Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

26 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

8 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ мӕсыг

Йегъовӕ уӕд дӕ Къӕдзӕх

Йегъовӕ уӕд дӕ Къӕдзӕх

«Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх» (1 САМ. 2:2).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕйы къӕдзӕхимӕ цӕмӕн ис абарӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын.

1. Псалом 18:46 стихы Давид Йегъовӕйы цӕимӕ абарста?

 АБОН ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ хатт ӕнӕнхъӕлӕджы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ цард фӕзындӕр вӕййы кӕнӕ та суанг цӕхгӕр фӕивы. Фӕлӕ ахӕм рӕстӕджыты дӕр иунӕг нӕ вӕййӕм – Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ вӕййы. Айразмӕйы статьяйы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам, Йегъовӕ кӕй у «удӕгас Хуыцау» ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы йӕ лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. (Бакӕс Псалом 18:46.) Фӕлӕ Давид Йегъовӕйы удӕгас Хуыцау куы схуыдта, уый фӕстӕ та йӕ абарста ӕнӕуд цӕимӕдӕр. Давид загъта, Йегъовӕ у мӕ къӕдзӕх, зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд?

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы къӕдзӕхимӕ цӕмӕн ис абарӕн ӕмӕ уымӕй йӕ миниуджыты тыххӕй цы ис базонӕн, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕ махӕн дӕр нӕ Къӕдзӕх суа ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын.

ЙЕГЪОВӔЙЫ КЪӔДЗӔХИМӔ ЦӔМӔН ИС АБАРӔН?

3. Библийы кӕцы стихты фыст ис, Йегъовӕ Къӕдзӕх кӕй у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Библи Йегъовӕйы бары къӕдзӕхимӕ. Ӕмӕ нын уыцы абарст ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, уый. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ-иу Йегъовӕйы йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй куы кадджын кодтой, уӕд-иу ӕй арӕх схуыдтой Къӕдзӕх. Йегъовӕ къӕдзӕхимӕ фыццаг хатт барст цӕуы Дыккаг закъоны 32:4 стихы. Аннӕ Йегъовӕмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх» (1 Сам. 2:2). Аввакум Йегъовӕйы схуыдта йӕ «Къӕдзӕх» (Ав. 1:12). 73-ӕм псалом чи ныффыста, уый та загъта: «Хуыцау у мӕ зӕрдӕйы ныфс [комк. «къӕдзӕх», фип.]» (Пс. 73:26). Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕхи схуыдта «Къӕдзӕх» (Ис. 44:8). Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы ӕртӕ миниуӕгыл ӕмӕ базондзыстӕм, уыдоны фӕрцы йӕ къӕдзӕхимӕ цӕмӕн ис абарӕн. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй махӕн дӕр нӕ «Къӕдзӕх» суа (Дык. з. 32:31).

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн у къӕдзӕхы хуызӕн (кӕс 3 абзац)


4. Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн цӕмӕн у? (Псалом 94:22).

4 Йегъовӕ у не ’мбӕхсӕн. Адӕймаг къӕдзӕхты ’хсӕн тыхдымгӕйӕ куыд бамбӕхсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр вӕййы не ’мбӕхсӕн бынат, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Уый нӕ хъахъхъӕны, нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. (Бакӕс Псалом 94:22.) Стӕй ма нын дзуры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нын исчи кӕнӕ исты, ахӕм зиан ракӕна, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Зӕрдӕ ма нын ӕвӕры, ныртӕккӕ цӕуыл мӕт кӕнӕм ӕмӕ цӕй тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм, уыдӕттӕй фӕд дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (Йез. 34:25, 26).

5. Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн кӕд свӕййы?

5 Йегъовӕ не ’мбӕхсӕн свӕййы, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нын ратты «Хуыцауы фарн». Уый нын хъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд (Фил. 4:6, 7). Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Артёмы хабармӕ. Йӕ уырнындзинады тыххӕй йӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Алы допросы размӕ дӕр-иу тынг стыхст, уымӕн ӕмӕ йӕм слестгӕнӕг ӕртхъирӕнтӕ кодта ӕмӕ-иу ын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта. Артёмӕн цы баххуыс кодта? Уый загъта: «Йегъовӕмӕ-иу куывтон, цӕмӕй мӕ зӕрдӕйы фарн уыдаид ӕмӕ зондӕй архайдтаин. Слестгӕнӕг цыфӕнды ма кодтаид, уӕддӕр мӕ зӕрдӕ уыди сабыр. ...Йегъовӕ мӕ фидар къулау хъахъхъӕдта, ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕн!»

6. Нӕ бон цӕмӕн у нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын? (Исай 26:3, 4).

6 Йегъовӕйыл ис ӕууӕндӕн. Къӕдзӕх йӕ бынатӕй куыд никуы сызмӕлы, раст афтӕ Йегъовӕ дӕр алкӕддӕр вӕййы нӕ фарсмӕ ӕмӕ цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Нӕ бон ыл у нӕ ныфс дарын, уымӕн ӕмӕ уый у «Къӕдзӕх ӕнустӕм». (Бакӕс Исайы 26:3, 4.) Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ нын алкӕддӕр нӕ куывдтытӕ хъусдзӕн, алкӕддӕр нын ӕххуыс кӕндзӕн, стӕй йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл у иузӕрдион, ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ дӕр нӕ бон у ӕууӕндын (2 Сам. 22:26). Уый нын нӕ фыдӕбон никуы ферох кӕндзӕн ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Дзут. 6:10; 11:6).

7. Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы фӕдарӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх свӕййы, нӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр куы фӕдарӕм, уӕд. Мах зонӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уый алкӕддӕр нӕ пайдайӕн кӕй вӕййы ӕмӕ суанг тынг зын рӕстӕджыты дӕр йӕ коммӕ фӕкӕсӕм (Ис. 48:17, 18). Куы-иу фенӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕны, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдайдзыстӕм. Афтӕмӕй цӕттӕ уыдзыстӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы кӕй сфӕраздзыстӕм, уыцы фӕлварӕнтӕм. Хатт ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕйы бон йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй бон вӕййы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уӕд бамбарӕм, Йегъовӕ ӕууӕнчы аккаг кӕй у ӕмӕ йыл алкӕддӕр нӕ бон кӕй вӕййы нӕ ныфс дарын. Ӕфсымӕр Владимир загъта: «Ахст куы уыдтӕн, уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ куыд ӕввахс уыдтӕн, афтӕ никуы. Сахуыр дӕн Йегъовӕйыл мӕ ныфс ноджы тынгдӕр дарын, уымӕн ӕмӕ уыдтӕн иунӕгӕй ӕмӕ мӕ уавӕрыл мӕ бар нӕ цыд».

Йегъовӕ свӕййы нӕ Къӕдзӕх, нӕ ныфс ыл ӕгасӕй дӕр куы фӕдарӕм, уӕд (кӕс 7 абзац)


8. а) Йегъовӕйы къӕдзӕхимӕ цӕмӕн ис абарӕн? б) Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх кӕй у, уый нӕ ныфс куыд уадзы? (Псалом 62:6, 7).

8 Йегъовӕ у ӕнӕфӕцудгӕ. Стыр къӕдзӕхау Йегъовӕ дӕр у фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Йӕ удыхъӕд ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ ивынц (Мал. 3:6). Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд дӕр, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыд, уый нӕ аивта. Апостол Павел Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «йӕхиуыл йӕ зӕрдӕ сива, уый йӕ бон нӕу» (2 Тим. 2:13). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа ӕмӕ иннӕтӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр Йегъовӕ никуы аивдзӕн, стӕй йӕ фӕнд дӕр никуы аивдзӕн ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты никуы ахиздзӕн. Ацы змӕст рӕстӕджыты нӕ бон у нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Уый у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ нӕ фидар Къӕдзӕх! (Бакӕс Псалом 62:6, 7.)

9. Татьянӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

9 Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх свӕййы, йӕ миниуджытыл ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ зӕрдӕ уа сабыр ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм (Пс. 16:8). Ӕркӕсӕм хо Татьянӕйы хабармӕ. Йӕ уырнындзинады тыххӕй йӕ хӕдзары ахстӕй дардтой. Уый загъта: «Зыбыты иунӕгӕй баззадтӕн... Фыццӕгты мын тынг зын уыди. Арӕх-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон». Уыцы уавӕры йын цы баххуыс кодта? Хъуыды-иу кодта Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ фӕндыл, ӕмӕ-иу уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Татьянӕ зӕгъы: «Зыдтон ӕй, уыдӕттӕ, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый тыххӕй кӕй ӕвзарын. Ӕмӕ мын уый баххуыс кодта, цӕмӕй мӕхиуыл мауал хъуыды кодтаин».

10. Ныр цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх суа?

10 Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы тынг уӕззау рӕстӕджытӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд куыд хъӕудзӕн нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын, афтӕ никуы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ныр архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ кӕсӕм, Йегъовӕйӕн раджы заманты чи лӕггад кодта ӕмӕ йын нӕ рӕстӕджы чи лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй. Стӕй-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ суыдзӕн нӕ Къӕдзӕх.

ЙЕГЪОВӔЙЫ МИНИУДЖЫТӔ ФӔЗМ

11. Цӕмӕн нӕ фӕнды Йегъовӕйы миниуджытӕ фӕзмын? (Кӕс рамкӕ дӕр « Нысан ӕрыгон ӕфсымӕртӕн».)

11 Мах базыдтам, Йегъовӕйы къӕдзӕхимӕ цӕмӕн ис абарӕн. Ныр та аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон ӕй куыд у фӕзмын, ууыл. Уый нын цас хуыздӕр уайа, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн ӕмбырд фидар кӕнын. Зӕгъӕм, Йесо Си́моны схуыдта Ки́фӕ (грекъагау «Петр»). Уыцы ном нысан кӕны «дур, къӕдзӕхдур» (Иоан. 1:42). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Петр хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн удӕнцойы хос уыдаид ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кодтаид. Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй сты «стыр къӕдзӕхы аууоны» хуызӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырд хъахъхъӕнынц (Ис. 32:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ фӕзмӕм Йегъовӕйы. Ӕмӕ уӕд кӕрӕдзийӕн уыдзыстӕм, бамбӕхсӕн кӕм ис, ахӕм къӕдзӕхты хуызӕн (Еф. 5:1).

12. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмбӕхсӕн бынат уӕм?

12 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмбӕхсӕн бынат у. Кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, змӕстытӕ кӕнӕ хӕст куы райдайы, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕнӕ хӕдзӕрттӕй баззайынц кӕнӕ та сӕ бахъӕуы ӕндӕр ранмӕ алидзын. Ӕмӕ сӕ уӕд нӕ бон вӕййы нӕ хӕдзары суазӕг кӕнын. Ацы «фӕстаг бонты» цард зынӕй-зындӕр кӕны, ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты не ’ххуыс арӕхдӕр хъӕудзӕн (2 Тим. 3:1). Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс уадзын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Уый нӕ бон куыд у аразын? Зӕгъӕм, нӕ бон сыл у ӕмбырды бацин кӕнын, семӕ аныхӕстӕ кӕнын, бафидар сӕ кӕнын. Фӕнды нӕ, цӕмӕй не ’мбырд хъарм къонайы хуызӕн уа. Мах цӕрӕм ӕгъатыр, уазал ӕмӕ, уарзондзинад кӕм нӕй, ахӕм дунейы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу бафидар уой ӕмӕ-иу феной, ӕмбырды сын ӕдас кӕй у ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм.

13. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмбӕхсӕн бынат уой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алыхуызон зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ свӕййынц ӕмбӕхсӕн бынат. Цавӕрдӕр бӕллӕх куы ’рцӕуы кӕнӕ искӕй ӕвӕстиатӕй дохтырты ӕххуыс куы фӕхъӕуы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнцад нӕ фӕбадынц, уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынынц. Уымӕй уӕлдай ма нын Библийы фӕрцы нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс бауадзынц. Хистӕр нӕлгоймаг фӕлмӕн ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уа, стӕй иннӕтӕм байхъусынмӕ цӕттӕ куы уа, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕнцондӕр уыдзӕн ахӕм хистӕр нӕлгоймагӕй ӕххуыс ракурын. Кӕй нӕ уарзынц, уый куы фембарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы, Библийӕ нын цы уынаффӕтӕ раттынц, уыдонмӕ байхъусын (1 Фес. 2:7, 8, 11).

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алыхуызон зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ свӕййынц ӕмбӕхсӕн бынат (кӕс 13 абзац) a


14. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕууӕнчы аккаг уӕм?

