Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

43 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегови фӕрци уодзӕнӕ хъаурӕгин

Йегови фӕрци уодзӕнӕ хъаурӕгин

«[Йеговӕ] уӕ бафедар кӕндзӕй, уӕ хъауритӕбӕл уин хъауритӕ бафтаудзӕй» (1 ПЕТ. 5:10).

38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй

РАЗДЗУРД a

1. Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ рагидзаманти хъаурӕгин цӕй фӕрци адтӕнцӕ?

 БИБЛИЙ финст ӕрцудӕнцӕ, Хуцаубӕл еузӕрдон ка адтӕй ӕма федар ка адтӕй, берӕ уӕхӕн лӕггадгӕнгути хабӕрттӕ. Фал уонӕй дӕр сӕ тӕккӕ хъаурӕгиндӕртӕ сӕхемӕ хатгай ӕнӕхъаурӕ кастӕнцӕ. Зӕгъӕн, паддзах Давид еуӕй-еухатт ӕхемӕ «хонхи» хузӕн федар фӕккӕсидӕ, хатгай ба си тас бацӕуидӕ (Пс. 30:7). Кӕд Хуцауи фӕрци Самсонмӕ дессаги хъаурӕ адтӕй, уӕддӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, ӕнӕ Йегови ӕнхусӕй ӕ хъаурӕ ке фесӕфдзӕй ӕма ӕнӕуой адӕймаги хузӕн ке исуодзӕй (Тӕрх. 14:5, 6; 16:17). Еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ федар адтӕнцӕ, Йеговӕ сӕ ке федар кодта, ӕрмӕстдӕр уой фӕрци.

2. Апостол Павел уотӕ цӕмӕн загъта, «лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин», зӕгъгӕ? (2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10).

2 Апостол Павел дӕр ӕй лӕдӕрдтӕй, Йегови хъаурӕ ’й ке гъӕуй. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10.) Махӕй беретӕ се ’нӕнездзийнадӕй куд тухсунцӕ, уотӕ Павел дӕр тухстӕй (Гал. 4:13, 14). Раст ци ӕй, уой кӕнун дӕр ин алли хатт ӕнцон нӕ фӕууидӕ (Ром. 7:18, 19). Еуӕй-еухатт ба тарстӕй, ци ибӕл ӕрцӕудзӕй, уомӕй (2 Кор. 1:8, 9). Фал ин уӕхӕн рӕстӕгути Йеговӕ хъаурӕ лӕвардта, ӕма уой фӕрци ӕ бон иссӕй е ’гас зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахезун.

3. Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, махӕн дӕр хъауритӕ ке дӕтдзӕй (1 Пет. 5:10). Фал нӕхе дӕр байархайун фӕгъгъӕуй. Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Цӕмӕй машинӕ размӕ цӕуа, уой туххӕй ӕй энерги гъӕуй. Еци энерги ба ин дӕттуй мотор. Фал кӕд адӕймаги ескумӕ бахъӕртун фӕндуй, уӕд гъӕуама гази пъедалбӕл ниххуӕца. Гъе уотӕ ’й мах хабар дӕр. Йеговӕ ӕй хъауритӕ дӕттӕг. Фал цӕмӕй еци хъауритӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй гъӕуама цӕхуӕндӕр къахдзӕфтӕ искӕнӕн. Цума нин Йеговӕ ци дӕттуй, цӕмӕй нӕмӕ хъауритӕ уа? Удта нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй си исхайгин уӕн? Дзуапп базондзиан, Хуцауи лӕггадгӕнгутӕй ӕртей хабармӕ ку ’ркӕсӕн, уӕд. Мах радзубанди кӕндзиан, Йеговӕ куд федар кодта Иони, Киристей мадӕ Марийи ӕма апостол Павели. Уомӕй уӕлдай ма ӕркӕсдзиан, Йеговӕ абони ӕ лӕггадгӕнгути куд федар кӕнуй, уомӕ.

ЙЕГОВӔМӔ КЕ КОВИС ӔМА БИБЛИ КЕ ’РТАСИС, Е ДИН ХЪАУРИТӔ ДӔТТӔД

4. Ци гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин Йеговӕ хъауритӕ дӕтта?

4 Цӕмӕй нин Йеговӕ хъауритӕ дӕтта, уой туххӕй имӕ гъӕуама ковӕн. Уотемӕй нӕ Йеговӕ исхайгин кӕнуй, «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕй» (2 Кор. 4:7). Уомӕй уӕлдай ма нӕмӕ хъауритӕ фӕззиннуй, Хуцауи Дзурд ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд (Пс. 86:11). Уомӕн ӕма Хуцауи Дзурди «ес устур хъаурӕ» (Дзиуит. 4:12). Мадта Йеговӕмӕ ку ковай ӕма Библи ку кӕсай, уӕд дин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй фӕлварӕнти сӕрти хезай, дӕ цийнӕ ма фесафай ӕма ӕнцон ка нӕй, еци ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнай. Ӕркӕсӕн, Йеговӕ пахампар Ионӕн хъауритӕ куд лӕвардта, уомӕ.

5. Пахампар Иони Йегови ӕнхус цӕмӕн гъудӕй?

5 Пахампар Иони хъауритӕ хъӕбӕр гъудӕнцӕ. Йеговӕ ’й кумӕ рарвиста, уордӕмӕ цӕунмӕ хъӕбӕр тарстӕй ӕма уой туххӕй науӕбӕл ӕндӕрӕрдӕмӕ ледзӕги фӕцӕй. Науӕбӕл цӕугӕй денгизи устур тухдунгӕ исистадӕй ӕма Ионӕ минкъийтӕбӕл нӕ фӕммардӕй. Уомӕй уӕлдай ма ӕ хӕццӕ науӕбӕл ка адтӕй, уони цард дӕр тӕссаг уавӕри багӕлста. Денгиздзаутӕ ’й науӕй ку рагӕлстонцӕ, уӕд ӕй хъӕбӕр устур кӕсалгӕ ранихъуардта. Ионӕ равзурдӕй талингӕ ӕма таси ка ’фтудта, уӕхӕн бунати – кӕсалги хурфи. Цума имӕ цӕхуӕн сагъӕстӕ адтӕй? Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма ӕ цард уобӕл фӕцӕй ӕма си Йеговӕ ӕхе рахадта? Ионӕн кунӕг зин н’ адтӕй.

Иони хузӕн мах бон дӕр куд ӕй нӕхе федар кӕнун, зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд? (кӕсӕ 6–9 абзацтӕ)

6. Ионӕ кӕсалги хурфи ку адтӕй, уӕд ин хъауритӕ ци лӕвардта? (Ионӕ 2:1, 2, 7).

6 Ионӕн хъауритӕ ци равардта, кӕсалги хурфи еунӕгӕй ку байзадӕй, уӕд? Кувд. (Бакӕсӕ Ионӕ 2:1, 2, 7.) Кӕд Ионӕ Хуцауи дзурдмӕ нӕ байгъуста, уӕддӕр ибӕл федарӕй ӕууӕндтӕй, ке ’рфӕсмон кодта, уой ке уинуй, ӕма ин ӕнӕмӕнгӕй ӕ кувдбӕл ке исдзуапп кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма Ионӕ Финстадӕбӕл сагъӕс кодта. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Иони киунуги 2 сӕри ци кувд финст ес, уомӕй бӕрӕг ӕй, Ионӕ Псаломтӕй берӕ дзурдтӕй ӕма гъудитӕй ке испайда кодта. (Зӕгъӕн, рабарӕ Ионӕ 2:2, 5 ӕма Псалом 69:1; 86:7.) Куд зиннуй, уотемӕй Ионӕ Финстадӕй еци скъуддзӕгтӕ хуарз зудта. Уонӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй балӕдӕрдтӕй, Йеговӕн ӕ бон алцидӕр ке ’й ӕма ин ӕнӕмӕнгӕй ке банхус кӕндзӕй. Фӕстӕдӕр, ку фӕййервазтӕй, уӕд цӕттӕ адтӕй Йеговӕй цийфӕнди ихӕс исӕнхӕст кӕнун дӕр (Ионӕ 2:10–3:4).

7, 8. Тайванӕй еу ӕнсувӕрӕн ци фенхус кӕнуй зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ?

7 Иони цӕветтон махӕн дӕр банхус кӕндзӕй аллихузи зиндзийнӕдти рӕстӕг. Зӕгъӕн, Тайванӕй еу ӕнсувӕр Чжимин b уӕззау незӕй сӕйгӕ ’й. Уомӕй уӕлдай ма имӕ ӕ хӕстӕгутӕ лӕгъуз цӕстӕй кӕсунцӕ, Йегови Ӕвдесӕн ке ӕй, уой туххӕй. Фал Чжимин Йеговӕмӕ ке фӕкковуй ӕма Библи ке фертасуй, уой фӕрци имӕ хъауритӕ фӕззиннуй. Е зӕгъуй: «Зиндзийнӕдтӕ ку исберӕ унцӕ, уӕд хъӕбӕр тухсун райдайун ӕма мин зин фӕууй мӕхе ӕрсабур кӕнун ӕма Библи ӕртасунмӕ ӕрлӕмбунӕг ун». Фал Чжимин ӕ къохтӕ нӕ уадзуй. Е зӕгъуй: «Фиццаг бал Йеговӕмӕ раковун, уой фӕсте ба наушниктӕ искӕнун ӕма нӕ зартӕмӕ игъосун райдайун. Еуӕй-еухатт ба мӕхуӕдӕг дӕр сабургай фӕззарун, цалинмӕ не ’рсабур ун, уӕдмӕти. Уой фӕсте ба Библий ӕртасун райдайун».

8 Чжимин Библи ӕртасгӕй ци базонуй, е ин арӕх фӕппайда уй. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ. Уӕззау операци ин ку искодтонцӕ, уӕд ин сӕйгӕдони загътонцӕ, ӕ гемоглобин ниллӕг ке ӕй, уой туххӕй ин тог бауадзун ке гъӕудзӕй. Фал уой размӕ Чжимин нӕ публикацити бакастӕй, гъе уӕхӕн операци кӕмӕн искодтонцӕ, уӕхӕн хуӕри туххӕй. Е тог бауадзун нӕ бакумдта, кӕд ӕма ӕ гемоглобин никки ниллӕгдӕр адтӕй, уӕддӕр, ӕма радзӕбӕх ӕй. Еци хабари фӕрци Чжимин бафедар ӕй ӕма Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй.

9. Цӕхуӕндӕр зиндзийнади туххӕй дӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку кӕсай, уӕд дӕ бон ци ӕй кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

9 Ескӕд уотӕ адтӕй, ӕма фур тухстӕй дӕ бон ковун н’ адтӕй? Кенӕ ба дӕмӕ Библи ӕртасунмӕ хъауритӕ н’ адтӕй? Дӕ гъудий дарӕ, Йеговӕ дӕ еугуремӕй хуӕздӕр ке лӕдӕруй. Уомӕ гӕсгӕ дӕ кувд хумӕтӕг ку уа, уӕддӕр дин Йеговӕ ратдзӕй, нур дӕ ци гъӕуй, уой (Еф. 3:20). Кӕд сӕйгӕ кӕнис, естӕбӕл тухсис кенӕ ӕнкъард дӕ, ӕма дин уой туххӕй кӕсун ӕма ӕртасун зин ӕй, уӕд дӕ бон ӕй Библимӕ ӕма нӕ публикацитӕмӕ аудоформати игъосун. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй нӕ сайти jw.org ести зармӕ кенӕ видеороликмӕ бакӕсун. Кӕд Йеговӕмӕ ковис, уой фӕсте ба, ӕ организаций фӕрци ци хуӕруйнаг дӕттуй, уомӕй дӕхе ӕфсадис, уӕд ин фадуат дӕттис, цӕмӕй дӕ федар кӕна.

