Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

10 ЗАРӔГ Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

«Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном»!

«Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном»!

«Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ. Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном» (ПС. 113:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цӕмӕн нӕ хъуамӕ фӕнда алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кадджын кӕнӕм.

1, 2. Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы у нӕ бон бамбарын, Йегъовӕйӕн куыд зын у, йӕ номыл ын цъыф кӕй фӕкалдтой, уый?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн ахӕм уавӕр. Бирӕ кӕй уарзыс, уыцы адӕймаг дӕу тыххӕй ӕвзӕр цыдӕртӕ фӕдзырдта. Ды йӕ зоныс, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты. Фӕлӕ уыцы ныхӕстыл чидӕртӕ баууӕндыдысты. Иннӕ бӕллӕх та ма уый у, ӕмӕ уыдон дӕр уыцы мӕнг ныхӕстӕ иннӕтӕн дзурын райдыдтой, ӕмӕ сыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Ахӕм уавӕры куы бахауис, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсид? Адӕм дӕм цы зӕрдӕ дарынц ӕмӕ дӕу тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, уымӕ кӕд куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсыс, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, хъыг уаид (Ӕмб. 22:1).

2 Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕйӕн дӕр куыд хъыг уыди, йӕ номыл ын цъыф куы фӕкалдтой, уӕд. Йӕ уӕларвон фырттӕй дзы иу фыццаг сылгоймагӕн, Евӕйӕн, мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта. Ӕмӕ сыл Евӕ баууӕндыд. Уыцы сайд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый аххосӕй адӕм иууылдӕр систы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ (Райд. 3:1–6; Ром. 5:12). Ӕмӕ абон дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ цӕуынц, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы мӕнг ныхӕстӕ райдыдта парахат кӕнын, уыдоны аххосӕй. Адӕм хъизӕмар кӕнынц, цагъды кӕнынц, бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ. Уӕдӕ Хӕйрӕг Йегъовӕйы фыдкой кӕй фӕкодта, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта. Ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕм кӕсын дӕр Йегъовӕйӕн зын куыннӕ у. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уый уӕддӕр у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11).

3. Цавӕр кад нӕм ӕрхауд?

3 Махмӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ нӕ бон у цыдӕр аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы ном рухс кӕнӕм. Нӕ бон у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном» (Пс. 113:1). Мах ын йӕ ном фӕкадджын кӕнӕм, иннӕтӕн йӕ хорзы кой куы фӕкӕнӕм ӕмӕ сын, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд. Дӕу дӕр фӕнды Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ Хуыцауы ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнӕм? Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм ӕртӕ хъуыддагыл.

ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ КУЫ КАДДЖЫН КӔНӔМ, УӔД ЫН ЙӔ ЗӔРДӔ РУХС КӔНДЗЫСТӔМ

4. Йегъовӕйы куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын уый ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы (Пс. 119:108). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ӕнӕххӕст адӕмы хуызӕн фӕхъӕуы, цӕмӕй дзы ӕппӕлой, ӕмӕ-иу фӕныфсджындӕр уа? Уый афтӕ нӕу. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Гыццыл чызг йӕ фыдмӕ базгъордта ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта. Ӕмӕ йын дзуры: «Па, ӕз дӕ бирӕ уарзын. Ды дӕ ӕппӕты хуыздӕр фыд!» Фыдӕн фырцинӕй йӕ цӕсгом ныррухс, тынг ӕхсызгон ын у уыцы ныхӕстӕ фехъусын. Цӕмӕн? Мыййаг, фыдӕй афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ дзы йӕ сывӕллон куы не ’ппӕла, уӕд амондджын нӕ уыдзӕн? Афтӕ нӕй зӕгъӕн. Уыцы фыд йӕ чызджы уарзы ӕмӕ йын ӕхсызгон у, йӕ чызг дӕр ӕй кӕй уарзы ӕмӕ дзы бузныг кӕй у, уый кӕй ӕвдисы. Стӕй зоны, куы сыстыр уа, уӕд ын уыцы миниуджытӕ кӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уа. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр, ӕппӕты хуыздӕр Фыдӕн, уыдӕтты тыххӕй вӕййы ӕхсызгон, куы йӕ фӕкадджын кӕнӕм, уӕд.

Фыдӕн йӕ сывӕллон куы фӕзӕгъы, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы бузныг кӕй у, уӕд ын куыд ӕхсызгон вӕййы, раст афтӕ ӕхсызгон вӕййы Йегъовӕйӕн дӕр, йӕ ном ын куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд (кӕс 4 абзац)


5. Хуыцауы ном куы кадджын кӕнӕм, уӕд хурмӕ цавӕр мӕнг ныхӕстӕ хӕсдзыстӕм?

5 Хӕйрӕг мах тыххӕй дӕр фӕкодта мӕнг ныхӕстӕ. Ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыды куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, сайгӕ кӕй кӕны. Уый афтӕ зӕгъы, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр кӕронмӕ Хуыцауы сӕрыл нӕ хӕцдзӕн ӕмӕ йыл фӕлварӕнты иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Ома, дам, нӕ иу дӕр Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзӕн, афтӕмӕй нӕхицӕн ӕнцондӕр куы уа, уӕд (Иов 1:9–11; 2:4). Фӕлӕ Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Ды дӕр Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзынӕ? Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у алы уавӕры дӕр Хуыцауы сӕрыл хӕцын ӕмӕ йын нӕ иузӕрдион лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмб. 27:11). Уый махӕн стыр кад у!

6. Нӕ бон куыд у паддзах Давиды ӕмӕ левитты бафӕзмын? (Нееми 9:5).

6 Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдон ын йӕ ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзынц. Паддзах Давид ныффыста: «Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн, о мӕ уд, ӕмӕ мӕ буары алы уӕнг дӕр – йӕ сыгъдӕг номӕн» (Пс. 103:1). Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕхи кӕй фӕкадджын кӕнӕм. Йегъовӕйы ном куы фехъусӕм, уӕд ахъуыды кӕнӕм, цавӕр Хуыцау у, ууыл, йе ’ппӕт рӕсугъд миниуджытыл ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтыл. Давиды фӕндыд йӕ Фыды сыгъдӕг ном кадджын кӕнын. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕ кадджын кодтаид йӕ «буары алы уӕнгӕй дӕр», ома ӕппӕт зӕрдӕйӕ. Левиттӕ дӕр нын фӕзминаг сты, Йегъовӕйы куыд кадджын кодтой, уымӕй. Уыдон уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ ӕмбӕрстой, сӕ бон кӕй никуы уыдзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг номы аккаг кады ныхӕстӕ ссарын. (Бакӕс Неемийы 9:5.) Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйы афтӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕбынӕй кӕй кадджын кодтой, уый йын ӕрхаста стыр циндзинад.

7. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы нӕ лӕггадӕй ӕмӕ нӕ цардӕй кадджын кӕнын?

7 Мах дӕр иннӕтӕн Йегъовӕйы хорзы кой куы кӕнӕм ӕмӕ сын куы дзурӕм, куыд тынг ӕй уарзӕм ӕмӕ дзы куыд бузныг стӕм, уый тыххӕй, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, нӕ сӕйраг нысан кӕй у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ нӕ зынаргъ Фыды мах хуызӕн бауарзой (Иак. 4:8). Махӕн ӕхсызгон у адӕмӕн, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый ӕвдисын. Фӕдзурӕм сын йӕ уарзондзинады, йӕ ӕгӕрон тыхы ӕмӕ йе стыр зонды тыххӕй, рӕстӕй кӕй архайы, уый тыххӕй, стӕй йӕ иннӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджыты тыххӕй. Йегъовӕйы ма фӕкадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм, куы фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм, уӕд дӕр (Еф. 5:1). Афтӕ куы фӕкӕнӕм, уӕд ацы фыддунейы бӕрӕг фӕдарӕм. Бирӕтӕ йӕ фӕуынынц, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ сӕ фӕфӕнды базонын, ӕндӕрхуызон цӕмӕн стӕм, уый (Матф. 5:14–16). Ӕмӕ нын уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына фадат, цӕмӕй сын уый бамбарын кӕнӕм. Уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой. Нӕ лӕггадӕй ӕмӕ нӕ цардӕй Йегъовӕйы куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы (1 Тим. 2:3, 4).

ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ КУЫ КАДДЖЫН КӔНӔМ, УӔД РУХС КӔНДЗЫСТӔМ ЙЕСОЙЫ ЗӔРДӔ

8. Йесо Йегъовӕйы ном куыд кадджын кодта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?

8 Уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр Йесойӕ хуыздӕр Йегъовӕйы ничи зоны (Матф. 11:27). Йесо йӕ Фыды тынг уарзы, ӕмӕ йын йӕ ном куыд кадджын кӕны, уымӕй нын у фӕзминаг (Иоан. 14:31). Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ Фыдмӕ куывта, ӕмӕ йын зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ цы бантыст, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон» (Иоан. 17:26). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

9. Йесо цавӕр фӕсномыг ныхас радзырдта, цӕмӕй ноджы ирддӕрӕй равдыстаид, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый?

9 Йесо-иу адӕмӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ дзырдта, Хуыцауы ном Йегъовӕ у, зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр зыдтой. Фӕлӕ-иу сын «бамбарын кодта, [Хуыцау] чи у, уый» (Иоан. 1:17, 18). Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау (Рац. 34:5–7). Йесо та уый ноджы хуыздӕр равдыста, хивӕнд фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы. Фырт куы ’рфӕсмон кодта, уӕд сфӕнд кодта хӕдзармӕ ӕрбаздӕхын. «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта», азгъордта йӕм, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кодта (Лук. 15:11–32). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар хорз ӕвдисы, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у. Афтӕмӕй Йесо йӕ Фыды раргом кодта – равдыста, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый.

10. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо йӕ Фыды йӕ номӕй кӕй хуыдта ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр афтӕ кодтаиккой? (Марчы 5:19). (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Йесо нын цы бафӕдзӕхста?

10 Цымӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын иннӕтӕ дӕр йӕ Фыды йӕ номӕй хуыдтаиккой? Бӕгуыдӕр. Уыцы рӕстӕджы иуӕй-иу дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын нӕ фӕтчы. Фӕлӕ Йесо зыдта, уыдӕттӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй сты. Уый уӕддӕр йӕ Фыды ном кадджын кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Герасӕйы раз хӕйрӕджджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уыцы хабар. Адӕм старстысты, ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаид. Ӕмӕ дзы уый дӕр нал ӕрлӕууыд (Мар. 5:16, 17). Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уым дӕр Йегъовӕйы ном базыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы нӕлгоймагӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, Йегъовӕ йын цы хорздзинад ракодта, уый тыххӕй. Афтӕ йын нӕ загъта, Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй дзур, зӕгъгӕ. (Бакӕс Марчы 5:19.) a Ӕмӕ Йесойы фӕнды, цӕмӕй абон мах дӕр ӕгас зӕххыл йӕ Фыды ном ӕргом кӕнӕм! (Матф. 24:14; 28:19, 20). Афтӕмӕй рухс кӕнӕм нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы зӕрдӕ.

Раздӕр хӕйрӕджджын чи уыд, уыцы нӕлгоймагӕн Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй (кӕс 10 абзац)


11. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ кувой ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (Йезекил 36:23).

11 Йесо зыдта, Йегъовӕйы фӕнд кӕй у йӕ ном срухс кӕнын, ома йыл цы цъыф фӕкалдтой, уымӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ равдисын, Хӕйрӕг дзы цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты. Ӕмӕ нӕ Кадджын Ахуыргӕнӕг йӕ фӕдылдзӕуджыты уымӕн ахуыр кодта афтӕ кувын: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Йесо ӕмбӕрста, уый ӕппӕты ахсджиагдӕр фарста кӕй у ӕмӕ кӕй хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ зӕдтӕм дӕр. (Бакӕс Йезекилы 36:23.) Йесо цас сарӕзта, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс кодтаид, уыйбӕрц нӕдӕр зӕдтӕй, нӕдӕр адӕмӕй иу дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ йӕ куы ’рцахстой, уӕд ӕй йе знӕгтӕ цавӕр тӕригъӕды фӕаххосджын кодтой? Хуыцауы, дам, фауы! Йӕхӕдӕг дӕр уымӕй стырдӕр тӕригъӕдыл ницы нымадта. Ӕмӕ йӕ ныр уыцы фыдракӕнды кӕй аххосджын кодтой, уый йын тынг зын уыд. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынгдӕр уый тыххӕй «хъуырдухӕн» кодта, куы йӕ ’рцахстой, уый размӕ (Лук. 22:41–44).

12. Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды ном куыд срухс кодта?

12 Йесо ныффӕрӕзта ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр, стӕй алы ӕфхӕрӕн ныхасӕн ӕмӕ алы мӕнг ныхасӕн дӕр, цӕмӕй йӕ Фыды ном срухс кодтаид. Уый зыдта, алы хъуыддаджы дӕр йӕ Фыды коммӕ кӕй бакаст ӕмӕ, йӕ цӕсгом цӕй тыххӕй сыгъдаид, ахӕмӕй кӕй ницы сарӕзта (Дзут. 12:2). Йесо ма зыдта, уыцы уӕззау рӕстӕджы йыл Хӕйрӕг йӕхӕдӕг кӕй ныццавта йӕхи (Лук. 22:2–4; 23:33, 34). Хӕйрӕг, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесойы басӕтдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Фӕлӕ йӕ фӕндтӕ йӕ хъуыры фӕбадтысты! Йесо радта фидар дзуапп Хӕйрӕджы ӕбуалгъы мӕнг ныхӕстӕн. Равдыста, мӕнгард ӕмӕ фӕлитой кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй ис, цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнты дӕр ыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивдзӕн, ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ!

13. Дӕ бон куыд у дӕ Паддзахы зӕрдӕ рухс кӕнын?

13 Фӕнды дӕ дӕ Паддзах Йесойы зӕрдӕ рухс кӕнын? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр Йегъовӕйы ном кадджын кӕн – иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй базоной, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Афтӕ куы кӕнай, уӕд цӕудзынӕ Йесойы къахвӕдтыл (1 Пет. 2:21). Ӕмӕ Йесойау Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ ӕвдисдзынӕ, йе знаг Хӕйрӕг мӕнгард ӕмӕ фӕлитой кӕй у.

ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ КАДДЖЫН КӔНГӔЙӔ АДӔМӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ ФЕРВӔЗОЙ

14, 15. Адӕмӕн куы фембарын кӕнӕм, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый, уӕд арӕх цавӕр диссаг фенӕм?

14 Йегъовӕйы ном кӕй кадджын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзой. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Хӕйрӕг адӕмӕн «сӕ сӕрызонд... бакуырм кодта» (2 Кор. 4:4). Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты, цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, уыдоныл, зӕгъӕм, ахӕмтыл: «Хуыцау нӕй»; «Хуыцау махӕй дард у ӕмӕ йӕ адӕмы мӕт нӕй»; «Хуыцау у ӕгъатыр ӕмӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдоны ӕнустӕм зындоны хъизӕмарӕй мары». Уыцы мӕнг ныхӕстӕн ис иу нысан: Йегъовӕйы номыл цъыф фӕкалын, цӕмӕй адӕмы ма бафӕнда Хуыцауы базонын. Фӕлӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд Хӕйрӕгӕн йӕ фӕндтӕ фехалӕм. Мах адӕмӕн дзурӕм, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном кадджын кӕнӕм. Уый адӕмыл куыд фӕзыны?

15 Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинадӕн ис ӕнахуыр тых. Адӕмӕн куы фембарын кӕнӕм, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый, уӕд нӕ цӕстыты раз ӕрцӕуы диссаг. Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты уацарӕй фервӕзынц: сӕ цӕстытӕ байгом вӕййынц ӕмӕ фенынц Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ. Йе ’гӕрон тых сӕ дисы бафтауы (Ис. 40:26). Алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, уый сӕ ныфс бауадзы (Дык. з. 32:4). Йӕ арф зондӕй схайджын вӕййынц (Ис. 55:9; Ром. 11:33). Ӕмӕ, адӕмы куыд тынг уарзы, уый куы базонынц, уӕд сын уый удӕнцой ӕрхӕссы (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд сын фӕзыны ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Мах стыр кадыл нымайӕм, адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сӕ Фыдмӕ баввахс уой! Йегъовӕ нӕ нымайы йе ’мкусджытыл (1 Кор. 3:5, 9).

16. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы ном куы базонынц, уӕд сыл уый куыд фӕзыны? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

16 Фыццаг нӕ бон вӕййы адӕймагӕн равдисын, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Ӕрмӕст уый дӕр, гӕнӕн ис, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн йӕ цард фӕива. Ӕркӕсӕм иу ӕрыгон сылгоймаджы, Али́йӕйы, хабармӕ b. Йӕ бинонтӕ чырыстӕттӕ нӕ уыдысты, ӕндӕр диныл хӕст уыдысты. Фӕлӕ Алийӕ йӕ динӕй райгонд нӕ уыд, стӕй йӕм афтӕ каст, ӕмӕ дзы Хуыцау дард у. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд алцыдӕр фӕивта. Хуыцауы йӕ Хӕларыл нымайын райдыдта. Ӕмӕ куы базыдта, Хуыцауы ном бирӕ Библитӕй кӕй айстой ӕмӕ йӕ кады нӕмттӕй кӕй баивтой, уӕд тынг бадис кодта. Йегъовӕйы ном куы базыдта, уӕд йӕ цард фӕивта. Алийӕ цингӕнгӕйӕ загъта: «Мӕ хуыздӕр Хӕларӕн ис ном!» Стӕй ма загъта: «Кӕдӕй-уӕдӕй удӕнцой ссардтон. Ӕз мӕхи амондджын хонын, уымӕн ӕмӕ зонын Хуыцауы ном!» Ныр та ӕркӕсӕм Стивы хабармӕ. Уый уыд музыкант. Йӕ ныййарджытӕ фидар хӕцыдысты дзуттаг диныл. Фӕлӕ уый нӕ фӕндыд, цӕмӕй искӕцы диныл хӕст уыдаид, уымӕн ӕмӕ уыдта уырнӕг адӕмы цӕстмӕ митӕ. Фӕлӕ йӕ мад куы амард, уӕд тынг хъыг кодта. Уыцы рӕстӕг йе ’мбал ахуыр кодта Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, ӕмӕ йӕ Библийы ахуырмӕ фӕхуыдта. Стив дӕр сразы. Хуыцауы ном куы базыдта, уӕд ын уый йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уый загъта: «Хуыцауы ном никуы фехъуыстон». Стӕй ма загъта: «Фыццаг хатт бамбӕрстон, Хуыцау ӕцӕгӕй кӕй ис, удӕгас Хуыцау кӕй у! Фӕзынди мын ӕппӕты хуыздӕр Хӕлар».

17. Цӕмӕн дӕ фӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйы ном кадджын кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Адӕмӕн хорз хабар куы фӕхъусын кӕныс ӕмӕ сын рӕстдзинад куы фӕамоныс, уӕд сын Хуыцауы кадджын ном раргом кӕныс? Ӕххуыс сын кӕныс, цӕмӕй феной, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый? Кӕд о, уӕд ын йӕ ном кадджын кӕныс. Уӕдӕ дарддӕр дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй базоной, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, уый, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кадджын кӕн. Афтӕмӕй сын ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй фервӕзой, стӕй цӕудзынӕ дӕ Паддзах Йесо Чырыстийы фӕдыл. Сӕйраджыдӕр та рухс кӕндзынӕ дӕ уарзӕгой Фыды зӕрдӕ. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы «ном... кадджын кӕнӕм ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ»! (Пс. 145:2).

Адӕмӕн Йегъовӕйы ном ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, уый куы фӕдзурӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ ном фӕкадджын кӕнӕм (кӕс 17 абзац)

ЦӔМӔН ИС ЗӔГЪӔН, ӔМӔ ХУЫЦАУЫ НОМ КАДДЖЫН КӔНГӔЙӔ...

  • рухс кӕнӕм Йегъовӕйы зӕрдӕ?

  • рухс кӕнӕм Йесо Чырыстийы зӕрдӕ?

  • адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй фервӕзой?

2 ЗАРӔГ Йегъовӕ у дӕ ном

a Марк Йесойы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд дзы Хуыцауы ном кӕй ныффыста, уымӕн ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уымӕ гӕсгӕ «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы стихы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд. Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ацы стихмӕ «Учебная Библия»-йы.

b Нӕмттӕ ивд сты.