Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Иртас Хуыцауы Ныхасӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф

Иртас Хуыцауы Ныхасӕн йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф

«Уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн, цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» (ЕФ. 3:18).

95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1, 2. Дӕ бон куыд у Библи кӕсын ӕмӕ иртасын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

 ЗӔГЪӔМ, сфӕнд кодтай хӕдзар балхӕнын. Цалынмӕ йӕ балхӕнай, уӕдмӕ дӕ цы фӕндид фенын? Ӕрмӕст ын йӕ къаммӕ ӕркӕсис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕндид дӕ уыцы хӕдзар дӕхи цӕстӕй фенын, йӕ алыварс ӕрзилын, мидӕмӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ къомнӕттӕ иууылдӕр фенын. Иудзырдӕй йын йӕ алы къуым дӕр фенис ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсис.

2 Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр нӕ бон вӕййы алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Иу библииртасӕг Библи абарста, «бӕрзонд мӕсгуытӕ ӕмӕ арф къахт бындур кӕмӕн ис, ахӕм стыр агъуыстимӕ». Уӕдӕ цымӕ нӕ бон куыд у, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр базонын? Тагъд ӕй куы бакӕсай, уӕд ын базондзынӕ ӕрмӕстдӕр йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ – «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“» (Дзут. 5:12). Фӕлӕ хӕдзар ӕлхӕнгӕйӕ мидӕмӕ бацӕуын куыд хъӕуы, цӕмӕй дзы алцыдӕр фенай ӕмӕ дзы цы ис, уый базонай, афтӕ дӕ хъӕуы Библимӕ дӕр «мидӕмӕ бакӕсын», ома йӕ арф иртасын, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уый ноджы хуыздӕр бамбарай. Фӕлӕ дӕ бон куыд у уый аразын? Ахъуыды-иу кӕн, Библийы хъуыдытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, ууыл. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уыдӕттӕ дзӕбӕх ӕмбарыс ӕви нӕ ӕмӕ сыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл дӕр.

3. Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы дзырдта ӕмӕ цӕмӕн? (Ефесӕгтӕм 3:14–19).

3 Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз ӕмбарӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ ӕрфытӕм ныккӕсӕм. Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстаиккой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдаид «кӕронмӕ бамбарын... цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф». Уый фӕрцы уырнындзинады «уидӕгтӕ» ауагътаиккой ӕмӕ «фидар бындурыл» фидар лӕууыдаиккой. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 3:14–19.) Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы Ныхас арф иртасынӕн, цӕмӕй йӕ хорз ӕмбарӕм.

БИБЛИ АРФ ИРТАС

4. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

4 Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, фаг кӕй нӕу ӕрмӕстдӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын. Мах тынг фӕнды «суанг Хуыцауы арф зонд дӕр» базонын. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тых (1 Кор. 2:9, 10). Дӕ бон у равзарын, фылдӕр базонын дӕ кӕй тыххӕй фӕнды, ахӕм темӕ кӕнӕ фарста ӕмӕ йӕ раиртасын. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ. Зӕгъӕм, ис раиртасӕн, цӕмӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджыты кӕй уарзта, ӕмӕ уымӕй куыд зыны, дӕу дӕр кӕй уарзы, уый. Кӕнӕ та дӕ бон у фылдӕр базонын, израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн куыд куывтой ӕмӕ йын абон чырыстӕттӕ куыд кувынц, уым иумӕйагӕй цы ис. Йе та дӕ бон у лӕмбынӕг раиртасын, Йесо зӕххыл куы цард ӕмӕ куы лӕггад кодта, уӕд цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст кодта, уыдон.

5. Цавӕр фарстатӕ дӕ фӕндид лӕмбынӕгдӕр раиртасын?

5 Библи лӕмбынӕг чи фӕиртасы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ загътой, цавӕр темӕтӕ сӕ фӕндид арфдӕр раиртасын. Уыцы темӕтӕй иуӕй-иутӕ фыст сты рамкӕйы « Цы ис раиртасӕн». Ахӕм ӕрмӕг иртасын дӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Библи арф куы иртасай, уӕд дӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн ӕмӕ «ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмб. 2:4, 5). Ныр ӕркӕсӕм, Библийӕ цавӕр фарстатӕ ис арфдӕр раиртасӕн.

ХЪУЫДЫ КӔН ХУЫЦАУЫ ФӔНДЫЛ

6. а) Цыдӕр фӕнд кӕнай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, цыдӕр пълан кӕнай, уымӕй? б) Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый «ӕнусон фӕнд» цӕмӕн ис схонӕн?

6 Зӕгъӕм, ахъуыды кӕнӕм, Хуыцаумӕ цы фӕнд ис, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Исты сфӕнд кӕнай ӕмӕ исты спълан кӕнай, уый иу нӕу. Цыдӕр спълан кӕнай, уый абарӕн ис, кӕдӕмдӕр цӕугӕйӕ иу цавӕрдӕр бӕлвырд фӕндаг куыд равзарай, уыимӕ. Фӕлӕ, зӕгъӕм, уыцы фӕндаг хӕлд куы разына, уӕд, кӕдӕм цӕуыс, уырдӕм, гӕнӕн ис, ма бахӕццӕ уай. Цыдӕр куы сфӕнд кӕнӕм, уӕд та фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, кӕдӕм цӕуӕм, ууыл. Нӕ балц кӕдӕм у, уый хорз фӕзонӕм, фӕлӕ, цы фӕндагыл ацӕудзыстӕм, ууыл та афтӕ тынг нӕ фӕхъуыды кӕнӕм. Куы бахъӕуа, уӕд нӕ бон уыдзӕн ӕндӕр фӕндагыл ацӕуын. Афтӕ у Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд дӕр. Цыфӕнды йӕ ма къуылымпы кӕна, уӕддӕр алкӕддӕр вӕййы ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ «ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кодта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн» (Ӕмб. 16:4). Библийы ма фыст ис, йӕ фӕнд «ӕнусон» кӕй у (Еф. 3:11). Ӕнусон уымӕн у, ӕмӕ Йегъовӕ тынг бирӕ рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй йӕ фӕнд кӕронмӕ сӕххӕст уа. Стӕй ма уымӕн дӕр, ӕмӕ, цы сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ цавӕр фӕнд ис ӕмӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скодта, цӕмӕй сӕххӕст уа?

7. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст уыдаид? (Матфейы 25:34).

7 Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн раргом кодта, уыдоны тыххӕй йӕм цавӕр фӕнд уыд, уый. Загъта сын: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд... зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл» (Райд. 1:28). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты ӕмӕ афтӕмӕй адӕм тӕригъӕдджын куы систы, уӕд дӕр йӕ фӕнд нӕ аивта. Фӕлӕ йӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй равзӕрста ӕндӕр «фӕндаг». Йегъовӕ уайтагъд сфӕнд кодта уӕлӕрвты Паддзахад ӕрфидар кӕнын. Ӕмӕ уыцы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ йӕм адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. (Бакӕс Матфейы 25:34.) Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Йегъовӕ йӕ уарзӕгой фыццаггуырд Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдтаид ӕмӕ йӕ цард адӕмы тыххӕй раттаид, цӕмӕй сӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕдтаид. Уый фӕстӕ Йесо райгас уӕларвон цардмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады Паддзах суыдаид. Фӕлӕ, Хуыцаумӕ цы фӕнд ис, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цыдӕртӕ ис базонӕн.

Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, уӕларвон лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы лӕггад кӕной, уыцы рӕстӕг (кӕс 8 абзац)

8. а) Библийы сӕйраг темӕ цы у? б) Ефесӕгтӕм 1:8–11 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ ма ноджыдӕр цы фӕнд кӕны? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

8 Библийы сӕйраг темӕ у ахӕм: Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый йӕ Паддзахады фӕрцы сӕххӕст кӕндзӕн (Паддзах та дзы у Йесо Чырысти) ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном срухс кӕндзӕн. Йегъовӕйы фӕнд никуы фӕивдзӕн. Уый зӕрдӕ бавӕрдта, кӕронмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 46:10, 11; Дзут. 6:17, 18). Йегъовӕ зӕххӕй скӕндзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ йыл Адам ӕмӕ Евӕйы ӕххӕст ӕмӕ рӕстаг байзӕддӕгтӕ амондджынӕй цӕрдзысты ӕнустӕм (Пс. 22:26). Фӕлӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цыдӕр фӕнд кӕны. Уый фӕнды йӕ уӕларвон лӕггадгӕнджыты ӕмӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты баиу кӕнын. Уӕд ӕй Дун-дунейы иууылдӕр нымайдзысты сӕ Хицауыл ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзысты. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:8–11.) Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый дӕм диссаг нӕ кӕсы?

ДӔ ФИДӔНЫЛ ХЪУЫДЫ КӔН

9. Библийы фидӕны хабӕртты тыххӕй цас раздӕр ӕрцыд фыст?

9 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы пехуымпарад загъта, уымӕ. Фыст ис Райдианы 3:15 стихы b. Уыцы пехуымпарадӕй базонӕн уыд, Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ дзы цы хабӕртты кой ис, уыдон цӕуын райдыдтой, уыцы пехуымпарад загъд куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр мин азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иу кӕй суыдзӕн Чырысти (Райд. 22:15–18). Стӕй н. э. 33 азы Йесойӕн калм йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцыд, пехуымпарады загъд куыд уыд, афтӕ (Хъуыд. 3:13–15). Пехуымпарады цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй фӕстаг у, «байзӕддаг» Хӕйрӕгӕн йӕ сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уымӕ та хъӕуы 1 000 азӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын (Рарг. 20:7–10). Фӕлӕ ма Библийӕ ноджы фылдӕр ис базонӕн, Хӕйрӕджы дунейы ӕмӕ Хуыцауы организацийы ’хсӕн тох йӕ тӕмӕны куы бацӕуа, уӕд цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй.

10. а) Тагъд цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? б) Нӕ бон куыд у уыцы хабӕрттӕм нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнын? (Кӕс фиппаинаг.)

10 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Библийы ма цавӕр диссаджы хабӕртты кой цӕуы. Фыццаг уал хицауӕдтӕ фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» (1 Фес. 5:2, 3). Стӕй сӕхи мӕнг динтыл куы ныццӕвой, уӕд «ӕнӕнхъӕлӕджы» райдайдзӕн стыр бӕллӕх (Рарг. 17:16). Уый фӕстӕ адӕм фендзысты «Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ». Уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕудзӕн ӕнахуыр хабӕрттӕ (Матф. 24:30). Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн, ӕмӕ фысты сӕгътӕй ахицӕн кӕндзӕн (Матф. 25:31–33, 46). Фӕлӕ Хӕйрӕг дӕр ӕнцад нӕ баддзӕн. Уый Хуыцауы адӕмӕй йе сӕфт уыны. Ӕмӕ ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис – Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гогы – ахӕм зондыл сараздзӕн, цӕмӕй сыл йӕхи ныццӕва (Йез. 38:2, 10, 11). Зӕххыл ма чи уыдзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ кӕцыдӕр афон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты, цӕмӕй Чырыстиимӕ ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсадимӕ баиу уой ӕмӕ Армагеддоны хӕсты схӕцой. Уый уыдзӕн стыр бӕллӕхы кӕронбӕттӕн (Матф. 24:31; Рарг. 16:14, 16) c. Ӕмӕ стӕй райдайдзӕн Чырыстийы миназон хицаудзинад (Рарг. 20:6).

Миллиардгай азтӕ куы цӕрай, уӕд Йегъовӕйы тыххӕй цас ног цыдӕртӕ базондзынӕ! Ӕмӕ йӕм куыд тынг баввахс уыдзынӕ, ууыл искуы ахъуыды кодтай? (кӕс 11 абзац)

11. Ӕнустӕм цӕргӕйӕ дын цавӕр фадӕттӕ уыдзӕни? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Ныр та ахъуыды кӕнӕм, уыцы мин азы фӕстӕ цы уыдзӕн, ууыл. Библийы фыст ис, не Сфӕлдисӕг нын нӕ «зӕрдӕты [кӕй] нывӕрдта ӕнусон цард» (Еккл. 3:11). Ахъуыды-ма кӕн, уый дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Чиныджы «Баввахс у Иегъовӕмӕ» 319 фарсыл ис ахӕм рӕсугъд ныхӕстӕ: «Ӕнустӕ, мин-миназтӕ, милуан, миллиард азтӕ куы фӕцӕрӕм, уӕд, абонимӕ абаргӕйӕ, цас хуыздӕр зондзыстӕм Иегъовӕ Хуыцауы. Фӕлӕ ма нын уӕддӕр цас ӕмӕ цас диссӕгтӕ уыдзӕн базонинаг. [...] Ӕнусон царды циндзинад йӕ былтӕй кӕлдзӕн, амонд дзы ӕнхъӕвздзӕн алырдыгӕй – ӕмӕ дзы хӕрзты хуыздӕр та, Иегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕндзыстӕм, уый уыдзӕн!» Фӕлӕ ма Библийӕ нӕ бон ноджыдӕр цавӕр хабӕрттӕ у раиртасын?

УӔЛӔРВТЫ ЦЫ ИС, УУЫЛ ДӔ ЦӔСТ АХӔСС

12. Нӕ бон куыд у, уӕлӕрвты цы ис, ууыл нӕ цӕст ахӕссын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Йегъовӕ «бӕрзондыл» кӕй цӕры, ӕмӕ дзы цыдӕртӕ базонӕн ис йӕ цӕрӕнбынаты тыххӕй (Ис. 33:5). Библийӕ базонӕн ис диссаджы хабӕрттӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ организацийы уӕларвон хайы тыххӕй (Ис. 6:1–4; Дан. 7:9, 10; Рарг. 4:1–6). Зӕгъӕм, Йезекил федта, арв куыд байгом, ӕмӕ федта «цӕстылуайӕнтӕ Хуыцауӕй» (Йез. 1:1).

13. Дзуттӕгтӕм 4:14–16 стихтӕм гӕсгӕ, Йесо уӕлӕрвты цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕны ӕмӕ дын уый ныфсы хос куыд у?

13 Ахъуыды кӕнӕм, Йесо уӕлӕрвты цы бынат ахсы, ууыл дӕр. Уый у Паддзах ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын. Уый уылты нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы курын, цӕмӕй нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕна. Афтӕмӕй баввахс вӕййӕм, «стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:14–16.) Иу бон дӕр ныл афтӕ ма ацӕуӕд, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо уӕлӕрвты цӕргӕйӕ цы сарӕзтой ӕмӕ цы аразынц, ууыл ма ахъуыды кӕнӕм. Сӕ уарзондзинад нын хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ агайа ӕмӕ нӕ фӕнда Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын (2 Кор. 5:14, 15).

Иннӕтӕн кӕй баххуыс кодтай, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой, ууыл ног дунейы куыд цин кӕндзынӕ! (кӕс 14 абзац)

14. Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

14 Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон у иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матф. 28:19, 20). Апостол Павел дӕр афтӕ кодта, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй ӕмӕ Чырыстийӕ уыди бузныг. Уый зыдта, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). Уымӕ гӕсгӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кодта, йӕ бон кӕмӕндӕриддӕр уыди, уыдонӕн, цӕмӕй «исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кодтаид» (1 Кор. 9:22, 23).

ХУЫЦАУЫ НЫХАС ДЫН ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД

15. Псалом 1:2 стихмӕ гӕсгӕ, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?

15 Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста, цавӕр адӕймаг вӕййы амондджын ӕмӕ ӕнтыстджын. Ахӕм адӕймагӕн «циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй» (Пс. 1:1–3). Ацы стихты тыххӕй Библи тӕлмацгӕнӕг Джозеф Ротергам загъта, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймагӕн «Хуыцауы разамынд афтӕ ӕхсызгон у, ӕмӕ йӕ фӕагуры, ссары йӕ ӕмӕ йыл бирӕ рӕстӕг фӕхъуыды кӕны» (Studies in the Psalms). Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, дам, Библи цы бон нӕ бакӕсай, уыцы бон дзӕгъӕлы ацыд. Библийы ис бирӕ цымыдисаг лыстӕг хабӕрттӕ. Ӕмӕ йӕ афтӕ куы иртасай, цӕмӕй-иу бамбарай, кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, уый, уӕд дын уый стыр циндзинад хӕсдзӕн. Куыд ӕхсызгон у Хуыцауы Ныхасӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» иртасын!

16. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

16 Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы ӕргом кӕны бирӕ арф хъуыдытӕ. Ӕмӕ нӕ хъӕуы афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн бамбарын. Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоныл. Апостол Павел йӕ кой ракодта йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм. Уыцы статья куы иртасай, уӕд-иу алцӕуыл дӕр дӕ цӕст ахӕсс. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дын уый стыр циндзинад ӕрхӕсса!

94 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй

a Нӕ бон у Библи цӕрӕнбонты иртасын. Уый нын ӕдзухдӕр хӕсдзӕн циндзинад. Уый фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон куыд у Хуыцауы Ныхасӕн «йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф» иртасын.

b Кӕс статья «Фыццаг пехуымпарад дӕ цардимӕ куыд баст у?» 2022 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

c Тагъд цы диссаджы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдонмӕ нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, уый тыххӕй кӕс чиныг «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 258, 259 фӕрстӕ.