Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

67 ЗАРӔГ «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас»

Уарзондзинад дӕ разӕнгард кӕнӕд хъусын кӕнынмӕ

Уарзондзинад дӕ разӕнгард кӕнӕд хъусын кӕнынмӕ

«Раздӕр [уал] хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа» (МАР. 13:10).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Уарзондзинад нӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм.

1. 2023 азы ӕрвылазон фембӕлды цы базыдтам?

 2023 азы ӕрвылазон фембӕлды фехъусын кодтой, ныр кӕцыдӕр ахуырӕдтӕ ӕндӕрхуызон кӕй ӕмбарӕм a. Стӕй ма дзы уыди замманай хъусинӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕдыл. Зӕгъӕм, базыдтам, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ, Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, суанг уый фӕстӕ дӕр чидӕртӕ Хуыцауы адӕммӕ ӕрбаиу уой. Стӕй ма базыдтам, 2023 азы ноябрӕй фӕстӕмӕ хъусынгӕнджыты сӕ уацамындон хыгъдты алцы фыссын кӕй нал хъӕудзӕн. Цымӕ уыцы ивындзинӕдтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ныр хъусын кӕнын афтӕ ахсджиаг нал у? Уый афтӕ нӕу!

2. Бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр цӕмӕн у хъусын кӕнын? (Марчы 13:10).

2 Бонӕй-бонмӕ ноджы ахсджиагдӕр у хъусын кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕронмӕ рӕстӕг бирӕ нал баззад. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, хорз хабар ӕгас зӕххы цъарыл хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн, цалынмӕ «кӕрон» не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 24:14; бакӕс Марчы 13:10). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыддунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд «бон ӕмӕ... сахат» (Матф. 24:36; 25:13; Хъуыд. 1:7). Ӕмӕ алы бон дӕр уыцы рӕстӕгмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнӕм (Ром. 13:11). Фӕлӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ та уал хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм.

3. Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?

3 Нӕ бон у ахӕм ахсджиаг фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?» Уымӕ нӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад. Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй уарзӕм Хуыцауы Ныхас, адӕмы ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ ном. Ныртӕккӕ уыцы хъуыддӕгтӕй алкӕцыйыл дӕр аныхас кӕндзыстӕм.

УАРЗӔМ ХУЫЦАУЫ НЫХАС

4. Исты хорз хабар куы фехъусӕм, уӕд цы банкъарӕм ӕмӕ нӕ цы бафӕнды?

4 Ӕрхъуыды-ма кӕн, цавӕрдӕр хорз хабар куы фехъуыстай, уӕд цы банкъардтай. Чи зоны, базыдтай, дӕ хӕстӕджытӕй кӕмӕндӕр сывӕллон кӕй райгуырд. Кӕнӕ та, тынг кӕмӕ бӕллыдтӕ, уыцы куыстмӕ дӕ райстой. Ӕвӕццӕгӕн, дӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд ӕмӕ дӕ фӕндыд уыцы хабар дӕ бинонтӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн радзурын. Ӕппӕты хуыздӕр хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар – куы фехъуыстай, уӕд дӕр, ӕвӕццӕгӕн, цин кодтай ӕмӕ дӕ фӕндыд иннӕтӕн ӕй радзурын.

5. Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый фыццаг хатт куы фехъуыстай, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

5 Ӕрхъуыды-ма кӕн, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый фыццаг хатт куы фехъуыстай, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд. Зӕгъӕм, базыдтай, дӕ уӕларвон Фыд дӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уай. Базыдтай ма, рыст ӕмӕ мастӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ дын чи амард, уыдоны ног дунейы фӕстӕмӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Мар. 10:29, 30; Иоан. 5:28, 29; Ром. 8:38, 39; Рарг. 21:3, 4). Уыдӕттӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдӕ батавтой (Лук. 24:32). Ды рӕстдзинад бауарзтай ӕмӕ дӕ бон нӕ уыд хъусӕй лӕууын. (Абар Йереми 20:9.)

Хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстам, уӕд нӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн дӕр радзырдтаиккам (кӕс 5 абзац)


6. Эрнест ӕмӕ Розӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

6 Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Эрне́сты ӕмӕ йӕ бинойнаг Розӕйы хабармӕ b. Эрнестыл иу-10 азы куы цыд, уӕд йӕ фыд фӕзиан. Уый загъта: «Хъуыды-иу кодтон: „Цымӕ мӕ фыд ныр кӕм ис: уӕларвмӕ ацыд ӕви ӕппындӕр никуыуал ис?“ Фыд кӕмӕн уыд, уыцы сывӕллӕттӕм хӕлӕгӕй мардтӕн». Эрнест-иу арӕх уӕлмӕрдтӕм цыди, йӕ фыды ингӕны раз-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ-иу куывта: «О Хуыцау, бамбарын мын кӕн, мӕ фыд ныр кӕм ис, уый». Йӕ фыды мӕлӕтӕй иу-17 азы куы рацыд, уӕд Эрнест Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дзуапп базыдта, бирӕ азты дӕргъы йӕ чи тыхсын кодта, уыцы фарстатӕн. Зӕгъӕм, базыдта, адӕймаг фынӕйӕ куыд ницы фембары, афтӕ мӕрдтӕ дӕр кӕй ницыуал фембарынц ӕмӕ сӕ фидӕны Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн (Еккл. 9:5, 10; Хъуыд. 24:15). Ӕмӕ йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Йӕ бинойнаг Розӕ дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ рӕстдзинад бауарзта. 1978 азы сӕ дыууӕ дӕр донаргъуыд райстой. Цы базыдтой, уыдӕтты тыххӕй дзырдтой сӕ бинонтӕн, се ’мбӕлттӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Эрнест ӕмӕ Розӕйы руаджы донаргъуыд райстой 70 адӕймагӕй фылдӕр!

7. Рӕстдзинад ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы бауарзӕм, уӕд нӕ цы бафӕнды? (Лукайы 6:45).

7 Уӕдӕ, рӕстдзинад ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы бауарзӕм, уӕд нӕ бон нӕ вӕййы хъусӕй лӕууын. (Бакӕс Лукайы 6:45.) Махмӕ дӕр вӕййы, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм цы ’нкъарӕнтӕ уыд, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ. Уыдон загътой: «Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:20). Мах рӕстдзинад афтӕ тынг уарзӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн радзурӕм.

УАРЗӔМ АДӔМЫ

8. Ноджыдӕр ма нӕ цӕмӕн фӕнды хорз хабар хъусын кӕнын? (Кӕс рамкӕ « Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн».) (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау мах дӕр адӕмы уарзӕм (Ӕмб. 8:31; Иоан. 3:16). Тынг сын тӕригъӕд кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрынц «ӕнӕ Хуыцауӕй» ӕмӕ сӕ «ныфс... ницӕмӕй» ис (Еф. 2:12). Зындзинӕдты уылӕнтӕ сӕ сӕ быны скӕнынц. Махмӕ та ис, цы сӕ фервӕзын кӕндзӕн, ахӕм цыдӕр – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй сӕм хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнӕм. Уый фӕрцы сӕ бон у, ӕмӕ абон дӕр амондджын уой. Стӕй сын фӕзыны ныфс «ӕцӕг цардӕй» – Хуыцауы ног дунейы ӕнустӕм цӕрыны ныфс (1 Тим. 6:19).

Адӕмы кӕй уарзӕм ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй сӕм хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнӕм (кӕс 8 абзац)


9. Адӕмы цӕмӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ цӕмӕн? (Йезекил 33:7, 8).

9 Адӕмы, уыимӕ не ’нӕуырнӕг хиуӕтты дӕр, кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл нӕ зӕрдӕ кӕй риссы, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕдзӕхсӕм, ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕй. (Бакӕс Йезекилы 33:7, 8.) Бирӕтӕ сӕ сӕ царды кӕйттӕ кӕнынц ӕмӕ нӕ зонынц, тагъд кӕй уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх». Ахӕм бӕллӕх «нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матф. 24:21). Мах фӕнды, цӕмӕй базоной, тӕрхоны рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый: мӕнг дин сӕфт ӕрцӕудзӕн, уый фӕстӕ та ацы фыддуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр Армагеддоны сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 16:14, 16; 17:16, 17; 19:11, 19, 20). Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕм фылдӕр адӕм байхъусой ӕмӕ йын немӕ иумӕ лӕггад кӕнын райдайой. Фӕлӕ нӕм абон чи нӕ хъусы, уыимӕ нӕ бинонтӕй чидӕртӕ, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн?

10. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхсӕм?

10 Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй адӕм куы феной, Стыр Вавилон сӕфт кӕй ӕрцыд, уый, уӕд, гӕнӕн ис, чидӕртӕ Йегъовӕйыл баууӕндой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ фервӕзын кӕна. Кӕд афтӕ уыдзӕн, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхсӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: абон сын цы дзурӕм, уый, гӕнӕн ис, стыр бӕллӕхы рӕстӕг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууа. (Абар Йезекил 33:33.) Чи зоны, ӕрхъуыды кӕной, цы сын дзырдтам, уый ӕмӕ сӕ бафӕнда немӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, цалынмӕ нӕ байрӕджы уа, уӕдмӕ. Зӕгъӕм, Филиппты иу ахӕстонгӕс Йесойыл баууӕндыд, «зӕхх... тынг куы нынкъуысыд», ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Хъуыд. 16:25–34). Раст афтӕ, абон нӕм чи нӕ хъусы, уыдонӕй чидӕртӕ, гӕнӕн ис, Йегъовӕйыл баууӕндой, ӕнӕхъӕн дуне дӕр чи банкъуысын кӕндзӕн, уыцы хабар куы ’рцӕуа, ома Стыр Вавилон сӕфт куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.

УАРЗӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙӔ НОМ

11. Йегъовӕйы куыд кадджын кӕнӕм? (Раргомад 4:11). (Кӕс нывтӕм дӕр.)

11 Хорз хабар сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном. Хъусын кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы кадджын кӕнӕм, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы Хуыцауы. (Бакӕс Раргомад 4:11.) Мах разы стӕм Раргомад 4:11 стихы ныхӕстимӕ: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау». Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, зӕгъӕм, адӕмӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхӕссӕм, ӕппӕт дӕр уый кӕй сфӕлдыста ӕмӕ мах дӕр уый фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕн. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ не ’вгъау кӕнӕм нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хца ӕмӕ нӕ уавӕрты, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм (Матф. 6:33; Лук. 13:24; Кол. 3:23). Ӕппӕт уыдӕттӕ уый тыххӕй аразӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, бирӕ кӕй уарзӕм, уыцы Хуыцауы тыххӕй иннӕтӕн дзурын. Стӕй ма нӕ фӕнды иннӕтӕн дзурын, йӕ номы ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй. Цӕмӕн?

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ не ’вгъау кӕнӕм нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хца ӕмӕ нӕ уавӕрты, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм (кӕс 11 абзац)


12. Хъусын кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы ном куыд фӕрухс кӕнӕм?

12 Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ ном ын рухс кӕнын (Матф. 6:9). Мах фӕнды Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, Хӕйрӕг дзы цытӕ фӕдзырдта, уыдӕттӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты (Райд. 3:1–5; Иов 2:4; Иоан. 8:44). Мах Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцӕм, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Фӕнды нӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр базоной, йӕ сӕйраг миниуӕг уарзондзинад кӕй у, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы, йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, йӕ Паддзахад тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы адӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты (Пс. 37:10, 11, 29; 1 Иоан. 4:8). Адӕмӕн уыдӕттӕ куы фӕдзурӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы ном фӕрухс кӕнӕм. Стӕй вӕййӕм райгонд, уымӕн ӕмӕ, цы ном хӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕцӕрӕм. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн?

13. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном кӕй хӕссӕм, уымӕй сӕрыстыр цӕмӕн стӕм? (Исай 43:10–12).

13 Йегъовӕ нӕ равзӕрста, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уӕм. (Бакӕс Исайы 43:10–12.) Разамонӕг советы писмотӕй иуы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Махӕй алкӕмӕн дӕр стыр кад у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном кӕй хӕссӕм, уый» c. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ахъуыды-ма кӕн ахӕм цӕвиттоныл. Зӕгъӕм, чидӕр дӕ цавӕрдӕр фыдракӕнды фӕаххосджын кодта. Ӕмӕ дӕ хъӕуы, тӕрхондоны дӕ сӕрыл чи рахӕцдзӕн ӕмӕ, хорз адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ афтӕ кӕй никуы бакодтаис, уый чи зӕгъдзӕн, ахӕм ӕвдисӕн. Кӕй равзарис? Ӕвӕццӕгӕн, хорз кӕй зоныс, кӕуыл ӕууӕндыс, адӕмы ’хсӕн хорз ном кӕмӕн ис, ахӕм адӕймаджы, цӕмӕй йыл иннӕтӕ баууӕндой. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ йе ’вдисӕнтӕй кӕй равзӕрста, уымӕй равдыста, хорз нӕ кӕй зоны, кӕй ныл ӕууӕнды ӕмӕ кӕй зоны, иннӕтӕн кӕй дзурдзыстӕм, иунӕг ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый. Йе ’вдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый стыр кадыл нымайӕм! Ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй иннӕтӕн йӕ номы тыххӕй дзурӕм ӕмӕ дзы цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой, уыдон хурмӕ хӕссӕм. Афтӕмӕй цӕрӕм, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыцы номмӕ гӕсгӕ – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ! (Пс. 83:18; Ром. 10:13–15).

ХЪУСЫН КӔНДЗЫСТӔМ, ЦАЛЫНМӔ КӔРОН НЕ ’РЦӔУА, УӔДМӔ

14. Тагъд рӕстӕджы цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн?

14 Тагъд рӕстӕджы цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? Ныфс нӕ ис, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдайа, уӕдмӕ бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Стӕй нын ӕхсызгон у, адӕмы историйы ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг – стыр бӕллӕхы рӕстӕг – адӕмӕн, гӕнӕн ис, фадат кӕй уыдзӕн, цӕмӕй Хӕйрӕджы дунейӕ рацӕуой ӕмӕ немӕ иумӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнын райдайой (Хъуыд. 13:48).

15, 16. Дарддӕр дӕр цы араздзыстӕм ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕдмӕ араздзыстӕм?

15 Ныр та уал нын куыст бирӕ ис. Ӕрхауди нӕм стыр кад – ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын! Уыцы диссаджы куыст никуыуал кӕндзыстӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ адӕмы фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕнӕм, ацы фыддунейы кӕрон кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны, уымӕй. Ӕмӕ тӕрхоны рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд бамбардзысты, цы хабар хъусын кодтам, уый Йегъовӕйӕ кӕй уыд (Йез. 38:23).

16 Уӕдӕ нӕ цы фӕнды аразын? Мах уарзӕм Хуыцауы Ныхас, адӕмы ӕмӕ сӕйраджыдӕр та Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ ном. Ӕмӕ нӕ фӕнды дарддӕр дӕр зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ, уӕдмӕ!

54 ЗАРӔГ «Мӕнӕ фӕндаг»

a Ӕрвылазон фембӕлд уыд 2023 азы 7 октябры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Конгрессты залы Ньюбергы (штат Нью-Йорк, АИШ). Фӕстӕдӕр программӕ ӕнӕхъӕнӕй рацыд JW Broadcasting®-ы. 1-аг хай рацыд 2023 азы ноябры, 2-аг хай та – 2024 азы январы.

c Кӕс 2007 азы мартъийы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», 3 фарс.