Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс

Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс

ЙЕГЪОВӔ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр кӕд сног кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсыс (Рарг. 21:1–5). Фӕлӕ алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Адӕймаджы цӕмӕдӕр бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын куы бахъӕуы, уӕд хатт йӕ ныфс дӕр асӕтты (Ӕмб. 13:12).

Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, архайын кӕй райдайдзӕн, уымӕ, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд. Уый йӕ цӕмӕн фӕнды? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔМӔН ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔМ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ?

Библийы фыст ис: «Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау. Амондджын сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр» (Ис. 30:18). Йегъовӕ ацы ныхӕстӕ фыццаджыдӕр хивӕнд дзуттӕгтӕн загъта (Ис. 30:1). Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой, ӕмӕ сын ацы ныхӕстӕ уыдысты ныфсы хос. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ныфс уадзынц.

Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ацы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн рӕстӕг снысан кодта. Ӕмӕ уыцы бонмӕ ӕмӕ уыцы сахатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Матф. 24:36). Уӕд ӕппындӕр дызӕрдыггаг нал уыдзӕн, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕй цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты. Уый фӕстӕ Йегъовӕ фесафдзӕн Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ фарс чи уа, уыдоны. Махмӕ та «фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн».

Нырма уал нӕ Йегъовӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕны. Фӕлӕ нын дзуры, цалынмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕдмӕ дӕр нӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уӕм. Исай куыд загъта, афтӕмӕй хорз цӕмӕдӕр бирӕ рӕстӕг куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ амондджын уӕм (Ис. 30:18) a. Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты цыппар хъуыддаджы.

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЦИНГӔНГӔЙӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСӔМ?

Дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл хъуыды кӕн. Паддзах Давид бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ федта (Пс. 37:35). Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ ныффыста: «Йегъовӕйы раз ӕнӕдзургӕйӕ лӕуу ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ма мӕсты кӕн, алцыдӕр кӕмӕн ӕнтысы, уымӕ, йӕ фӕндтӕ йӕ къухы кӕмӕн бафтынц, уыцы адӕймагмӕ» (Пс. 37:7). Давид йӕхӕдӕг дӕр ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайдта. Йе ’ргом здӕхт уыд йӕ ныфсмӕ – фылдӕр хъуыды кодта, Йегъовӕ йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Стӕй ма уыдта Йегъовӕйы алы хорздзинад дӕр (Пс. 40:5). Мах дӕр фылдӕр, нӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, нӕ алыварс ӕвзӕрӕй цы цӕуы, уыдӕттыл нӕ, фӕлӕ, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын.

Алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнай. 71-ӕм псалом, ӕвӕццӕгӕн, Давид ныффыста. Уый Йегъовӕйӕн загъта: «Ӕз... алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн дӕумӕ ӕмӕ дын дӕ кад ноджы бӕрзонддӕр сисдзынӕн» (Пс. 71:14). Давид Йегъовӕйы куыд кадджын кодта? Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн дзырдта ӕмӕ йын кады зарджытӕ зарыд (Пс. 71:16, 23). Давидау махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, не ’мбӕлттимӕ кӕнӕ нӕ бинонтимӕ Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, стӕй йын кады зарджытӕ куы фӕзарӕм, уӕд. Иннӕ хатт нӕ зарджытӕй искӕцы куы зарай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дзы ис, уыдоныл.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвит, цӕмӕй-иу бафидар уай. Давид зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты раз мӕ ныфс дардзынӕн дӕ номыл» (Пс. 52:9). Мах дӕр-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ бафидар кӕндзысты, ӕмӕ ӕрмӕст ӕмбырдты ӕмӕ уацамынды нӕ, фӕлӕ, семӕ ӕнӕуи рӕстӕг куы ’рвитӕм кӕнӕ нын исты бадт куы уа, уӕд дӕр (Ром. 1:11, 12).

Дӕ ныфс фидар кӕн. Псаломы 62:5 стихы фыст ис: «Мӕ уд, ӕнӕдзургӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ мын уый дӕтты ныфс». Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нын фидар ныфс уа, уӕлдайдӕр нӕ кӕд ацы дунейы кӕронмӕ, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд, уӕд. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ цасфӕнды ма бахъӕуа ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уӕддӕр. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ныфс фидар уа? Хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм (Пс. 1:2, 3). Ис фылдӕр базонӕн, цы пехуымпарӕдтӕ дзы ис, уыдон куыд сӕххӕст сты ӕмӕ дзы иу хъуыды иннӕйы ныхмӕ кӕй нӕу, уый тыххӕй. Ис дзы Йегъовӕйы тыххӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ базонӕн. Стӕй ма хъуамӕ дарддӕр дӕр кувӕм «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ» (Иуд. 20, 21). Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ Хӕлар уа ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕнусон цард кӕд балӕвар кӕндзӕн, уымӕ.

Паддзах Давидау ды дӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ йӕ цӕст кӕй дары ӕмӕ сӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл (Пс. 33:18, 22). Дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл хъуыды кӕн, Йегъовӕйы кадджын кӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг ӕрвит ӕмӕ дын цы диссаджы ныфс ис, уый фидар кӕн. Уыдӕттӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсай.

a Ацы стихы дыккаг хайы «ӕнхъӕлмӕ кӕсын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны, адӕймаг цӕмӕдӕр ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы кӕнӕ тынг кӕй бӕллы, цыдӕр тагъддӕр ӕрцӕуа, уымӕ. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ тагъддӕр фервӕзын кӕна, уымӕ кӕй бӕллӕм, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис.