Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УЫНАФФӔТӔ. ЦЫ ИС РАИРТАСӔН?

Агур хӕзнатӕ Хуыцауы Ныхасы

Агур хӕзнатӕ Хуыцауы Ныхасы

Библийы ис бирӕ хӕзнатӕ. Нӕ бон куыд у Библи афтӕ иртасын, цӕмӕй-иу уыцы хӕзнатӕ ссарӕм?

Фылдӕр базон, цы скъуыддзаг кӕсыс, уый тыххӕй: зӕгъӕм, чи йӕ ныффыста, кӕмӕ, кӕд ӕмӕ йӕ цавӕр уавӕрты ныффыста, стӕй уый размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд.

Дӕхицӕн дзы зондӕн цы райсдзынӕ, ууыл ахъуыды кӕн. Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Кӕй тыххӕй бакастӕн, уыцы адӕм цы ӕнкъардтой? Цавӕр миниуджытӕ равдыстой? Цӕмӕн сӕ хъуамӕ бафӕзмон кӕнӕ ахӕм цӕуылнӕ хъуамӕ уон?»

Цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай, зӕгъӕм, уацамынды кӕнӕ ӕнӕуи царды. Ӕмӕ уӕд дӕхиуыл бавзардзынӕ, Йесо цы загъта, уый: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоан. 13:17).

  • Уынаффӕ. «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды иу хай хуыйны «Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ». Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, цы хъуыдытӕ ссардтам, уыдон нын нӕ царды ӕмӕ нӕ лӕггады куыд баххуыс кӕндзысты, ууыл. Вӕййы дзы, нӕ бон ахъуыды кӕнын кӕуыл вӕййы, ахӕм фарстатӕ ӕмӕ хъуыдытӕ, стӕй нывтӕ.