Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

20 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

67 ЗАР «Игъосун кӕнӕ Хуцауи дзурд»

Игъосун кӕнунмӕ дӕ разӕнгард кӕнӕд уарзондзийнадӕ!

Игъосун кӕнунмӕ дӕ разӕнгард кӕнӕд уарзондзийнадӕ!

«Раздӕр [бал] гъӕуама хуарз хабар ӕгас адӕнихӕттитӕн дӕр игъустгонд ӕрцӕуа» (МАР. 13:10).

ЦӔМӔ ӔРКӔСДЗИАН

Уарзондзийнадӕ нӕ куд разӕнгард кӕнуй ӕгас зӕрдӕй игъосун кӕнунмӕ.

1. 2023 анзи ӕрвиланзон фембӕлди ци базудтан?

 2023 анзи ӕрвиланзон фембӕлди ӕхсидзгӕ хабар фегъосун кодтонцӕ a. Еци фембӕлди базудтан, кӕцидӕр ахурӕдтӕ хуӕздӕр лӕдӕрун ке райдӕдтан, удта ма нин фегъосун кодтонцӕ, нӕ лӕггадӕмӕ ка хауй, цалдӕр уӕхӕн игъосуйнаги. Зӕгъӕн, базудтан, Устур Вавилон пурхӕгонд ку ’рцӕуа, уӕд дӕр ма, ка й зонуй, адӕнӕн фадуат ке уодзӕй, цӕмӕй Йегови адӕнмӕ ӕрбайеу уонцӕ. Удта ма базудтан, 2023 анзи ноябрӕй фӕстӕмӕ игъосун кӕнуни хигъди алци финсун ке нӕбал гъӕудзӕй. Цума е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕ еци гъуддаги нӕ цуд фӕссабурдӕр кӕнун гъӕуй? Нӕъ.

2. Бонӕй-бонмӕ игъосун кӕнун ӕхсидзгӕдӕр цӕмӕн ӕй? (Марки 13:10).

2 Бонӕй-бонмӕ никки ӕхсидзгӕдӕр ӕй игъосун кӕнун. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма аци дуйнейӕн ӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕнуй. Ӕркӕсӕн, фӕстаг бӕнтти рӕстӕг киристӕнттӕ ци куст кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй Киристе ци загъта, уомӕ. (Бакӕсӕ Марки 13:10.) Матфей Киристей дзурдтӕ уотӕ ниффинста: «Хуцауи Паддзахади туххӕй аци хуарз хабар игъустгонд ӕрцӕудзӕй ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр... Ӕма уӕд ӕрцӕудзӕй кӕрон» (Матф. 24:14). Ами дзурд цӕуй, кӕрон ке ’рцӕудзӕй Сайтани фуддуйнейӕн. Е кӕд ӕрцӕудзӕй, уомӕн Йеговӕ «бон ӕма сахат» иснисан кодта (Матф. 24:36; 25:13; Гъуд. 1:7). Бонӕй-бонмӕ еци амондгун хабармӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн (Ром. 13:11). Фал цалинмӕ еци бон нӕма ралӕудтӕй, уӕдмӕ бал гъӕуй игъосун кӕнун.

3. Игъосун кӕнунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй?

3 Расагъӕс кӕнӕн уӕхӕн фарстабӕл: ци нӕ разӕнгард кӕнуй хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ? Еу загъдӕй ӕй ку зӕгъӕн, уӕд – уарзондзийнадӕ. Игъосун кӕнуни гъуддаги ке фӕййархайӕн, уомӕй бавдесӕн, ке уарзӕн хуарз хабар, адӕни ӕма фиццагидӕр ба Йегови, удта ӕ ном. Гъӕйдӕ уобӕл лӕмбунӕгдӕр радзубанди кӕнӕн.

ИГЪОСУН КӔНӔН, ХУАРЗ ХАБАР КЕ УАРЗӔН, УОЙ ТУХХӔЙ

4. Ести хуарз хабар ку фегъосӕн, уӕд уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсӕн?

4 Ести хуарз хабар ку фегъосис, уӕд дин кунӕг ӕхцӕуӕн нӕ фӕууй. Зӕгъӕн, дӕ хӕстӕгутӕй кӕмӕндӕр сувӕллон райгурдӕй. Кенӕ кӕдӕй-уӕдӕй иссирдтай, рагӕй дӕ ка гъудӕй, уӕхӕн куст. Ӕвӕдзи ма туххӕй лӕууис, цӕмӕй еци хабар дӕ хеуӕнттӕн ӕма де ’мбӕлттӕн радзорай. Тӕккӕ хуӕздӕр хабар – Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар – ку фегъустай, уӕд уомӕ ба цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕ?

5. Рӕстдзийнадӕ ку базудтай, уӕд дӕмӕ цӕхуӕн ӕнкъарӕнтӕ фӕззиндтӕй? (Кӕсӕ ма хузтӕмӕ.)

5 Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕ, фиццаг хатт рӕстдзийнадӕ ку фегъустай. Ду ӕй базудтай, дӕ уӕларвон Фидӕ дӕ берӕ ке уарзуй ӕма ’й ке фӕндуй, цӕмӕй ӕ бийнонтӕй уай. Ба ма зудтай, маст ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон ке искӕндзӕй. Удта ма дин фӕззиндтӕй нифс, берӕ ке уарзтай, етӕ нӕуӕг дуйней цардмӕ ке раздӕхдзӕнцӕ (Мар. 10:29, 30; Иоан. 5:28, 29; Ром. 8:38, 39; Рарг. 21:3, 4). Е дин уодӕнцойни хуасӕ куд н’ адтӕй (Лук. 24:32). Ци базудтай, уой бауарзтай ӕма дӕ бон гъосӕй лӕуун н’ адтӕй! (Рабарӕ Йеремий 20:9.)

Хуарз хабар ку фегъустан, уӕд нӕ бафӕндадтӕй, цӕмӕй ӕй иннетӕ дӕр базононцӕ (кӕсӕ 5 абзац)


6. Эрнест ӕма Рози хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнис?

6 Ӕркӕсӕн еу бийнонти хабармӕ. Эрнестбӕл b еу 10 анзи ку цудӕй, уӕд ӕ фидӕ рамардӕй. Еу фарста ин ӕнцойнӕ нӕ лӕвардта: «Цума мӕ фидӕ кӕми ӕй: уӕлӕрвти ӕви некӕмибал?» Фидӕ кӕмӕн адтӕй, еци сувӕллӕнттӕмӕ хицӕ кодта. Эрнест уӕлмӕрдтӕмӕ хъӕбӕр арӕх ӕрбацӕуидӕ ӕма цирти рази ӕ уӕрагисӕртӕбӕл лӕугӕй кувта: «О Хуцау, мӕ фидӕ кӕми ӕй, уой мӕ фӕндуй базонун». Еу 17 анзей фӕсте Эрнест Библи ахур кӕнун райдӕдта. Ӕ зӕрдӕмӕ Библий рӕстдзийнадӕ хъӕбӕр цудӕй. Кӕдӕй-уӕдӕй базудта, берӕ ӕнзти дӕргъи ’й ци фарстатӕ тухсун кодтонцӕ, уонӕбӕл дзуапп. Е ’й базудта, ка рамардӕй, етӕ карз фунӕй адӕни хузӕн ке ’нцӕ ӕма ке неци лӕдӕрунцӕ, федӕни ба ке райгас уодзӕнцӕ (Еккл. 9:5, 10; Гъуд. 24:15). Уобӕл куд цийнӕ кодта, уомӕн зӕгъӕн дӕр нӕййес! Ӕ бийнойнаг Розӕ дӕр Библи ахур кӕнун райдӕдта, ӕма е дӕр рӕстдзийнадӕ бауарзта. 1978 анзи сӕ дууӕ дӕр донаргъуд райстонцӕ. Эрнест ӕма Розӕ сӕ хъауритӕ не ’вгъау кодтонцӕ ӕма, Библий ци хӕзнатӕ иссирдтонцӕ, уони туххӕй дзурдтонцӕ сӕ бийнонтӕн, се ’мбӕлттӕн ӕма иннӕ адӕнӕн дӕр. Сӕ фӕрци 70 адӕймагемӕй фулдӕр Йегови хӕццӕ базонгӕ ’нцӕ ӕма донаргъуд райстонцӕ.

7. Библий рӕстдзийнадӕ нӕ зӕрди арф едӕгтӕ ку рауадзуй, уӕд нӕбӕл е куд рабӕрӕг уй? (Лукай 6:45).

7 Библий рӕстдзийнадӕ нӕ зӕрди арф едӕгтӕ ку рауадза, уӕд нӕ бон гъосӕй лӕуун нӕ уодзӕй. (Бакӕсӕ Лукай 6:45.) Мах бон дӕр ӕй фиццаг ӕноси Киристей ахуркӕнуйнӕгти хузӕн зӕгъун: «Ци фӕууидтан ӕма ци фегъустан, уони туххӕй ма дзорӕн, е нӕ бон нӕй» (Гъуд. 4:20). Мах рӕстдзийнадӕ берӕ уарзӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕй фулдӕр адӕн базононцӕ.

ИГЪОСУН КӔНӔН, АДӔНИ КЕ УАРЗӔН, УОЙ ТУХХӔЙ

8. Ци нӕ разӕнгард кӕнуй хуарз хабар иннетӕн дзорунмӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Адӕни уарзӕ. Ахуркӕнуйнӕгти цӕттӕ кӕнӕ».) (Кӕсӕ ма хузӕмӕ.)

8 Йеговӕ ӕма ӕ фурт адӕни берӕ уарзунцӕ (Ӕмб. 8:31; Иоан. 3:16). Ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй сӕ фӕнзӕн. Мах адӕнӕн тӕрегъӕд кӕнӕн, уомӕн ӕма «ӕнӕ Хуцауӕй» цӕрунцӕ ӕма син федӕнӕй нифс нӕййес (Еф. 2:12). Адӕн царди зиндзийнӕдти нигъулунцӕ, фал сӕмӕ нӕ бон ӕй не ’нхуси къох бадарун – Хуцауи Паддзахади туххӕй син хуарз хабар радзорун. Адӕни ке уарзӕн ӕма син ке тӕрегъӕд кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй син хуарз хабар дзорӕн, фадуат куддӕр фӕззиннуй, уотӕ. Уой фӕрци сӕ бон уодзӕй абони дӕр амондгунӕй цӕрун ӕма син фӕззиндзӕй нифс ӕцӕг цардӕй – ӕносон цардӕй нӕуӕг дуйней (1 Тим. 6:19).

Адӕни ке уарзӕн ӕма син ке тӕрегъӕд кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй син хуарз хабар дзорӕн, фадуат куддӕр фӕззиннуй, уотӕ (кӕсӕ 8 абзац)


9. Адӕнӕн ци дзорӕн ӕма цӕмӕн? (Йезекил 33:7, 8).

9 Адӕни ке уарзӕн, е ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй син дзорӕн, аци фуддуйнейӕн тагъд кӕрон ке ӕрцӕудзӕй. (Бакӕсӕ Йезекили 33:7, 8.) Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, ӕгас еци адӕнбӕл ци ’рцӕудзӕй, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ зӕрдӕ бамӕгур уй, уӕлдайдӕр ба нӕ хеуӕнттӕбӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд. Беретӕ ’й зонгӕ дӕр нӕ кӕнунцӕ, тагъд рӕстӕги ке уодзӕй, «дуйней фӕззиндӕй нурмӕ ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн устур бӕллӕх – н’ адтӕй, ӕма уогӕ дӕр нӕбал уодзӕй» (Матф. 24:21). Мах фӕндуй, цӕмӕй ӕй адӕн зононцӕ, Йеговӕ тӕрхон кӕнун ку райдайа, уӕд цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕнцӕ, уой. Фиццагидӕр бал исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ мӕнгӕ динтӕ, уой фӕсте ба Армагеддони – ӕгас фуддуйне дӕр (Рарг. 16:14, 16; 17:16, 17; 19:11, 19, 20). Мах Йеговӕмӕ ковӕн, цӕмӕй никки фулдӕр адӕн хуарз хабармӕ байгъосонцӕ ӕма абони нӕ хӕццӕ еумӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайонцӕ. Фал цума ци ес зӕгъӕн, хуарз хабармӕ ка нӕма игъосуй, ӕгас еци адӕнӕй, уой хӕццӕ ба ма нӕ хеуӕнттӕй дӕр?

10. Тагъд рӕстӕги ци ’рцӕудзӕй, уой туххӕй адӕни фӕдзӕхсун абони уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

10 Айразиккон статьяй куд загъд адтӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ мӕнгӕ динтӕ ку фесафа, уӕд ибӕл ка баууӕнда, уонӕн ма, ка ’й зонуй, фӕййервӕзунмӕ фадуат уодзӕй. Е уотӕ ку уа, уӕд абони ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр ӕхсидзгӕ ’й, цӕмӕй адӕнӕн дзорӕн, Устур Вавилонмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Дӕ гъудий дарӕ: абони адӕнӕн ци дзорӕн, уой федӕни сӕ бон уодзӕй сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнун. (Рабарӕ Йезекили 33:33.) Ка ’й зонуй, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхсӕн, е сӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕудзӕй ӕма нӕмӕ ӕрбайеу уодзӕнцӕ, цалинмӕ ӕгӕр нӕ байрӕгӕмӕ ’й, уӕдмӕ. Зӕгъӕн, Филиппти ахӕстдонгӕс Киристебӕл баууӕндтӕй, зӕнхӕ хъӕбӕр ку банкъустӕй, ӕрмӕстдӕр уой фӕсте (Гъуд. 16:25–34). Устур Вавилон пурхӕгонд ку ’рцӕуа, уӕд е дӕр, ка ’й зонуй, адӕни зӕнхинкъусти хузӕн бателдзӕй. Кӕд абони хуарз хабармӕ не ’гъосунцӕ, уӕддӕр е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма федӕни дӕр сӕ зундахаст нӕ раййевдзӕнцӕ.

ИГЪОСУН КӔНӔН, ЙЕГОВИ ӔМА ИН Ӕ НОМ КЕ УАРЗӔН, УОЙ ТУХХӔЙ

11. Йегови куд фӕккадгин кӕнӕн? (Раргомадӕ 4:11). (Кӕсӕ ма хузтӕмӕ.)

11 Мах хуарз хабар сӕйрагидӕр уомӕн игъосун кӕнӕн, ӕма уарзӕн Йегови, удта ӕ сугъдӕг ном. Мах нӕ лӕггадӕ хуарз фадуатбӕл нимайӕн, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фиди кадгин кӕнӕн. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 4:11.) Раргомади 4:11 ци дзурдтӕ финст ес, уони хӕццӕ мах дӕр арази ан: «О Йеговӕ, нӕ Хуцау, ду дӕ кадӕ ӕма намуси аккаг, уомӕн ӕма ду дӕ устур хъаури хецау». Алцидӕр Йеговӕ сфӕлдиста ӕма цӕргӕ дӕр уой фӕрци кӕнӕн. Иннетӕн уой фӕдбӕл федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ ку фӕххӕссӕн, уӕд Йеговӕн фӕддӕттӕн, ци ин ӕмбӕлуй, уой, гъома, кадӕ ӕма намус. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй не ’вгъау кӕнӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъауритӕ ӕма не ’хца, удта нӕ уавӕрти нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн (Матф. 6:33; Лук. 13:24; Кол. 3:23). Ӕгас еци гъуддӕгтӕ кӕнӕн, уомӕн ӕма нӕ зӕрдӕмӕ цӕуй иннетӕн дзорун, берӕ ке уарзӕн, еци Хуцауи туххӕй. Уомӕй уӕлдай ма мах фӕндуй Хуцауи номи туххӕй ӕма, ци нисан кӕнуй, уой туххӕй иннетӕн дзорун. Цӕмӕн?

Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй не ’вгъау кӕнӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъауритӕ ӕма не ’хца, удта нӕ уавӕрти нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн (кӕсӕ 11 абзац)


12. Нӕ лӕггадӕй Йегови ном куд рохс кӕнӕн?

12 Йегови ке уарзӕн, е нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ин ӕ ном рохс кӕнӕн (Матф. 6:9). Сайтан Йеговӕй ӕргом мӕнгӕттӕ фӕдздзурдта, ӕма ин уотемӕй ӕ ном фегадӕ кодта (Райд. 3:1–5; Иов 2:4; Иоан. 8:44). Мах ба фӕндуй, цӕмӕй ин ӕ ном кӕдзос кӕнӕн. Йеговӕ ӕцӕгӕй цӕхуӕн Хуцау ӕй, уой иннетӕн ку фергом кӕнӕн, уӕд ин уотемӕй, зӕгъӕн ес, ӕма ӕ сӕрбӕл фӕдздзорӕн. Фӕндуй нӕ, цӕмӕй адӕн дӕр зононцӕ, мах ци зонӕн, уой: ӕ сӕйрагдӕр менеуӕг ӕй уарзондзийнадӕ, ӕ хецаудзийнадӕ ӕй рӕстаг, ӕ Паддзахадӕ тагъд рӕстӕги еугур гъезӕмӕрттӕн дӕр ракӕрон кӕндзӕй ӕма зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕнӕн се ’гасемӕндӕр ӕрхӕсдзӕй амонд ӕма фарнӕ (Пс. 37:10, 11, 29; 1 Иоан. 4:8). Ӕгас еци гъуддӕгти туххӕй адӕнӕн ку фӕдздзорӕн, уӕд уотемӕй Йегови ном фӕккадгин кӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма нин ӕхцӕуӕн ӕй, ци ном хӕссӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕ цард ке аразӕн. Уотӕ цӕмӕн ес зӕгъӕн?

13. Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ан, уомӕй сӕрустур цӕмӕн ан? (Исай 43:10–12).

13 Йеговӕ нӕ ӕхецӕн ӕвдесӕнтӕй равзурста. (Бакӕсӕ Исаййи 43:10–12.) Разамонӕг совети финстӕгутӕй, еуеми, уӕхӕн дзурдтӕ финст адтӕй: «Йегови Ӕвдесӕн уай, уомӕй устурдӕр кадӕ зӕнхӕбӕл адӕймагӕн нӕййес» c. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр фудгъуддаги дӕ фӕффудгин кодтонцӕ. Уӕд дин гъӕуама уа, ӕвдесӕн ка ниллӕууа, уӕхӕн адӕймаг, цӕмӕй тӕрхондонӕмӕ ӕрбацӕуа, ӕма зӕгъа, хуарз адӕймаг ке дӕ ӕма уӕхӕн фудгъуддаг ке некӕд бакодтайсӕ. Уӕхӕн ӕвдесӕнӕн ке равзардзӕнӕ? Хуарз ном кӕмӕн ес, ӕма уой фӕрци ӕ дзурдтӕбӕл ӕууӕнкӕ кӕмӕн уа, уӕхӕн адӕймаги. Йеговӕ нӕ е ’Вдесӕнтӕй ке равзурста, уомӕй ӕй бавдиста, хуарз нӕ ке зонуй ӕма нӕбӕл ӕ зӕрдӕ ке даруй. Зонуй ӕй, адӕнӕн ке дзордзиан, ӕрмӕстдӕр е ке ӕй еунӕг ӕцӕг Хуцау. Е ’Вдесӕнтӕ ке ан, уой нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн. Уомӕ гӕсгӕ алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнӕн, цӕмӕй ин ӕ номи туххӕй рӕстдзийнадӕ дзорӕн ӕма ’й мӕнгӕттӕй кӕдзос кӕнӕн. Уотемӕй ӕй бавдесӕн, Йегови Ӕвдесӕнти ном дзӕгъӕли ке нӕ хӕссӕн, ӕма уомӕй сӕрустур ан! (Пс. 83:18; Ром. 10:13–15).

ИГЪОСУН КӔНДЗИАН КӔРОНМӔ ДӔР!

14. Тагъд рӕстӕги цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн?

14 Тагъд рӕстӕги цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн? Нифс нӕ ес, ӕма нин Йеговӕ игъосун кӕнуни гъуддаги нӕ хъиамӕтӕн арфӕ кӕндзӕй ӕма ма устур бӕллӕхи размӕ берӕ адӕн рӕстдзийнадӕ базондзӕнцӕ. Удта ма нин нифси хуасӕ ӕй еу ма гъуддаг дӕр: адӕни историй тӕккӕ ӕверхъаудӕр рӕстӕг ку ралӕууа, гъома устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд дӕр ма, ка ’й зонуй, адӕнӕн фадуат уодзӕй, цӕмӕй сӕхе ратононцӕ, исӕфтмӕ ка цӕуй, еци дуйнейӕй ӕма нӕмӕ ӕрбайеу уонцӕ, цӕмӕй Йегови еумӕ кадгин кӕнӕн (Гъуд. 13:48).

15, 16. Идарддӕр ци кӕндзиан ӕма цӕйбӕрцӕ?

15 Нур ба бал нӕмӕ хъӕбӕр берӕ куст ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Махмӕ устур кадӕ ӕрхаудтӕй – Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнӕн. Еци гъуддаг ӕндӕр некӕдбал кӕндзиан. Мах адӕни фӕдзӕхсӕн, аци фуддуйней кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр ке кӕнуй. Ӕма тӕрхони рӕстӕг ку ралӕууа, уӕд ӕй балӕдӕрдзӕнцӕ, ци хабар син игъосун кодтан, е Йеговӕ Хуцауӕй ке адтӕй (Йез. 38:23).

16 Мадта аци статьяй сӕйраг гъуди ци адтӕй? Идарддӕр нӕ игъосун кӕнунмӕ разӕнгард кӕнӕд уарзондзийнадӕ – уарзондзийнадӕ хуарз хабармӕ, адӕнмӕ ӕма сӕйрагидӕр ба Йеговӕмӕ ӕма ӕ номмӕ. Гъе уӕд нӕ бон уодзӕй ӕгас хъауритӕй ӕма зингзӕрдӕй идарддӕр дӕр игъосун кӕнун, цалинмӕ Йеговӕ уотӕ нӕ зӕгъа: «Аци куст фӕцӕй!»

54 ЗАР «Мӕнӕ над»

a Ӕрвиланзон фембӕлд адтӕй 2023 анзи 7 октябри Ньюберги, (штат Нью-Йорк, АЕШ) Йегови Ӕвдесӕнти Конгрессти зали. Фӕстӕдӕр еци программӕ ӕвдист адтӕй JW Broadcasting®-и. Фиццаг хай рацудӕй 2023 анзи ноябри, дуккаг ба – 2024 анзи январи.