Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры

Разамонӕг советы фӕзынд дыууӕ ног ӕфсымӕры

2023 азы 18 январы, ӕртыццӕджы, сайты jw.org уыди ӕхсызгон хъусинаг: дыууӕ ӕфсымӕры, Гейдж Фли́глы ӕмӕ Дже́ффри Уи́ндеры, снысан кодтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советмӕ. Дыууӕ ӕфсымӕры дӕр бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц.

Гейдж Флигл йӕ бинойнаг Надяимӕ

Гейдж Флигл схъомыл Америкӕйы Иугонд Штатты, штат Пенсильва́нийы ныгуылӕн хайы. Йӕ бинонтӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд ӕнӕхъӕн бинонтӕй цӕрынмӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, иу ахӕм гыццыл горӕтмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1988 азы 20 ноябры донаргъуыд райста.

Гейджы йӕ ныййарджытӕ алкӕддӕр разӕнгард кодтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынмӕ. Арӕх-иу уазӕгуаты фӕхуыдтой районон цӕстдарджыты ӕмӕ вефилӕгты. Гейдж уыдта, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд амондджын сты. Ӕмӕ донаргъуыд куы райста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ 1989 азы 1 сентябры райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. 2 азы фӕстӕ та йӕ къухы бафтыд, 12-аздзыдӕй йӕ разы цы нысан сӕвӕрдта, уый – Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ 1991 азы октябры райдыдта Бруклины Вефилы лӕггад кӕнын.

Вефилы Гейдж Флигл 8 азы лӕггад кодта типографийы. Уый фӕстӕ йӕ снысан кодтой уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадмӕ. Уыцы рӕстӕг цалдӕр азы лӕггад кодта уырыссаг ӕмбырды. 2006 азы йӕ цард баиу кодта Надяимӕ, ӕмӕ уый дӕр Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта. Иумӕ лӕггад кодтой португайлаг ӕмбырды, стӕй 10 азӕй фылдӕр та – испайнаг ӕмбырды. Уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайады бирӕ азты дӕргъы куы фӕлӕггад кодта, уӕд ӕй снысан кодтой Ахуырадон комитеты бюромӕ, фӕстӕдӕр та – Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты бюромӕ. 2022 азы мартъийы та йӕ снысан кодтой Разамонӕг советы Уацамындӕн дзуапдӕттӕг комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй.

Джеффри Уиндер йӕ бинойнаг Анджелӕимӕ

Джеффри Уиндер схъомыл горӕт Маррие́тӕйы (штат Калифорни, АИШ). Йӕ ныййарджытӕ уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Донаргъуыд райста 1986 азы 29 мартъийы. Ӕмӕ иннӕ мӕй райдыдта ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ бафӕндыд дарддӕр дӕр ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та, 1986 азы 1 октябры, райдыдта ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын.

Джеффри рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд йӕ дыууӕ хистӕр ӕфсымӕрмӕ Вефилмӕ уазӕгуаты ӕрцыд (уыцы рӕстӕг уым лӕггад кодтой). Уӕд йӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд ӕмӕ йӕ бафӕндыд Вефилы лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ разы сӕвӕрдта нысан, йӕ кармӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн куы уа, уӕд Вефилы лӕггад кӕныны тыххӕй курдиат кӕй байдзаг кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ 1990 азы майы Уо́лкиллмӕ фӕхуыдтой.

Вефилы Джеффри лӕггад кодта алыхуызон хайӕдты: ӕфснайыны хайады, дыргътӕ ӕмӕ халсарты куыст кӕм кодтой, уыцы хайады ӕмӕ Вефилы бюройы. 1997 азы йӕ цард баиу кодта А́нджелӕимӕ. Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ иумӕ лӕггад кӕнынц Вефилы. 2014 азы сӕ арвыстой Уо́рвикмӕ. Уым Джеффри ӕххуыс кодта сӕйраг хайады агъуыстытӕ аразынӕн. 2016 азы сӕ снысан кодтой Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы ахуырадон центрмӕ, Па́ттерсонмӕ. Уым лӕггад кодта аудио- ӕмӕ видеозаписьты хайады. 4 азы фӕстӕ Уорвикмӕ ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ Джеффрийы снысан кодтой, Лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитеты бюромӕ. 2022 азы мартъийы та йӕ снысан кодтой, Лӕггадгӕнджыты чи снысан кӕны, уыцы комитеты ӕххуысгӕнӕгӕй.

Уыцы ӕфсымӕртӕ сты Йегъовӕйы «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Уыдон Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы тынг бирӕ аразынц. Мах Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй сын дарддӕр дӕр арфӕ кӕна!