ рохуаты аззайой, цыма нӕ уыдон хъыгдаргӕ кӕнынц, Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (1 Тим. 5:4, 8). Уӕд нӕхӕдӕг дӕр амондджындӕр уыдзыстӕм. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ, бинонтӕ амондджын уыдзысты, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ куы нымайой, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куы уарзой ӕмӕ сӕ куы ахуыр кӕной ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ куы кӕсой, уӕд (Еф. 5:33; 6:1, 4).

(кӕс 6, 7 абзацтӕ)

7. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ бинонты раз дыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн?

7 Дӕ бон куыд у уыцы хӕссинаг хӕссын? Хорз уыдзӕн, бинонтӕй алчидӕр, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайа. Нӕ хъӕуы, дӕхимӕ раст куыд кӕсы, кӕм цӕрыс, уым адӕммӕ раст цы кӕсы кӕнӕ, зӕгъӕм, психологтӕ цы дзурынц, ӕрмӕст афтӕ кӕнын (Ӕмб. 24:3, 4). Нӕ публикациты-иу ӕрмӕг бацагур. Уым ис хорз уынаффӕтӕ, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый фӕдыл. Зӕгъӕм, рубрикӕйы «Ӕххуыс бинонтӕн» ис замманай статьятӕ лӕгӕн ӕмӕ усӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн b. Дзырд дзы цӕуы, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ бон цы вӕййы саразын, уый тыххӕй. Библийы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архай, кӕд дӕ бинонтӕ афтӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр. Йегъовӕ дӕ тынг райгонд уыдзӕн. Стӕй уый дӕ бинонтӕн дӕр стыр пайда ӕрхӕсдзӕн (1 Пет. 3:1, 2).

8. Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон ныл куыд фӕзынынц?

8 Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдоны тыххӕй дзуапп нӕхӕдӕг дӕттӕм. Йегъовӕ нын радта сӕрибардзинад, кӕнӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу рахӕссӕм раст уынаффӕтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, уӕд амондджын кӕй уыдзыстӕм. Фӕлӕ раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссӕм, уӕд нӕ ахӕм уынаффӕйы фӕстиуджытӕй нӕ бахизы (Гал. 6:7, 8). Ӕмӕ, ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ ӕмӕ сонт митӕ цы фӕстиуджытӕм ӕркӕнынц, уыдон свӕййынц нӕ «хӕссинаг». Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ нӕ цӕсгом дӕр хӕра. Фӕлӕ куы ’мбарӕм, нӕ уынаффӕты тыххӕй дзуапп нӕхӕдӕг кӕй дӕттӕм, уӕд-иу нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕндзыстӕм, нӕ рӕдыдтытӕ-иу сраст кӕндзыстӕм ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй афтӕ мауал бакӕнӕм. Уыдӕттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр згъорӕм.

(кӕс 8, 9 абзацтӕ)

9. Раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссай, уӕд уый фӕстӕ дӕ бон цы у саразын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Дӕ бон куыд у уыцы хӕссинаг хӕссын? Кӕд раст уынаффӕ нӕ рахастай ӕмӕ йӕ дӕ бон аивын нал у, уӕд ууыл ӕгӕр ма маст кӕн. Цы уыд, уый нал раздахдзынӕ. Дӕхи ма рӕстытӕ кӕн ӕмӕ дӕхи ӕгӕр ма хӕр кӕнӕ йӕ иннӕты аххос ма кӕн. Дӕ хъарутӕ уыдӕттыл дзӕгъӕлы ма хардз кӕн. Фӕлтау дӕхицӕн басӕтт, о, фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ дӕ бон цы у аразын, уый араз. Кӕд дӕ дӕ рӕдыды тыххӕй дӕ цӕсгом хӕры, уӕд сӕрныллӕгӕй Йегъовӕмӕ скув, йӕ разы дӕ рӕдыдыл басӕтт ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна (Пс. 25:11; 51:3, 4). Кӕд искӕй фӕхъыг кодтай, уӕд дзы хатыр ракур ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной (Иак. 5:14, 15). Дӕ рӕдыдтытӕй истӕуыл сахуыр у ӕмӕ уый фӕстӕ архай, цӕмӕй афтӕ мауал бакӕнай. Ӕмӕ-иу уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн ӕмӕ, цӕмӕй хъӕуа, уымӕй дын баххуыс кӕндзӕн (Пс. 103:8–13).

НӔХИЦӔЙ КӔЙ ХЪУАМӔ АППАРӔМ, УЫЦЫ УӔРГЪТӔ

10. Нӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм куы тырнӕм, уӕд нын уый уӕззау уаргъ цӕмӕн суыдзӕн? (Галатӕгтӕм 6:4).

10 Нӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм куы тырнӕм. Нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд нын уый суыдзӕн уӕззау уаргъ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:4.) Ӕдзух афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сӕм хӕлӕг кӕнын ӕмӕ семӕ ерыс кӕнын райдайдзыстӕм (Гал. 5:26). Нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ хицӕн кӕнынц. Ӕмӕ, иннӕтӕн цы бантыст, уыдӕттӕм куы тырнӕм, уӕд нӕхи тухӕнӕй амардзыстӕм. Библийы фыст ис, «бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у», зӕгъгӕ (Ӕмб. 13:12). Ӕмӕ, нӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд та нӕ ныфс бынтондӕр асӕтдзӕн. Афтӕмӕй сфӕлмӕцдзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕндагыл тагъд нал згъордзыстӕм (Ӕмб. 24:10).

11. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма тырнай, дӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм?

11 Дӕ бон куыд у уыцы уаргъ аппарын? Йегъовӕ дӕ цы домы, дӕхицӕй уымӕй фылдӕр ма дом. Цы дӕм нӕй, уый дӕ никуы агурдзӕн (2 Кор. 8:12). Зон ӕй: цы аразыс, уый Йегъовӕ нӕ бары, иннӕтӕ цы аразынц, уыимӕ (Матф. 25:20–23). Уый тынг аргъ кӕны дӕ лӕггадӕн, дӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ дӕ фидардзинадӕн. Бонзонгӕ у. Чи зоны, дӕ кары, де ’нӕниздзинады кӕнӕ дӕ уавӕрты тыххӕй ныртӕккӕ дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын. Уӕд дӕ бон у Верзелийы бафӕзмын. Уый уыд ацӕргӕ ӕмӕ йе ’нӕниздзинад дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕцудыдта, ӕмӕ уый тыххӕй цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл не сразы (2 Сам. 19:35, 36). Кӕнӕ дӕ бон у Моисейы бафӕзмын. Исчи дын баххуыс кӕнынмӕ куы хъава, уӕд-иу сразы у. Кӕнӕ, куы хъӕуа, уӕд-иу дӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ иннӕты бар бакӕн (Рац. 18:21, 22). Бонзонгӕ куы уай, уӕд, дӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм нӕ тырндзынӕ ӕмӕ-иу нӕ бафӕллайдзынӕ. Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ фӕндагыл дарддӕр згъорын.

12. Исчи раст уынаффӕ куы нӕ рахӕсса, уӕд нӕхи цӕуылнӕ хъуамӕ аххосджын кӕнӕм? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

12 Исчи раст уынаффӕ куы нӕ рахӕсса, уӕд нӕхи куы аххосджын кӕнӕм. Иннӕты бӕсты уынаффӕ нӕ рахӕсдзынӕ. Ӕмӕ исчи раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссы, уӕд дӕр алы хатт нӕ бон нӕ вӕййы, уый цы фӕстиуджытӕм ӕркӕны, уыдонӕй йӕ бахизын. Зӕгъӕм, вӕййы афтӕ, ӕмӕ кӕмӕндӕр йӕ лӕппу кӕнӕ йӕ чызг Йегъовӕйы ныууагъта. Уый ныййарджытӕн ӕрхӕссы, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр маст. Фӕлӕ уый тыххӕй сӕхи куы аххосджын кӕной, уӕд сын уый суыдзӕн уӕззау уаргъ. Ӕмӕ Йегъовӕ та афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ ахӕм уаргъ хъуамӕ хӕссой (Ром. 14:12).

13. Сывӕллон раст уынаффӕ куы нӕ рахӕсса, уӕд ныййарӕгӕн йӕ бон цы у саразын?

13 Дӕ бон куыд у уыцы уаргъ аппарын? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр радта уынаффӕтӕ хӕссыны бар. Алкӕмӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй, куыд бакӕндзӕн, уый йӕхӕдӕг равзара. Ӕмӕ уый хауы, адӕймаг ын лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ, уымӕ дӕр. Йегъовӕ зоны, ӕххӕст ныййарӕг кӕй нӕ дӕ. Ӕмӕ дӕ, дӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ домы. Дӕ сывӕллон цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй та дзуапп йӕхӕдӕг дӕтты, ды нӕ, фӕлӕ (Ӕмб. 20:11). Фӕлӕ, чи зоны, уӕддӕр фӕхъуыды кӕныс, цыдӕр раст нӕ арӕзтон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрыс. Уӕд дӕ бон у Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ йын уыдӕтты тыххӕй радзурын, стӕй дзы курын, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна. Йегъовӕ йӕ зоны, дӕ бон кӕй нӕу рӕстӕг фӕстӕмӕ раздахын. Цы ’рцыд, уый ӕрцыд. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ, дӕ сывӕллон цы байтыдта, уымӕй йӕ хъуамӕ бахизай. Дӕ зӕрдыл дар: куы йӕ бафӕнда фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын, уӕд ыл тынг фӕцин кӕндзӕн (Лук. 15:18–20).

14. Нӕхи ӕдзух фӕсмонӕй хӕрӕм, уый уӕлдай уаргъ цӕмӕн у?

14 Нӕхи ӕдзух фӕсмонӕй куы хӕрӕм. Адӕймаг тӕригъӕд куы саразы, уӕд ӕй йӕ цӕсгом фӕхӕры. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕхи ӕдзух фӕсмонӕй хӕра. Уый у уӕлдай уаргъ, ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм. Нӕ бон куыд у бамбарын, нӕхи ӕгӕр кӕй хӕрӕм? Кӕд нӕ тӕригъӕдыл басастыстӕм, ӕрфӕсмон ыл кодтам ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй ахӕм рӕдыд мауал ӕруадзӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл (Хъуыд. 3:19). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ма уый фӕстӕ нӕхи фӕсмонӕй хӕрӕм. Зоны йӕ, уый нын зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн (Пс. 31:10). Нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕм тыхтӕ нал баззайдзӕн, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл дарддӕр згъорынӕн (2 Кор. 2:7).

Кӕд дӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтай, уӕд ӕй зон: Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕдтыл нал хъуыды кӕны. Ӕмӕ сыл ды дӕр мауал хъуыды кӕн (кӕс 15 абзац)

15. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи фӕсмонӕй мауал хӕрай? (1 Иоанны 3:19, 20). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Дӕ бон куыд у уыцы уаргъ аппарын? Кӕд дӕхи уӕддӕр фӕсмонӕй хӕрыс, уӕд фылдӕр хъуыды кӕн, Хуыцау «ӕцӕгдӕр... хатыргӕнаг» кӕй у, ууыл (Пс. 130:4). Йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕны ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз сын... сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Уӕдӕ дын иугӕр Йегъовӕ дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕд дӕ уый фӕстӕ уыдоны тыххӕй дзуапп нал ӕрдомдзӕн. Кӕд дӕ тӕригъӕдты тыххӕй цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ нӕ ныххатыр кодта. Кӕй фӕрӕдыдтӕ, уый тыххӕй, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ бон нӕу ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уый тыххӕй дӕхи ма ’фхӕр. Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕдтыл нал хъуыды кӕны, ӕмӕ сыл ды дӕр мауал хъуыды кӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.)

АФТӔ ЗГЪОР, ЦӔМӔЙ ХӔРЗИУӔГ РАЙСАЙ

16. Нӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ цы хъуамӕ зонӕм?

16 Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл хъуамӕ «афтӕ згъорӕм, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсӕм» (1 Кор. 9:24). Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, цавӕр хӕссинӕгтӕ хъуамӕ хӕссӕм ӕмӕ нӕхицӕй цавӕр уӕргътӕ хъуамӕ аппарӕм. Ацы статьяйы ӕрмӕстдӕр цалдӕр хъуыддагыл аныхас кодтам, фӕлӕ ма ис ӕндӕртӕ дӕр. Йесо загъта, зӕгъгӕ, «уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34). Ахӕм стихты фӕрцы дӕ бон у бамбарын, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ фӕндагыл згъорай.

17. Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл кӕронмӕ кӕй азгъордзыстӕм?

17 Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл кӕронмӕ кӕй азгъордзыстӕм. Йегъовӕ нын ратдзӕн хъӕугӕ тыхтӕ (Ис. 40:29–31). Уӕдӕ дарддӕр дӕр тагъд згъор! Дӕ бон у апостол Павелы бафӕзмын. Уый йӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕрзиуӕг райстаид (Фил. 3:13, 14). Никӕй бон у дӕ бӕсты ацы фӕндагыл згъорын. Фӕлӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ кӕронмӕ азгъордзынӕ! Уый дын баххуыс кӕндзӕн дӕ хӕссинӕгтӕ хӕссынӕн ӕмӕ уӕлдай уӕргътӕ аппарынӕн (Пс. 68:19). Йегъовӕ демӕ ис, ӕмӕ дӕ бон бауыдзӕн дӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорын, рамбулын ӕмӕ хӕрзиуӕг райсын!

65 ЗАРӔГ Размӕ цу!

a Ацы статья нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр згъорӕм. Мах афтидӕй не згъорӕм. Ис нӕм хӕссинӕгтӕ дӕр. Уыцы хӕссинӕгтӕм хауынц: нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын цы дзырд радтам, уый, нӕ бинонты раз ныл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдоны тыххӕй дзуапп кӕй дӕттӕм, уый. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхицӕй аппарӕм уӕлдай уӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны тыххӕй афтӕ тагъд нал згъордзыстӕм. Уыдонмӕ та цы хауы? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы.

b Сайты jw.org ис фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн хайы «Цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ» ӕмӕ хайы «Ӕрыгӕттӕ». Цы статьятӕ дзы ис, уыдонӕй мӕнӕ иуӕй-иутӕ. Лӕг ӕмӕ усӕн: «Фӕразондӕр цӕй фӕрцы уыдзынӕ?» ӕмӕ «Уарзондзинад куыд ӕвдисӕн ис»; ныййарджытӕн: «Мӕ сывӕллонмӕ хъуамӕ смартфон уа?» ӕмӕ «Уӕ сывӕллӕттимӕ хыл ныхас ма кӕнут»; ӕрыгӕттӕн: «Мӕхи иунӕг куы хатон, уӕд мын цы баххуыс кӕндзӕн?» ӕмӕ «Цы саразон, цӕмӕй мӕ хъуыддӕгтӕ афоныл аразынмӕ ма зивӕг кӕнон?».