Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Силгоймӕгтӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсис?

Силгоймӕгтӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсис?

НӔ БОН ке ӕй нӕ хуӕрти a хӕццӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн. Нӕ хуӕртӕ ӕнцӕ ӕууӕнки аккаг ӕма кустуарзагӕ, ӕма сӕ мах берӕ уарзӕн, удта си алкӕмӕндӕр аргъ кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ мах, ӕнсувӕртӕ, гъӕуама сӕ хӕццӕ фӕлмӕн уӕн ӕма сӕ зӕрдихудти ма цӕуӕн. Фал не ’гасдӕр ӕнӕнхӕст ке ан, уой туххӕй нин е алкӕд нӕ фӕууайуй. Еуӕй-еу ӕнсувӕртӕн ба хуӕрти нимайун уӕлдай зин фӕууй.

Еуӕй-еу бӕстити силгоймӕгти адӕнбӕл дӕр нӕ нимайунцӕ. Боливийӕй еу районон цӕстӕдарӕг Ханс зӕгъуй: «Еуӕй-еу биццеутӕн сӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ уотӕ фӕдздзорунцӕ, ӕма, дан, ӕцӕг лӕг гъӕуама ӕхецӕй сӕрустур уа, удта, силгоймӕгтӕй уӕлдӕр ке ӕй, уой лӕдӕра». Тайванӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Шен Сянь ба зӕгъуй: «Бунӕттон ӕгъдӕуттӕмӕ гӕсгӕ силгоймӕгтӕн дзурди барӕ нӕййес ӕма гъӕуама нӕлгоймӕгти гъуддӕгти сӕхе ма тъунсонцӕ. Нӕлгоймаг силгоймаги дзурдмӕ ку байгъоса, уӕд е ’мбӕлтти цӕсти ӕрхаудзӕй». Силгоймӕгти ке нӕ нимайунцӕ, уой ма ӕндӕр гъуддӕгтӕй дӕр февдесунцӕ. Зӕгъӕн, силгоймӕгти туххӕй уӕхӕн гъазӕн дзурдтӕ фӕккӕнунцӕ, ӕма фулдӕр ӕфхуӕрӕн дзурдти хузӕн фӕуунцӕ.

Хуарз ӕма ци адӕнихатти астӕу исирӕзтан, етӕ сӕхе куд дарунцӕ, махӕн нӕхе уотӕ дарун ӕнӕмӕнгӕ нӕй. Кӕд биццеуи уотӕ ахур кодтонцӕ, ӕма нӕлгоймӕгтӕ силгоймӕгтӕй алцӕмӕйдӕр хуӕздӕр ӕнцӕ, уӕддӕр ӕ бон ӕй ӕ зундахаст раййевун (Еф. 4:22–24). Еци гъуддаги ин Йегови цӕветтон банхус кӕндзӕй. Аци статьяй радзубанди кӕндзиан ӕртӕ фарстайебӕл: Йеговӕ силгоймӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? Ӕнсувӕртӕн ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй етӕ дӕр силгоймӕгтӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсонцӕ? Ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти бон куд ӕй фӕнзуйнаг ун, силгоймӕгтӕн цӕхуӕн кадӕ кӕнун гъӕуй, уомӕй?

ЙЕГОВӔ ЦӔХУӔН ЦӔСТӔЙ КӔСУЙ СИЛГОЙМӔГТӔМӔ?

Силгоймӕгтӕмӕ ци цӕстӕй кӕсун гъӕуй, уомӕн Йеговӕ ӕхуӕдӕг ӕй фӕнзуйнаг. Е ӕй фӕлмӕнзӕрдӕ Фидӕ ӕма е ’гас сувӕллӕнтти дӕр уарзуй (Иоан. 3:16). Нӕ хуӕрти ба нимайуй, ӕ зӕрдӕн адгин ка ӕй, уӕхӕн кизгуттӕбӕл. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йеговӕ ӕцӕгӕйдӕр силгоймӕгти ке нимайуй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй, уомӕ.

