Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕн

Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндоны кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн аргъ кӕн

«Бакувут арв, зӕхх... Сфӕлдисӕгӕн!» (РАРГ. 14:7).

93 ЗАРӔГ Не ’мбырдтӕн нын арфӕ кӕн

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ a

1. Абон иу зӕд цы дзуры ӕмӕ нын йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты?

 ЗӔД демӕ куы ныхас кӕнид, уӕд байхъусис, цы дын дзуры, уымӕ? Абон иу зӕд цыдӕр дзуры «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн». Цымӕ цы? «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ йӕ скадджын кӕнут... Ӕмӕ бакувут арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгӕн!» (Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцау, ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ уымӕн кува. Мах дзы тынг бузныг стӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, цӕмӕй йын йе стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнӕм!

2. Цы у Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон? (Кӕс рамкӕ дӕр « Уый ӕнӕуынгӕ кувӕндон нӕу».)

2 Цы у ӕнӕуынгӕ кувӕндон ӕмӕ нӕ бон кӕцӕй у уыцы кувӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын? Уый адӕймаджы къухӕй конд агъуыст нӕу. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, Йегъовӕ Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы цы сарӕзта, цӕмӕй йын нӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Апостол Павел уыцы кувӕндоны тыххӕй ныффыста, 1 ӕнусы Иудейӕйы чи цард, уыцы дзуттаг чырыстӕттӕм b.

3, 4. Павел Иудейӕйы цӕрӕг дзуттаг чырыстӕттыл цӕмӕн мӕт кодта ӕмӕ сын куыд баххуыс кодта?

3 Павел Иудейӕйы цӕрӕг дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг цӕмӕн ныффыста? Уый уыдаид сӕйраджыдӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Сӕ фылдӕр сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдысты дзуттаг диныл хӕст. Ӕмӕ, чырыстӕттӕ кӕй систы, уый тыххӕй сыл дзуттаг дины разамонджытӕ худтаиккой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕн нӕ уыд, Хуыцауӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм стыр, рӕсугъд кувӕндон, нывондхӕссӕн, стӕй сын сауджынтӕ дӕр нӕ уыд. Кӕй сыл худтысты, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, сӕ ныфс асастаид ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдаид (Дзут. 2:1; 3:12, 14). Кӕйдӕрты та дзы, чи зоны, бафӕндыдаид фӕстӕмӕ дзуттаг диныл ныххӕцын.

4 Дыккаг: Павел уыцы чырыстӕттӕн загъта, кӕй нӕ архайдтой, цӕмӕй бамбӕрстаиккой Хуыцауы Ныхасы ног кӕнӕ арф хъуыдытӕ, ома «хъӕбӕр хӕринаг» (Дзут. 5:11–14). Ӕвӕццӕгӕн сӕ чидӕртӕ уӕддӕр Моисейы закъон ӕххӕст кодтой. Павел сын бамбарын кодта, Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хъуыди хӕссын, уыцы нывӕндты фӕрцы адӕм тӕригъӕдӕй кӕронмӕ кӕй не ссӕрибар уыдзысты. Ӕмӕ уый тыххӕй Закъон «ивд ӕрцыд». Уый фӕстӕ сын се ’ргом раздӕхта арфдӕр хъуыдытӕм. Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кодта, Чырыстийы нывонды фӕрцы сын кӕй фӕзынд «хуыздӕр ныфс» ӕмӕ сӕ уыцы ныфс Хуыцаумӕ кӕй «ӕввахс кӕны» (Дзут. 7:18, 19).

5. Дзуттӕгтӕм ӕрвыст фыстӕг кӕсгӕйӕ нӕ бон цы у бамбарын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

5 Павел дзуттаг ӕфсымӕртӕн бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн ныр куыд лӕггад кӕнынц, уый хуыздӕр кӕй у, раздӕр ын куыд лӕггад кодтой, уымӕй. Дзуттӕгтӕ раджы заман Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый уыд «фидӕны хорздзинӕдтӕн сӕ аууон, хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг та Чырыстиимӕ баст сты» (Кол. 2:17). Адӕймагӕн йӕ аууон куы фенӕм, уӕд ӕй фембарӕм, уый йӕхӕдӕг кӕй нӕу, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр йӕ аууон кӕй у. Раст афтӕ, дзуттӕгтӕ раджы заман Хуыцауӕн куыд лӕггад кодтой, уый уыд, фидӕны йын Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куыд лӕггад кӕндзысты, уымӕн йӕ «аууон». Хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ йын нӕ бон уа, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм дзуттӕгтӕм ӕрвыст фыстӕгмӕ ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ абарӕм «хорздзинӕдтӕн сӕ аууон», ома, дзуттӕгтӕ куыд лӕггад кодтой, уый, ӕмӕ «хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг», ома, чырыстӕттӕ куыд лӕггад кӕнынц, уый. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, цы у ӕнӕуынгӕ кувӕндон ӕмӕ дзы махӕн цы бынат ис.

