Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

19 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

22 ЗАР Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!

Устур бӕллӕхи рӕстӕг Йеговӕ адӕнӕн куд тӕрхон кӕндзӕй?

Устур бӕллӕхи рӕстӕг Йеговӕ адӕнӕн куд тӕрхон кӕндзӕй?

«Йегови... нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа» (2 ПЕТ. 3:9).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Нӕ бон цӕмӕн ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ устур бӕллӕхи рӕстӕг рӕстӕй ке архайдзӕй.

1. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма хъӕбӕр дессаги рӕстӕг цӕрӕн?

 МАХ хъӕбӕр дессаги рӕстӕг цӕрӕн. Нӕхе цӕститӕй алли бон дӕр уинӕн, Библий пахампарӕдтӕ куд ӕнхӕст кӕнунцӕ, уой. Зӕгъӕн, «цӕгаттаг» ӕма «хонсайраг» паддзӕхтӕ дуйней хецаудзийнадӕбӕл куд тох кӕнунцӕ (Дан. 11:40). Уомӕй уӕлдай ма ’й уинӕн, Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъустгонд куд цӕуй, уой, ӕма милиуангай адӕн Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун куд райдайунцӕ (Ис. 60:22; Матф. 24:14). Удта ма нин парахаттӕй ес ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг (Матф. 24:45–47).

2. Кӕд федӕни туххӕй алци бӕлвурдӕй нӕ зонӕн, уӕддӕр нӕ бон федарӕй зӕгъун ци ӕй?

2 Федӕни нӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой нин Йеговӕ сабургай ӕргом кӕнуй (Ӕмб. 4:18; Дан. 2:28). Нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, устур бӕллӕх цалинмӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ нин Йеговӕ, зонун нӕ цидӕриддӕр гъӕуй, уой ке раргом кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ бон уа, нӕ астӕу ци еудзийнадӕ ес, уой багъӕуай кӕнун ӕма Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун. Фал уой дӕр зӕгъун гъӕуй, ӕма хабӕрттӕ куд цӕудзӕнцӕ, уой бӕлвурдӕй нӕ зонӕн. Аци статьяй бал радзубанди кӕндзиан, устур бӕллӕхи рӕстӕг ци хабӕрттӕ цӕудзӕнцӕ, уой куд лӕдӕрун кодтан, уомӕ нӕуӕгӕй цӕмӕн ӕркастан. Уой фӕсте ба радзубанди кӕндзиан, федӕни туххӕй ци зонӕн ӕма нӕ уӕларвон Фидӕ еци рӕстӕг куд архайдзӕй, уобӕл.

ЦИ НӔ ЗОНӔН

3. Устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уони хабар куд уодзӕй, уой туххӕй раздӕр куд гъуди кодтан ӕма цӕмӕн?

3 Раздӕр уотӕ гъуди кодтан, ӕма устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд Йегови Ӕвдесӕн ка нӕй, уомӕн ӕ бон нӕбал исуодзӕй Йегови адӕнмӕ ӕрбайеу ун ӕма Армагеддони фӕййервӕзун. Уотӕ цӕмӕн гъуди кодтан? Уомӕн ӕма нӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма Ноййи рӕстӕгути Дони хъиамӕт федӕни хабӕрттӕмӕ амонуй. Мах уотӕ гъуди кодтан: Йеговӕ науи дуар нихгӕдта, Дони хъиамӕт ку нӕма райдӕдта, уой размӕ. Раст гъе уотӕ устур бӕллӕхи райдайӕни Йеговӕ рахӕсгӕ хузи дуар нихгӕндзӕй ӕма фӕййервӕзуни фадуат некӕмӕнбал уодзӕй (Матф. 24:37–39).

4. Уотӕ цӕмӕн нӕбал гъуди кӕнӕн, ӕма Ноййи рӕстӕгути ци хабӕрттӕ цудӕй, етӕ федӕни цӕхуӕндӕр хабӕрттӕмӕ амонунцӕ?

4 Цума Дони хъиамӕти размӕ ци хабӕрттӕ цудӕй, етӕ федӕни цӕмӕдӕр амонунцӕ? Нӕъ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Библий уой туххӕй неци финст ес a. Ӕцӕгӕйдӕр, Киристе Ноййи рӕстӕгутӕ фӕстаг бӕнтти хӕццӕ рабарста. Фал уотӕ нӕ загъта, ӕма Дони хъиамӕти ци хабӕрттӕ цудӕй, етӕ федӕни никки устурдӕр хабӕрттӕмӕ ке амонунцӕ. Удта Йеговӕ науи дуар ке нихгӕдта, е федӕни цӕмӕдӕр ке амонуй, уой дӕр нӕ загъта. Фал уӕддӕр уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Ноййи, удта Дони хъиамӕти хабарӕй нецӕбӕл ахур кӕнӕн.

5. а) Ной Дони хъиамӕти размӕ е ’ууӕндундзийнадӕ куд бавдиста? (Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:7; 1 Петури 3:20). б) Нӕ лӕггадӕ Ноййи лӕггади хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?

5 Йеговӕ Ноййӕн Дони хъиамӕти туххӕй ку загъта, уӕд Ной е ’ууӕндундзийнадӕ гъуддагӕй бавдиста – науӕ искодта. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:7; 1 Петури 3:20.) Ӕма абони дӕр, Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар ка фегъосуй, етӕ дӕр гъӕуама, ци базонунцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайонцӕ (Гъуд. 3:17–20). Петур Ноййи исхудта «рӕстдзийнадӕ игъосунгӕнӕг» (2 Пет. 2:5). Фал айразиккон статьяй куд загъд адтӕй, уотемӕй ӕй бӕлвурдӕй нӕ зонӕн, Ной, ӕ рӕстӕги ка цардӕй, уонӕн Дони хъиамӕти туххӕй се ’гасемӕндӕр загъта ӕви нӕ. Абони Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар ӕгас дуйнебӕл дӕр игъустгонд цӕуй. Фал кудфӕнди ма архайӕн, уӕддӕр нӕ бон не ’суодзӕй хуарз хабар алли адӕймагӕн дӕр фегъосун кӕнун, цалинмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Цӕмӕннӕ?

6, 7. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн, ӕма аци дуйней кӕрони размӕ нӕ бон не ’суодзӕй хуарз хабар алли адӕймагӕн дӕр фегъосун кӕнун?

6 Ӕркӕсӕн Киристе ци дзурдта, хуарз хабар цӕйбӕрцӕбӕл рапарахат уодзӕй, уой фӕдбӕл. Е загъта: «Хуцауи Паддзахади туххӕй аци хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕудзӕй ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр, цӕмӕй ӕй еугур адӕнихӕттитӕ дӕр фегъосонцӕ» (Матф. 24:14). Аци пахампарадӕ абони куд ӕнхӕст кӕнуй, уотӕ некӕдма. Хуарз хабар игъустгонд цӕуй мин ӕвзагемӕй фулдӕребӕл. Ӕма jw.org сайти фӕрци адӕнӕн сӕ фулдӕремӕн сӕ бон ӕй хуарз хабар базонун.

7 Фал ма Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Ӕгас горӕттӕбӕл нӕма ӕрзелдзиайтӕ, уотемӕй ӕрцӕудзӕй Адӕймаги Фурт» (Матф. 10:23; 25:31–33). Гъома адӕнӕн тӕрхон кӕнунмӕ ку ’рцӕуа, уӕдмӕ нин нӕ бантӕсдзӕй алли адӕймаги хӕццӕ дӕр радзорун. Милиуангай адӕн цӕрунцӕ, игъосун кӕнун нӕ кӕми нӕ уадзунцӕ, уӕхӕн бӕстити. Уомӕй уӕлдай ма алли минут дӕр сӕдӕгай сувӕллони райгуруй. Мах, нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй хуарз хабар «алли муггагӕн, алли ӕвзагӕн ӕма алли адӕнихаттӕн» фегъосун кӕнӕн (Рарг. 14:6). Фал ӕй уӕддӕр лӕдӕрӕн, аци дуйней кӕрони размӕ нӕ бон ке не ’суодзӕй хуарз хабар алли адӕймагӕн дӕр фегъосун кӕнун.

8. Йеговӕ федӕни адӕнӕн куд тӕрхон кӕндзӕй, уой фӕдбӕл цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

8 Уомӕ гӕсгӕ ӕвзурунцӕ уӕхӕн фарстатӕ: «Устур бӕллӕхи размӕ хуарз хабар фегъосунмӕ фадуат кӕмӕн нӕ уодзӕй, етӕ ци бауодзӕнцӕ? Куд син тӕрхон кӕндзӕнцӕ Йеговӕ ӕма ӕ Фурт – тӕрхон кӕнуни барӕ кӕмӕн равардта, е?» (Иоан. 5:19, 22, 27; Гъуд. 17:31). Нӕ статьяй сӕйраг стихи финст ӕй, Йегови ке нӕ фӕндуй, цӕмӕй еске фесӕфа, фал ӕй фӕндуй, «цӕмӕй алкӕмӕндӕр уа ӕрфӕсмон кӕнуни фадуат» (2 Пет. 3:9; 1 Тим. 2:4). Фал ӕй уӕддӕр нӕма зонӕн, хуарз хабар фегъосуни фадуат кӕмӕн нӕ уодзӕй, уонӕн куд тӕрхон кӕндзӕй. Йеговӕ нин уой нӕма раргом кодта. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ихӕсгин дӕр нӕй, цӕмӕй нин ӕ алли къахдзӕф дӕр лӕдӕрун кӕна.

Устур бӕллӕхи размӕ хуарз хабар фегъосуни фадуат кӕмӕн н’ адтӕй, еци адӕнӕн Йеговӕ куд тӕрхон кӕндзӕй? (кӕсӕ 8 абзац) c


9. Йеговӕ нин Библий ци раргом кодта?

9 Фал нин уӕддӕр Йеговӕ Библий раргом кодта, федӕни ке искӕндзӕй, еци хабӕрттӕй еуети. Зӕгъӕн, Библийӕй базудтан, хуарз хабар фегъосунмӕ ӕма сӕ цард раййевунмӕ фадуат кӕмӕн нӕ фӕцӕй, еци фудгӕнӕг адӕни ке райгас кӕндзӕй (Гъуд. 24:15; Лук. 23:42, 43). Фал уомӕ гӕсгӕ ба ӕвзуруй ӕндӕр ӕхсидзгӕ фарстатӕ.

10. Цӕхуӕн фарстатӕ ма фӕззиннуй?

10 Цума устур бӕллӕхи рӕстӕг ка рамӕла, уони Йеговӕ райгас кӕндзӕй ӕви ӕносмӕ рамӕлдзӕнцӕ ӕма син райгас уни фадуат нӕбӕл уодзӕй? Библий финст ӕй, Йегови нихмӕ ка цӕуй ӕма Армагеддони тугъди Йеговӕ ӕма ӕ уӕларвон ӕфсад ке фесафонцӕ, етӕ ке нӕбал райгас уодзӕнцӕ (2 Фес. 1:6–10). Фал устур бӕллӕхи рӕстӕг уодзӕй, цӕхуӕндӕр нези, ӕверхъау хабари кенӕ иннӕ адӕймаги фудӕй ка рамардӕй, уӕхӕнттӕ дӕр. Уонӕй ба ци ес зӕгъӕн? (Еккл. 9:11; Зах. 14:13). Еске си уодзӕй, нӕуӕг дуйней ка райгас уа, еци «фудгӕнгути» астӕу? Аци фарстатӕбӕл дзуӕппитӕ нӕ зонӕн.

ЦИ ЗОНӔН

11. Йесо Киристе адӕни фустӕбӕл ӕма сӕгътӕбӕл цӕмӕ гӕсгӕ хецӕн кӕндзӕй?

11 Фал федӕни хабӕртти туххӕй цидӕртӕ зонӕн. Зӕгъӕн, зонӕн ӕй, Йесо Киристе адӕни фустӕбӕл ӕма сӕгътӕбӕл ке рахецӕн кӕндзӕй, е ’нсувӕртӕмӕ ин цӕхуӕн зӕрдӕ дардтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ (Матф. 25:40). Киристе ӕма е ’нсувӕрти фарс ка адтӕй, етӕ нимад ӕрцӕудзӕнцӕ фустӕбӕл. Удта ма зонӕн, устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд бал Йесой ӕнсувӕртӕй кадӕртӕ зӕнхӕбӕл ке уодзӕнцӕ ӕма Армагеддони хуӕдразмӕ уӕлӕрвтӕмӕ ист ке ’рцӕудзӕнцӕ. Цалинмӕ Киристей ӕнсувӕртӕ зӕнхӕбӕл уонцӕ, уӕдмӕ ма, ӕвӕдзи, кӕдзосзӕрдӕ адӕнӕн фадуат уодзӕй, цӕмӕй син сӕ гъуддаги ӕнхус кӕнонцӕ ӕма ’й бавдесонцӕ, сӕ фарс ке ’нцӕ (Матф. 25:31, 32; Рарг. 12:17).

12, 13. «Устур Вавилон» исӕфт ку ’рцӕуа, уӕд, ка ’й зонуй, еуӕй-еу адӕн сӕхе куд бадардзӕнцӕ? (Кӕсӕ ма хузтӕмӕ.)

12 Куд ӕй зонӕн, уотемӕй устур бӕллӕх райдайдзӕй «Устур Вавилони» исӕфтӕй. Ка ’й зонуй, еци рӕстӕг еуӕй-еу адӕни зӕрди ӕрифтуйдзӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ рагӕй дӕр ке дзурдтонцӕ, уӕхӕн хабар ке ӕрцӕудзӕй. Цума еци хабӕрттӕ еске баразӕнгард кӕндзӕнцӕ Йегови фарс ислӕуунмӕ? (Рарг. 17:5; Йез. 33:33).

13 Моисеййи рӕстӕгутӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн. Израилӕгтӕ Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд ма сӕ хӕццӕ рацудӕй «берӕ адӕн аллихузи адӕнихӕттитӕй» (Рац. 12:38). Ка ’й зонуй, еци адӕнӕй кадӕртӕ Йеговӕбӕл баууӕндтӕнцӕ, дӕс бӕллӕхи цӕун ку райдӕдтонцӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд. Гӕнӕн ес, ӕма нӕ рӕстӕги дӕр хабар уотӕ рауайа. «Устур Вавилон» исӕфт ку ’рцӕуа, уӕд нин цума гъулӕг уодзӕй, адӕн нӕмӕ Армагеддони хуӕдразмӕ ке ӕрбайеу уодзӕнцӕ, е? Ӕппундӕр нӕ! Мах дӕр фӕндуй, нӕ Уӕларвон Фиди фӕнзун. Е ӕй «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма тӕрегъӕдгӕнагӕ Хуцау, е мӕстгун кӕнунмӕ тагъд нӕ кӕнуй, ӕнӕкӕрон ӕй е ’новуд уарзт» (Рац. 34:6) b.

«Устур Вавилон» пурхӕгонд куд ӕрцудӕй, уой еуӕй-еу адӕн ку фӕууинонцӕ, уӕд, ка ’й зонуй, сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудзӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ уой туххӕй рагӕй ке дзурдтонцӕ (кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ) d


14, 15. Адӕймагӕн е ’носон федӕн, кӕд рамардӕй ӕма кӕми цӕруй, уомӕй кӕнгӕ ’й? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ (Псалом 33:4, 5).

14 Еуӕй-еухатт кадӕр фӕззӕгъуй: «Тӕходуй, ӕма мӕ хеуон устур бӕллӕхи размӕ ку рамӕлидӕ, уӕд нӕуӕг дуйней ӕнӕмӕнгӕй райгас уодзӕй». Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, уӕхӕн цидӕртӕ адӕймаг фӕдздзоруй ӕ зӕрдӕ хуарз ке фӕззӕгъуй, уой туххӕй. Фал цума адӕймагӕн е ’носон федӕн, кӕд рамӕлдзӕй, уомӕй кӕнгӕ ’й? Йеговӕ ӕй ӕнхӕст Тӕрхонгӕнӕг ӕма алкӕддӕр раст тӕрхӕнттӕ рахӕссуй. (Бакӕсӕ Псалом 33:4, 5.) Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун «ӕгас зӕнхи Тӕрхонгӕнӕг» рӕстӕй ке архайдзӕй (Райд. 18:25).

15 Ӕвӕдзи ма раст н’ адтайдӕ уотӕ зӕгъун дӕр, ӕма адӕймагӕн е ’носон федӕн, кӕми цӕруй, уомӕй кӕнгӕ ’й. Абони милиуангай адӕн цӕрунцӕ, Паддзахади туххӕй хуарз хабар фегъосуни фадуат кӕми нӕййес, уӕхӕн бӕстити. Ӕма сӕ ӕрмӕстдӕр уой туххӕй Йеговӕ сӕгътӕбӕл банимайа, уомӕн гӕнӕн нӕййес (Матф. 25:46). Ӕгас зӕнхи раст Тӕрхонгӕнӕгӕн еци адӕнбӕл ӕ зӕрдӕ махӕй хъӕбӕрдӕр ресуй. Мах ӕй бӕлвурдӕй нӕ зонӕн, устур бӕллӕхи рӕстӕг Йеговӕ хабӕрттӕ куд араздзӕй, уой. Гӕнӕн ес, ӕма еци адӕнӕй кадӕр Йеговӕбӕл баууӕнддзӕй ӕма ӕ фарс ислӕудзӕй, Йеговӕ адӕнти астӕу ӕ кадӕ ку бавдеса ӕма ӕ ном ку исрохс кӕна, уӕд (Йез. 38:16).

Цума устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд е еске баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови фарс ислӕууа?

16. Йегови туххӕй ци зонӕн? (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

16 Библи ахур кӕнгӕй мах базудтан, Йеговӕ алли адӕймагӕн дӕр куд хъӕбӕр аргъ кӕнуй, уой. Е ӕ Фурти цард нӕ бавгъау кодта, цӕмӕй нин ӕносон федӕнӕй нифс уа (Иоан. 3:16). Е ’новуд уарзт ин нӕхебӕл уинӕн (Ис. 49:15). Алкедӕр ни ӕ номӕй зонуй. Гъе уотӕ хуарз нӕ зонуй, ӕма ни аци дуйней еске ку рамӕла, уӕддӕр нӕ ӕ бон исуодзӕй райгас кӕнун нӕ уодигъӕди цидӕриддӕр менеугутӕ адтӕй, удта не ’гас гъудитӕ ӕма сагъӕсти хӕццӕ (Матф. 10:29–31). Мадта нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ алли адӕймагӕн дӕр ке рахӕсдзӕй, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕййес, уӕхӕн тӕрхон. Уомӕн ӕма нӕ уӕларвон Фидӕ алцидӕр зонуй, ӕй рӕстаг ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ (Иак. 2:13).

Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ алли адӕймагӕн дӕр ӕнхӕст тӕрхон ке рахӕсдзӕй, уомӕн ӕма алцидӕр зонуй, ӕй рӕстаг ӕма фӕлмӕнзӕрдӕ (кӕсӕ 16 абзац)


17. Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

17 Аци хабӕрттӕ хуӕздӕр лӕдӕрун ке райдӕдтан, е нӕ лӕггадӕбӕл куд рабӕрӕг ӕй? Уой фӕрци никки хуӕздӕр лӕдӕрӕн, игъосун кӕнуни гъуддаг куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Ӕма нӕ ци разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй зингзӕрдӕй игъосун кӕнӕн? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

76 ЗАР Ӕхцӕуӕн дин нӕй?

b Устур Вавилон пурхӕгонд ку ӕрцӕуа, уомӕй еу цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Магоги зӕнхӕй Гог ӕхе Хуцауи адӕнбӕл ниццӕвдзӕй. Еци рӕстӕг айдагъ Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ не ’рцӕудзӕнцӕ фӕлвӕрд, фал ма устур бӕллӕхи рӕстӕг Хуцауи фарс ка ислӕудтӕй, етӕ дӕр.

c ХУЗӔ. Ӕртӕ хузебӕл ӕвдист ӕй, кӕмӕндӕр хуарз хабар фегъосуни фадуат цӕмӕннӕ ес, кӕд ӕма ’й ӕгас зӕнхӕбӕл игъосун кӕнунцӕ, уӕддӕр: 1) силгоймаг кӕми цӕруй, уоми фулдӕр адӕн ци динбӕл хуӕст ӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ си игъосун кӕнун тӕссаг ӕй; 2) лӕг ӕма уосӕ цӕрунцӕ, политикон уавӕри туххӕй закъонмӕ гӕсгӕ хуарз хабар игъосун кӕнун кӕми не ’нгъезуй ӕма е тӕссаг кӕми ӕй, уоми; 3) нӕлгоймаг цӕруй, игъосунгӕнгутӕн бахъӕртун хъӕбӕр зин кумӕ ӕй, уӕхӕн идард рауӕн.

d ХУЗӔ. Ӕмбурдтӕмӕ ка нӕбал цӕуй, уӕхӕн ӕригон силгоймаг ӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кодта, «Устур Вавилони» исӕфти туххӕй кӕддӕр ци базудта, уой. Ӕ зундахаст раййивта ӕма ӕ ниййергутӕмӕ ӕрбацудӕй. Етӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнцӕ. Мах фӕндуй, цӕмӕй уӕхӕн адӕн ку ӕрбаздӕхонцӕ, уӕд сӕбӕл нӕ уӕларвон Фиди хузӕн цийнӕ кӕнӕн, фӕлмӕнзӕрдӕ уӕн ӕма син сӕ зин лӕдӕрӕн.