Йеговӕ силгоймӕгтӕмӕ ӕнӕнвӕрсон каст нӕ кӕнуй. Е нӕлгоймаги дӕр ӕма силгоймаги дӕр ӕхемӕ гӕсгӕ сфӕлдиста (Райд. 1:27). Уотӕ не ’скодта, цӕмӕй нӕлгоймаг силгоймагӕй зундгиндӕр ӕма искурдиадгиндӕр уа, ӕма сӕ силгоймӕгтӕй хуӕздӕрбӕл нӕ нимайуй (2 Анз. 19:7). Зӕгъӕн, сӕ бон ӕй ӕмхузӕнӕй Библий рӕстдзийнадӕ лӕдӕрун ӕма Хуцауи дессаги менеугутӕ ӕвдесун. Йеговӕ нӕлгоймӕгти дӕр ӕма силгоймӕгти дӕр се ’ууӕндундзийнади туххӕй ӕмхузӕн хуӕрзеуӕгӕй исхайгин кӕнуй. Сӕ еуетӕн дӕр ӕма се ’ннетӕн дӕр ӕносмӕ цӕруни нифс балӕвар кодта – кенӕ зӕнхӕбӕл дзенети цӕрдзӕнцӕ, кенӕ ба уӕлӕрвти паддзӕхтӕ ӕма саугинтӕ уодзӕнцӕ (2 Пет. 1:1). Мадта бӕрӕг ӕй, Йегови цӕсти силгоймӕгтӕн нӕлгоймӕгтӕй минкъийдӕр кадӕ ке нӕййес.

Байгъосуй сӕмӕ. Йеговӕ силгоймӕгти тухститӕмӕ цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй. Мах ӕй зонӕн, Аннӕ ӕма Рахили кувдтитӕмӕ ке игъуста, ӕма си ци курдтонцӕ, уой ке исӕнхӕст кодта (Райд. 30:22; 1 Сам. 1:10, 11, 19, 20). Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ Библий ниффинсун кодта, силгоймӕгтӕмӕ ка байгъосидӕ, еци нӕлгоймӕгти хабӕрттӕ. Зӕгъӕн, Авраам Йегови загъдмӕ гӕсгӕ ӕ бийнойнаг Сарри дзурдмӕ байгъуста (Райд. 21:12–14). Паддзах Давид ба Авигейи дзурдтӕмӕ ӕ гъос ӕрдардта. Уотӕ дӕр ма загъта, Йеговӕ дӕ рарвиста мӕ хӕццӕ радзорунмӕ, зӕгъгӕ (1 Сам. 25:32–35). Киристе ба ӕ мадӕ Марийи дзурдтӕмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ ракастӕй. Мах ӕй зонӕн, е алкӕддӕр ӕ Фиди хузӕн ке фӕййархайуй (Иоан. 2:3–10). Аци цӕветтонтӕй зиннуй, Йеговӕ силгоймӕгти ке нимайуй, е бӕрӕг ке ӕй, ке сӕмӕ игъосуй, уомӕй.

Ӕууӕндуй сӕбӕл ӕма син аллихузи гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнуй. Зӕгъӕн, Йеговӕ Адам ӕма Евӕн баихӕс кодта, цӕмӕй зӕнхӕмӕ зелонцӕ (Райд. 1:28). Хуцау Еви ку сфӕлдиста, цӕмӕй Адамӕн ӕнхусгӕнӕг уа, уӕд ӕй бавдиста, Адамӕй ин минкъийдӕр ке нӕ аргъ кӕнуй. Йеговӕ ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодта Деворӕ ӕма Олдамӕн – ӕ адӕнӕн сӕ пахапмар-уоститӕй иснисан кодта, ӕма сӕ хӕццӕ унаффӕ кодтонцӕ тӕрхонгӕнӕг ӕма паддзах дӕр (Тӕрх. 4:4–9; 2 Пад. 22:14–20). Абони дӕр Йеговӕ силгоймӕгтӕн берӕ ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ баихӕс кӕнуй. Нӕ хуӕртӕ игъосун кӕнунцӕ Паддзахади туххӕй хуарз хабар, пионертӕй ӕма миссионертӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ, удта Паддзахади залтӕ ӕма Вефилтӕ амайунмӕ ӕма сӕ рӕвдзӕ кӕнунмӕ ӕнхус кӕнунцӕ. Кадӕртӕ си Вефили лӕггадӕ кӕнунцӕ, кадӕртӕ ба – тӕлмацгӕнгути офисти. Еци хуӕртӕ ӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ ӕфсади хузӕн ӕма Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ (Пс. 68:11). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, Йеговӕ силгоймӕгти ӕнӕхъаурӕ кенӕ ӕнарӕхсгитӕбӕл нӕ нимайуй.

ӔНСУВӔРТӔН ЦИ БАНХУС КӔНДЗӔЙ СИЛГОЙМӔГТӔМӔ ЙЕГОВИ ЦӔСТӔЙ КӔСУН?

Ӕнсувӕртӕ, нӕ бон куд ӕй балӕдӕрун, хуӕртӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕн ӕви нӕ? Уой туххӕй ба фӕгъгъӕуй нӕ гъуддӕгтӕбӕл ӕма нӕ гъудитӕбӕл расагъӕс кӕнун. Еуӕй-еухӕттити ’й лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнӕн, цидӕр раст ке нӕ кӕнӕн. Рентгени фӕрци хатгай зӕрди незтӕ куд рабӕрӕг унцӕ, уотӕ нин хуарз ӕмбӕлттӕ, удта Хуцауи Дзурд банхус кӕндзӕнцӕ исбӕрӕг кӕнун, нӕ зӕрди медӕг силгоймӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсӕн, уой. Кутемӕй?

Де ’мбӕлттӕй еске бафӕрсӕ (Ӕмб. 18:17). Кӕд дин фӕлмӕн ӕма лӕдӕргӕ ӕмбал ес, уӕд ӕй бафӕрсӕ: «Куд дӕмӕ кӕсуй, хуӕртӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсун? Ке сӕ нимайун, е бӕрӕг ӕй? Мӕхе сӕ хӕццӕ куд фӕддарун, уоми мӕ ести раййевун гъӕуй?» Де ’мбал дин ести унаффӕ ку ратта, уӕд дӕхе рӕститӕ кӕнунбӕл ма фӕууо. Уой бӕсти дӕ хъауритӕ исаразӕ, ци гъӕуй, уой раййевунмӕ.

Исбӕрӕг кӕнӕ, дӕ зундахаст Библимӕ гӕсгӕ ’й ӕви нӕ. Библийӕй хуӕздӕр нин неци банхус кӕндзӕй, хуӕртӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарӕн, уой балӕдӕрунмӕ (Дзиуит. 4:12). Уоми финст ӕнцӕ аллихузи нӕлгоймӕгти хабӕрттӕ. Еуӕй-еуетӕ си силгоймӕгтӕмӕ хуарз цӕстӕй кастӕнцӕ, иннетӕ ба – нӕ. Хуцауи Дзурд ӕртасгӕй нӕ бон ӕй нӕхе сӕ хӕццӕ рабарун. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй, цит, Библий стихтӕ кӕрӕдзей хӕццӕ рабарун, цӕмӕй ӕй балӕдӕрӕн, силгоймӕгти туххӕй си ци финст ес, уой. Ӕма уӕд хатдзӕгтӕ ӕрмӕстдӕр еу кӕцидӕр стихмӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзиан. 1 Петури 3:7 финст ӕй: «Силгоймаг лӕмӕгъдӕр ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ син кадӕ кӕнтӕ» b. Цума аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма силгоймагмӕ нӕлгоймаги хӕццӕ рабаргӕй минкъийдӕр зунд ӕма искурдиӕдтӕ ес? Нӕъ. Петури дзурдтӕ рабарӕ Галатӕгтӕмӕ 3:26–29 ци финст ес, уой хӕццӕ. Уоми финст ӕй, Йеговӕ Киристейӕн ӕмпаддзӕхтӕ ке ӕвзаруй нӕлгоймӕгтӕй дӕр ӕма силгоймӕгтӕй дӕр. Хуцауи Дзурд ку ’ртасӕн ӕма нӕ хуарз ӕмбали хӕццӕ ку унаффӕ кӕнӕн, фӕнди нӕлгоймаг уа, фӕнди силгоймаг, уӕд исахур уодзиан хуӕрти, куд ӕмбӕлуй, уотӕ нимайун.

ХЕСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ ХУӔРТИ КЕ НИМАЙУНЦӔ, УОЙ КУД ӔВДЕСУНЦӔ?

Хуӕртӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарун гъӕуй, уобӕл ӕнсувӕрти бон ӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ахур кӕнун. Хестӕр нӕлгоймӕгти бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй еци гъуддаги иннетӕн фӕнзуйнаг уонцӕ?

Хуӕрти фестаунцӕ. Еци гъуддаги хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕнзуйнаг ӕй апостол Павел. Ромӕгтӕмӕ финстӕги Павел цалдӕр хуӕрей растудта (Ром. 16:12). Расагъӕс кӕнӕ, еци хуӕртӕн ци ӕхцӕуӕн адтайдӕ, финстӕг ӕнӕгъӕнӕ ӕмбурди рази ку кастӕнцӕ, уӕд. Абони дӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕттӕ фӕуунцӕ хуӕрти фӕлмӕн дзурдтӕй барӕвдаунмӕ. Етӕ син сӕ хуарз менеугутӕ фӕууинунцӕ ӕма сӕ растаунцӕ, Йегови гъуддаги куд зингзӕрдӕй архайунцӕ, уой туххӕй. Уотемӕй хуӕртӕ фӕууинунцӕ, ке сӕ нимайунцӕ ӕма син ке аргъ кӕнунцӕ. Ӕма сӕ хатгай идарддӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ уомӕй фулдӕр неци фӕгъгъӕуй (Ӕмб. 15:23).

Ӕстауӕ

Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕййархайунцӕ, цӕмӕй хуӕрти зӕрдиагӕй ӕма бӕлвурд естӕй туххӕй ӕстауонцӕ. Цӕмӕн? Еу хуӕрӕ Джессикӕ зӕгъуй: «Ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕнсувӕртӕ дӕ ку фестаунцӕ. Фал дзӕвгарӕ ӕхцӕуӕндӕр фӕууй, бӕлвурд естӕй туххӕй ку растаунцӕ, уӕд. Зӕгъӕн, хуӕрӕ ӕ сувӕллӕнтти ӕмбурди рӕстӕг сабур бадунбӕл ке ахур кӕнуй кенӕ, Библи ахур кӕнун ка райдӕдта, уой ӕмбурдмӕ ке ӕрбаласуй, уой туххӕй». Ӕнсувӕртӕ бӕлвурд гъуддӕгти туххӕй ку растаунцӕ, уӕд ӕй хуӕртӕ фӕллӕдӕрунцӕ, ӕмбурди син ке аргъ кӕнунцӕ, уой.

Хуӕртӕмӕ байгъосунцӕ. Сӕрниллӕг хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама лӕдӕронцӕ, айдагъ уонӕмӕ ке нӕ фӕззиннуй хуарз гъудитӕ. Уомӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕрти фӕрразӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй дзорунмӕ ма ’фсӕрми кӕнонцӕ, фӕххуӕздӕр кӕнун ци ’нгъезуй, уой фӕдбӕл сӕмӕ ести гъудитӕ ку уа, уӕд. Ӕма ести ку фӕдздзорунцӕ, уӕд сӕмӕ лӕмбунӕг байгъосунцӕ. Уотемӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕ айдагъ хуӕрти нифс нӕ бафедар кӕнунцӕ, фал ма сӕхуӕдтӕ дӕр цӕбӕлдӕрти исахур унцӕ. Еу хестӕр нӕлгоймаг Герардо лӕггадӕ кӕнуй Вефили. Е зӕгъуй: «Хуӕрти хӕццӕ ку раунаффӕ кӕнун, уӕд мӕ ихӕс хуӕздӕр исӕнхӕст кӕнун. Арӕхдӕр еци хуӕртӕ цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ ӕнсувӕртӕй хуӕздӕр фӕййарӕхсунцӕ». Хуӕртӕй беретӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ пионертӕй, уомӕ гӕсгӕ сӕ территорий адӕни хуӕздӕр зонунцӕ. Еу хестӕр нӕлгоймаг Брайан зӕгъуй: «Нӕ хуӕртӕмӕ берӕ хуарз менеугутӕ ес, удта аллихузи куститӕмӕ хуарз фӕййарӕхсунцӕ, ӕма е нӕ организаций арӕх багъӕуй. Хуарз уайдӕ, еци хъиамӕтгун хуӕртӕ ци фӕдздзорунцӕ, уомӕ нӕ гъос ку дарианӕ».

Игъосӕ

Хуӕртӕ ести фӕххуӕздӕр кӕнуни туххӕй сӕ гъудитӕ ку фӕдздзорунцӕ, уӕд сӕбӕл лӕдӕргӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ къох нӕ ракъуӕрунцӕ. Цӕмӕннӕ? Еу хестӕр нӕлгоймаг Эдвӕрд зӕгъуй: «Фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ци фӕззӕгъунцӕ, е арӕх ӕнсувӕртӕн банхус кӕнуй гъуддагмӕ аллирдигӕй ӕркӕсун. Удта уой фӕрци иннети дӕр хуӕздӕр фӕллӕдӕрунцӕ» (Ӕмб. 1:5). Фал хестӕр нӕлгоймагӕн хуӕрӕ ци загъта, е ку нӕ фӕппайда уа, уӕддӕр ӕй растаудзӕй, цӕхуӕндӕр гъуддагбӕл ке батухстӕй, уой туххӕй.

Хуӕрти фӕййахур кӕнунцӕ. Изолмӕ ка сагъӕс кӕнуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕрти фӕййахур кӕнунцӕ. Зӕгъӕн, ба син амонунцӕ, игъосун кӕнуни фембӕлд куд уадзгӕ ’й, уой. Уой фӕрци’ й хуӕртӕ фӕззонунцӕ, ци кӕнгӕ ’й, ӕмбурди донаргъуд ӕнсувӕртӕ ку нӕ уа, уӕд. Удта ма хуӕрти исахур кӕнунцӕ, инструменттӕ ӕма техники хӕццӕ куд архайгӕ ’й, уобӕл, цӕмӕй сӕ бон уа нӕ организаций бӕстихӕйттӕмӕ зелун. Вефили бӕрнон ӕнсувӕртӕ хуӕрти исахур кӕнунцӕ аллихузи куститӕбӕл, цӕмӕй сӕ бон уа арӕзтадон гъуддӕгтӕмӕ арӕхсун, ӕлхӕнуйнӕгтӕ ӕлхӕнун, компьютерти хӕццӕ архайун ӕма уотӕ идарддӕр. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕрти ку фӕййахур кӕнунцӕ, уӕд фӕййархайунцӕ, цӕмӕй ӕй хуӕртӕ лӕдӕронцӕ, ӕнсувӕртӕ сӕбӕл сӕ зӕрдӕ ке дарунцӕ ӕма син алцидӕр ке рауайдзӕй, уобӕл ке нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ.

Ахур кӕнӕ

Хуӕртӕй беретӕ цӕбӕл исахур унцӕ, уомӕй фӕппайда кӕнунцӕ иннетӕн ӕнхус кӕнунмӕ. Зӕгъӕн, арӕзтадон гъуддӕгтӕ кӕнунбӕл ка исахур ӕй, уони бон фӕууй ӕрдзон бӕллӕхти фӕсте ӕнхус кӕнун. Иннети ба исахур кодтонцӕ, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕн игъосун кӕнун. Нур еци хуӕртӕ иннӕ хуӕрти ахур кӕнунцӕ, цӕмӕй уони бон дӕр уа еци хузи лӕггадӕ кӕнун. Хуӕртӕ ба ци зӕгъунцӕ, ка сӕ ахур кодта, еци хестӕр нӕлгоймӕгти туххӕй? Еу хуӕрӕ Дженнифер зӕгъуй: «Гъуди ма ’й кӕнун, Паддзахади зал амайунмӕ куд ӕнхус кодтон. Кустбӕл дзуапп ка лӕвардта, е рӕстӕг не ’вгъау кодта, цӕмӕй мӕ ахур кодтайдӕ. Ци мин бантӕсидӕ, уой туххӕй мӕ растауидӕ. Ӕ хӕццӕ косун мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕй. Лӕдӕрдтӕн ӕй, ӕнсувӕртӕ мӕбӕл сӕ зӕрдӕ ке дарунцӕ ӕма мин ке аргъ кӕнунцӕ».

СИЛГОЙМӔГТӔМӔ ЙЕГОВИ ЦӔСТӔЙ КӔСУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ?

Мах нӕ хуӕрти берӕ уарзӕн. Етӕ ’нцӕ нӕ бийнонтӕ, ӕма нӕ фӕндуй, Йеговӕ сӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уӕхӕн цӕстӕй кӕсун (1 Тим. 5:1, 2). Мах син аргъ кӕнӕн, ӕма нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй сӕ хӕццӕ еумӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Хуӕртӕ ’й ку фӕллӕдӕрунцӕ ке сӕ уарзӕн ӕма син банхус кӕнунмӕ цӕттӕ ке фӕууӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр амондгундӕр фӕууӕн. Еу хуӕрӕ Ванессӕ зӕгъуй: «Йеговӕ мӕ ӕ организацимӕ ке ӕрбахудта, уой туххӕй си куд боз дӕн, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес. Нӕ организаций берӕ ес, фӕлмӕн дзурдӕй барӕвдаунмӕ цӕттӕ ка фӕууй ӕма лӕмбунӕг ка ӕй, уӕхӕн ӕнсувӕртӕ». Тайванӕй иннӕ хуӕрӕ ба зӕгъуй: «Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин ӕй, Йеговӕ ӕма ӕ организаци силгоймӕгтӕбӕл ӕма се ’нкъарӕнтӕбӕл уотӕ зӕрдиагӕй ке тухсунцӕ. Е мин ме ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнуй ӕма Йегови адӕни астӕу ке дӕн, уомӕн никки фулдӕр фӕййаргъ кӕнун».

Ӕнсувӕртӕ, Йеговӕ уи хъӕбӕр сӕрустур ӕй, силгоймӕгтӕмӕ уой цӕстӕй кӕсунбӕл ке архайетӕ, уой туххӕй (Ӕмб. 27:11). Шотландийӕй еу хестӕр нӕлгоймаг Бенджамин зӕгъуй: «Аци дуйней силгоймӕгтӕмӕ арӕх сӕрӕй бунмӕ фӕккӕсунцӕ. Уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй Паддзахади залмӕ ку ’рбацӕунцӕ, уӕд ӕй лӕдӕронцӕ, ами сӕ берӕ ке уарзунцӕ ӕма сӕ ке нимайунцӕ». Гъӕйдӕ мадта нӕ хуӕртӕмӕ Йегови цӕстӕй кӕсӕн, уарзӕн сӕ ӕма сӕ нимайӕн, уомӕн ӕма уой аккаг ӕнцӕ! (Ром. 12:10).

a Аци статьяй дзурд «хуӕртӕ» тогӕй хӕстӕгутӕмӕ нӕ амонуй, фал ӕмбурди киристон хуӕртӕмӕ.

b «Силгоймаг лӕмӕгъдӕр ке ӕй», е куд лӕдӕргӕ ’й, уой туххӕй фулдӕр дзурд цӕуй статьяй «Ценность „более слабого сосуда“», 2006 анзи 15 маййи «Сторожевая башня», удта статьяй «Мудрое наставление для супружеских пар», 2005 анзи 1 мартъий «Сторожевая башня».