ЦАТЫР

6. Цатыр цӕмӕн хъуыд?

6 Дзуттӕгтӕ. Павел йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм ныффыста, н. э. размӕ 1512 азы Моисей кӕй ӕрӕвӕрдта, уыцы цатыры тыххӕй. (Кӕс схемӕ «Дзуттӕгтӕ. Чырыстӕттӕ».) Израилӕгтӕ иу ранӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд-иу цатыр семӕ хастой. Уыцы цатыр уыди 500 азы бӕрц, цалынмӕ Иерусалимы кувӕндон арӕзт не ’рцыд, уӕдмӕ (Рац. 25:8, 9; Ным. 9:22). Израилӕгтӕ-иу «ӕмбырды цатырмӕ» ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн бакуывтаиккой ӕмӕ-иу ын нывӕндтӕ ӕрхастаиккой (Рац. 29:43–46). Фӕлӕ ма цатыр амыдта хуыздӕр цӕмӕдӕр. Ӕмӕ уыцы хорздзинадӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой чырыстӕттӕ.

7. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон кӕд фӕзынд?

7 Чырыстӕттӕ. Цатыр уыд, «уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕн... сӕ аууон» ӕмӕ амыдта Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ. Павел ныффыста: «Уыцы цатыр фӕсномыгӕй амоны абоны рӕстӕгмӕ» (Дзут. 8:5; 9:9). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, йӕ фыстӕг Дзуттӕгтӕм куы ныффыста, уӕдмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон фӕзынд. Уый фӕзынд н. э. 29 азы. Уыцы аз Йесо донаргъуыд райста, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны «цытджын хистӕр сауджынӕй» лӕггад кӕнын райдыдта (Дзут. 4:14; Хъуыд. 10:37, 38) c.

ХИСТӔР САУДЖЫН

8, 9. Дзуттӕгтӕм 7:23–27 стихтӕм гӕсгӕ, Израилы хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Хистӕр сауджын Йесо Чырысти цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

8 Дзуттӕгтӕ. Хистӕр сауджын архайдта Хуыцауы раз адӕмы номӕй. Израилӕгтӕн сӕ фыццаг хистӕр сауджын уыд Аарон. Йегъовӕ йӕ хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта, цатыр куы снывонд кодтой, уӕд. Фӕлӕ Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй-иу «сауджынтӕ бирӕтӕ систы, ӕмӕ-иу кӕрӕдзи ивтой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ мӕлӕт нӕ бауагъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр уыдаиккой сауджынтӕ» d. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 7:23–27.) Стӕй уыцы хистӕр сауджынтӕ уыдысты ӕнӕххӕст, ӕмӕ сӕ хъуыди сӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр нывӕндтӕ хӕссын. Уымӕй тынг хицӕн кодтой цытджын Хистӕр сауджын Йесо Чырыстийӕ.

9 Чырыстӕттӕ. Нӕ Хистӕр сауджын Йесо Чырысти «лӕггад кӕны... ӕцӕг цатыры – уыцы цатыр сӕвӕрдта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ» (Дзут. 8:1, 2). Павел бамбарын кодта, Йесо «ӕнустӕм [кӕй] цӕры, ӕмӕ йӕ бӕсты ӕндӕр сауджыны [кӕй] никуы бахъӕудзӕн ӕвӕрын». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, Йесо у «ӕнӕфау, тӕригъӕдджынтимӕ [йын] иумӕйагӕй... ницы ис» ӕмӕ йӕ Израилы хистӕр сауджынтау «алы бон нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын» йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй. Ныр та фенӕм, дзуттӕгтӕн цы нывондхӕссӕн уыд ӕмӕ цы нывӕндтӕ хастой, уыдон цӕмӕ амыдтой ӕмӕ махӕн, чырыстӕттӕн, цӕуыл дзурӕг сты.

НЫВОНДХӔССӔН ӔМӔ НЫВӔНДТӔ

10. Ӕрхуы нывондхӕссӕныл кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕ цӕмӕ амыдтой?

10 Дзуттӕгтӕ. Цатыры бахизӕны раз уыди ӕрхуы нывондхӕссӕн. Уыцы нывондхӕссӕныл-иу Йегъовӕйӕн нывондӕн фос ӕрхастой (Рац. 27:1, 2; 40:29). Фӕлӕ уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕ уыд адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй кӕронмӕ ссыгъдӕг кӕнын (Дзут. 10:1–4). Цатыры ӕдзух нывӕндтӕ кӕй хастой, уый амыдта, фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид хаст ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ кӕронмӕ хатыргонд кӕй фӕрцы ӕрцыдаиккой, уыцы нывондмӕ.

11. Йесо йӕхи нывондӕн цавӕр нывондхӕссӕныл ӕрхаста? (Дзуттӕгтӕм 10:5–7, 10).

11 Чырыстӕттӕ. Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста, цӕмӕй адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид (Матф. 20:28). Ӕмӕ, донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, йӕ Фыды цы фӕнды, уый саразынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Иоан. 6:38; Гал. 1:4). Йӕхи нывондӕн цы «нывондхӕссӕныл» ӕрхаста, уый амыдта Хуыцауы «фӕндонмӕ». Йӕ фӕндон уыд, цӕмӕй йӕ Фырт йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхастаид. Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста «ӕрмӕстдӕр иу хатт», цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдоны сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна, кӕнӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр бамбӕрза. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:5–7, 10.) Ныр та аныхас кӕнӕм, цатыры мидӕгӕй цы уыд, уыдӕттӕ цӕмӕ амыдтой, ууыл.

СЫГЪДӔГ БЫНАТ ӔМӔ ӔППӔТЫ СЫГЪДӔГ БЫНАТ

12. Сыгъдӕг бынатмӕ ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуыны бар кӕмӕн уыд?

12 Дзуттӕгтӕ. Цатыр ӕмӕ, фӕстӕдӕр Иерусалимы арӕзт чи ’рцыд, уыцы кувӕндӕттӕ мидӕгӕй ӕмхуызон конд уыдысты. Уыди дзы дыууӕ уаты – «Сыгъдӕг бынат» ӕмӕ «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат». Се ’хсӕн та уыди нывӕфтыд ӕмбӕрзӕн (Дзут. 9:2–5; Рац. 26:31–33). Сыгъдӕг бынаты лӕууыд сызгъӕрин цырагъдарӕн, нывондхӕссӕн буд судзынӕн ӕмӕ стъол нывонд дзултӕн. Сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуыны бар уыд ӕрмӕстдӕр «сӕрст сауджынтӕн», цӕмӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой (Ным. 3:3, 7, 10). Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты та уыд сызгъӕрин бадзырды чырын. Уый амыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уымӕ (Рац. 25:21, 22). Ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, йӕ бон бацӕуын уыд ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджынӕн афӕдз иу хатт – Сыгъдӕггӕнӕн боны (Лев. 16:2, 17). Алы аз дӕр-иу уырдӕм бацыд фосы тугимӕ, цӕмӕй-иу йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаид. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджытӕн раргом кодта, Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынат цӕмӕ амыдтой, уый (Дзут. 9:6–8) e.

13. Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынат цӕмӕ амонынц?

13 Чырыстӕттӕ. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй 144 000 йемӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕндзысты сауджынтӕй (Рарг. 1:6; 14:1). Уыдон сты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг бынат амоны, зӕххыл ма куы вӕййынц, уӕд сӕ Хуыцау йӕхицӕн фырттӕ кӕй скӕны, уымӕ. Уый саразы, йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕ кӕй байсӕрды, уый фӕрцы (Ром. 8:15–17). Ӕппӕты сыгъдӕг бынат амоны уӕлӕрвтӕм, Йегъовӕйы цӕрӕнбынатмӕ. Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы «ӕмбӕрзӕн» та амоны Йесойы зӕххон буармӕ. Цалынмӕ йын ахӕм буар уыд, уӕдмӕ йӕ бон нӕ уыд уӕлӕрвтӕм бацӕуын ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цытджын Хистӕр сауджынӕй лӕггад кӕнын. Йӕ буар адӕмы тыххӕй нывондӕн куы ’рхаста, уӕд сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр уӕларвон цардмӕ фӕндаг бакодта. Ӕмӕ цӕмӕй сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсой, уый тыххӕй уыдоны дӕр фӕхъӕуы сӕ зӕххон буӕрттӕй фервӕзын (Дзут. 10:19, 20; 1 Кор. 15:50). Йесо куы райгас, уӕд бацыд ӕнӕуынгӕ кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ. Ӕппынфӕстаг ӕм ӕрбаиу уыдзысты сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ уым йемӕ уыдзысты.

14. Дзуттӕгтӕм 9:12, 24–26 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон бирӕ хуыздӕр цӕмӕн у?

14 Уӕдӕ йӕ уынӕм, Чырыстийы нывонд ӕмӕ, Хистӕр сауджын кӕй у, уый бирӕ хуыздӕр кӕй у. Израилы-иу хистӕр сауджын бацыд, адӕймаджы къухӕй конд чи уыд, уыцы Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ фосы тугимӕ. Йесо та бацыд «комкоммӕ уӕларвмӕ», цӕмӕй Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдаид. Уымӕй сыгъдӕгдӕр бынат та нӕй. Йесо Йегъовӕмӕ бахаста йе ’ххӕст царды аргъ. Уый мах тыххӕй бафыста, цӕмӕй, «йӕхи нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, тӕригъӕдӕн кӕрон скӕна». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 9:12, 24–26.) Йӕ нывонд тӕригъӕдӕй ирвӕзын кӕны ӕнустӕм. Ныртӕккӕ фендзыстӕм, не ’ппӕты бон дӕр кӕй у Йегъовӕйӕн йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс.

КӔРТЫТӔ

15. Цатыры кӕрты чи лӕггад кодта?

15 Дзуттӕгтӕ. Цатырӕн уыди иу кӕрт, ӕмӕ алырдыгӕй дӕр уыди ӕхгӕд. Уым-иу сауджынтӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтой. Кӕрты уыди стыр нывондхӕссӕн судзинаг нывӕндтӕн ӕмӕ ӕрхуы аг донимӕ. Уыцы донӕй-иу сауджынтӕ сӕхи ныхсадтой сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны размӕ (Рац. 30:17–20; 40:6–8). Фӕлӕ, фӕстӕдӕр кӕй сарӕзтой, уыцы кувӕндӕтты ма уыди ӕддаг кӕрт дӕр. Уырдӕм-иу Хуыцауӕн кувынмӕ сӕ бон уыд иннӕ адӕмӕн дӕр ӕрбацӕуын.

16. Ӕнӕуынгӕ кувӕндоны мидӕггаг ӕмӕ ӕддаг кӕртыты чи лӕггад кӕны?

16 Чырыстӕттӕ. Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ цалынмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты сауджынтӕй лӕггад кӕнын райдайой, уӕдмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц зӕххыл ӕнӕуынгӕ кувӕндоны мидӕггаг кӕрты. Цатыры ӕмӕ кувӕндӕтты донимӕ цы аг уыд, уый сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн дӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой, ома хӕрзӕгъдау цард кӕй хъуамӕ кӕной ӕмӕ мӕнг динӕй сӕхи кӕй хъуамӕ хизой. Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕм» та Йегъовӕйӕн кӕм лӕггад кӕнынц? Апостол Иоанн федта, кӕй лӕууыдысты «паддзахбадӕны... раз», ома зӕххыл ӕнӕуынгӕ кувӕндонӕн йе ’ддаг кӕрты. Уым Хуыцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» (Рарг. 7:9, 13–15). Мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ бон Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн!

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН У СТЫР КАД

17. Нӕ бон Йегъовӕйӕн цавӕр нывӕндтӕ у хӕссын?

17 Чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын. Уыцы нывӕндтӕ сты нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца. Ӕмӕ сӕ Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнӕм. Апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм куыд ныффыста, афтӕмӕй нӕ бон у «Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссын кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнын» (Дзут. 13:15). Нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ йын куы хӕссӕм, уымӕй.

18. Дзуттӕгтӕм 10:22–25 стихтӕм гӕсгӕ, рохуаты уадзӕн цы нӕй ӕмӕ ма нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

18 Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:22–25. Павел йӕ фыстӕджы, кӕронмӕ хӕстӕг, ранымадта, рохуаты цы нӕй уадзӕн, уыдӕттӕ. Уымӕ хауы, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом кӕй хъуамӕ дзурӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуӕм, стӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм, Йегъовӕйы бон «куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Раргомады чиныджы фӕстаг сӕрты та Йегъовӕйы зӕд Иоаннӕн дыууӕ хатты загъта, Хуыцауӕн бакув, зӕгъгӕ (Рарг. 19:10; 22:9). Уымӕй равдыста, уый куыд ахсджиаг у. Ацы статьяйӕ ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтам Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй. Цӕй ӕмӕ уыдӕттӕ макуы ферох кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон нӕ кадджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый стыр кадыл нымайӕм!

88 ЗАРӔГ Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

a Хуыцауы Ныхасӕй базонӕн ис Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы ахуырад хъӕуы лӕмбынӕгдӕр раиртасын. Уыцы кувӕндон цы у? Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Дзуттӕгтӕм фыстӕджы уый тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Ныфс нӕ ис, ӕмӕ ацы статьяйы фӕрцы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайдзынӕ, дӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн.

b Дзуттӕгтӕм фыстӕджы цӕй кой ис, уый базоныны тыххӕй сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Разныхас Дзуттӕгтӕм».

c Чырыстон Грекъаг Фыстыты Йесо Хистӕр сауджын хуыйны ӕрмӕстдӕр Дзуттӕгтӕм.

d Иу чиныгмӕ гӕсгӕ, цалынмӕ Иерусалим н. э. 70 азы нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ Израилы кӕрӕдзи раивтой 84 хистӕр сауджыны бӕрц.

e Хистӕр сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн боны цы арӕзта, уый цӕмӕ амыдта, уый базоныны тыххӕй сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Шатёр».