Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Хуыцауы тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы мӕ лӕмӕгъдзинӕдты

Хуыцауы тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы мӕ лӕмӕгъдзинӕдты

1985 азы мӕ бинойнагимӕ Колумбимӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд дзы тынг тӕссаг уыди, бирӕ фыдракӕндтӕ дзы цыд. Хицауад горӕтты тох кодта, наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыцы организацитимӕ, хӕхты та – змӕнтджытимӕ. Фӕстӕдӕр нӕ кӕдӕм снысан кодтой, уыцы горӕты, Медельи́ны, уынгты фенӕн уыд ӕрыгӕтты хӕцӕнгӕрзтимӕ. Уыдон наркотиктӕ уӕй кодтой, адӕмы стыхтой ӕмӕ ӕхцайыл адӕмы мардтой. Бирӕтӕ-иу сӕ хӕрзӕрыгонӕй амардысты. Хъуыды кодтам, ай кӕдӕм бахаудыстӕм, зӕгъгӕ.

Дыууӕ финаг адӕймаджы Хуссар Америкӕмӕ куыд бахаудысты? Ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цӕуыл сахуыр дӕн?

МЕ ’РЫГОН БОНТӔ ФИНЛЯНДИЙЫ

Ӕз райгуырдтӕн 1955 азы. Ӕртӕ ӕфсымӕрӕн уыдтӕн сӕ кӕстӕр. Мӕ сабибонтӕ арвыстон Финляндийы хуссар хайы, ныр горӕт Ва́нтаа кӕм ис, уыцы ран.

Мӕ мад донаргъуыд райста, мӕ райгуырдӕй цалдӕр азы раздӕр. Фӕлӕ мӕ фыды зӕрдӕмӕ нӕ цыд, мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сси, уый ӕмӕ йӕ нӕ уагъта немӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ нӕ ӕмбырдтӕм кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ-иу нын нӕ мад Библийӕ цыдӕртӕ амыдта, мӕ фыд-иу хӕдзары куы нӕ уыд, уӕд.

7-аздзыдӕй дӕр Йегъовӕйы фарс фидар лӕууыдтӕн

Мӕ гыццылӕй аскъуыддзаг кодтон, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсдзынӕн. Зӕгъӕм, авд азы мыл куы цыд, уӕд мӕм мӕ ахуыргӕнӕг тынг смӕсты, ве́рилятют (финаг лауызтӕ тугимӕ) хӕрын кӕй нӕ куымдтон, уый тыххӕй. Ӕмӕ мын сӕ тыххӕй хӕрын кодта. Иу къухӕй мын мӕ рустӕ ӕрбалхъывта, цӕмӕй мӕ дзых байгом кодтаин, иннӕ къухӕй та мын вилкӕйӕ мӕ дзыхы лауыз тъыссынмӕ хъавыд. Фӕлӕ йын ӕз йӕ къух атъӕпп кодтон.

12 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд фӕзиан. Ӕмӕ уый фӕстӕ мӕ бон уыд ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕфсымӕртӕ мыл зӕрдиагӕй тыхстысты ӕмӕ мын ӕххуыс кодтой Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Алы бон дӕр райдыдтон Библи кӕсын ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг иртасын. Уый фӕрцы мӕ бафӕндыд донаргъуыд райсын. Ӕмӕ 1969 азы 8 августы уыцы ахсджиаг къахдзӕф скодтон. Уӕд мыл цыди 14 азы.

Скъола куы фӕдӕн, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Цалдӕр къуырийы фӕстӕ та цӕрынмӕ ацыдтӕн, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, ахӕм ранмӕ, Пи́елавесимӕ.

Пиелавесийы базонгӕ дӕн мӕ зынаргъ бинойнаг Си́рккӕимӕ. Сирккӕ уыд сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйы тынг уарзта, стӕй хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ кадмӕ нӕ бӕллыд. Нӕ дыууӕйы дӕр фӕндыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм цыфӕнды хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ дӕр. Нӕ цард баиу кодтам 1974 азы 23 мартъийы. Ӕмӕ нӕ иумӕйаг царды фыццаг мӕй улӕфынмӕ нӕ ацыдыстӕм, фӕлӕ цӕрынмӕ ацыдыстӕм Ка́рттулӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уым хъусынгӕнджыты ӕххуыс ноджы тынгдӕр хъуыд.

