Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕдӕ азы размӕ: 1923 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1923 аз

1923 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «1923 аз уыдзӕн диссаджы аз. Ахӕм кад нӕм ӕрхауд, цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмӕн хъусын кӕнӕм, тагъд хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн». Ӕмӕ 1923 аз ӕцӕгдӕр диссаджы аз разынд. Уыцы аз Библииртасджытӕ фембӕлдты, конгрессты ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы скодтой ивындзинӕдтӕ. Уый фӕрцы ноджы ӕнгомдӕр систы. Ӕмӕ абон дӕр ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн ахӕм иудзинад ис.

ФЕМБӔЛДТЫ ФӔРЦЫ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ ӔМВӔНД-ӔМЗОНДӔЙ

Къӕлиндар стихтимӕ ӕмӕ зарджыты номыртимӕ

Уыцы аз нӕ организаци скодта цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ. Ӕмӕ уыдон Библииртасджытӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кодтаиккой. Алы къуыри дӕр-иу, «Кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн» чи хуынд, уыцы фембӕлды ныхас кодтой стихыл. Ӕмӕ уыцы стихтӕм «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» мыхуыр кӕнын райдыдтой комментаритӕ. Уымӕй уӕлдай ма Библииртасджытӕ мыхуыр кодтой къӕлиндар. Ӕмӕ-иу уыцы къӕлиндары амынд уыд, алы къуыри дӕр-иу фембӕлды кӕуыл хъуамӕ ныхас кодтаиккой, уыцы стих, стӕй зарӕг алы бонӕн дӕр. Уыцы зарджытӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон зарын уыд сӕ бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ, сӕхӕдӕг Библи куы иртӕстаиккой, уӕд.

Библииртасджытӕ-иу фембӕлдты кодтой афтӕ: радзырдтой-иу уацамындӕй цавӕрдӕр хабар, дзырдтой-иу, Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй сты, азарыдысты-иу зарӕг кӕнӕ-иу суанг кувгӕ дӕр акодтой. Евӕ Барни донаргъуыд райста 1923 азы 15-аздзыдӕй. Уый фӕстӕ радзырдта: «Кӕд-иу дӕ исты зӕгъын фӕндыд, уӕд-иу хъуамӕ сыстадаис ӕмӕ фыццаг загътаис ахӕм ныхӕстӕ: „Фӕнды мӕ нӕ Хицауӕн бузныг зӕгъын йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй“». Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ тынг уарзтой ӕмбырды истытӕ дзурын. Евӕ ма ноджыдӕр радзырдта: «Нӕ зынаргъ ацӕргӕ ӕфсымӕр Годуины-иу нӕ Хицауӕн бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй фӕндыд бузныг зӕгъын. Куы нӕ-иу ӕй баурӕдтаис, уӕд дзырдтаид ӕмӕ дзырдтаид. Ӕмӕ-иу йӕ ус куы федта, фембӕлд чи уагъта, уыцы ӕфсымӕр тыхсын кӕй райдыдта, уӕд-иу йӕ лӕджы пиджакы фӕдджийыл ӕрхӕцыд, ӕмӕ-иу уӕд сбадт».

«Кувынӕн ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнынӕн» чи хуынд, уыцы фембӕлд алы ӕмбырд дӕр мӕй иу хатт уагъта гыццыл ӕндӕрхуызон. Уыцы фембӕлды тыххӕй 1923 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Фембӕлдӕн йе ’мбис рахицӕн кӕнын хъӕуы, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ радзурой, уацамынды сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй, стӕй сын цӕмӕй сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм. [...] Мах уырны, уыцы фембӕлдты фӕрцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕй суыдзысты».

Ванкуверӕй (Канадӕ) иу 19-аздзыд хъусынгӕнӕгӕн, Чарлз Мартинӕн, уыцы фембӕлдтӕ стыр ӕххуыс фесты. Уый фӕстӕдӕр радзырдта: «Фыццаг уым базыдтон, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ цы ис дзурӕн, уый. Арӕх-иу исчи радзырдта, уацамынды йыл чи ’рцыд, ахӕм хабар. Ӕмӕ-иу базыдтон, адӕмимӕ куыд ис ныхас кӕнӕн ӕмӕ, исчи демӕ разы куы нӕ уа, уӕд ын цавӕр дзуапп ис раттӕн».

УАЦАМЫНДЫ ФӔРЦЫ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ ӔМВӔНД-ӔМЗОНДӔЙ

1923 азы 1 майы «Бюллетен»

«Лӕггады бонты» фӕрцы дӕр ӕмбырдтӕ ӕнгомдӕр кодтой. 1923 азы 1 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыд хъусинаг: «Цӕмӕй иууылдӕр уыцы иу куыст ӕмвӕнд-ӕмзондӕй аразӕм, уый тыххӕй 1923 азы 1 май, дыццӕг, ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр уыдзӕн лӕггады бон. Ӕмӕ уый фӕстӕ алы мӕйы фыццаг дыццӕг дӕр уыдзӕн лӕггады бон... Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдты дӕр алы хъусынгӕнӕг дӕр уыцы хъуыддаджы хъуамӕ архайа».

Суанг ӕрыгон Библииртасджытӕ дӕр архайдтой уыцы хъуыддаджы. Хейзел Берфордыл уӕд 16 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Уый радзырдта: «„Бюллетены“-иу уыди, адӕмимӕ ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ a. Ӕмӕ-иу сӕ хъуыди сахуыр кӕнын. Мах-иу дедуимӕ зӕрдиагӕй хъусын кодтам». Фӕлӕ Хейзел уый ӕнхъӕл нӕ уыд, ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ цӕудзӕн, кӕй хъусын кӕны, уый. Хейзел радзырдта: «Иу ацӕргӕ ӕфсымӕр ныллӕууыд, дӕуӕн, дам, нӕй адӕмимӕ ныхас кӕнӕн. Уыцы рӕстӕг чидӕртӕ не ’мбӕрстой, Библииртасджытӕ иууылдӕр, уыимӕ „лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ“ дӕр, нӕ кадджын Сфӕлдисӕджы кӕй хъуамӕ кадджын кӕной» (Пс. 148:12, 13). Фӕлӕ Хейзел уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Уый фӕстӕ ахуыр кодта Галаады скъолайы 2 къласы ӕмӕ лӕггад кодта миссионерӕй Панамӕйы. Ӕппынфӕстаг уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр ӕрыгӕтты тыххӕй сӕ хъуыды аивтой.

КОНГРЕССТЫ ФӔРЦЫ ЛӔГГАД КӔНЫНЦ ӔМВӔНД-ӔМЗОНДӔЙ

Конгресстӕ дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй ноджы ӕнгомдӕр суыдаиккой. Арӕх-иу конгрессты рӕстӕг скодтой лӕггады бонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, афтӕ уыд Виннипегы (Канадӕ). Конгрессы чи уыд, уыдонӕн фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, 31 мартъийы иууылдӕр цӕуӕм хъусын кӕнынмӕ. Ахӕм лӕггады бонты-иу ноджы фылдӕр адӕм фехъуыстой хорз хабар ӕмӕ-иу бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой. 5 августы Виннипегы ногӕй уыди конгресс. Уыди дзы 7 000 адӕймаджы бӕрц. Канадӕйы уый размӕ конгресмӕ уыйбӕрц адӕм никуы ’рбацыд.

1923 азы Йегъовӕйы адӕмӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр конгресс уыд 18–26 августы Лос-Анджелесы (штат Калифорни). Уый размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы газетты уыд хъусинаг уыцы хабары тыххӕй, ӕмӕ Библииртасджытӕ апарахат кодтой 500 000 хуынды гӕххӕттӕй фылдӕр. Сӕ машинӕтыл ӕмӕ трамвайтыл та бакодтой, конгрессы тыххӕй хъусинаг кӕм уыд, ахӕм плакаттӕ.

Библииртасджыты конгресс Лос-Анджелесы, 1923 аз

Сабаты 25 августы ӕфсымӕр Рутерфордӕн уыди раныхас «Фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ». Йӕ раныхасы бамбарын кодта, «фыстӕ» кӕй сты, раст фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм. Стӕй ма бакаст резолюци, «Нӕ фехъуыстон ма зӕгъ», зӕгъгӕ. Уыцы резолюци уыд чырыстон динты ныхмӕ. Ӕмӕ дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм хъуамӕ рацӕуой «Стыр Вавилонӕй» (Рарг. 18:2, 4). Фӕстӕдӕр ӕгас зӕххыл дӕр зынгзӕрдӕ Библииртасджытӕ апарахат кодтой уыцы резолюцийӕ милуангай къопитӕ.

«Уыцы фембӕлдты фӕрцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ноджы ӕнгомдӕр... суыдзысты»

Конгрессы фӕстаг бон 30 000 адӕймагӕй фылдӕр байхъуыстой Рутерфорды раныхасмӕ «Адӕмтӕ иууылдӕр цӕуынц Армагеддонмӕ, фӕлӕ, абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты». Библииртасджытӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты бирӕ адӕммӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ баххуырстой ногарӕзт стадион «Лос-Анджелесы Колизей». Цӕмӕй раныхӕстӕ алкӕмӕ дӕр хорз хъуыстаиккой, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕ спайда кодтой, стадионы чи уыд, уыцы зӕлтыхджындӕргӕнӕн аппаратурӕйӕ. Уый уӕд ног цыдӕр уыди. Бирӕтӕ та программӕмӕ байхъуыстой радиойӕ.

ХОРЗ ХАБАР ХЪУЫСТГОНД ЦӔУЫ ӔНДӔР БӔСТӔТЫ ДӔР

1923 азы Библииртасджытӕ ноджы фылдӕр хъусын кӕнын райдыдтой Африкӕйы, Европӕйы, Индийы ӕмӕ Хуссар Америкӕйы. Индийы иу ӕфсымӕр, Адавиманнатху Джозеф, ӕххуыс кодта литературӕ цалдӕр ӕвзагыл уадзынӕн: тамилаг ӕвзагыл, телугуйыл, урдуйыл ӕмӕ хиндийыл. Афтӕмӕй та йӕ бинойнагимӕ хъомыл кодтой ӕхсӕз сывӕллоны.

Уильям Браун йӕ бинонтимӕ

Альфред Джозеф ӕмӕ Ленард Блакман лӕггад кодтой Сьерра-Леонейы. Уыдон ныффыстой сӕйраг хайадмӕ Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк), зӕгъгӕ нӕ ӕххуыс хъӕуы. Сӕ писмойӕн дзуапп райстой 1923 азы 14 апрелы. Альфред уый фӕстӕ радзырдта, иу сабаты, дам, мӕм ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы чидӕр телефонӕй ӕрбадзырдта. Телефонӕй райхъуыст бӕзджын хъӕлӕс: «Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнадмӕ ды ныффыстай ӕмӕ хъусынгӕнджытӕ ды агуырдтай?» – «О, ӕз»,– дзуапп радта Альфред. «Хорз, уӕдӕ мӕн рарвыстой». Уый уыди Уильям Браун. Уыцы бон ӕрцыд Карибы сакъадӕхтӕй йӕ бинойнаг Антониимӕ ӕмӕ сӕ дыууӕ гыццыл чызгимӕ, Луизӕ ӕмӕ Люсиимӕ. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ уайтагъд семӕ фембӕлдысты.

Альфред ма радзырдта: «Дыккаг райсом Ленард ӕмӕ ӕз, алы къуыри дӕр куыд кодтам, афтӕ та Библи ахуыр кодтам, ӕмӕ къӕсӕрыл иу стыр лӕг ӕрбалӕууыд. Уый уыд Уильям Браун. Уильям ахӕм зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг уыди, ӕмӕ йӕ иннӕ бон фӕндыд адӕмӕн раныхас радзурын». Мӕй дӕр нӕ рацыд, афтӕ ӕфсымӕр Браун апарахат кодта, йемӕ кӕй ӕрласта, уыцы литературӕ иууылдӕр. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма йын ӕрӕрвыстой ноджыдӕр 5 000 чиныджы. Фӕлӕ уыдон дӕр тагъд байуӕрста, ӕмӕ ма ноджыдӕр хъуыди чингуытӕ. Фӕлӕ Уильям Брауны чингуытӕ уӕйгӕнӕгӕй нӕ зыдтой. Уый цӕрӕнбонты Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Йӕ раныхӕсты-иу адӕмы ӕргом ӕдзух здӕхта Библимӕ. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй схуыдтой «Библийы Браун».

Вефил Магдебургы, 1923 азмӕ ӕввахс

Уыцы рӕстӕг Германийы филиал уыд горӕт Бармены. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой филиалӕн ӕндӕр бынат ссарын, уымӕн ӕмӕ сын уым бынат нал фаг кодта. Стӕй ма фехъуыстой, тагъд, дам, Францийы ӕфсад Барменмӕ бабырсдзӕн. Библииртасджытӕ ссардтой агъуыстытӕ Магдебургы. Уым фаг бынат уыди сӕ мыхуыргӕнӕн станоктӕн дӕр. Ӕфсымӕртӕ райдыдтой сӕ станоктӕ ӕмӕ иннӕ дзауматӕ ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ 19 июны ралыгъдысты Магдебургмӕ, ног Вефилмӕ. Уый тыххӕй фӕхабар кодтой сӕйраг хайадмӕ. Ӕмӕ иннӕ бон та газетты фыст уыд, Франци, дам, горӕт Бармен бацахста. Ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдысты, афтӕ сын кӕй баххуыс кодта ӕмӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй.

Джордж Янг Сарӕ Фергусонимӕ (рахизырдыгӕй) ӕмӕ Сарӕйы хоимӕ

Джордж Янг цыди алы бӕстӕтӕм, цӕмӕй дзы хорз хабар хъусын кодтаид. Уый Бразилийы скодта филиал ӕмӕ райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» португайлаг ӕвзагыл уадзын. Цалдӕр мӕймӕ апарахат кодта 7 000 журнал ӕмӕ буклетӕй фылдӕр. Джордж Янг ма бабӕрӕг кодта Сарӕ Фергусоны дӕр. Сарӕ йыл тынг бацин кодта. 1899 азӕй фӕстӕмӕ касти журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд донаргъуыд райсын. Ӕмӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ йӕ цыппар сывӕллонимӕ уыцы ахсджиаг къахдзӕф сарӕзтой.

«ЗӔРДИАГӔЙ ӔМӔ ЦИНГӔНГӔЙӔ БАЛӔГГАД КӔНӔМ»

1923 азы кӕрон 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, Библииртасджытӕ цы ивындзинӕдтӕ скодтой, уыдон сыл куыд фӕзындысты, уый тыххӕй: «Бӕрӕг у, ӕмбырдтӕн... сӕ уырнындзинад фидар кӕй у... [...] Цӕй ӕмӕ нӕ астӕутӕ ӕрбалвасӕм ӕмӕ та иннӕ аз дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ балӕггад кӕнӕм!» 

Иннӕ аз дӕр Библииртасджытӕн уыди тынг ахсджиаг аз. Вефилы чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы куыстой сакъадах Статеныл. Уый уыд сӕйраг хайадмӕ, Бруклинмӕ, хӕстӕг. Агъуыстытӕ дзы арӕзт фесты 1924 азы райдианы. Цы дзы сарӕзтой, уый фӕрцы ӕфсымӕртӕ ноджы ӕнгомдӕр систы, стӕй фӕзынд ног мадзал. Ӕмӕ уый фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд тынг бирӕ адӕмӕн.

Аразджыты къорд сакъадах Статеныл

a Ныртӕккӕ уый у «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад».