Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

27 ЗАРӔГ Хуыцауы фыртты кад раргом уыдзӕн

«Никуы дӕ ныууадздзынӕн»!

«Никуы дӕ ныууадздзынӕн»!

«Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“» (ДЗУТ. 13:5б).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Хуыцауы зӕххон лӕггадгӕнджыты цӕмӕн хъуамӕ уырна, Хуыцау сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд.

1. Сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕлӕрвты кӕд ӕрӕмбырд уыдзысты?

 РАЗДӔР-ИУ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фӕндыд базонын: «Цымӕ сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг уӕлӕрвтӕм ист кӕд ӕрцӕудзӕн?» Уӕд афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ, гӕнӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕй чидӕртӕ Армагеддоны фӕстӕ иуцасдӕр зӕххыл цӕрдзысты. Фӕлӕ 2013 азы 15 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй базыдтам, зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты, цалынмӕ Армагеддоны хӕст нӕ райдайа, уӕдмӕ (Матф. 24:31).

2. Кӕмӕдӕрты цавӕр фарста фӕзыны ӕмӕ ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Фӕлӕ кӕмӕдӕрты фӕзыны ахӕм фарста: «„Стыр бӕллӕхы“ рӕстӕг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыцы „ӕндӕр фыстӕ“ та цы бауыдзысты?» (Матф. 24:21; Иоан. 10:16). Абон иуӕй-иутӕ фӕмӕт кӕнынц, зӕгъгӕ, нӕ зынаргъ сӕрст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй зӕххыл куы ничиуал уа, уӕд ӕвӕгӕсӕгӕй баззайдзыстӕм ӕмӕ, дарддӕр цы кӕнӕм, уый нӕ зондзыстӕм. Цымӕ афтӕ цӕмӕн фӕхъуыды кӕнынц? Ӕркӕсӕм Библийӕ дыууӕ хабармӕ. Чи зоны сӕм уыдоны тыххӕй фӕзыны ахӕм хъуыдытӕ. Стӕй та аныхас кӕндзыстӕм, мӕт кӕнын ӕппындӕр цӕуылнӕ хъӕуы, ууыл.

ТӔРСЫН ЦӔМӔЙ НӔ ХЪӔУЫ?

3, 4. Иуӕй-иутӕ цӕмӕй тӕрсынц ӕмӕ цӕмӕн?

3 Иуӕй-иутӕ тӕрсынц, Разамонӕг советы цы сӕрст ӕфсымӕртӕ ис, уыдон зӕххыл куы нал уой, уӕд ӕндӕр фыстӕ рӕстдзинады фӕндаг кӕй ныууадздзысты. Чи зоны, ууыл мӕт кӕнынц Библийӕ цавӕрдӕр хабӕртты тыххӕй. Ӕркӕсӕм дыууӕмӕ. Иу у хистӕр сауджын Иода́имӕ баст. Уый Хуыцауыл тынг иузӕрдион уыд. Йӕ бинойнаг Иосаве́фимӕ аирвӕзын кодтой гыццыл Иоа́сы ӕмӕ йын баххуыс кодтой, цӕмӕй суыдаид хорз ӕмӕ иузӕрдион паддзах. Ӕмӕ, цалынмӕ ацӕргӕ Иодай ӕгас уыд, уӕдмӕ Иоас Йегъовӕйӕн лӕггад кодта ӕмӕ арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ Иодай куы амард, уӕд райдыдта, Йегъовӕйы чи нӕ уарзта, уыцы кънйӕзтӕм хъусын. Ӕмӕ Йегъовӕйы ныууагъта (2 Аз. 24:2, 15–19).

4 Иннӕ та у 2 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты хабар. Цалынмӕ Иоанн, апостолтӕй фӕстаг, ӕгас уыд, уӕдмӕ бирӕ чырыстӕттӕн ӕххуыс кодта Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн (3 Иоан. 4). Иннӕ апостолтау Иоанн дӕр архайдта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ бахъахъхъӕдтаид, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, уыдонӕй (2 Фес. 2:7; 1 Иоан. 2:18). Фӕлӕ Иоанны мӕлӕты фӕстӕ ӕмбырдты бирӕтӕ раст дин ныууагътой ӕмӕ мӕнг хъуыдытӕ парахат кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ цалдӕр дӕсазмӕ ӕппӕт ӕмбырдты дӕр ахӕм хъуыдытӕ апарахат сты ӕмӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты.

