Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

51 ЗАРӔГ Нӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтам!

Назорейтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Назорейтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

«Цалынмӕ назорей уа, уӕдмӕ Йегъовӕйы цӕсты уыдзӕн сыгъдӕг» (НЫМ. 6:8).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Назорейты цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнӕм ӕмӕ хъӕбатыр уӕм.

1. Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цӕттӕ цӕмӕ уыдысты?

 ЙЕГЪОВӔ дӕ Хӕлар кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕныс, ууыл дзырд дӕр нӕй. Ӕмӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ, дӕу хуызӕн Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕм адӕм бирӕ уыд (Пс. 104:33, 34). Бирӕтӕ цӕттӕ уыдысты Йегъовӕйы тыххӕй сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕуылдӕрты сӕ къух сисынмӕ. Афтӕ уыд сӕ хабар назорейтӕн дӕр. Цымӕ чи уыдысты ӕмӕ сын сӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. а) Назорейтӕ чи уыдысты? (Нымӕцтӕ 6:1, 2). б) Израилӕгтӕй-иу чидӕртӕ назорейтӕ цӕмӕн систы?

2 Дзырд «назорей» цы дзуттаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «хибаргонд», «хицӕнгонд» кӕнӕ «нывондгонд». Назорейтӕ уыдысты удуӕлдай израилӕгтӕ ӕмӕ цӕттӕ уыдысты сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн сӕрмагонд хуызы лӕггад кодтаиккой. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ нӕлгоймагӕн кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ бон уыди Йегъовӕйӕн сӕрмагонд дзырд раттын, цасдӕр рӕстӕг назорей кӕй уыдзӕн. (Бакӕс Нымӕцтӕ 6:1, 2.) a Исчи-иу ахӕм дзырд куы радта, уӕд-иу ӕй иннӕ израилӕгтӕй уӕлдай хъуыди ноджыдӕр цыдӕртӕ ӕххӕст кӕнын. Уӕдӕ-иу чидӕртӕ назорейтӕ цӕмӕн систы? Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзтой ӕмӕ-иу сӕ фӕндыд равдисын, йӕ бирӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы бузныг кӕй сты (Дык. з. 6:5; 16:17).

3. Абон Хуыцауы адӕм назорейты хуызӕн цӕмӕй сты?

3 Моисейы закъон «Чырыстийы закъонӕй» ивд куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон нал уыд назорейтӕй лӕггад кӕнын (Гал. 6:2; Ром. 10:4). Фӕлӕ назорейтау Йегъовӕйы адӕмы абон дӕр тынг фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕной ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Мар. 12:30). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын дзырд ратты, растдӕр ын афтӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы дзырд ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм Йегъовӕйы фӕндон ӕмӕ цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Ныртӕккӕ фендзыстӕм, назорейтӕ-иу куыд ӕххӕст кодтой, Йегъовӕйӕн-иу цы дзырд радтой, уый ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын (Матф. 16:24) b.

ЦӔТТӔ У ДӔХИ ЦӔМӔЙДӔРТЫ ФӔЦУХ КӔНЫНМӔ

4. Нымӕцтӕ 6:3, 4 стихтӕм гӕсгӕ, назорейтӕ-иу сӕ къух цӕуыл систой?

4 Бакӕс Нымӕцтӕ 6:3, 4. Назорейтӕн нӕ уыд нозт нуазӕн, стӕй сӕнӕфсир ӕмӕ, сӕнӕфсирӕй цы аразынц, уыдӕттӕ хӕрӕн, зӕгъӕм, чисмис. Иннӕтӕ-иу уыдӕттӕ хордтой, стӕй сӕнӕфсирӕй конд нуазинӕгтӕ нызтой, уымӕн ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы уыд. Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй дӕтты «сӕн, цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» ӕмӕ уый кӕй у йӕ лӕвар (Пс. 104:14, 15). Ӕмӕ кӕд уыцы хӕринӕгтӕ ӕмӕ нуазинӕгтӕ адӕймагӕн циндзинад хастой, уӕддӕр-иу сыл назорейтӕ сӕ къух систой. Афтӕ цӕрын-иу сӕхи бафӕндыд c.

Назорейтау цӕттӕ дӕ дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ? (кӕс 4–6 абзацтӕ)


5. Мадиан ӕмӕ Марселӕ сӕ къух цӕуыл систой ӕмӕ цӕмӕн?

5 Назорейтау мах дӕр нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнӕм, цӕмӕй нӕ бон уа Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм Мадиа́н ӕмӕ Марсе́лӕйы d. Ацы чырыстон лӕг ӕмӕ ус хорз цардысты, ницы хъуаг уыдысты. Мадианӕн уыд хорз куыст, ӕмӕ цардысты рӕсугъд квартирӕйы. Фӕлӕ сӕ фӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Гъемӕ сӕ царды цыдӕртӕ фӕивтой. Уыдон загътой: «Не ’хца раздӕрау нал хардз кодтам. Къаддӕр квартирӕмӕ ацыдыстӕм, нӕ машинӕ ауӕй кодтам». Ӕнӕмӕнг нӕ уыд, цӕмӕй афтӕ бакодтаиккой. Фӕлӕ сӕ фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй сфӕнд кодтой сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Ахӕм уынаффӕтӕ кӕй рахастой, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕфӕсмон кодтой. Ӕмӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сты амондджын.

6. Абон чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты цӕмӕн фӕцух кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Абон чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, цӕмӕй сын фылдӕр рӕстӕг уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (1 Кор. 9:3–6). Ӕмӕ сын уый ӕхсызгон вӕййы. Йегъовӕ нӕ уый домгӕ нӕ кӕны, стӕй, нӕ къух цӕуыл сисӕм, уыдӕттӕ ӕвзӕр цыдӕртӕ нӕ вӕййынц. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты фӕндид, цӕмӕй сын уа, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм куыст ӕмӕ хӕдзар кӕнӕ сӕм уа куыдз, гӕды йе та ӕндӕр исты цӕрӕгой. Бирӕтӕ аскъуыддзаг кодтой, нырма уал ус кӕй нӕ ракурдзысты кӕнӕ мой кӕй не скӕндзысты кӕнӕ уал нырма сывӕллон кӕй нӕ рауадздзысты. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ранмӕ, кӕд ныр сӕ бинонтӕй ӕмӕ се ’мбӕлттӕй дард сты, уӕддӕр. Мах уыдӕттӕй нӕхи фӕцух кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: дӕхи стыр цӕмӕйдӕр фӕцух кӕнай ӕви гыццыл цӕмӕйдӕр,– Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны (Дзут. 6:10).

ЦӔТТӔ У, ИННӔТӔЙ КӔЙ ХИЦӔН КӔНДЗЫНӔ, УЫМӔ

7. Назорейӕн зын цӕмӕн уыдаид, цы дзырд радта, уый ӕххӕст кӕнын? (Нымӕцтӕ 6:5). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Бакӕс Нымӕцтӕ 6:5. Назорей-иу дзырд радта, йӕ сӕрыхъуынтӕ кӕй не ’лвындзӕн. Уымӕй-иу равдыста, алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзӕн. Израилаг-иу назорей бирӕ рӕстӕг куы уыд, уӕд-иу йӕ сӕрыхъуынтӕ ӕрдаргъ сты ӕмӕ-иу адӕмы цӕсты хауди. Иннӕтӕ-иу назорейтӕн куы аргъ кодтой, уӕд-иу сӕм зын нӕ кастаид иннӕтӕй хицӕн кӕнын. Хъыгагӕн, Израилы ахӕм рӕстӕджытӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу назорейтӕ кадджын нӕ уыдысты. Пехуымпар Амосы рӕстӕг, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыцы израилӕгтӕ «назорейтӕн сӕн дардтой». Ӕвӕццӕгӕн сӕ фӕндыд, цӕмӕй, цы дзырд радтой, уый сӕрты ахызтаиккой (Амос 2:12). Хатт-иу назорейы стыр хъӕбатырдзинад хъуыд, цӕмӕй йӕ дзырд ӕххӕст кодтаид ӕмӕ иннӕтӕй хицӕн кодтаид.

Йӕ дзырд чи ӕххӕст кодта, уыцы назорей-иу цӕттӕ уыд, иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕндзӕн, уымӕ (кӕс 7 абзац)


8. Беньямины хабар дӕ куыд бафидар кодта?

8 Йегъовӕйы фӕрцы махмӕ дӕр уыдзӕн хъӕбатырдзинад, ӕмӕ нӕ тӕрсдзыстӕм иннӕтӕй хицӕн кӕнын, кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг кӕнӕ нӕуӕндон стӕм, уӕддӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Норвегийы иу 10-аздзыд Ӕвдисӕныл, Бе́ньяминыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Скъолайы сӕм уыд цавӕрдӕр хабар, Украинӕйы фарс кӕй сты, уый фӕдыл. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ азарыдаиккой зарӕг, сӕ уӕлӕ та хъуамӕ уыдаид бур ӕмӕ ӕрвхуыз уӕлӕдарӕс – Украинӕйы тырысайы хуызӕн. Беньямины нӕ фӕндыд уыдӕттӕ аразын, ӕмӕ дӕрддзӕф слӕууыд. Фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнӕг федта ӕмӕ йӕм фӕхъӕр кодта: «Тагъддӕр ардӕм рауай, иууылдӕр дӕумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!» Беньямин ӕм бацыд ӕмӕ йын ныфсджынӕй загъта: «Ӕз никӕй фарс дӕн ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ архайын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ахӕстоны бадынц, хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй». Гъемӕ йын ахуыргӕнӕг загъта, хорз, ды, дам, ма архай. Уӕд та йӕ йӕ къласӕгтӕ райдыдтой фӕрсын, цӕуылнӕ дӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Беньямин стыхст ӕмӕ йӕ скӕуынмӕ бирӕ нал хъуыд. Фӕлӕ уӕддӕр ӕнӕхъӕн къласӕн загъта, йӕ ахуыргӕнӕгӕн цы загъта, уый. Уый фӕстӕ Беньямин йӕ ныййарджытӕн загъта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинады сӕрыл сдзырдтаид.

9. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын?

9 Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй иннӕ адӕмӕй хицӕн кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу куысты кӕнӕ скъолайы зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм. Ацы дунейы адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уый тыххӕй нын, ӕвӕццӕгӕн, зындӕр уыдзӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын (2 Тим. 1:8; 3:13). Фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: хъӕбатыр куы уӕм ӕмӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй хицӕн кӕнын куы нӕ тӕрсӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11; Мал. 3:18).

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ЦАРДЫ ФЫЦЦАГ БЫНАТЫ УӔД

10. Назорейтӕн-иу зын кӕд уыд Нымӕцты 6:6, 7 стихты фыст домӕн ӕххӕст кӕнын?

10 Бакӕс Нымӕцтӕ 6:6, 7. Назорейтӕн мардмӕ хӕстӕг цӕуӕн нӕ уыд. Уыцы домӕн ӕххӕст кӕнын сын уӕлдай зын уыд, сӕ хиуӕттӕй-иу исчи куы фӕзиан, уӕд. Израилы-иу зианы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ марды уӕлхъус хъуамӕ исчи уыдаид (Иоан. 19:39, 40; Хъуыд. 9:36–40). Фӕлӕ назорейтӕн ахӕм ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнӕн нӕ уыд. Суанг-иу тынг куы маст кодтой, уӕддӕр-иу ӕххӕст кодтой, Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уый. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, фидар уырнындзинад сын кӕй ис. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ-иу уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу ахӕм уӕззау рӕстӕг бафӕрӕзтаиккой.

11. Бинонтимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕ хӕсгӕйӕ чырыстонӕн ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Мах куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм, нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам ӕмӕ йын дзырд кӕй радтам, уымӕ. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, нӕ бинонтимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл нӕ уынаффӕ рахӕссын кӕнӕ, нӕ бинонтӕм байхъусдзыстӕм ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд. Мах тынг архайӕм, Библимӕ гӕсгӕ ныл нӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕныныл. Фӕлӕ, нӕ бинонты цы фӕнды, уый нын Йегъовӕйы закъӕттӕй ахсджиагдӕр никуы вӕййы (Матф. 10:35–37; 1 Тим. 5:8). Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ нӕ хатт бахъӕуы, нӕ бинонты зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссын.

Цӕттӕ дӕ тынг зын уавӕры дӕр дӕ царды Йегъовӕйы фыццаг бынаты ӕвӕрынмӕ? (кӕс 11 абзац) e


12. Кӕд Александруйӕн йӕ бинойнаг йӕ ныхмӕ цыд, уӕддӕр цы нӕ сарӕзта ӕмӕ йӕхи куыд дардта?

12 Ӕркӕсӕм Алекса́ндру ӕмӕ йӕ бинойнаг Дори́нӕйы хабармӕ. Уыдон афӕдзы бӕрц Библи ахуыр кодтой, фӕлӕ стӕй Доринӕ йӕ ахуыр ныууагъта. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Александру дӕр афтӕ бакодтаид. Фӕлӕ йын уый сабырӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй загъта, дарддӕр кӕй ахуыр кӕндзӕн. Доринӕйӕн уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ лӕг Библи мауал ахуыр кодтаид. Александруйы фӕндыд бамбарын, йӕхи афтӕ цӕмӕн дары, уый, фӕлӕ йын уый ӕнцон нӕ уыд. Хатт-иу ӕй Доринӕ уайдзӕфты бын куы фӕкодта ӕмӕ-иу йемӕ тызмӕгӕй куы дзырдта, уӕд-иу йӕхицӕн загъта, нал ахуыр кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы алкӕддӕр фыццаг бынаты ӕвӕрдта. Ӕмӕ кӕд йӕ бинойнаг йӕ ныхмӕ цыд, уӕддӕр ӕвдыста, кӕй йӕ уарзы, уый ӕмӕ йын кад кодта. Александру фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый тыххӕй Доринӕйы ногӕй бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста. (Сайты jw.org рубрикӕйы «Рӕстдзинад сын сӕ цард аивта» кӕс видеороликмӕ «Александру ӕмӕ Доринӕ Вэкар. „Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ“».)

13. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ нӕ бинонты дӕр кӕй уарзӕм, уый?

13 Йегъовӕ ӕрӕвӕрдта бындур бинонты цардӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой (Еф. 3:14, 15). Цӕмӕй ӕцӕг амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕныс ӕмӕ уыимӕ дӕ бинонтӕн дӕр хорз кӕй дӕ, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сын кӕй кад кӕныс, уымӕн (Ром. 12:10).

КӔРӔДЗИЙӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ НАЗОРЕЙТЫ ХУЫЗӔН УӔМ

14. Уӕлдай тынгдӕр кӕй фӕхъӕуы ныфс бауадзын?

14 Абон Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Нӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй нын ахӕм зӕрдӕйы уаг уа? Нӕ бон у хойӕн кӕнӕ ӕфсымӕрӕн ахӕм исты зӕгъын, цӕмӕй-иу дзы ныфс бацӕуа (Иов 16:5). Чи зоны, уе ’мбырды кӕйдӕр фӕнды йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ фылдӕр лӕггад кӕнын. Кӕнӕ, чи зоны, уе ’мбырды ис, скъолайы иннӕтӕй хицӕн кӕнын чи нӕ тӕрсы, ахӕм сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ. Хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕнӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй кӕмӕндӕрты та сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ уыдон уӕддӕр сты иузӕрдион. Уӕдӕ-иу алы фадатӕй дӕр спайда кӕнӕм, цӕмӕй-иу уыцы зынаргъ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс бауадзӕм. Раппӕлӕм-иу сӕ, хъӕбатыр кӕй сты ӕмӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй (Филим. 4, 5, 7).

15. Иуӕй-иутӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

15 Иуӕй-иу хатт нӕ бон вӕййы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын (Ӕмб. 19:17; Дзут. 13:16). Афтӕ бакодта нӕ иузӕрдион ацӕргӕ хо Шри-Ланка́йы. Йӕ пенсимӕ йын бафтыдтой, ӕмӕ йӕ фӕндыд дыууӕ ӕрыгон хойӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр пионертӕй лӕггад кодтаиккой, кӕд ӕхцайӕ фӕтыхстысты, уӕддӕр. Гъемӕ аскъуыддзаг кодта, алы мӕй дӕр сын иу цасдӕр ӕхца кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу сӕ телефоны хӕрдзтӕн бафидой. Замманай фӕзминаг хо!

16. Назорейты хабарӕй нӕ бон цы у базонын?

16 Уӕдӕ федтам, назорейтӕй бирӕ цӕуылдӕрты кӕй ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ ма ацы хабарӕй нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй дӕр цыдӕртӕ базонын. Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕнды йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнын. Ӕмӕ зоны, цӕттӕ кӕй стӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй йын цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм. Уый нын дӕтты фадат, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый куыд равдисдзыстӕм, уый. Ӕмӕ нын афтӕмӕй кад кӕны (Ӕмб. 23:15, 16; Мар. 10:28–30; 1 Иоан. 4:19). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ номыл цы аразӕм, уымӕн. Цӕй ӕмӕ йын дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йын дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Цӕмӕй уыд бӕрӕг, назорейтӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыдысты ӕмӕ хъӕбатыр кӕй уыдысты, уый?

  • Нӕ бон куыд у кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй назорейты хуызӕн уӕм?

  • Назорейты хабарӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дары, уый тыххӕй?

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

a Кӕйдӕрты-иу Йегъовӕ йӕхӕдӕг снысан кодта назорейтӕй. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй-иу израилӕгты арӕхдӕр сӕхи бафӕндыд, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг назорейтӕ уыдаиккой. (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕ кӕй снысан кодта, уыцы назорейтӕ».)

b Хатт нӕ публикациты назорейты абарынц ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытимӕ. Фӕлӕ ацы статьяйы дзурдзыстӕм, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй назорейты хуызӕн уой.

c Куыд зыны, афтӕмӕй-иу назорейы йӕ дзырд ӕххӕст кӕныны тыххӕй цавӕрдӕр куыст кӕнын нӕ хъуыд.

d Сайты jw.org рубрикӕйы «Хабӕрттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты цардӕй» кӕс статья «Сфӕнд кодтам нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын».

e НЫВ. Назорей йӕ хӕдзары сӕрӕй кӕсы, зиан куыд фӕхӕссынц, уымӕ. Уый у йӕ бинонтӕй чидӕр. Цы дзырд радта, уый тыххӕй йӕ бон нӕу, ӕмӕ зианы уа.