ХУӔРТӔ ӔМА ӔНСУВӔРТӔЙ ӔНХУС КОРӔ

10. Хуӕртӕ ӕма нӕ ӕнсувӕртӕ куд бафедар кӕнунцӕ?

10 Йеговӕ нӕ бафедар кӕнуй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фӕрци. Зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн кенӕ ӕнцон ка нӕй, уӕхӕн гъуддаг нин ку баихӕс кӕнунцӕ, уӕд не ’мбӕлттӕ нӕ фарсмӕ ӕрбалӕуунцӕ (Кол. 4:10, 11). Зин сахат нӕ хуарз ӕмбӕлттӕ уӕлдай хъӕбӕр багъӕунцӕ (Ӕмб. 17:17). Нӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку фӕккӕсӕн, уӕд нӕмӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕттӕ фӕуунцӕ гъуддагӕй фӕккӕсунмӕ кенӕ нӕ нифс ӕма не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнунмӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Киристей мадӕ Марийӕн куд банхус кодтонцӕ, уомӕ.

11. Марийи Йегови хъаурӕ цӕмӕн гъудӕй?

11 Марийи Йегови хъаурӕ хъӕбӕр гъудӕй, цӕмӕй ин ӕ фӕндон исӕнхӕст кодтайдӕ. Изӕд Гавриилӕй базудта, ӕнӕцуд уогӕй ке бауӕззау уодзӕй. Марийӕ ’й ку базудта, уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг ин ке баихӕс кодтонцӕ, уӕд имӕ кунӕг берӕ сагъӕстӕ нӕ фӕззиндтӕй. Сувӕллӕнттӕ куд гъомбӕл кӕнгӕ ’нцӕ, уой Марийӕ нӕ зудта, уомӕн ӕма ин зӕнӕг нӕма адтӕй, уотемӕй ба гъӕуама исгъомбӕл кодтайдӕ, Мессийӕ ка гъӕуама иссайдӕ, уӕхӕн сувӕллони. Уомӕй уӕлдай ма киндзи кӕмӕ цудӕй, уомӕн дӕр гъӕуама балӕдӕрун кодтайдӕ, кутемӕй бауӕззау ӕй, кӕд ӕма ӕнӕвнӕлд кизгӕ адтӕй (Лук. 1:26–33).

12. Лукай 1:39–45 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ Йеговӕ Марийи куд бафедар кодта?

12 Марийӕмӕ хъауритӕ кӕцӕй фӕззиндтӕй, цӕмӕй еци ӕхсидзгӕ ӕма ӕнахур ихӕс исӕнхӕст кодтайдӕ? Е ӕнхус иннетӕй агурдта. Зӕгъӕн, изӕд Гавриилӕн загъта, цӕмӕй ин еци гъуддаги туххӕй минкъий фулдӕр радзурдтайдӕ (Лук. 1:34). Уой фӕсте ба «рандӕй хуӕнхбӕстӕмӕ, Иудейи горӕттӕй еуемӕ» ӕ хӕстӕг Елизаветӕмӕ. Ци хуарз ӕй, уотӕ ке бакодта. Елизаветӕ ’й растудта ӕма, сугъдӕг хъаури фӕрци Марийӕн ци фурт гъӕуама райгурдайдӕ, уой туххӕй пахампарадӕ загъта. (Бакӕсӕ Лукай 1:39–45.) Марийӕ загъта, Йеговӕ «ӕ цонги хъаурӕй [ке] искодта устур гъуддӕгтӕ» (Лук. 1:46–51). Гъе уотемӕй Йеговӕ Марийи бафедар кодта изӕд Гавриили ӕма Елизавети фӕрци.

13. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Боливийӕй еу хуӕрӕн куд банхус кодтонцӕ?

13 Марийи хузӕн мах дӕр гъӕуама иннети ӕнхус агорӕн. Боливийӕй еу хуӕрӕ Дасурий уӕхӕн ӕнхус хъӕбӕр гъудӕй. Ӕ фидӕ мӕлӕтдзаг сӕйгӕ ку фӕцӕй, уӕд ӕй хъӕбӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй сӕйгӕдони ӕдзох ӕ фарсмӕ уа ӕма имӕ зела (1 Тим. 5:4). Еуӕй-еухӕттити ин уӕлдай зин фӕууидӕ. Дасури зӕгъуй: «Берӕ хӕттити мӕмӕ уотӕ фӕккӕсидӕ, ӕма нӕбал бафӕраздзӕн». Цума ӕнхус ескӕмӕй курдта? Фиццӕгти нӕ. Дасури зӕгъуй: «Нӕ мӕ фӕндадтӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти тухсун кӕнун. Уотӕ мӕмӕ кастӕй: „Йеговӕ мӕ фарсмӕ ку уа, уӕд ма мӕ ка гъӕуй?“ Фал ӕй уой фӕсте ба балӕдӕрдтӕн, мӕхе иннетӕй ке еуварс кӕнун, уой туххӕй мӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ еунӕгӕй ке тох кӕнун» (Ӕмб. 18:1). Уой фӕсте Дасури ӕ уавӕри туххӕй цалдӕр ӕмбалемӕ ниффинста. Идарддӕр зӕгъуй: «Хуӕртӕ ӕма мӕ ӕнсувӕртӕ куд бафедар кодтонцӕ, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес. Сӕйгӕдонӕмӕ хуӕруйнаг ӕрбаласиуонцӕ, удта мин Библийӕй нифсфедаргӕнӕн стихтӕ бакӕсиуонцӕ. Еунӕг ке нӕ дӕ, уой зонун ци хуарз ӕй. Мах ӕгасӕйдӕр Йегови устур бийнонтӕй ан. Еци бийнонтӕ ба цӕттӕ фӕуунцӕ, алкӕддӕр се ’нхуси къох ӕрбадарунмӕ, дӕ хӕццӕ еумӕ кӕунмӕ ӕма кӕронмӕ тох кӕнунмӕ».

14. Хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхусбӕл цӕмӕн гъӕуама арази кӕнӕн?

14 Йегови бон ма ӕй хестӕр нӕлгоймӕгти фӕрци бафедар кӕнун дӕр. Етӕ ӕ лӕвар ӕнцӕ (Ис. 32:1, 2). Уой фӕндуй, цӕмӕй ин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕ адӕни федар кӕнонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ естӕбӕл ку тухсайтӕ, уӕд хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ радзоретӕ. Банхус кӕнун сӕ ку фӕффӕндуй, уӕд «нӕъ» ма дзориайтӕ, фал боз уотӕ ӕма син се ’нхусбӕл арази кӕнтӕ. Гъе уотемӕй уӕ Йеговӕ бафедар кӕндзӕй.

ФЕДӔНӔЙ ДИН ЦИ НИФС ЕС, Е ДӔ ФЕДАР КӔНӔД

15. Еугур киристӕнттӕ дӕр цӕхуӕн нифсӕн аргъ кӕнунцӕ?

15 Библий ци зӕрдӕвӕрдтӕ ес, етӕ нин хъауритӕ дӕттунцӕ (Ром. 4:3, 18–20). Ес нин дессаги фадуат ӕносмӕ цӕрунмӕ. Кадӕртӕ ни цӕрдзӕнцӕ зӕнхӕбӕл дзенети, кадӕртӕ ба – уӕлӕрвти, уӕларвон Паддзахади. Еци нифси фӕрци нӕмӕ ес хъауритӕ, цӕмӕй фӕлварӕнти федар фӕллӕууӕн, хуарз хабар игъосун кӕнӕн ӕма ӕмбурди аллихузи ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнӕн (1 Фес. 1:3). Апостол Павели дӕр еци нифс федар кодта.

16. Павели Хуцауи хъаурӕ цӕмӕн гъудӕй?

16 Павели дӕр Хуцауи хъаурӕ хъӕбӕр гъудӕй. Коринфӕгтӕмӕ финстӕги ӕхе рабарста, ӕнцон сӕттӕн ка ӕй, уӕхӕн ӕргъӕй конд дзаумай хӕццӕ. Е ниффинста, аллирдигӕй ӕй ке хъор кӕнунцӕ, ӕ фӕдбӕл ке зелунцӕ ӕма ци кӕна, уой ке нӕ зонуй, еуӕй-еухатт ба ма ин мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг ке фӕууидӕ (2 Кор. 4:8–10). Аци дзурдтӕ Павел ниффинста, е ’ртиккаг игъосун кӕнуни балций рӕстӕг. Фал уӕд ӕ сӕри къуми дӕр н’ адтӕй, федӕни имӕ никки фуддӕр фӕлварӕнтӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Адӕн ибӕл сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ, ни ’й ахӕсдзӕнцӕ, ци науӕбӕл цӕудзӕй, е ниппурхӕ уодзӕй ӕма ’й ахӕстдони исбадун кӕндзӕнцӕ.

17. Павелӕн фӕлварӕнти сӕрти хезунмӕ ци ӕнхус кодта? (2 Коринфӕгтӕмӕ 4:16–18).

17 Павелмӕ фӕлварӕнти сӕрти хезунмӕ хъауритӕ адтӕй, уомӕн ӕма ин федӕнӕй ци нифс адтӕй, е ӕй федар кодта. Коринфӕгтӕмӕ финстӕги ниффинста, кӕд ӕ бауӕр «лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр» кӕнуй, уӕддӕр ӕ къохтӕ ке нӕ уадзуй. Ӕ каст федӕнмӕ адтӕй. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 4:16–18.) Уӕлӕрвти ин ӕносмӕ цӕруни нифс ке ес, уомӕн хъӕбӕр аргъ кодта, ӕма уой фӕрци цийфӕнди зиндзийнӕдтӕн бухсунмӕ дӕр цӕттӕ адтӕй. Павел ӕ нифсбӕл ке фӕссагъӕс кӕнидӕ, е ин хъауритӕ лӕвардта.

18. Райгасдзийнади нифс Тихомир ӕма ӕ бийнонтӕн куд ӕнхус кӕнуй?

18 Болгарийӕй еу ӕнсувӕр Тихомири дӕр, федӕнӕй ин ци нифс ес, е хъӕбӕр федар кӕнуй. Цалдӕр анзей размӕ ӕ кӕстӕр ӕнсувӕр Здравко аварий фӕммардӕй. Тихомир уобӕл хъӕбӕр маст кодта. Цӕмӕй ӕ рист фӕмминкъийдӕр адтайдӕ, уой туххӕй ӕ бийнойнаг ӕма сӕ фурти хӕццӕ райгасдзийнадӕбӕл арӕхдӕр сагъӕс кодтонцӕ. Тихомир зӕгъуй: «Мах арӕх фӕдздзорӕн, Здравкобӕл куд фембӕлдзиан, цӕйбӕрцӕ аллихузи адгин хуӕруйнӕгтӕ ин искӕндзиан, ӕ хӕццӕ рабадунмӕ кети фӕххондзиан ӕма фӕстаг бӕнтти туххӕй куд хабӕрттӕ кӕндзиан, уой туххӕй». Тихомир зӕгъуй, уӕхӕн нифс ин ке ес, е ин ке ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ӕ къохтӕ ма уадза ӕма ин Йеговӕ е ’нсувӕри кӕд райгас кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕса.

Нӕуӕг дуйней ци косдзӕнӕ? (кӕсӕ 19 абзац) c

19. Нӕ бон куд ӕй, федӕнӕй нин ци нифс ес, уой федар кӕнун? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

19 Дӕ бон куд ӕй дӕ нифс федар кӕнун? Зӕгъӕн, кӕд дин зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕруни нифс ес, уӕд Библий кӕсӕ, дзенети цард цӕхуӕн уодзӕй, уой туххӕй (Ис. 25:8; 32:16–18). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнисӕ, цума уоми дӕ. Ци уинис? Ци игъосис? Цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ дӕмӕ ес? Цӕмӕй дин е хуӕздӕр уайа, уой туххӕй ба кӕсӕ нӕ литератури дзенети туххӕй ци хузтӕ фӕууй, уонӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма дӕ бон ӕй музыкалон видеороликтӕмӕ кӕсун. Зӕгъӕн: «Мы ждём новый мир», «Этот день очень близко!» кенӕ «Представь, будет так». Нӕ нифс алкӕддӕр нӕ гъудий ку дарӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, абони ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, етӕ «рӕстӕгмӕ [ке] ’нцӕ ӕма уотӕ уӕззау [ке] нӕ ’нцӕ» (2 Кор. 4:17). Йеговӕ нин федӕнӕй нифс равардта, цӕмӕй абони нӕ бон уа федар ун.

20. Дӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ку кӕсай, уӕд дин хъауритӕ ци ратдзӕй?

20 Кӕд хатгай дӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ фӕккӕсис, уӕддӕр дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Йеговӕ дӕ ӕнӕмӕнгӕй бафедар кӕндзӕй (Пс. 108:13). Е батухсдзӕй, цӕмӕй дӕ бон уа, ци хъаурӕ дӕттуй, уомӕй исхайгин ун. Мадта дӕ бон ци ӕй кӕнун, ӕнцон ка нӕй, уӕхӕн гъуддаг дин ку бабарӕ кӕнонцӕ, уӕззау фӕлварӕни сӕрти рахезун дӕ ку гъӕуа кенӕ дӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесафай? Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй ковӕ ӕма си Библи ӕртасгӕй разамунд агорӕ. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусбӕл арази кӕнӕ. Нӕуӕг дуйней цард цӕхуӕн уодзӕй, уой дӕ цӕститӕбӕл арӕхдӕр рауайун кӕнисӕ. Ӕма гъе уӕд, устур хъаури Хецау ка ӕй, еци Хуцау дин уойбӕрцӕ хъауритӕ ратдзӕй, цӕмӕй цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй кӕронмӕ федар фӕллӕууай! (Кол. 1:11).

33 ЗАР Дӕ уаргъ Йеговӕбӕл исӕвӕрӕ

a Аци статья банхус кӕндзӕй, уӕззау фӕлварӕнтӕбӕл ка исӕмбалдӕй кенӕ цӕхуӕндӕр зин гъуддаг кӕмӕн бабарӕ кодтонцӕ, уонӕн. Мах базондзиан, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути куд бафедар кӕнуй ӕма ци кӕнун гъӕуй кӕнун, цӕмӕй нин банхус кӕна.

b Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййвд ӕнцӕ.

c ХУЗӔ. Къуӕтти хуӕрӕ Библий зӕрдӕвӕрдтӕбӕл сагъӕс кӕнуй ӕма кӕсуй музыкалон видеороликмӕ, цӕмӕй ин ӕнцондӕр уа, нӕуӕг дуйней цард цӕхуӕн уодзӕй, уой ӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнун.