Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Йеговӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, дӕ цийнӕ ма исафӕ, уотемӕй

Йеговӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ, дӕ цийнӕ ма исафӕ, уотемӕй

ӔНГЪӔЛМӔ кӕсис Йеговӕ фудгъуддӕгтӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй ӕма алцидӕр нӕуӕгӕй аразун кӕд райдайдзӕй, уомӕ? (Рарг. 21:1–5). Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес! Фал ӕнгъӕлмӕ кӕсун алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй, уӕлдайдӕр ба цидӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ку фембӕлӕн, уӕд. Адӕймаг берӕ рӕстӕг естӕмӕ ку фенгъӕлмӕ кӕсуй, уӕд е ӕнцон нӕ фӕууй, ӕ зӕрдӕ дӕр ма фӕрресуй (Ӕмб. 13:12).

Фал уӕддӕр Йегови фӕндуй, цӕмӕй имӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, цалинмӕ ци рӕстӕг иснисан кодта, е нӕ ралӕууа, уӕдмӕ. Цума цӕмӕн? Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, нӕ цийнӕ ма исафӕн, уотемӕй?

ЙЕГОВИ ЦӔМӔН ФӔНДУЙ, ЦӔМӔЙ ИМӔ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСӔН?

Библий финст ӕй: «Йеговӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй, цӕмӕй уин фӕттӕрегъӕд кӕна, исистдзӕй, цӕмӕй уӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдеса. Уомӕн ӕма Йеговӕ ӕй, раст тӕрхон ка кӕнуй, еци Хуцау. Амондгун ӕнцӕ, ка имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, етӕ еугурӕйдӕр» (Ис. 30:18). Аци дзурдтӕ Исай фиццагидӕр загъта, Йеговӕ хеваст фурттӕ ке исхудта, еци израилӕгтӕн (Ис. 30:1). Фал сӕ астӕу адтӕй, Йеговӕн еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кодта, уӕхӕн израилӕгтӕ дӕр, ӕма син аци дзурдтӕ сӕ нифс федар кодтонцӕ. Ӕма абони мах нифс дӕр бафедар кӕндзӕнцӕ.

Кӕд Йеговӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уӕд мах дӕр гъӕуама фӕразон уӕн. Хуцау аци дуйнейӕн кӕрон кӕд искӕндзӕй, еци рӕстӕг иснисан кодта, ӕма имӕ ӕхуӕдӕг дӕр хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Матф. 24:36). Гъе уӕд исбӕрӕг уодзӕй, Сайтан Йегови туххӕй ӕма ӕ лӕггадгӕнгути туххӕй цитӕ фӕдздзурдта, етӕ мӕнгӕттӕ ке ’нцӕ. Уой фӕсте Сайтани ӕма ӕ фарс ка адтӕй, уони фесафдзӕй, махмӕ ба «фӕлмӕнзӕрдӕдзийнадӕ бавдесдзӕй».

Фал абони, гъигагӕн, не ’гасдӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн. Ӕма нӕ кӕд Йеговӕ алкӕд еци зиндзийнӕдтӕй нӕ фӕййервӕзун кӕнуй, уӕддӕр нин зӕгъуй, цалинмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕдмӕ нӕ бон ке ӕй нӕ цийнӕ ма исафун. Исай куд загъта, уомӕ гӕсгӕ, кӕд берӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕддӕр нӕ бон ӕй цийнӕ кӕнун (Ис. 30:18). Уомӕн куд ес гӕнӕн? Еци гъуддаги нин банхус кӕндзӕнцӕ цуппар унаффи.

НӔ БОН КУД ӔЙ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСГӔЙ АМОНДГУН УН?

Дӕ царди хуарзӕй ци ес, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Паддзах Давид берӕ хӕран ӕма фудгъуддӕгтӕ фӕууидта (Пс. 37:35). Фал уӕддӕр ниффинста: «Йегови рази ӕнӕдзоргӕй лӕууӕ ӕма имӕ зӕрдиагӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ. Ма мӕстгун кӕнӕ, алцидӕр кӕмӕн ӕнтӕсуй, уомӕ, ӕ фӕндтӕ ӕ къохи кӕмӕн бафтуйунцӕ, еци адӕймагмӕ» (Пс. 37:7). Давид ӕхуӕдӕг дӕр еци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайдта. Е ӕнгъӕлмӕ кастӕй, Йеговӕ ин зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой кӕд исӕнхӕст кӕндзӕй, еци рӕстӕгмӕ. Удта ма боз адтӕй Йеговӕ ин цидӕриддӕр искодта, уомӕй (Пс. 40:5). Не ’гас хъауритӕй ку фӕййархайӕн, цӕмӕй нӕ тар сагъӕсти буни ма фӕууӕн, фал нӕ уавӕри хуарзӕй ци ес, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсун ӕнцондӕр фӕууй.

Алли фадуатӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй Йегови кадгин кӕнай. 71 псалом, ӕвӕдзи, Давид ниффинста. Е Йеговӕн загъта: «Ӕз ба алкӕддӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕн дӕумӕ ӕма дин дӕ кадӕ никки бӕрзонддӕр исесдзӕн» (Пс. 71:14). Цума Давид Йегови куд кадгин кодта? Иннетӕн Йегови туххӕй дзурдта ӕма кади зартӕ зардта (Пс. 71:16, 23). Мах бон дӕр ӕй Давиди хузӕн нӕ цийнӕ ма исафун, цалинмӕ Йеговӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕдмӕ. Мах Хуцауи фӕккадгин кӕнӕн нӕ лӕггадӕй, нӕ хеуӕнттӕн ӕма не ’мбӕлттӕн Йегови туххӕй ку фӕдздзорӕн ӕма кади зартӕ ку фӕззарӕн, уӕд. Мадта иннӕ хатт нӕ зартӕй ескӕци ку зарай, уӕд лӕмбунӕгдӕр расагъӕс кӕнӕ, ци зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ си ес, уонӕбӕл.

Цӕмӕй бафедар уай, уой туххӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветӕ. Давид зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбалдӕй, уӕд Йеговӕн загъта: «Дӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути рази мӕ нифс дардзӕн дӕ номбӕл» (Пс. 52:9). Цӕмӕй мах дӕр бафедар уӕн, уой туххӕй нӕ бон ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун айдагъ ӕмбурди ӕма игъосун кӕнгӕй нӕ, фал ӕнӕуойдӕр (Ром. 1:11, 12).

Дӕ нифс федар кӕнӕ. 62 псаломи 5 стихи финст ӕй: «Мӕ уод, ӕнӕдзоргӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсуй Хуцаумӕ, уомӕн ӕма мин е дӕттуй нифс». Хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй нӕ нифс федар уа, уӕлдайдӕр ба кӕд аци дуйней кӕронмӕ, цӕйбӕрцӕ ӕнгъӕл адтан, уомӕй фулдӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, уӕд. Йегови зӕрдӕвӕрдтӕ ке исӕнхӕст уодзӕнцӕ, уобӕл гъӕуама ма гурусхӕ кӕнӕн, цӕйбӕрцӕфӕнди рӕстӕг ӕнгъӕлмӕ кӕсун ма багъӕуа, уӕддӕр. Ци нин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ нифс федар уа? Гъӕуама Хуцауи Дзурд ӕртасӕн. Нӕ бон ӕй фулдӕр базонун, ци пахампарӕдтӕ си финст ес, етӕ куд исӕнхӕст ӕнцӕ, уой туххӕй, удта ма не ’ргом раздахун, ци гъудитӕ си ес, етӕ кӕрӕдзей нихмӕ ке нӕ ’нцӕ. Уомӕй уӕлдай ма нӕ бон ӕй Йегови туххӕй берӕ цидӕртӕ базонун (Пс. 1:2, 3). Ӕхсидзгӕ ма ӕй, цӕмӕй идарддӕр дӕр ковӕн «Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ». Уотемӕй нӕ бон уодзӕй, Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уой багъӕуай кӕнун, цалинмӕ ӕ зӕрдӕвӕрд – ӕносон цард балӕвар кӕнун – не ’сӕнхӕст уа, уӕдмӕ (Иуди 20, 21).

Паддзах Давид уин фӕнзуйнаг уӕд. Ӕма ибӕл ма гурусхӕ кӕнтӕ Йеговӕ лӕмбунӕг ке ӕй, ӕнгъӕлмӕ имӕ ка кӕсуй, уонӕмӕ. Е сӕ ӕновуд уарзтӕй уарзуй (Пс. 33:18, 22). Дӕ царди хуарзӕй ци ес, уобӕл сагъӕс кӕнӕ ӕма Хуцауи кадгин кӕнӕ. Цӕмӕй бафедар уай, уой туххӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветӕ ӕма нин ци нифс ес, уой федар кӕнӕ. Ӕгас еци гъуддӕгтӕ дин банхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Йеговӕмӕ фӕразонӕй ӕнгъӕлмӕ кӕсай.