Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

19 ЗАРӔГ Нӕ Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр

Афӕдзы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?

Афӕдзы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (ЛУК. 22:19).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ӕрымысӕн изӕр афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, нӕ бон ӕм куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕрбацӕуой.

1. Ӕрымысӕн изӕр афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр бон цӕмӕн у? (Лукайы 22:19, 20).

 ЙЕГЪОВӔЙЫ адӕмӕн Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр бон у. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕстдӕр уыцы хабарӕй загъта, цӕмӕй йӕ бӕрӕг кӕной. (Бакӕс Лукайы 22:19, 20.) Мах Ӕрымысӕн изӕрмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Нӕ зӕрдыл сӕ ӕрлӕууын кӕнӕм.

2. Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн фенхъӕлмӕ кӕсӕм?

2 Ӕрымысӕн изӕры фӕрцы фӕхъуыды кӕнӕм, Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, ууыл. Нӕ зӕрдыл нын ӕрлӕууын кӕны, нӕ бон куыд у равдисын, Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый (2 Кор. 5:14, 15). Вӕййы ма нын фадат, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:12). Стӕй алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ. Мах сыл тынг бацин кӕнӕм ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй кӕйдӕрты бафӕнды фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын. Кӕй фӕхонӕм, уыцы адӕмӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕуы, Ӕрымысӕн изӕры цы фенынц ӕмӕ цы фехъусынц, уыдӕттӕ. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Библи ахуыр кӕнын. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Ӕрымысӕн изӕрӕн уӕлдай тынг аргъ кӕнӕм!

3. Ӕрымысӕн изӕр нӕ ӕгас зӕххыл дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куыд баиу кӕны? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма уымӕн фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ уыцы бон, ӕгас зӕххыл дӕр нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй фӕархайӕм. Ӕмӕ банкъарӕм, не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы бӕстӕты – кӕм раздӕр, кӕм фӕстӕдӕр, хур кӕд аныгуылы, уымӕ гӕсгӕ – иумӕ ӕрӕмбырд вӕййынц. Байхъусӕм раныхасмӕ, Чырыстийы нывонд куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй. Азарӕм дыууӕ зарӕджы, кӕрӕдзимӕ дзул ӕмӕ сӕн адӕттӕм ӕмӕ цыппар куывдӕн зӕрдиагӕй «аммен» фӕзӕгъӕм. 24 сахаты мидӕг зӕххы цъарыл ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕр уыцы иу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕнынц. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо куыд фӕцин кӕнынц, иууылдӕр иумӕ сӕ куыд кадджын кӕнӕм, уый уынгӕйӕ!

Ӕрымысӕн изӕры бон, ӕгас зӕххыл нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй фӕархайӕм (кӕс 3 абзац) f


4. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм ахӕм фарстатыл: нӕ бон куыд у нӕ зӕрдӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын? Куыд ис иннӕтӕн баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй сын уыцы ахсджиаг хабар пайда ӕрхӕсса? Ӕмӕ, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ куы базонӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы стыр бонмӕ цӕттӕ уӕм.

НӔ БОН КУЫД У НӔ ЗӔРДӔТӔ ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ БАЦӔТТӔ КӔНЫН?

5. а) Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, ууыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? (Псалом 49:7, 8). б) Видеороликӕй «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?» цы базыдтай?

5 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй тынг ахсджиаг у, Йесо Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, ууыл ахъуыды кӕнын. Махӕн нӕхи бон никуы бауыдаид нӕхи тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕнын, кӕнӕ фервӕзын кӕнын. (Бакӕс Псалом 49:7, 8; кӕс видеороликмӕ дӕр «Йесо Чырысти цӕмӕн амард?» a.) Ӕмӕ Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ Фырты радта, кӕнӕ бафыста ахӕсты аргъ. Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр стыр аргъ бафыстой! (Ром. 6:23). Мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас Чырыстийы нывондӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо адӕмы тыххӕй цӕттӕ цӕмӕ уыдысты, ууыл.

6. Ахӕсты аргъ цӕмӕн хъуыд бафидын?

6 Ахӕсты аргъ у, цыдӕр фӕстӕмӕ балхӕныны тыххӕй кӕй бафидынц, ахӕм аргъ. Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы, Адамы, сфӕлдыста ӕххӕст адӕймагӕй. Фӕлӕ Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕрмӕст йӕхи нӕ фӕкодта ӕнӕхай, фӕлӕ йӕ сывӕллӕтты се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ балхӕныны, кӕнӕ раздахыны, тыххӕй Йесо нывондӕн ӕрхаста йе ’ххӕст цард. Зӕххыл куы цард, уӕд «иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд» (1 Пет. 2:22). Уый уыд ӕххӕст адӕймаг, Адам цалынмӕ тӕригъӕд нӕ сарӕзта, уӕдмӕ куыд ӕххӕст уыд, афтӕ. Йесойы ӕххӕст цардӕн ӕмӕ Адамы ӕххӕст цардӕн уыд ӕмхуызон аргъ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Адамы царды тыххӕй бафидын (1 Кор. 15:45; 1 Тим. 2:6).

7. Йесо зӕххыл цӕргӕйӕ цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд?

7 Йесо зӕххыл куы цард, уӕд бирӕ фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд. Фӕлӕ алкӕддӕр йӕ уӕларвон Фыды коммӕ каст. Сывӕллон куы уыд, уӕд ӕй хъуыди йӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын, кӕд уыдон ӕнӕххӕст уыдысты, йӕхӕдӕг та – ӕххӕст, уӕддӕр (Лук. 2:51). Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд ӕй чидӕртӕ, чи зоны, ахӕм зондыл арӕзтой, цӕмӕй-иу йӕ ныййарджыты коммӕ ма бакастаид кӕнӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты сарӕзтаид. Куы сыстыр, уӕд та йӕ хъуыди Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Уый йӕ рӕдийын кодта. Суанг ма йын комкоммӕ загъта, цӕмӕй Хуыцауы ныууагътаид (Матф. 4:1–11). Хӕйрӕг цынӕ арӕзта, цӕмӕй Йесойӕн тӕригъӕд саразын кодтаид ӕмӕ йӕ бон ма бауыдаид ахӕсты аргъ бафидын ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕнын.

8. Йесо ма цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд?

8 Зӕххыл цӕргӕйӕ ма Йесо ӕндӕр фӕлварӕнтыл дӕр сӕмбӕлд. Знӕгты къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфта ӕмӕ ма-иу ӕй марынмӕ дӕр хъавыдысты (Лук. 4:28, 29; 13:31). Хъуыди йӕ йе ’нӕххӕст фӕдылдзӕуджыты хъӕндзинӕдтӕн ӕмӕ рӕдыдтытӕн быхсын (Мар. 9:33, 34). Тӕрхон ын куы кодтой, уӕд ыл худтысты ӕмӕ йын фыдмитӕ кодтой. Уый фӕстӕ йӕ фыдгӕнӕгыл банымадтой ӕмӕ йын марыны тӕрхон рахастой, ӕмӕ амард хъизӕмар кӕнгӕйӕ (Дзут. 12:1–3). Уыцы фӕлварӕны фӕстаг хай хъуамӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕрӕзтаид. Уыцы минут ӕй Йегъовӕ нал хъахъхъӕдта (Матф. 27:46) b.

9. Чырыстийы нывондыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд цы фенкъарыс? (1 Петры 1:8).

9 Йесо ӕцӕгдӕр тынг бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Мах тыххӕй уыйбӕрц цыдӕртӕ бавзарынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. (Бакӕс 1 Петры 1:8.)

10. Йегъовӕ цӕмӕ уыд цӕттӕ, цӕмӕй Йесо ахӕсты аргъ бафыстаид?

10 Йегъовӕ та цӕмӕ уыд цӕттӕ, цӕмӕй Йесо ахӕсты аргъ бафыстаид? Арӕх фыд ӕмӕ фырт кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд вӕййынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, афтӕ ничи (Ӕмб. 8:30). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, Йесо цытӕ ӕвзӕрста, уымӕ кӕсгӕйӕ. Йӕ зӕрдӕ куыннӕ скъуыдтӕ кодта, йӕ Фырты йын кӕй ӕфхӕрынц, кӕй йӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ куыд хъизӕмар кӕны, уый уынгӕйӕ!

11. Йесойы куы амардтой, уӕд Йегъовӕйӕн куыд зын уыд, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис равдисӕн?

11 Йӕ хъӕбул кӕмӕн амард, уыцы ныййарджытӕ хорз зонынц, уый куыд зын у ӕмӕ зӕрдӕ цы дудгӕ рыст фӕкӕны, уый. Кӕд ӕй зонӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уӕддӕр тынг фӕмаст кӕнӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ куыд хъыг кодта, н. э. 33 азы 14 нисаны йӕ уарзон Фырт тухӕнтӕ кӕнгӕйӕ куы амард, уӕд (Матф. 3:17) c.

12. Ӕрымысӕн изӕры размӕ нӕ бон цы у аразын?

12 Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма иуцасдӕр баззад. Дӕ бон у, дӕхӕдӕг Библи куы иртасай, уӕд Чырыстийы нывонды тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг бацагурын кӕнӕ та ууыл ис бинонты ахуыры рӕстӕг аныхас кӕнӕн. Дӕ бон у спайда кӕнын «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс»-ӕй кӕнӕ ӕндӕр публикацийӕ d. Стӕй-иу бакӕс, Ӕрымысӕн изӕры афон Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ кӕсдзыстӕм, уыдон. Ссарӕн сӕ ис «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы. Ӕрымысӕн изӕры бон та-иу ӕнӕмӕнг бакӕс видеороликмӕ «Ӕрымысӕн изӕры бон райсомӕй ныхас кӕнӕм Библийыл». Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕ зӕрдӕ куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын уыцы ахсджиаг хабар пайда ӕрхӕсса (Езд. 7:10).

ИННӔТЫ ДӔР ФӔХОН

13. Цӕмӕй иннӕтӕ дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой, уый тыххӕй мах цы хъӕуы саразын?

13 Мах фӕнды, цӕмӕй иннӕ адӕм дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой. Уый тыххӕй та сӕ хъӕуы фӕхонын. Уацамынды кӕй хондзыстӕм, уыдонӕй уӕлдай ма нӕ бон у, нӕ зонгӕтӕй нӕ кӕй фӕнды фӕхонын, уыдоны номхыгъд скӕнын. Ис фӕхонӕн нӕ хӕстӕджыты, не ’мкусджыты, нӕ къласӕгты кӕнӕ ма ӕндӕр искӕй. Кӕд нын мыхуыргонд хуынды гӕххӕттытӕ не сфаг уа, уӕд нӕ бон у адӕймагмӕ электронон хуынды гӕххӕтмӕ ссылкӕ арвитын. Чи йын цы зоны, уӕдта ма иууылдӕр ӕрбацыдысты (Еккл. 11:6).

14. Нӕ зонгӕты нӕхӕдӕг куы фӕхонӕм, уӕд уый хуыздӕр цӕмӕн уыдзӕн?

14 Нӕ зонгӕты нӕхӕдӕг куы фӕхонӕм, уӕд сын уый, гӕнӕн ис, сӕ зӕрдӕтӕ бацагайа. Иу хойӕн йӕ лӕг не ’фсымӕр нӕ уыд. Фӕлӕ йын иу бон афтӕ, ӕз дӕр, дам, демӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕуын. Хо ууыл тынг бадис кодта. Уый размӕ йӕ цалдӕр азы дӕргъы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуыдта, фӕлӕ уый никуы сразы. Уӕдӕ йӕ ныр цӕмӕн бафӕндыд? Йӕ усӕн бамбарын кодта: «Хуынды гӕххӕтт мын радтой!» Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йӕ фӕхуыдта йӕ зонгӕ хистӕр нӕлгоймаг. Гъемӕ нӕ хойы лӕг уыцы аз Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацыд. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы афтӕ кодта.

15. Адӕмы Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы хонӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

15 Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй фӕхонӕм, уыдонмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына цавӕрдӕр фарстатӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕмбырдты никуы уыдысты, уӕд. Хорз уаид, рагацау-иу куы ахъуыды кӕниккам, адӕймаг нӕ цӕмӕй бафӕрсдзӕн, ууыл ӕмӕ дзуаппытӕ куы бацӕттӕ кӕниккам (Кол. 4:6). Чи зоны нӕ бафӕрса: «Ӕрымысӕн изӕры цы уыдзӕн? Цас цӕудзӕн? Мӕ уӕлӕ цы хъуамӕ скӕнон? Цӕмӕй мӕ бауадзой, уый тыххӕй ӕхца фидын хъӕудзӕн? Ӕхца дзы ӕмбырд кӕндзысты?» Искӕй куы фӕхонай, уӕд ӕй дӕ бон у бафӕрсын, цавӕр фарстатӕ йӕм ис, уымӕй, ӕмӕ йын стӕй йӕ фарстатӕн дзуапп ратт. Ис ма йын равдисӕн видеороликтӕ «Чырыстийы мӕлӕт нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм» ӕмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?», цӕмӕй фена, не ’мбырдтӕ куыд фӕцӕуынц, уый. Хорз хъуыдытӕ ма ис чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 28-ӕм урочы.

16. Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй кӕмӕдӕрты ноджыдӕр цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

16 Ӕрымысӕн изӕрмӕ фыццаг хатт чи ’рбацӕуа, уыдонмӕ уый фӕстӕ, чи зоны, ӕндӕр фарстатӕ дӕр фӕзына. Исчи дзул ӕмӕ сӕнӕй куы сахода, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, бафӕрсой: «Иннӕтӕ та дзы цӕуылнӕ сахуыстой?» Чидӕртӕ ма бафӕрсынц: «Ӕрымысӕн изӕр цал хатты фӕбӕрӕг кӕнут? Иннӕ фембӕлдтӕ дӕр афтӕ фӕцӕуынц?» Ӕрымысӕн изӕры раныхасы дӕр уыдӕттыл дзырд фӕцӕуы. Фӕлӕ, фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдонӕн арӕх фӕхъӕуы фылдӕр цыдӕртӕ бамбарын кӕнын. Сайты jw.org ис статья «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр иннӕ динты хуызӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?», ӕмӕ уым сӕ фарстатӕй кӕцыдӕртӕн дзуапп ссардзынӕ. Мах фӕнды Ӕрымысӕн изӕры, уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын, цӕмӕй, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕн баххуыс кӕнӕм (Хъуыд. 13:48).

ӔМБЫРДТӔМ ЧИ НАЛ ЦӔУЫ, УЫДОНӔН ХЪӔУЫ БАХХУЫС КӔНЫН

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын? (Йезекил 34:12, 16).

17 Ӕрымысӕн изӕры афон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын? Равдисут сын, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ сыл кӕй тыхсут. (Бакӕс Йезекилы 34:12, 16.) Ӕрымысӕн изӕры размӕ дзы, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алкӕй дӕр ссарут – кӕнӕ сӕм бацӕут, кӕнӕ сӕм телефонӕй бадзурут. Макӕй дзы ферох кӕнут. Зӕгъут сын, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ уӕ тынг кӕй фӕнды, уӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сын баххуыс кӕнын. Ӕрымысӕн изӕрмӕ сӕ фӕхонут. Куы ’рбацӕуой, уӕд-иу сыл зӕрдиагӕй бацин кӕнут. Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ дӕр сӕ рохуаты ма ныууадзут. Бадзурут-иу сӕм кӕнӕ-иу сӕм бацӕут ӕмӕ сын баххуыс кӕнут, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын тынг зынаргъ сты! (1 Пет. 2:25).

18. Махӕй алкӕй бон дӕр куыд у, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын? (Ромӕгтӕм 12:10).

18 Махӕй алкӕй бон дӕр уыдзӕн, ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Уыдон сты Йегъовӕйы зынаргъ фыстӕ. Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд хъуамӕ равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:10.) Чи зоны, сӕ ныфс нӕ хастой ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуынмӕ кӕнӕ тарстысты, цы цӕстӕй мӕм ракӕсдзысты, зӕгъгӕ e. Ӕмӕ хорз нӕ уыдзӕн, кӕй тыххӕй фефсӕрмы уыдзысты, ахӕм фарстатӕ сӕм куы дӕттӕм, хынцфӕрстытӕ сӕ куы кӕнӕм кӕнӕ сын сӕ зӕрдӕ цы фӕриссын кӕндзӕн, ахӕм исты куы зӕгъӕм (1 Фес. 5:11). Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты, ӕмӕ нын ӕхсызгон уыдзӕн ногӕй та семӕ иумӕ лӕггад кӕнын (Пс. 119:176; Хъуыд. 20:35).

19. Ахсджиаг цӕмӕн у Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын?

19 Йесо нын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын кӕй бафӕдзӕхста, уый тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Мах ӕй ӕмбарӕм, уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у. Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы стыр пайда, стӕй афтӕмӕй нӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Афтӕмӕй равдисӕм, мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн куыд тынг аргъ кӕнӕм, уый. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Ӕмӕ нӕ бон вӕййы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй базоной, Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕймаг цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййы, уый. Цӕй ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразӕм, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ, афӕдзы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ, цӕттӕ уӕм!

НӔ БОН КУЫД У...

  • нӕ зӕрдӕтӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын?

  • иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын Ӕрымысӕн изӕр пайда ӕрхӕсса?

  • ӕмбырдтӕм чи нал цӕуы, уыдонӕн баххуыс кӕнын?

18 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

a Ацы статьяйы цы видеороликты ӕмӕ статьяты кой ис, уыдон дӕ бон у ссарын сайты jw.org. «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс, видеоролик кӕнӕ статья куыд хуыйны, уый.

b Кӕс статья «Кӕсджыты фарстатӕ» 2021 азы апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

c Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 23 сӕр, 8, 9 абзацтӕ.

d Кӕс рамкӕ « Цы ис раиртасӕн?».

e Кӕс нывтӕм ӕмӕ рамкӕмӕ « Ӕмбырды сӕм цы цӕстӕй ракастысты?». Ӕмбырдтӕм чи нал цыд, уыцы ӕфсымӕр Паддзахады залмӕ бацӕуынмӕ йӕ ныфс нӕ хӕссы, фӕлӕ уӕддӕр бацыд. Уым ыл зӕрдиагӕй бацин кодтой, ӕмӕ йын ӕхсызгон у ӕфсымӕртимӕ ныхас кӕнын.

f НЫВ. Йегъовӕйы адӕм кӕцыдӕр бӕстӕты Ӕрымысӕн изӕр куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд иннӕ бӕстӕты та сӕхи уыцы ахсджиаг хабармӕ фӕцӕттӕ кӕнынц.