14 Ӕууӕнчы аккаг у. Мах фӕнды, цӕмӕй ныл иннӕтӕ ӕууӕндой ӕмӕ ныл сӕ ныфс дарой, уӕлдайдӕр зын рӕстӕджыты (Ӕмб. 17:17). Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕууӕнчы аккаг уӕм? Нӕ бон у архайын, цӕмӕй ӕдзух чырыстон миниуджытӕ ӕвдисӕм, зӕгъӕм, нӕ ныхас-иу сӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ-иу ма ӕрӕджы кӕнӕм (Матф. 5:37). Стӕй нӕ бон у, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕмбырды исты куы бахӕс кӕнынц, уӕд-иу ӕй хъуамӕ саразӕм, уый фӕдыл цы амындтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

15. Ӕууӕнкджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн арфӕдзинад цӕмӕн сты?

15 Ӕууӕнкджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн стыр арфӕдзинад сты. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куы фӕзонынц, сӕ бон кӕй у кӕдфӕнды дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бадзурын (зӕгъӕм, сӕ къорды цӕстдарӕгмӕ), уӕд сын ӕнцондӕр вӕййы ӕххуыс ракурын. Стӕй куы фӕуынынц, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты, уӕд фембарынц, кӕй сӕ уарзынц, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ сӕхи хъуыды куы нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ уынаффӕ, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы раттынц, уӕд сыл хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынгдӕр феууӕндынц. Уыцы ’фсымӕртӕн ма уый тыххӕй аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нын нӕ сусӕг ныхас иннӕтӕн нӕ радзурынц, стӕй сӕ ныхасӕн хицау разынынц.

16. Ӕнӕфӕцудгӕ куы уӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

16 Ӕнӕфӕцудгӕ у. Алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ уынаффӕтӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы хӕссӕм, уӕд иннӕтӕн фӕзминаг уыдзыстӕм. Хуыцауы Ныхас куы иртасӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахиздзыстӕм. Бамбардзыстӕм-иу цавӕрдӕр ахуырад кӕнӕ цавӕрдӕр хъуыды, Йегъовӕ цы дзуры, уый ныхмӕ кӕй у, ӕмӕ-иу ыл нӕ баууӕнддзыстӕм (Еф. 4:14; Иак. 1:6–8). Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл куы ’ууӕндӕм, уӕд-иу ӕвзӕр хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм ӕмӕ-иу тынг нӕ мӕт кӕндзыстӕм (Пс. 112:7, 8). Стӕй нӕ бон уыдзӕн, зындзинӕдтыл чи ’мбӕлы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын (1 Фес. 3:2, 3).

17. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

17 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, уой уӕззау зонды хицау, уаг ӕмӕ сӕм ӕгъдау уа ӕмӕ уой ӕмбаргӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ «фидар хӕцынц, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл», ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырдӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты ма фӕцудой, ӕгӕр ма фӕтыхсой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар уа (Тит. 1:9; 1 Тим. 3:1–3). Уыдон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕдзух сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, ахсджиаг кӕй у ӕмбырдтӕм цӕуын, хъусын кӕнын ӕмӕ Библи иртасын. Ӕмӕ сын уыцы хъуыддӕгты сӕхӕдӕг дӕр сты фӕзминаг. Се ’мчырыстӕттӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд та сын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарой ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл хъуыды кӕной.

18. Цӕмӕн нӕ фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын? (Кӕс рамкӕ дӕр « Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн».)

18 Ацы статьяйы аныхас кодтам Йегъовӕйы диссаджы миниуджытыл. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у паддзах Давидау зӕгъын: «Табу Йегъовӕйӕн, мӕ Къӕдзӕхӕн» (Пс. 144:1). Йегъовӕ никуы фӕивдзӕн, ӕмӕ йыл нӕ бон у алкӕддӕр нӕ ныфс дарын. Уый нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм – абон дӕр ӕмӕ нӕ зӕронды бонты дӕр. Цасфӕнды ныл ма цӕуа, уӕддӕр нӕ бон у зӕгъын: «[Йегъовӕ] у мӕ Къӕдзӕх» (Пс. 92:14, 15).

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

a НЫВ. Паддзахады залы хо хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дзуры, цӕуыл мӕт кӕны, уый.