Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

22 ЗАРӔГ Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?

Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?

«Йегъовӕйы... нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа» (2 ПЕТ. 3:9).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уӕд рӕстӕй кӕй архайдзӕн ӕмӕ раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн.

1. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм?

 МАХ диссаджы рӕстӕджы цӕрӕм! Алы бон дӕр нӕ цӕстыты раз ӕххӕст кӕнынц Библийы пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, уынӕм, «хуссайраг паддзах» ӕмӕ «цӕгатаг паддзах» кӕрӕдзиимӕ кӕй хӕцынц, дунейы хъомысджындӕр паддзахад чи у ӕмӕ бартӕ кӕй къухы сты, ууыл (Дан. 11:40). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ милуантӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой (Ис. 60:22; Матф. 24:14). Стӕй нын ӕууӕнкджын цагъар «афоныл» парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47).

2. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна ӕмӕ цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

2 Йегъовӕ нын гыццылгай хуыздӕр ӕмбарын кӕны, тагъд цы хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдон куыд цӕудзысты (Ӕмб. 4:18; Дан. 2:28). Ӕмӕ нӕ иу цыдӕр хъуамӕ фидарӕй уырна: стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕдмӕ зондзыстӕм, уыцы уӕззау рӕстӕджы нӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн ӕмӕ нӕ иудзинад бахъахъхъӕнынӕн цыдӕриддӕр зонын хъӕудзӕн, уыдӕттӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, нырма цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм. Ацы статьяйы уал фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, стыр бӕллӕхы тыххӕй раздӕр цы дзырдтам, уым цыдӕртӕ ивд цӕмӕн ӕрцыд, ууыл. Уый фӕстӕ та ӕркӕсдзыстӕм, фидӕны тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд куыд архайдзӕн, уымӕ.

ЦЫ НӔ ЗОНӔМ

3. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи нӕу, уыдоны хабар куыд уыдзӕн, уый раздӕр куыд ӕмбарын кодтам ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдыстӕм?

3 Раздӕр дзырдтам, зӕгъгӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи нӕу, уыдонӕн нал уыдзӕн фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы фарс слӕууой ӕмӕ Армагеддоны аирвӕзой. Ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцыдыстӕм? Афтӕ ӕнхъӕлдтам, ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар амоны фидӕны хабӕрттӕм. Зӕгъӕм, дзырдтам афтӕ: Доны хъаймӕты хӕдразмӕ Йегъовӕ науы дуар куы сӕхгӕдта, уӕд йӕ бон никӕмӕнуал уыд наумӕ бацӕуын. Раст афтӕ, дам, стыр бӕллӕхы райдианы дӕр ахӕсгӕ хуызы дуар ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ никӕмӕнуал уыдзӕн фервӕзыны фадат (Матф. 24:37–39).

4. Ныр дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Доны хъаймӕты хабар фидӕны цӕмӕдӕр амыдта? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн.

4 Цымӕ раст у афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, Доны хъаймӕты рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй алкӕцы дӕр фидӕны цӕмӕдӕр амыдта? Афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу. Цӕуылнӕ? Библийы уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй a. Йесо «Нойы рӕстӕг» ӕцӕгдӕр абарста йе ’рцыды рӕстӕгимӕ. Фӕлӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, Нойы рӕстӕг цы ’рцыд, уыдӕттӕй алцыдӕр амыдта, фидӕны цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, нӕ загъта, Йегъовӕ науы дуар куыд сӕхгӕдта, афтӕ фидӕны дӕр ахӕсгӕ хуызы дуар кӕй сӕхгӕндзӕн. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Ной ӕмӕ Доны хъаймӕты хабарӕй нӕ бон ницы у нӕхицӕн зондӕн райсын.

5. а) Ной Доны хъаймӕты размӕ уырнындзинад куыд равдыста? (Дзуттӕгтӕм 11:7; 1 Петры 3:20). б) Абон кӕй хъусын кӕнӕм, уый цӕмӕй у, Ной кӕй хъусын кодта, уый хуызӕн?

5 Хуыцау Нойӕн куы загъта, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн, уӕд Ной равдыста уырнындзинад ӕмӕ сарӕзта нау. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:7; 1 Петры 3:20.) Ӕмӕ абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар чи фехъусы, уыцы адӕм дӕр хъуамӕ архайой, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ (Хъуыд. 3:17–20). Петр Нойы схуыдта «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Пет. 2:5). Фӕлӕ айразмӕйы статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй нӕ зонӕм, Ной архайдта ӕви нӕ, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алкӕмӕн дӕр фехъусын кодтаид, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн. Чи зоны, уымӕн гӕнӕн дӕр нӕ уыд, цӕмӕй нау аразгӕйӕ уый тыххӕй алы адӕймагӕн дӕр фехъусын кодтаид. Абон мах зынгзӕрдӕйӕ архайӕм, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕнӕм. Фӕлӕ цыфӕнды тынг ма архайӕм,– нӕ нын бантысдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Цӕуылнӕ?

6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нын нӕ бантысдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ?

6 Йесо загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14). Ӕмӕ уыцы пехуымпарад ныры хуызӕн никуы ӕххӕст кодта. Хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас зӕххыл дӕр 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Ӕмӕ сайт jw.org-ы фӕрцы зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын.

7 Фӕлӕ ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ дӕр загъта: «Ӕппӕт горӕттыл нӕма ӕрзилдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт» (Матф. 10:23; 25:31–33). Ома адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕдмӕ нын нӕ бантысдзӕн алы адӕймагимӕ дӕр аныхас кӕнын. Милуантӕ цӕрынц, нӕ бон сӕрибарӕй хъусын кӕнын кӕм нӕу, ахӕм бӕстӕты. Уымӕй уӕлдай, алы минут дӕр царды рухс фенынц сӕдӕгай сывӕллӕттӕ. Мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн... ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» цины хабар фехъусын кӕнӕм (Рарг. 14:6). Фӕлӕ хъуамӕ ӕмбарӕм: нӕ нын бантысдзӕн зӕххыл цӕрӕг адӕмӕй алкӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ.

8. Йегъовӕйы фидӕны тӕрхӕтты тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарстатӕ фӕзына? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

8 Уымӕ гӕсгӕ нӕм, гӕнӕн ис, фӕзына ахӕм фарстатӕ: «Стыр бӕллӕхы размӕ хорз хабар фехъусыны фадат кӕмӕн нӕ фӕуыдзӕн, уыдоны хабар та куыд уыдзӕн? Йегъовӕ ӕмӕ сын йӕ Фырт – тӕрхон кӕныны бартӕ кӕмӕн радта, уый – куыд тӕрхон кӕндзысты?» (Иоан. 5:19, 22, 27; Хъуыд. 17:31). Ацы статьяйы сӕйраг стихы фыст ис, Йегъовӕйы кӕй «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа». Уый фӕнды, цӕмӕй «се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9; 1 Тим. 2:4). Фӕлӕ, стыр бӕллӕхы размӕ хорз хабар фехъусыны фадат кӕмӕн нӕ фӕуыдзӕн, уыдоны хабар куыд уыдзӕн, уый нӕма зонӕм. Уый нын нӕма раргом кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕсджын дӕр нӕу, цӕмӕй нын, цы аразы ӕмӕ цы сараздзӕн, уый тыххӕй алцы дзура.

Стыр бӕллӕхы размӕ хорз хабар фехъусыны фадат кӕмӕн нӕ фӕуыдзӕн, уыдоны хабар куыд уыдзӕн? Йегъовӕ сын куыд тӕрхон кӕндзӕн? (кӕс 8 абзац) c


9. Йегъовӕ нын Библийы цы раргом кодта?

9 Фӕлӕ нын Йегъовӕ Библийы раргом кодта, цы араздзӕн, уыдӕттӕй цыдӕртӕ. Зӕгъӕм, Библийӕ зонӕм, кӕй райгас кӕндзӕн, хорз хабар фехъусыны ӕмӕ йӕ цард аивыны фадат кӕмӕн нӕ уыд, уыцы «фыдгӕнджыты» (Хъуыд. 24:15; Лук. 23:42, 43). Уымӕ гӕсгӕ та нӕм фӕзыны ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕ.

10. Цавӕр фарстатӕ ма нӕм фӕзыны?

10 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг чи амӕла, уыдон цымӕ ӕнустӕм фесӕфдзысты, райгасдзинады ныфс сын нӕ уыдзӕн? Библи бӕлвырд ӕмбарын кӕны, Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуа ӕмӕ Йегъовӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон кӕй нӕ райгас уыдзысты (2 Фес. 1:6–10). Фӕлӕ цы зӕгъӕн ис иннӕ адӕмӕй та, зӕгъӕм, низӕй кӕнӕ, кӕй базӕронд, уый тыххӕй чи амӕла, ӕрдзон кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхы науӕд искӕй къухӕй чи фӕмард уа, уыдонӕй? (Еккл. 9:11; Зах. 14:13). Мыййаг, Йегъовӕ уыдонӕй дӕр искӕй райгас кӕндзӕн, ног дунейы «фыдгӕнджыты» куы ӕгас кӕна, уӕд? Мах уый нӕ зонӕм.

ЦЫ ЗОНӔМ

11. Йесо Чырысти адӕмӕн цӕмӕ гӕсгӕ кӕндзӕн тӕрхон?

11 Фидӕны хабӕртты тыххӕй цы зонӕм? Зӕгъӕм, зонӕм, Йесо Чырысти адӕмы фыстыл ӕмӕ сӕгътыл кӕй адих кӕндзӕн, йе ’фсымӕртӕм ын цы зӕрдӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 25:40). Йӕхицӕн ӕмӕ йын йе ’фсымӕртӕн чи ӕххуыс кодта, уыдон нымад ӕрцӕудзысты фыстыл. Стӕй зонӕм, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ма уый фӕстӕ дӕр Чырыстийы ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ зӕххыл кӕй уыдзысты ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ист кӕй ӕрцӕудзысты ӕрмӕстдӕр Армагеддоны хӕдразмӕ. Ӕмӕ, цалынмӕ уыдонӕй чидӕртӕ зӕххыл уой, уӕдмӕ, гӕнӕн ис, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уа фадат, цӕмӕй сӕ фарсмӕ балӕууой ӕмӕ, цы куыст кӕнынц, уыцы куысты сӕм фӕкӕсой (Матф. 25:31, 32; Рарг. 12:17). Уыцы хабӕрттӕ зонын тынг ахсджиаг у.

12, 13. Чидӕртӕ, гӕнӕн ис, куыд бакӕной, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцыд, уый куы феной, уӕд? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

12 Куыд зонӕм, афтӕмӕй стыр бӕллӕх райдайдзӕн, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, чидӕртӕ ӕрхъуыды кӕной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй рагӕй кӕй дзырдтой. Цымӕ дзы уӕд исчи Йегъовӕйыл баууӕнддзӕн ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзӕн? (Рарг. 17:5; Йез. 33:33).

13 Хабар афтӕ рауад Моисейы рӕстӕджы Египеты. Израилӕгтимӕ Египетӕй рацыд «бирӕ адӕм алы адӕмыхӕттытӕй» (Рац. 12:38). Ӕвӕццӕгӕн, уыдонӕй чидӕртӕ Йегъовӕйыл баууӕндыдысты, Моисейы ныхӕстӕ 10 бӕллӕхы тыххӕй кӕй сӕххӕст сты, уый куы федтой, уӕд. «Стыр Вавилон» сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ дӕр хабар афтӕ куы рауайа, уӕд нын, мыййаг, хъыг уыдзӕн, Армагеддоны хӕдразмӕ нӕм адӕм кӕй ӕрбаиу сты, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Мах фӕнды, цӕмӕй уӕм нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн. Уый та у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рац. 34:6) b.

«Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцыд, уый адӕм куы феной, уӕд, гӕнӕн ис, чидӕртӕ ӕрхъуыды кӕной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй рагӕй кӕй дзырдтой (кӕс 12, 13 абзацтӕ) d


14, 15. Адӕймаг ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ, уый, кӕд амард кӕнӕ кӕм цӕры, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Псалом 33:4, 5).

14 Нӕ ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд иуӕй-иу хатт фехъусӕн вӕййы ахӕм ныхӕстӕ: «Стыр бӕллӕхы размӕ кӕй амард, уый ма, чи зоны, хуыздӕр дӕр у, уымӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй райгасдзинады ныфс уӕддӕр ис». Ӕмбарӕм ӕй, адӕймаг афтӕ йӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕй фӕзӕгъы. Фӕлӕ чидӕр ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ, уый, кӕд амард, уымӕй кӕнгӕ нӕ уыдзӕн. Йегъовӕ у ӕххӕст Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй. (Бакӕс Псалом 33:4, 5.) Ӕмӕ нӕ фидарӕй уырны, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн (Райд. 18:25).

15 Стӕй нӕ фӕрӕдидзыстӕм, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ, адӕймаг ӕнустӕм цӕрдзӕн ӕви нӕ, уый, кӕм цӕры, уымӕй кӕнгӕ дӕр нӕ уыдзӕн. Абон милуангай адӕм цӕрынц, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусыны фадат сын кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕты. Ӕмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй Йегъовӕ ӕппӕт уыцы адӕмы «сӕгътыл» куыд хъуамӕ банымайа! (Матф. 25:46). Кӕд сыл мах мӕт кӕнӕм, уӕд сыл ӕгас зӕххы рӕстаг Тӕрхонгӕнӕг та махӕй тынгдӕр мӕт кӕны. Мах ӕй нӕ зонӕм, стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕйы фӕндӕй хабӕрттӕ куыд цӕудзысты. Ӕппӕт адӕмты раз дӕр йӕ кад куы равдиса, уӕд, чи зоны, уыцы адӕмӕй кӕмӕндӕрты уыдзӕн фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной, баууӕндой йыл ӕмӕ йӕ фарс слӕууой (Йез. 38:16).

Стыр бӕллӕх райдайдзӕн, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Цымӕ уӕд исчи Йегъовӕйыл баууӕнддзӕн ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзӕн?

16. Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтам, Йегъовӕ адӕймаджы цардӕн куыд тынг аргъ кӕны. Йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй махӕй алкӕмӕн дӕр фӕзындаид ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 3:16). Алчидӕр нӕ йӕхиуыл банкъардта Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт (Ис. 49:15). Уый махӕй алкӕй дӕр зоны йӕ номӕй. Ахъуыды-ма кӕн: афтӕ хорз нӕ зоны, ӕмӕ нӕ исчи куы амӕла, уӕд нӕ райгас кӕндзӕн, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдыстӕм, раст ахӕмтӕй ӕмӕ алцыдӕр хъуыды кӕндзыстӕм! Уый хъуыды кӕны нӕ удыхъӕды алы миниуӕг дӕр (Матф. 10:29–31). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд алы адӕймагӕн дӕр кӕй рахӕсдзӕн раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ уый у стыр зонды хицау, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй (Иак. 2:13).

Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алы адӕймагӕн дӕр кӕй рахӕсдзӕн раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ уый у стыр зонды хицау, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ алкӕддӕр фӕархайы рӕстӕй (кӕс 16 абзац)


17. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Ацы хабӕрттӕ хуыздӕр кӕй бамбӕрстам, уымӕ гӕсгӕ ныр хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы ахсджиагдӕрыл нымайӕм. Фӕстиат кӕнӕн ӕппындӕр нӕй. Афтӕ цӕмӕн зӕгъӕм? Ӕмӕ нӕ цӕмӕн фӕнды хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ нӕ удӕй арт цӕгъдын? Ацы фарстатӕн дзуапп уыдзӕн иннӕ статьяйы. Бӕстон сыл аныхас кӕндзыстӕм.

76 ЗАРӔГ Ӕхсызгон дын нӕу?

a Афтӕ цӕуылнӕуал хъуыды кӕнӕм, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис статьяйы «Дӕу афтӕ бафӕндыд», 2015 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 7–11 фӕрстӕ.

b «Стыр Вавилон» сӕфт куы ’рцӕуа, уый фӕстӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты, Магогы зӕххӕй Гог сӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд. Ӕмӕ, мӕнг динтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Хуыцауы адӕммӕ чи ӕрбаиу уа, уыдон дӕр ӕрцӕудзысты фӕлвӕрд.

c НЫВ. Ацы ӕртӕ нывы ӕвдыст у, кӕмӕндӕрты нӕ бон хорз хабар фехъусын кӕнын цӕуылнӕ у, уый: 1) сылгоймаг цӕры, бӕстӕйы сӕйраг дины тыххӕй нын хъусын кӕнын тӕссаг кӕм у, ахӕм бӕстӕйы; 2) лӕг ӕмӕ ус цӕрынц, хицауады закъӕттӕм гӕсгӕ хъусын кӕныны бар кӕм нӕй ӕмӕ уый тӕссаг кӕм у, ахӕм бӕстӕйы ӕмӕ 3) нӕлгоймаг цӕры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты къах кӕдӕм нӕ хӕццӕ кӕны, ахӕм дард ран.

d НЫВ. Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, фӕлӕ Йегъовӕйӕ чи адард, иу ахӕм чызг ӕрхъуыды кодта, Библийы кӕй уыд загъд, «Стыр Вавилон» сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый сфӕнд кодта Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын, ӕмӕ йӕ ныййарджытӕм ӕрбацыд. Мах фӕнды, цӕмӕй, ахӕм хабӕрттӕ куы уынӕм, уӕд уӕм нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ-иу цин кӕнӕм, тӕригъӕдджын фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, ууыл.