Карттулӕйы (Финлянди) кӕй баххуырстам, уыцы хӕдзар

ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КОДТА

Ме ’фсымӕр нын кӕй балӕвар кодта, уыцы машинӕ

Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд нын Йегъовӕ равдыста, йӕ Паддзахад ын фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн (Матф. 6:33). Зӕгъӕм, Карттулӕйы куы лӕггад кодтам, уӕд нӕм машинӕ нӕ уыд. Фыццӕгты-иу велосипедтыл цыдыстӕм. Фӕлӕ-иу зымӕгон тынг уазал уыд, ӕмӕ, цӕмӕй не ’мбырды стыр территорийыл аххӕссыдаиккам, уый тыххӕй нӕ машинӕ хъуыд. Фӕлӕ нӕм машинӕ балхӕныны фаг ӕхца нӕ уыд.

Ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр абӕрӕг кодта ӕмӕ нын йӕ машинӕ балӕвар кодта. Йӕ страховкӕ фыст уыди. Нӕхи ма хъуыди ӕрмӕстдӕр артаг ӕлхӕнын. Афтӕмӕй нӕм машинӕ фӕзынд.

Йегъовӕ нын лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Уыцы хӕс йӕхимӕ райста. Мах та хъуыд Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын.

ГАЛААДЫ СКЪОЛА

Пионерты скъолайы, 1978 аз

1978 азы Пионерты скъолайы куы ахуыр кодтам, уӕд нын нӕ ахуыргӕнджытӕй иу, Ра́ймо Куо́кканен, загъта, цӕмӕй Галаады скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат байдзаг кодтаиккам a. Гъемӕ райдыдтам англисаг ӕвзаг ахуыр кӕнын, цӕмӕй нӕ бон уыдаид уыцы скъолайы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ курдиат нӕма байдзаг кодтам, афтӕ нӕ 1980 азы Финляндийы филиалмӕ фӕхуыдтой. Уыцы рӕстӕг вефилӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд Галаады скъолайы ахуыр кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр сразы стӕм филиалы лӕггад кӕныныл, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕндыд, Йегъовӕйы кӕм фӕндыд, уым лӕггад кӕнын. Фӕлӕ англисаг ӕвзаг дарддӕр дӕр ахуыр кодтам, зӕгъгӕ, цы нӕ вӕййы, уӕд та ма нын фӕзынд Галаады скъолайы сахуыр кӕныны фадат.

Цалдӕр азы фӕстӕ Разамонӕг совет вефилӕгтӕн дӕр бар радта, цӕмӕй Галаады скъолайы ахуыр кодтаиккой. Ӕмӕ мах дӕр уайтагъд курдиӕттӕ байдзаг кодтам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Вефилы лӕггад кӕнын дӕр нӕ зӕрдӕмӕ цыд. Фӕлӕ нӕ фӕндыд, не ’ххуыс тынгдӕр кӕм хъуыд, ахӕм ран лӕггад кӕнын. Фӕхуыдтой нӕ Галаады скъолайы 79 къласмӕ. Ӕмӕ йӕ 1985 азы сентябры каст фестӕм. Снысан нӕ кодтой Колумбимӕ.

РАЙДЫДТАМ МИССИОНЕРТӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН

Колумбийы фыццаг лӕггад кодтам филиалы. Мӕ лӕггады, мӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтон. Фӕлӕ афӕдзы фӕстӕ ӕфсымӕртӕн загътон, цӕмӕй нӕ ӕндӕр искуыдӕм снысан кодтаиккой. Мӕ царды мидӕг ӕрмӕстдӕр иу хатт бакодтон афтӕ. Снысан нӕ кодтой миссионертӕй департамент Уи́лӕйы ӕппӕты стырдӕр горӕт Не́йвӕмӕ.

Хъусын кӕнын алкӕддӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд. Финляндийы пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд-иу хатт боныцъӕхтӕй суанг ӕхсӕвмӕ хъусын кодтон. Сирккӕимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд-иу уыимӕ дӕр арӕх ӕнӕхъӕн бон хъусын кодтам. Дард ранмӕ-иу куы ацыдыстӕм хъусын кӕнынмӕ, уӕд-иу хатт нӕ машинӕйы бахсӕвиуат кодтам. Уый фӕрцы-иу нӕ иннӕ бон нӕ рӕстӕг фӕндагыл хардз кӕнын нӕ хъуыд ӕмӕ-иу райсомӕй раджы хъусын кӕнын райдыдтам.

Миссионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ та нӕ зӕрдӕйы зынг ногӕй ссыгъд. Ӕмӕ, пионертӕй куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтам, афтӕ зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтам ныр дӕр. Не ’мбырд стырӕй-стырдӕр кодта. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдысты уарзӕгой, бузныгзӕрдӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кодтой.

КУЫВДӔН ИС СТЫР ТЫХ

Нейвӕмӕ хӕстӕг цы горӕттӕ уыд, уым иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕ уыд. Тынг мӕт кодтон, зӕгъын, уырдӕм хорз хабар куыд фӕхӕццӕ уыдзӕн. Партизанты тыххӕй уыцы рӕтты ӕрцӕуӕггӕгтӕн ӕдас нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй уыцы горӕтты цӕрджытӕй исчи Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид. Хъуыды кодтон, зӕгъын, цӕмӕй уыцы адӕймаг рӕстдзинад базона, уый тыххӕй хъуамӕ Нейвӕмӕ цӕрынмӕ ӕрцӕуа, донаргъуыд райса, фӕлтӕрдджын чырыстон суа ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ горӕтмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуа. Ӕмӕ уый тыххӕй дӕр Йегъовӕмӕ куывтон. Фӕлӕ Йегъовӕ хуыздӕр цыдӕр ӕрхъуыды кодта.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон иу нӕлгоймагимӕ, Ферна́ндо Гонса́лесимӕ. Царди горӕт Альхеси́расӕйы. Уым дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд. Алы къуыри дӕр ӕй Нейвӕмӕ куыстмӕ цӕуын хъуыди 50 километрӕй фылдӕр. Фернандо-иу йӕхи алы Библийы ахуырмӕ дӕр бацӕттӕ кодта ӕмӕ уайтагъд ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Библи иу къуыри йеддӕмӕ нӕма ахуыр кодта, афтӕ-иу йӕ горӕты цӕрджытӕй кӕйдӕрты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ-иу сын, Библийӕ цы базыдта, уыдӕттӕ амыдта.

Ӕз, Сирккӕ ӕмӕ Фернандо, 1993 аз

Фернандо, Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй 6 мӕйы фӕстӕ, 1990 азы январы, донаргъуыд райста. Уый фӕстӕ та райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Альхесирасӕйы бынӕттон Ӕвдисӕн кӕй фӕзынд, уымӕ гӕсгӕ филиал уырдӕм арвыста сӕрмагонд пионерты, уымӕн ӕмӕ уый афтӕ тӕссаг нал уыд. 1992 азы февралы уыцы горӕты ӕмбырд фӕзынд.

Фернандо ӕрмӕст йӕхи горӕты нӕ хъусын кодта. Бинонтӕ куы ’ркодта, уӕд йӕ бинойнагимӕ, Ольгӕимӕ, цӕрынмӕ ацыдысты Сан-Висе́нте-дель-Кагуа́нмӕ. Уым дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд, фӕлӕ дзы фӕстӕдӕр се ’ххуысы фӕрцы фӕзынд ӕмбырд. 2002 азы Фернандойы снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ абоны онг дӕр ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынц.

Ацы хабарӕй бамбӕрстон, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын ӕмӕ йӕм бӕлвырд цӕйдӕрты тыххӕй кувын. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйӕн йӕ бон у саразын, махӕн нӕ бон цы нӕу, уый. Хуымы Хицау уый у, мах нӕ, фӕлӕ (Матф. 9:38).

ЙЕГЪОВӔ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ НӔ «ФӔНДГӔ ДӔР КӔНА ӔМӔ АРХАЙГӔ ДӔР КӔНӔМ»

1990 азы мӕ снысан кодтой цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Нӕ фыццаг район уыди Колумбийы сӕйраг горӕт Богота́йы. Афтӕ нӕм каст, ӕмӕ нӕ бон нӕ бауыдзӕн нӕ ног хӕстӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Мӕ бинойнагимӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ стӕм, курдиатджын схонӕн нӕ нӕй. Стӕй стыр горӕты цӕрын ахуыр нӕ уыдыстӕм. Филиппӕгтӕм 2:13 стихы фыст ис: «Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат». Ӕмӕ федтам, ацы ныхӕстӕ махыл дӕр кӕй сӕххӕст сты.

Фӕстӕдӕр та нӕ район уыд, райдианы кӕй кой кодтон, уыцы горӕт Медельины. Горӕты уынгты фыдракӕндтӕ арӕх кӕй цыдысты, ууыл адӕм афтӕ сахуыр сты, ӕмӕ сӕм нымады дӕр нал уыдысты. Зӕгъӕм, иухатт иу нӕлгоймагимӕ Библи куы ахуыр кодтон, уӕд уынгӕй гӕрӕхтӕ ӕрбайхъуыст. Ӕз фыртӕссӕй, гыццыл ма, ӕмӕ пъолыл ӕрхуыссыдаин. Фӕлӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтон, уый та, цыма никуы ӕмӕ ницы, афтӕ дарддӕр абзац каст. Куы йӕ бакаст, уӕд афтӕ бакодта, хатыр, ӕддӕмӕ, дам, ауайон. Гыццыл фӕстӕдӕр фӕстӕмӕ дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Хатырӕй мын уӕд, мӕ сывӕллӕтты ӕрбакӕнын мӕ хъуыди».

Ахӕм тӕссаг уавӕры иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахаудыстӕм. Иу ахӕмы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтам, ӕмӕ мӕм мӕ бинойнаг ӕрбалыгъди. Йӕ хуыз фӕцыд, йӕ цӕсгом ныффӕлурс ӕмӕ мын афтӕ, чидӕр, дам, мӕ фехсынмӕ хъавыд. Уый фехъусгӕйӕ мӕ уд мӕ къӕхты бынӕй ауад. Фӕлӕ фӕстӕдӕр куыд базыдтам, афтӕмӕй Сирккӕйы фехсынмӕ нӕ хъавыдысты, фӕлӕ, йӕ рӕзты чи фӕцӕйцыд, уыцы адӕймаджы.

Цасдӕры фӕстӕ уыцы уавӕртыл сахуыр стӕм ӕмӕ афтӕ тынг нал тарстыстӕм. Тынг-иу нӕ бафидар кодтой бынӕттон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕвиттонтӕ. Уыдон-иу ноджы фыддӕр уавӕрты бахаудысты. Мах нӕхицӕн загътам: кӕд Йегъовӕ уыдонӕн ӕххуыс кӕны, уӕд махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн. Стӕй ма алкӕддӕр хъуыстам бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕм, нӕхи хъахъхъӕдтам ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ та Йегъовӕйы бар бакодтам.

Уацамынды-иу ныл худӕг хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд. Зӕгъӕм, иухатт иу сылгоймаджы куы бӕрӕг кодтон, уӕд уынгӕй цыдӕр хъӕр-хъӕлӕба райхъуыст. Афтӕ мӕм фӕкаст, цыма дыууӕ сылгоймаджы хыл кӕнынц. Куыд хыл кӕнынц, уымӕ кӕсын мӕ нӕ фӕндыд. Фӕлӕ мӕ хӕдзары хицау уӕддӕр кӕртмӕ ракодта. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыцы дыууӕ «хылычъийы» попугайтӕ уыдысты ӕмӕ сыхаг сылгоймӕгты хъӕлӕстӕ фӕзмыдтой.

НОГ ХӔСТӔ ӔМӔ НОГ ЗЫНДЗИНӔДТӔ

1997 азы мын ӕфсымӕртӕ мӕ бӕрны ног хӕс бакодтой – хъуамӕ уыдаин Лӕггад фӕхуыздӕр кӕныны скъолайы ахуыргӕнджытӕй сӕ иу b. Нӕ скъолаты ахуыр кӕнын алкӕддӕр цыди мӕ зӕрдӕмӕ. Фӕлӕ уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн, ӕмӕ уыцы скъолатӕй иуы ахуыргӕнӕг уыдзынӕн.

Фӕстӕдӕр райдыдтон облӕстон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ, облӕстон цӕстдарджытӕ кӕй нал уыдзӕн, уый фӕдыл уынаффӕ хаст куы ’рцыд, уӕд та мӕ районон цӕстдарӕгӕй снысан кодтой. Ныр 30 азӕй фылдӕр нӕ организацийы скъолатӕ уадзын ӕмӕ лӕггад кӕнын цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕн. Фӕлӕ мын мӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын алкӕд ӕнцон нӕ уыд. Цӕй кой кӕнын, уый уын ныртӕккӕ бамбарын кӕндзынӕн.

Ӕз дӕн фидар удыхъӕды хицау. Уый фӕрцы зындзинӕдты фидар фӕлӕууын. Фӕлӕ-иу куы уыдтон, ӕмбырды цыдӕр раст кӕй нӕ аразынц ӕмӕ-иу куы архайдтон, цӕмӕй йӕ сраст кӕнон, уӕд-иу мын хатт фегӕр, ӕмӕ-иу тыхныхас кӕнын райдыдтон. Зӕгъӕм, иухатт мӕ удӕй бацыдтӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дзырдтон, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзой ӕмӕ ӕмбаргӕ уой. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг мӕхи нӕ уыдтон. Уыцы миниуджытыл фыццаджыдӕр мӕхи хъуыди кусын (Ром. 7:21–23).

Мӕ рӕдыдтыты тыххӕй-иу хатт мӕхимӕ ныхъхъуыстон (Ром. 7:24). Иухатт ма Йегъовӕйӕн афтӕ дӕр загътон, зӕгъын, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр уаид, миссионерӕй куы нал лӕггад кӕнин ӕмӕ фӕстӕмӕ Финляндимӕ куы аздӕхин. Уыцы изӕр нӕм уыди ӕмбырд. Ӕмбырды цы фехъуыстон, уый мӕ афтӕ тынг бафидар кодта, ӕмӕ бамбӕрстон, дарддӕр дӕр миссионерӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнон ӕмӕ мӕхиуыл кӕй хъуамӕ кусон. Йегъовӕ мын мӕ куывдӕн ахӕм бӕлвырд дзуапп кӕй радта, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уыцы хабар мӕ ныр дӕр рох нӕу. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, фӕразон мӕм кӕй у ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнон.

ФИДӔНМӔ НЫФСДЖЫНӔЙ КӔСЫН

Сирккӕимӕ Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, ӕмӕ йын нӕ царды фылдӕр хай ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйӕ ма бузныг дӕн, ахӕм уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион бинойнаг мын кӕй радта, уый тыххӕй. Уый алкӕддӕр уыди мӕ фарсмӕ ӕмӕ мын ӕххуыс кодта.

Тагъд мыл 70 азы сӕххӕст уыдзӕн, ӕмӕ мӕ бон нал уыдзӕн нӕ организацийы скъолатӕ уадзын ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ мӕ уый мӕты не ’фтауы, уымӕн ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр кӕй у, цӕмӕй йын сӕрныллӕгӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, куы фӕуыны, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм (Мих. 6:8; Мар. 12:32–34). Цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ӕххӕст кӕнын.

Мӕ цардыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд ӕй фембарын, цы хӕстӕ ӕххӕст кодтон, уыдон мын мӕ бӕрны уый тыххӕй кӕй нӕ бакодтой, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр кӕнӕ курдиатджындӕр уыдтӕн. Йегъовӕ мӕм йе стыр хорзӕх равдыста ӕмӕ мын бар радта, цӕмӕй уыцы хӕстӕ ӕххӕст кодтаин, кӕд мӕм цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ уыд, уӕддӕр. Ӕз ӕй фидарӕй зонын: ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы у мӕ бон уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕ бон у зӕгъын: Хуыцауы тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы мӕ лӕмӕгъдзинӕдты! (2 Кор. 12:9).

a Раймо Куокканены биографи «Полны решимости служить Иегове» бакӕсӕн ис 2006 азы 1 апрелы «Сторожевая башня»-йы.

b Ныр ацы скъола хуыйны Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола.