Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йегъовӕйӕн йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый зӕгъын? Уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

Библи бӕлвырд дзуры, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, фидӕны цы уыдзӕн, уый зӕгъын (Ис. 45:21). Уый куыд базоны, стӕй йӕ кӕд ӕмӕ цас бафӕнды фидӕны тыххӕй базонын, уый тыххӕй дзы лыстӕг хабӕрттӕ фыст нӕй. Уымӕ гӕсгӕ ацы фарстайы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм. Фӕлӕ ӕркӕсӕм, Библийӕ цы зонӕм, уымӕ.

Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у, фӕлӕ иуӕй-иу хатт аскъуыддзаг кӕны, цыдӕр кӕй нӕ сараздзӕн. Йегъовӕмӕ ис ӕгӕрон зонд, ӕмӕ йӕ бон у фидӕны тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕй бафӕнда, уый базонын (Ром. 11:33). Фӕлӕ, кӕм хъӕуы, уым алкӕддӕр хиуылхӕцгӕ вӕййы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, кӕй йӕ нӕ фӕнды, фидӕны цы уыдзӕн, уый зонын. (Абар Исай 42:14.)

Йегъовӕ афтӕ бакӕны, цӕмӕй-иу йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Уый куыд баст у, фидӕны цы уыдзӕн, уый йӕ бон базонын кӕй у, уыимӕ? Исайы 46:10 стихы фыст ис: «Ӕз райдианӕй дзурын, фӕстагмӕ цы уыдзӕн, уый, раджы замантӕй, цы нӕма ӕрцыд, уыдӕттӕ. Ӕз зӕгъын: „Цы уынаффӕ рахастон, уый сӕххӕст уыдзӕн, цыдӕриддӕр мӕ фӕнды – сараздзынӕн ӕй“».

Уӕдӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕмӕн у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый? Иу уымӕн, ӕмӕ йӕм ис ахӕм тых, цӕмӕй, цы сфӕнд кодта, уый ӕрцӕуын кӕна. Йегъовӕ чиныгкӕсӕджы хуызӕн нӕу. Мах чиныг куы фӕкӕсӕм ӕмӕ нӕ куы фӕфӕнды, цӕмӕй фӕуыдзӕн, уый базонын, уӕд нӕ бон вӕййы йӕ кӕрон ын бакӕсын. Фӕлӕ, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый базоныны тыххӕй Йегъовӕйы нӕ хъӕуы ахӕсгӕ хуызы чиныг фӕлдахын, цыма уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр развӕлгъау фыст ӕрцыдысты, афтӕ. Йегъовӕйӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, уыцы ӕмӕ уыцы бон ахӕм хабар ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй уыцы хабар ӕрцӕуа (Рац. 9:5, 6; Матф. 24:36; Хъуыд. 17:31).

Уымӕ гӕсгӕ Библийы фидӕны хабӕртты тыххӕй кӕмдӕрты фыст ис, Йегъовӕ цыдӕр кӕй «сфӕнд кодта» (2 Пад. 19:25; Ис. 46:11). Дзырд «сфӕнд кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый у дзырд «дурынгӕнӕг»-мӕ хӕстӕг (Йер. 18:4). Йегъовӕйы абарӕн ис дурынгӕнӕгимӕ. Дӕсны дурынгӕнӕг ӕлыджы къуыбарӕй скӕны рӕсугъд вазӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон у хабӕрттӕ афтӕ ӕрцӕуын кӕнын, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна (Еф. 1:11).

Йегъовӕ адӕмӕн радта уынаффӕ хӕссыны бар. Хуыцау адӕймагӕн йӕ ныхыл нӕ ныффыссы, йӕ цард куыд уыдзӕн, уый. Стӕй адӕймаджы бӕсты нӕ аскъуыддзаг кӕны, хорз хъуыддӕгтӕ араздзӕн ӕви йӕ сӕфтмӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Алкӕмӕн дӕр бар дӕтты, цӕмӕй равзара, куыд цӕрдзӕн, уый. Фӕлӕ адӕмӕн дзуры, цӕмӕй равзарой раст фӕндаг.

Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ. Иу у Ниневийы цӕрджыты хабар. Йегъовӕ загъта, сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй сӕ горӕт пырх кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ниневиӕгтӕ сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ Йегъовӕ «фӕфӕсмон кодта, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл ӕмӕ сыл ӕй нал ӕруагъта» (Ионӕ 3:1–10). Ниневиӕгтӕ Йегъовӕйы тӕрхон куы фехъуыстой, уӕд ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сӕ бафӕндыд сӕ цард аивын. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ йӕ хъуыды аивта ӕмӕ Ниневи нӕ фесӕфта.

Дыккаг та у паддзах Киры хабар. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ иу паддзах, Кир, зӕгъгӕ, хъуамӕ дзуттӕгты уацарӕй ссӕрибар кодтаид ӕмӕ бардзырд раттаид, Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй арӕзт кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа (Ис. 44:26–45:4). Уыцы пехуымпарад сӕххӕст кодта Персы паддзах Кир (Езд. 1:1–4). Фӕлӕ уый ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг нӕ уыд. Йегъовӕ уый уылты пехуымпарад сӕххӕст кодта (Ӕмб. 21:1). Фӕлӕ йӕ йӕхицӕн тыххӕй нӕ лӕггад кӕнын кодта.

Мах ӕркастыстӕм ӕрмӕстдӕр цалдӕр хъуыдымӕ. Йегъовӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый дзургӕйӕ йӕ зӕрдыл ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр фӕдары. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын (Ис. 55:8, 9). Фӕлӕ нын цы раргом кодта, уый фӕрцы нӕ тынгдӕр бауырны, алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы, уыимӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый куы фӕдзуры, уӕд дӕр.