Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

28 ЗАРӔГ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм

Йегъовӕ дӕ хоны йӕ цатырмӕ

Йегъовӕ дӕ хоны йӕ цатырмӕ

«Мӕ цатыр уыдзӕн сӕ сӕрмӕ, ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау» (ЙЕЗ. 37:27).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕйы цатыры уазӕг уай, уый цы нысан кӕны ӕмӕ, Йегъовӕ хорз Фысым кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг.

1, 2. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты цавӕр кады аккаг скодта?

 ИСЧИ дӕ куы бафӕрсид, Йегъовӕ дӕ царды цавӕр бынат ахсы, зӕгъгӕ, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис? Чи зоны, зӕгъис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у мӕ Фыд, мӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ Хӕлар. Чи зоны ма дӕ зӕрдыл Йегъовӕйы ӕндӕр титултӕ дӕр ӕрбалӕууид. Фӕлӕ цымӕ зӕгъис, Йегъовӕ у мӕ Фысым, зӕгъгӕ?

2 Паддзах Давид Йегъовӕйы абарста Фысымимӕ, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты та – йӕ уазджытимӕ. Уый загъта: «О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры? Чи цӕрдзӕн дӕ сыгъдӕг хохыл?» (Пс. 15:1). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у, ӕмӕ уӕм Йегъовӕйы уазджытӕ, ома йӕ хӕлӕрттӕ. Уый стыр кад куыннӕ у!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔ УАЗДЖЫТӔ УӔМ

3. Йегъовӕйы фыццаг уазӕг чи уыд ӕмӕ кӕрӕдзимӕ цы зӕрдӕ дардтой?

3 Йегъовӕ куы никӕйма ӕмӕ куы ницыма сфӕлдыста, уӕд иунӕгӕй уыд. Фӕлӕ стӕй сфӕлдыста йӕ иунӕггуырд Фырты ӕмӕ йӕ йӕ цатыры зӕрдиагӕй суазӕг кодта. Уый уыд йӕ фыццаг уазӕг. Библийӕ базонӕн ис, йӕ Фырт кӕй уыди «йе стыр цин» ӕмӕ йӕ Фырт дӕр алкӕддӕр йӕ разы кӕй цин кодта (Ӕмб. 8:30).

4. Йегъовӕ ма йӕ цатыры кӕй суазӕг кодта?

4 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста иннӕ зӕдты дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр йӕ цатыры суазӕг кодта. Библи сӕ хоны «Хуыцауы фырттӕ». Уыдонӕн дӕр стыр циндзинад хӕссы, Хуыцауы раз кӕй сты, уый (Иов 38:7; Дан. 7:10). Фыццаг уал Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдысты, йемӕ уӕлӕрвты чи цард, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фӕстӕдӕр сфӕлдыста адӕмы ӕмӕ уыдоны дӕр йӕ цатырмӕ фӕхуыдта. Кӕй суазӕг кодта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Енох, Ной, Авраам ӕмӕ Иов. Библийӕ базонӕн ис, уыдон Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты, уымӕн ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты (Райд. 5:24; 6:9; Иов 29:4; Ис. 41:8).

5. Йезекилы 37:26, 27 стихты цы пехуымпарад ис, уымӕй цы ис базонӕн?

5 Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ йӕ цатырмӕ адӕмы хоны. (Бакӕс Йезекилы 37:26, 27.) Йезекилы пехуымпарадӕй базонӕн ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ йемӕ ӕнгом уой. Зӕрдӕ сын ӕвӕры, семӕ «фарны бадзырд» кӕй скӕндзӕн. Ацы пехуымпарад амоны, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон «иу дзуг» кӕй суыдзысты ӕмӕ Хуыцауы цатыры иумӕ кӕй цӕрдзысты (Иоан. 10:16). Ӕмӕ ацы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ УАЗДЖЫТЫ ЦУХ НИЦӔМӔЙ УАДЗЫ

6. Йегъовӕ адӕймаджы йӕ цатыры кӕд суазӕг кӕны ӕмӕ йӕ цатыр кӕм ис?

6 Раджы заманты-иу адӕймагӕн йӕ бон уыд цатыры йӕ фӕллад суадзын ӕмӕ-иу дзы йӕ бон уыд уарынӕй ӕмӕ дымгӕйӕ бамбӕхсын. Искӕй цатырмӕ-иу уазӕг куы ’рбацыд, уӕд-иу ӕй зыдта, фысым ыл кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ йӕ хорз кӕй суазӕг кӕндзӕн. Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд свӕййӕм уазджытӕ йӕ цатыры, ӕмӕ Йегъовӕ та йӕ уаджыты цух ницӕмӕй уадзы (Пс. 61:4). Парахатӕй нӕм ис уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, стӕй Йегъовӕйы иннӕ уазджытӕ свӕййынц не ’мбӕлттӕ. Йегъовӕйы цатыр цавӕрдӕр бӕлвырд ран нӕй. Уыцы цатыр ис, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕмдӕриддӕр сты, уым. Чи зоны, искуы фӕсарӕнты уыдтӕ, зӕгъӕм, сӕрмагонд конгрессы, ӕмӕ уым базонгӕ дӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Уыдон дӕр сты уазджытӕ йӕ цатыры (Рарг. 21:3).

7. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдон ныр дӕр ма сты уазджытӕ йӕ цатыры? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Цы зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдонӕй та? Ныр дӕр ма Йегъовӕйы цатыры уазджытӕ сты? О. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ алкӕй дӕр хорз хъуыды кӕны. Уымӕн иууылдӕр удӕгас сты. Уый бӕрӕг у Йесойы ныхӕстӕй: «Мӕрдтӕ кӕй ӕгас кӕнынц, уый та Моисей дӕр равдыста, сындзы къутӕры кой кӕнгӕйӕ, Йегъовӕйы „Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“ куы схуыдта, уӕд. Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты, уымӕн ӕмӕ уымӕн иууылдӕр удӕгас сты» (Лук. 20:37, 38).

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдон ныр дӕр сты уазджытӕ йӕ цатыры (кӕс 7 абзац)


ЙЕГЪОВӔ ЙӔ УАЗДЖЫТЫ ЦӔМӔЙ ХЪАХЪХЪӔНЫ ӔМӔ СӔМ ЦӔМӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫ?

8. Йегъовӕ йӕ уазджыты цӕмӕй хъахъхъӕны?

8 Адӕймагӕн цатыры йӕ бон вӕййы йӕ фӕллад суадзын ӕмӕ къӕвдайӕ бамбӕхсын. Йегъовӕйы цатыры чи ис, уыдон дӕр сты ӕдас ран, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕны, сӕ уырнындзинадӕн зиан цы ӕрхӕсдзӕн, уыдӕттӕй, стӕй сын дӕтты фидӕнӕй ныфс. Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ахӕмӕй ницы сараздзӕн, ӕмӕ сраст кӕнӕн мацыуал уа (Пс. 31:23; 1 Иоан. 3:8). Ног дунейы дӕр Йегъовӕ йе ’нувыд ӕмбӕлтты хъахъхъӕндзӕн, сӕ уырнындзинадӕн зиан цы ’рхӕсдзӕн, уыдӕттӕй. Фӕлӕ ма сӕ уымӕй уӕлдай хъахъхъӕндзӕн мӕлӕтӕй дӕр (Рарг. 21:4).

9. Йегъовӕ йӕ уазджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

9 Йегъовӕйы уазӕг уай, уый стыр кад у. Нӕ бон у, ӕмӕ ӕнустӕм уӕм йӕ уазджытӕ, ома йӕ хӕлӕрттӕ. Уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Исчи нӕ уазӕгуаты куы фӕхоны, уӕд нӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй ныл нӕ фысымты зӕрдӕ истӕмӕй фӕхуда. Зӕгъӕм, кӕд мидӕмӕ дзабырты нӕ фӕцӕуынц, уӕд сӕ мах дӕр къӕсӕрыл раласдзыстӕм. Йегъовӕ дӕр у нӕ Фысым, ӕмӕ нӕ фӕнды зонын, йӕ уазджытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм» (Кол. 1:10). Йегъовӕ у нӕ Хӕлар, фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай у нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыд дӕр. Ӕмӕ уый аккаг у, цӕмӕй йын кад кӕнӕм (Пс. 25:14). Уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ йӕ алкӕддӕр тынг нымайӕм. Уӕд, йӕ зӕрдӕ йын цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕмӕй никуы ницы сараздзыстӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бонзогӕйӕ цӕудзыстӕм (Мих. 6:8).

ЙЕГЪОВӔ ИЗРАИЛӔГТӔЙ НИКӔЙ ХЪУЛОН КОДТА

10, 11. Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый кӕй цӕвиттонӕй у бӕрӕг?

10 Йегъовӕ йӕ уазджытӕй никӕй хъулон кӕны (Ром. 2:11). Уый бӕрӕг у, израилӕгтӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд сын куыд уыд, уымӕй.

11 Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй сарӕзтаиккой цатыр ӕмӕ сауджынты ӕмӕ левитты снысан кодта, цӕмӕй уым лӕггад кодтаиккой. Цатыры чи лӕггад кодта ӕмӕ цатырмӕ ӕввахс чи цард, уыдонӕн цымӕ иннӕ израилӕгтӕй тынгдӕр ӕххуыс кодта? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны.

12. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Йегъовӕ израилӕгтӕй кӕй никӕй хъулон кодта, уый? (Рацыд 40:38). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Алы израилагӕн дӕр уый фадат уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уыдаид, уӕлдай нӕ уыд, цатыры лӕггад кодта ӕви нӕ, стӕй цатырмӕ хӕстӕг цард ӕви нӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй Израилы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр зындаиккой, цатыры сӕрмӕ-иу чи уыд, уыцы мигъы хуызӕн цӕджындз ӕмӕ артау судзгӕ цӕджындз. (Бакӕс Рацыд 40:38.) Мигъ-иу хӕрдмӕ кӕй ссыд, уый-иу федтой, цатырӕй ӕппӕты дарддӕр чи цард, суанг уыдон дӕр. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы сӕ дзауматӕ ӕрӕмбырд кодтой, сӕ цатыртӕ-иу систой ӕмӕ-иу иннӕтимӕ иумӕ фӕндагыл араст сты (Ным. 9:15–23). Стӕй-иу дыууӕ ӕвзист уадындзы куы ныууасыдысты, уӕд-иу уый дӕр иууылдӕр фехъуыстой ӕмӕ-иу ӕй бамбӕрстой, сӕ фӕндагыл кӕй хъуамӕ араст уой (Ным. 10:2). Уӕдӕ-иу, адӕймаг цатырмӕ хӕстӕг кӕй цард, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр уыд. Алы израилагӕн дӕр йӕ бон уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы уазӕг уыдаид. Ӕмӕ йӕ зыдтой, Йегъовӕ сӕ алкӕй дӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр разамынд кӕй дӕтдзӕн. Абон дӕр хабар афтӕ у. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ уарзы, ӕххуыс нын кӕны ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны.

Йегъовӕ израилӕгтӕй никӕй хъулон кодта, уӕлдай нӕ уыд, цатырмӕ хӕстӕг цардысты ӕви нӕ, стӕй кадджын хӕстӕ ӕххӕст кодтой ӕви нӕ (кӕс 12 абзац)


ЙЕГЪОВӔ НӔ РӔСТӔДЖЫ НИКӔЙ ХЪУЛОН КӔНЫ

13. Йегъовӕ абон кӕй никӕй хъулон кӕны, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

13 Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ цӕрынц сӕйраг хайадмӕ кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалтӕй искӕцымӕ ӕввахс. Чидӕртӕ та уыцы рӕтты лӕггад кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон у Вефилы алыхуызон хайӕдты ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕлын ӕмӕ семӕ аныхӕстӕ кӕнын дӕр. Чидӕртӕ лӕггад кӕнынц цӕуӕг цӕстдарджытӕй, чидӕртӕ та сты ӕндӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕрӕн уый фадат нӕй, цӕмӕй сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ уой. Ӕмӕ кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд ма дызӕрдыг кӕн: нӕ Фысым, Йегъовӕ, йӕ уазджыты се ’ппӕты дӕр уарзы ӕмӕ сӕ райгонд у. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр хорз зоны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны – дӕтты нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, разамынд ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны (1 Пет. 5:7).

14. Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый ма ноджыдӕр цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уый ма бӕрӕг у, абон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн сӕ бон Библи кӕсын кӕй у, уымӕй. Сыгъдӕг Фыстад фыццаг фыст ӕрцыд дзуттаг, арамейаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ цымӕ, Библи уыцы ӕвзӕгтыл кӕсын йӕ бон кӕмӕн у, уыдон иннӕтимӕ абаргӕйӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр сты? Нӕ, уый афтӕ нӕу (Матф. 11:25).

15. Йегъовӕ йӕ зонд кӕмӕн дӕтты ӕмӕ уымӕй куыд у бӕрӕг, кӕй никӕй хъулон кӕны? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уӕлдай нӕу, уӕлдӕр ахуырад нӕм ис ӕви нӕ кӕнӕ, Библи фыццаг цы ’взӕгтыл ӕрцыд фыст, уыдон зонӕм ӕви нӕ. Йегъовӕ йӕ зонд ӕрмӕст ахуыргонд адӕмӕн нӕ дӕтты. Йӕ Ныхас, Библи, тӕлмацгонд ӕрцыд мингай ӕвзӕгтӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы базоной ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой (2 Тим. 3:16, 17).

Библи мингай ӕвзӕгтӕм тӕлмацгонд кӕй ӕрцыд, уымӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны? (кӕс 15 абзац)


АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫ УАЗӔГ У

16. Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35 стихтӕм гӕсгӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы уазджытӕ уӕм?

16 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, йӕ цатыры нӕ кӕй суазӕг кодта, уый тыххӕй. Йегъовӕйы хуызӕн хӕларзӕрдӕ, уарзӕгой ӕмӕ уазӕгуарзон Фысым нӕй! Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Йӕхимӕ хоны алыхуызон адӕмы, уӕлдай нӕу, адӕймаг кӕм цӕры, кӕцы адӕмыхаттӕй у, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ахуыргонд у ӕви нӕ, ӕрыгон у ӕви ацӕргӕ кӕнӕ нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Фӕлӕ йӕ цатыры суазӕг кӕны, йӕ коммӕ чи кӕсы, ӕрмӕстдӕр уыдоны. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35.)

17. Иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

17 Псалом 15:1 стихы Давид Йегъовӕйы бафарста: «О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры? Чи цӕрдзӕн дӕ сыгъдӕг хохыл?» Ӕмӕ йын иннӕ стихты Йегъовӕ дзуаппытӕ ныффыссын кодта. Иннӕ статьяйы 15-ӕм псаломыл бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ ма йӕ уазджытӕм ноджыдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

32 ЗАРӔГ Йегъовӕйы фарс слӕуу!