5. Цы дыууӕ хабарыл аныхас кодтам, уыдонӕй цавӕр хатдзӕгтӕ хъуамӕ ма кӕнӕм?

5 Ацы дыууӕ хабары, мыййаг, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ӕндӕр фыстӕн дӕр сӕ хабар афтӕ уыдзӕн, сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд? Уыдон дӕр Иоасы хуызӕн ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын райдайдзысты? Кӕнӕ, 2 ӕнусы бирӕ чырыстӕттӕ куыд бакодтой, афтӕ уыдон дӕр раст дин ныууадздзысты? Ницы хуызы! Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕ куы нал уа, уӕд ӕндӕр фыстӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕндзысты ӕмӕ сын разамынд чи дӕтта, уый дӕр кӕй уыдзӕн. Ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

РАСТ ДИН МӔНГ АХУЫРӔДТӔЙ НИКУЫ ФӔХЪӔСТӔ УЫДЗӔН

6. Ныртӕккӕ уал цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

6 Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, раст дин мӕнг ахуырӕдтӕй кӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн, фидӕны нӕм цы стыр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, суанг уыдоны рӕстӕг дӕр? Библийы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ. Нӕ рӕстӕг тынг хицӕн кӕны рагон Израилы заманӕй ӕмӕ н. э. 2 ӕнусӕй. Цӕй ӕмӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм: 1) рагон Израилы заманыл; 2) апостолтӕ куы амардысты, уӕд уый фӕстӕ хабар куыд уыд, ууыл ӕмӕ 3) нӕ рӕстӕгыл – нӕ рӕстӕг та Библийы хуыйны, «Хуыцау... цӕй кой кодта, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг» (Хъуыд. 3:21).

7. Иузӕрдион израилӕгтӕн-иу сӕ ныфс цӕуылнӕ асаст, паддзӕхтӕ ӕмӕ-иу адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы бафтыдысты, уӕд?

7 Рагон Израилы заман. Моисей йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн загъта: «Ӕз ӕй зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ сымах ныллӕудзыстут сӕфты фӕндагыл. Цы фӕндагыл уын бафӕдзӕхстон цӕуын, уыцы фӕндагӕй адзӕгъӕл уыдзыстут» (Дык. з. 31:29). Стӕй ма сӕ бафӕдзӕхста, Хуыцаумӕ куы нӕ хъусой, уӕд сӕ уацары кӕй акӕндзысты (Дык. з. 28:35, 36). Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Израилы паддзӕхтӕй бирӕтӕ арӕзтой ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ-иу Хуыцауы адӕмы дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдтой. Ӕмӕ афтӕ уыд бирӕ ӕнусты дӕргъы. Уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ адӕмы бафхӕрдта ӕмӕ нал бауагъта, цӕмӕй ма израилӕгтӕй исчи паддзах суыдаид (Йез. 21:25–27). Фӕлӕ-иу иузӕрдион израилӕгтӕ куы федтой, Хуыцауы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уӕд-иу сӕ ныфс бацыд ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Ис. 55:10, 11).

8. 2 ӕнусы чырыстон ӕмбырдты се ’ппӕты дӕр мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй апарахат сты ӕмӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй бафтыдысты, уый нӕм хъуамӕ диссаг кӕса? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

8 Апостолты мӕлӕты фӕстӕ. 2 ӕнусы чырыстон ӕмбырдты се ’ппӕты дӕр мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй апарахат сты ӕмӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл кӕй бафтыдысты, уый нӕм диссаг хъуамӕ ма кӕса. Йесо дзырдта, бирӕтӕ раст дин кӕй ныууадздзысты (Матф. 7:21–23; 13:24–30, 36–43). Ӕмӕ апостолтӕ Павел, Петр ӕмӕ Иоанн куыд фыстой, афтӕмӕй Йесойы пехуымпарад н. э. 1 ӕнусы ӕххӕст кӕнын райдыдта (2 Фес. 2:3, 7; 2 Пет. 2:1; 1 Иоан. 2:18). 2 ӕнусы та чырыстон ӕмбырдтӕ мӕнг ахуырӕдты бын фесты. Афтӕмӕй фӕзынд мӕнг чырыстон дин ӕмӕ уый сси Стыр Вавилоны хай (Стыр Вавилон амоны мӕнг динтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесойы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты.

9. Нӕ рӕстӕг рагон Израилы заманӕй ӕмӕ 2 ӕнусӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

9 «Хуыцау... цӕй кой кодта, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг». Нӕ рӕстӕг хицӕн кӕны рагон Израилы заманӕй ӕмӕ н. э. 2 ӕнусӕй, ома, бирӕтӕ раст дин куы ныууагътой, уыцы рӕстӕгӕй. Библийы нӕ рӕстӕг куыд хуыйны? Чи зоны, уайтагъд зӕгъӕм, ацы фыддунейы «фӕстаг бонтӕ», зӕгъгӕ (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, фӕстаг бонтимӕ ма кӕй райдыдта ӕндӕр дуг дӕр. Уый у диссаджы хабӕртты дуг ӕмӕ бирӕ фылдӕр ахӕсдзӕн. Уыцы дуг фӕуыдзӕн, Мессийӕйы Паддзахад адӕмӕн куы баххуыс кӕна, цӕмӕй ӕххӕст суой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт куы скӕна, уӕд. Библийы уыцы дуг хуыйны «Хуыцау... цӕй кой кодта, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууын кӕныны рӕстӕг» (Хъуыд. 3:21). Райдыдта 1914 азы. Уӕд Хуыцау фӕстӕмӕ йӕ къахыл цы слӕууын кодта? Йесо уӕлӕрвты Паддзахӕй ӕвӕрд ӕрцыд. Ногӕй та фӕзынд, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, ахӕм хицау. Уый уыд иузӕрдион паддзах Давиды байзӕддаг. Фӕлӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма Йегъовӕ райдыдта раст дин дӕр йӕ къахыл лӕууын кӕнын (Ис. 2:2–4; Йез. 11:17–20). Цымӕ та искуы ногӕй ӕвзӕр истӕмӕй фӕхъӕстӕ уыдзӕн?

10. а) Нӕ рӕстӕджы раст дины хабар куыд уыдзӕн, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? (Исай 54:17). б) Ахӕм пехуымпарӕдтӕ нӕ ныфс цӕмӕн уадзынц?

10 Бакӕс Исайы 54:17. Ахъуыды-ма кӕн ацы пехуымпарадыл: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕ абон ӕххӕст кӕнынц. Абон ма ӕххӕст кӕнынц мӕнӕ ацы ныфсы ныхӕстӕ дӕр: «Дӕ фыртты дын се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Йегъовӕ, ӕмӕ дӕ фырттӕ хайджын уыдзысты ӕнӕкӕрон фарнӕй. Ды ӕрфидар уыдзынӕ рӕстдзинады. ...Никӕмӕй тӕрсдзынӕ. Уыдзынӕ дард, зӕрдӕйы тас цы уадзы, уыдӕттӕй, уымӕн ӕмӕ дӕм хӕстӕг дӕр не ’рбацӕудзысты» (Ис. 54:13, 14). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн амонынц, Библи цы дзуры, уый. Ӕмӕ суанг Хӕйрӕгӕн дӕр, «ацы цардӕвӕрды хуыцауӕн», йӕ бон нӕу уыцы куыст бауромын (2 Кор. 4:4). Раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд ӕмӕ никуыуал ницӕмӕй фӕхъӕстӕ уыдзӕн. Уый уыдзӕн ӕнустӕм дӕр. Нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй нын иу дӕр ницы бакӕндзӕн!

УӔД ХАБАР КУЫД УЫДЗӔН?

11. Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд тынг бирӕ адӕм ӕнӕ разамындӕй кӕй нӕ баззайдзысты, уый нӕ цӕмӕн уырны?

11 Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд хабар куыд уыдзӕн? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо Чырысти нӕ Фыййау кӕй у. Уый у чырыстон ӕмбырды сӕр дӕр. Йесо загъта: «Иу Разамонӕг [уын] ис – Чырысти» (Матф. 23:10). Йесо ныртӕккӕ у Паддзах уӕлӕрвты. Ӕмӕ йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕн алкӕддӕр разамынд дӕтдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ сӕ тӕрсын ӕппындӕр ницӕмӕй хъӕуы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырысти уыцы рӕстӕг йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтдзӕн, уый бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ нӕ Библийӕ иуӕй-иу цӕвиттонтӕ ныфс бауадздзысты. Цӕй ӕмӕ сӕм ӕркӕсӕм.

12. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта: а) Моисейы мӕлӕты фӕстӕ? б) Илийайы ӕндӕр ранмӕ куы арвыста, уӕд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд Моисей амард. Цымӕ ӕнӕ уымӕй Хуыцауы адӕм сидзӕрӕй баззадысты? Уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ сын ӕххуыс кодта, цалынмӕ йыл иузӕрдион уыдысты, уӕдмӕ. Моисей нырма ӕгас уыд, афтӕ йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй Йесо На́вины адӕмӕн разамонӕгӕй сӕвӕрдтаид. Моисей йӕ уӕдмӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы ахуыр кодта (Рац. 33:11; Дык. з. 34:9). Уымӕй уӕлдай ма израилӕгты ’хсӕн уыди бирӕ фӕлтӕрдджын нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон дӕр адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтой. Чи дзы мин адӕймаджы сӕргъы ӕвӕрд уыд, чи – сӕдӕ адӕймаджы сӕргъы, чи – фӕндзай адӕймаджы сӕргъы, чи та суанг – дӕс адӕймаджы сӕргъы дӕр (Дык. з. 1:15). Хуыцау йӕ адӕммӕ хорз каст. Кӕнӕ ахъуыды кӕнӕм Илийа́йы хабарыл. Уый бирӕ азты дӕргъы ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй израилӕгтӕн ӕххуыс кодтаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ арвыста ӕндӕр ранмӕ. Хъуамӕ лӕггад кодтаид Иудӕйы паддзахады (2 Пад. 2:1; 2 Аз. 21:12). Цымӕ уӕд, дӕсмыггаг паддзахад Израилы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цард, уыдон ӕнӕ разамындӕй баззадысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Илийа цалдӕр азы дӕргъы ахуыр кодта Елисе́йы. Стӕй Израилы уыди «пехуымпарты фырттӕ» дӕр. Уыдон-иу, ӕвӕццӕгӕн, скъолайы куыд вӕййы, афтӕ иумӕ ахуыр кодтой (2 Пад. 2:7). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Израилы уыди, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, бирӕ ахӕм иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ. Йегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кодта.

Моисей дӕр (ныв галиуырдыгӕй) ӕмӕ Илийа дӕр (ныв рахизырдыгӕй) ахуыр кодтой, сӕ фӕстӕ сӕ хӕстӕ чи хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, уыцы нӕлгоймӕгты (кӕс 12 абзац)


13. Дзуттӕгтӕм 13:5б стихы нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Уӕдӕ дӕм ныр куыд кӕсы, зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд хабар куыд уыдзӕн? Ацы фарстайӕн Библийы ис хуымӕтӕг дзуапп: Йегъовӕ йӕ адӕмы никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5б.) Абон Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕтты сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд. Ӕмӕ уыдон дӕр Моисей ӕмӕ Илийайау ӕмбарынц, куыд ахсджиаг у иннӕты ахуыр кӕнын. Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ азты дӕргъы, ӕндӕр фыстӕй чи у, уыцы ӕфсымӕртӕн амонынц, разамынд дӕттын куыд хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, скодтой скъолатӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕн, филиалты комитетты уӕнгтӕн, Вефилы цӕстдарджытӕн, миссионертӕн ӕмӕ ма ӕндӕр скъолатӕ дӕр. Разамонӕг советы комитетты ӕххуысгӕнджыты та Разамонӕг совет йӕхӕдӕг ахуыр кӕны. Уыцы ӕххуысгӕнджытӕ ныр дӕр бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сты ӕууӕнкджын. Уыдон хорз цӕттӕ сты, цӕмӕй Чырыстийы фыстӕн разамынд дӕттой, сӕрст чырыстӕттӕ зӕххыл куы нал уой, уӕд.

Разамонӕг советы чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц: се ’ххуысгӕнджыты ахуыр кӕнынц, скодтой скъолатӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, цӕуӕг цӕстдарджытӕн, филиалты комитетты уӕнгтӕн, Вефилы цӕстдарджытӕн ӕмӕ миссионертӕн (кӕс 13 абзац)


14. Ацы статьяйы сӕйраг хъуыды цы у?

14 Уӕдӕ нӕ статьяйы сӕйраг хъуыды у ахӕм: стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд раст дин ницы фӕуыдзӕн. Йесо Чырысти нын разамынд кӕй дӕтдзӕн, уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕг нӕ ныхмӕ Маго́гы зӕххӕй Гог, ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, кӕй рацӕудзӕн, уый дӕр нӕ рох нӕу (Йез. 38:18–20). Фӕлӕ уый ахӕсдзӕн цыбыр рӕстӕг, ӕмӕ сын ницы рауайдзӕн. Сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Хуыцау нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕмы». Уыдон «стыр бӕллӕхы сӕрты... ахызтысты» (Рарг. 7:9, 14). О, Хуыцау йӕ адӕмы ӕнӕмӕнг фервӕзын кӕндзӕн!

15, 16. Раргомад 17:14 стихмӕ гӕсгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ Армагеддоны хӕсты рӕстӕг цы араздзысты ӕмӕ нӕ уый ныфс цӕмӕн уадзы?

15 Фӕлӕ, чи зоны, исчи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвтӕм куы ацӕуой, уӕд уым цы кусдзысты. Библи ацы фарстайӕн дӕтты бӕлвырд дзуапп. Ацы дунейы хицауӕдтӕ «стох кӕндзысты Уӕрыккимӕ». Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, састы бынаты баззайдзысты. Библийы кӕсӕм: «Фӕлӕ сыл Уӕрыкк фӕуӕлахиз уыдзӕн». Ӕмӕ йын ӕххуыс та чи кӕндзӕн? «Хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ». (Бакӕс Раргомад 17:14.) Ӕмӕ цымӕ уыдон чи сты? Чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уӕдӕ стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд сӕ фыццаг хӕслӕвӕрдтӕй иу уыдзӕн, хӕцын сӕ кӕй хъӕудзӕн, уый. Диссаджы хӕслӕвӕрд! Сӕрст чырыстӕттӕй чидӕртӕ, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ систы, уӕдмӕ хӕстмондаг адӕймӕгтӕ уыдысты. Иуӕй-иутӕ дзы уыдысты ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ хӕсты дӕр хӕцыдысты. Фӕлӕ чырыстӕттӕ куы систы, уӕд сахуыр сты адӕмимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрын (Гал. 5:22; 2 Фес. 3:16). Ӕмӕ хӕцгӕ никӕимӕуал кодтой. Фӕлӕ, уӕларвон цардмӕ куы райгас уой, уӕд уыдзысты иу ӕфсады Чырыстиимӕ ӕмӕ йӕ сыгъдӕг зӕдтимӕ ӕмӕ фӕстаг хӕсты хӕцдзысты Хуыцауы знӕгтимӕ.

16 Ууыл-ма ахъуыды кӕн! Сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сты ацӕргӕ ӕмӕ лӕмӕгъ. Фӕлӕ, куы райгас уой, уӕд суыдзысты хъомысджын ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймӕгтӕ. Уыдон фӕрсӕй-фӕрстӕм хӕцдзысты сӕ уӕлахиздзау Паддзах Йесо Чырыстиимӕ. Армагеддоны хӕсты фӕстӕ та Йесоимӕ иумӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст. Дзырд дӕр ыл нӕй, уӕлӕрвтӕй сӕ зынаргъ зӕххон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон бирӕ фылдӕр уыдзӕн саразын! Ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уӕвгӕйӕ сын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ никуы сарӕзтаиккой.

17. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр Армагеддоны хӕсты рӕстӕг ӕдас бынаты кӕй уыдзысты?

17 Армагеддоны хӕст куы райдайа, уӕд ӕндӕр фысты та цы хъӕудзӕн аразын? Бирӕ ницы. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъусын. Гӕнӕн ис, бахъӕуа мӕнӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Уыцы рӕстӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр,– уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр,– уыдзысты ӕдас бынаты. Апостол Павелау мах дӕр фидарӕй уырны: «ницы [нӕ] фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» – «нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ» (Ром. 8:38, 39). Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ дӕ тынг уарзы ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд ӕндӕр фыстӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн?

  • Раст дин ӕвзӕр цӕмӕйдӕр кӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

  • Йегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг